Амындтӕ фембӕлдӕн «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»
Сӕргӕндтӕ
1. Ацы амындтӕ баххуыс кӕндзысты, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды алы хай дӕр кӕмӕн бахӕс кӕндзысты, уыдонӕн ӕмӕ, хӕслӕвӕрдтӕ чи цӕттӕ кӕндзӕн, уыдонӕн. Сӕхи цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ бакӕсой «Кусӕн тетрад»-ы, стӕй ацы документы цы амындтӕ ис, уыдон. Хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр хъӕуы разӕнгард кӕнын, цӕмӕй «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» чи хуыйны, уыцы хайы архайой. Хъусынгӕнӕг чи нӕу, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕн дӕр ис хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕн (кӕд Библийы ахуырӕдтимӕ разы сты ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц, уӕд). Хъусынгӕнӕг чи нӕу, уый куы бафӕнда, цӕмӕй йын хӕслӕвӕрдтӕ уа, уӕд «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды цӕстдарӕг йемӕ домӕнтыл аныхас кӕндзӕн ӕмӕ йын стӕй зӕгъдзӕн, дӕтдзысты йын хӕслӕвӕрдтӕ ӕви нӕ. Уыцы домӕнтӕ сты, ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнынӕн цы домӕнтӕ ис, уыдон. Цӕстдарӕг уыцы адӕймагимӕ куы ныхас кӕна, уӕд уыцы фембӕлды хъуамӕ уа, йемӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый (кӕнӕ йӕ уырнӕг ныййарджытӕй исчи) (od 8 сӕр, 8 абз.).
РАЗНЫХАС
2. Иу минут. Алы къуыри дӕр-иу зарӕджы ӕмӕ куывды фӕстӕ «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр зӕгъдзӕн, ӕмбырды дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый тыххӕй. Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъуамӕ хъусджытӕн сӕ хъус ӕрдара, ӕмбырдӕн фылдӕр пайда чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы хъуыдытӕм.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
3. Раныхас. Дӕс минуты. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггады кусӕн тетрад»-ы фыст уыдзӕн темӕ ӕмӕ дыууӕ-ӕртӕ сӕйраг хъуыдыйы. Ацы раныхас-иу бахӕс кӕндзысты хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. Графикмӕ гӕсгӕ-иу Библийӕ ног чиныг кӕсын куы райдайӕм, уӕд уал-иу фыццаг уыцы чиныджы тыххӕй видеороликмӕ бакӕсдзыстӕм. Ӕфсымӕрӕн-иу йӕ бон уыдзӕн, видеороликы цы хъуыдытӕ ис, уыдон темӕимӕ куыд баст сты, уый зӕгъын. Фӕлӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг равзара, раныхасы пъланы цы сӕйраг хъуыдытӕ ис, уыдон. Стӕй ма дзы вӕййы темӕимӕ баст нывтӕ дӕр. Ӕмӕ ӕфсымӕр хъуамӕ уыдонӕй дӕр спайда кӕна, рӕстӕг куыд амона, уымӕ гӕсгӕ. Йӕ бон ма у спайда кӕнын, темӕйы сӕйраг хъуыдытӕ равзарынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уӕлӕмхасӕн ӕрмӕгӕй дӕр.
4. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? Дӕс минуты. Ацы хай ӕвзӕрст цӕудзӕн фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы ӕнӕ разныхас ӕмӕ кӕронбӕттӕнӕй. Бахӕс-иу ӕй кӕндзысты хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. Ӕфсымӕр хъуамӕ хъусджытӕм дыууӕ фарстайы дӕр ратта. Стӕй йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзӕн, амынд стихтӕ кӕсдзысты ӕви нӕ. Дзуапп-иу хъуамӕ уа 30 секунды кӕнӕ къаддӕр.
5. Библийӕ бакӕсинаг. Цыппар минуты. Ацы хӕслӕвӕрд хъуамӕ цӕттӕ кӕна ӕфсымӕр. Хъуамӕ-иу ӕрмӕг бакӕса ӕнӕ разныхас ӕмӕ кӕронбӕттӕнӕй. Фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн йӕ нысан у, ацы хӕслӕвӕрд кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын раст ӕмӕ ӕнӕрхӕцгӕйӕ кӕсынӕн, цӕмӕй, цы кӕсой, уый ӕмбарой ӕмӕ хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрой, хъӕлӕсы уаг ивой ӕмӕ аразгӕ хъӕлӕсӕй ма кӕсой, стӕй, кӕсгӕ-кӕсын кӕм цас ӕрлӕууын хъӕуы, уый дӕр зоной. Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ вӕййы кӕсинаг, уыдонӕй иутӕ цыбырдӕр вӕййынц, иннӕтӕ – даргъдӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды цӕстдарӕг ацы хӕслӕвӕрд дӕтгӕйӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, хъусынгӕнджытӕй кӕсынмӕ чи куыд арӕхсы, уый.
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
6. Фынддӕс минуты. Ацы хай афтӕ конд у, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕна уацамынды фӕлтӕрдджындӕр кӕнынӕн ӕмӕ адӕмимӕ арӕхстджындӕрӕй ныхас кӕнынӕн, стӕй цӕмӕй адӕймаг хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхса. Куы хъӕуа, уӕд-иу ацы хӕслӕвӕрдтӕ бахӕс кӕнӕн уыдзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уый хъуамӕ бакуса урокыл брошюрӕйӕ «Ахуыр кӕн» кӕнӕ брошюрӕйӕ «Адӕмы уарз» (урок фыст уыдзӕн «Кусӕн тетрады» хӕслӕвӕрды фӕстӕ къӕлӕтты). Хатт-иу ацы хайы уыдзӕн раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ дӕр. Ӕмӕ-иу ӕй уӕд бахӕс кӕнын хъӕудзӕн хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. (Ацы хӕйтты тыххӕй фылдӕр кӕс 15 абзацы.)
7. Ныхас райдайӕн куыд ис. Ацы хӕслӕвӕрд-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн кӕнӕ хойӕн. Ӕфсымӕрӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕна ӕфсымӕр, хойӕн та – хо, кӕнӕ та ӕххуысгӕнӕг хъуамӕ уа йӕ бинонтӕй исчи. Сӕ бон уыдзӕн лӕууын кӕнӕ бадын. (Ахӕм хӕслӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр кӕс 12 ӕмӕ 13 абзацты.)
8. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн. Ацы хӕслӕвӕрд-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн кӕнӕ хойӕн. Ӕфсымӕрӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕна ӕфсымӕр, хойӕн та – хо (km-U 5/97 7). Сӕ бон уыдзӕн лӕууын кӕнӕ бадын. Хӕслӕвӕрд кӕмӕн уыдзӕн, уый хъуамӕ равдиса, адӕймаджы ногӕй бӕрӕг кӕнгӕйӕ цы ис зӕгъӕн, уый. (Ахӕм хӕслӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр кӕс 12 ӕмӕ 13 абзацты.)
9. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн. Ацы хӕслӕвӕрд-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн кӕнӕ хойӕн. Ӕфсымӕрӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕна ӕфсымӕр, хойӕн та – хо. (km-U 5/97 7). Сӕ бон уыдзӕн лӕууын кӕнӕ бадын. Равдисын хъӕудзӕн, Библийы ахуыр куыд цӕуы, уый (ӕрмӕстдӕр скъуыддзаг). Хӕслӕвӕрдӕн разныхас кӕнӕ кӕронбӕттӕн кӕнын хъӕудзӕн, хъусынгӕнӕг уыцы уроктӕй искӕцыйыл куы куса, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цы ӕрмӕг ӕвзардзысты, уый ӕнӕмӕнг иууылдӕр хъӕрӕй кӕсын нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕ бон у, ӕмӕ йӕ бакӕсой.
10. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн. Раныхас-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн. Равдыст та-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн кӕнӕ хойӕн. Ӕфсымӕрӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕна ӕфсымӕр, хойӕн та – хо, кӕнӕ та ӕххуысгӕнӕг хъуамӕ уа йӕ бинонтӕй исчи. Адӕймагӕн йӕ хӕслӕвӕрды цы фарста ис, уымӕн хъуамӕ бӕлвырд дзуапп радта ӕмӕ дзура уӕзданӕй. Хъуамӕ спайда кӕна, хӕслӕвӕрдмӕ цы ӕрмӕг хауы, уымӕй. Уыцы ӕрмӕджы кой скӕндзӕн ӕви нӕ, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны.
11. Раныхас. Ацы хӕслӕвӕрд-иу уыдзӕн ӕфсымӕрӕн. Дзурын ӕй хъӕуы, ӕнӕуи раныхас куыд дзурай, афтӕ. Йӕ раныхас брошюрӕйӕ «Адӕмы уарз», уӕлӕмхасӕныл А арӕзт куы уа, уӕд хъуамӕ бамбарын кӕна, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй уацамынды куыд ис спайда кӕнӕн, уый. Зӕгъӕм, йӕ бон у бамбарын кӕнын, стихӕй цавӕр уавӕрты ис спайда кӕнӕн, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ адӕймагимӕ куыд ис уыцы стихыл аныхас кӕнӕн. Йӕ раныхас брошюрӕйӕ «Адӕмы уарз» искӕцы пунктыл арӕзт куы уа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарын кӕна, цы хъуыдытӕ дзы ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куыд ис уацамынды архайӕн. Йӕ бон у аныхас кӕнын, урочы фыццаг пункты цы цӕвиттон ис, ууыл кӕнӕ, кӕд бахъӕуа, уӕд, урочы цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл.
12. Цӕуыл ис аныхас кӕнӕн. Ацы абзац ӕмӕ иннӕ абзац хауынц хӕслӕвӕрдтӕм «Ныхас райдайӕн куыд ис?» ӕмӕ «Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн». Ӕндӕрхуызон амынд куы нӕ уа, уӕд, хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уымӕн йӕ нысан уыдзӕн адӕймагӕн Библийӕ исты хуымӕтӕг хъуыды зӕгъын (йӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм) ӕмӕ, иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзысты, уый кой йын скӕнын. Цы темӕ равзара, уый хъуамӕ уа, уӕ территорийы адӕмы цы тыхсын кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Йӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын, нӕ лӕггадӕн нӕм цы сӕйраг кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй адӕймагӕн публикаци ратдзӕн ӕви нӕ, кӕнӕ йын видеоролик равдисдзӕн ӕви нӕ. Цы дзурдзӕн, уый сахуыр кӕныны бӕсты хъуамӕ архайа хи ныхӕстӕй дзурыныл. Хъӕуы йӕ равдисын, адӕймагыл кӕй тыхсы ӕмӕ, ӕнӕуи куыд фӕдзуры, афтӕ дзурын.
13. Уавӕртӕ. Дӕлдӕр фыст ис, цавӕр уавӕрты ис хъусын кӕнӕн, уый. Хӕслӕвӕрд саразын хъӕуы бынӕттон уавӕртӕм гӕсгӕ.
(1) Хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Уымӕ хауы адӕймагимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ аныхас кӕнын, телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы хъусын кӕнын, стӕй, уый размӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕимӕ аныхас кодтам, уыимӕ ногӕй аныхас кӕнын.
(2) Хъусын кӕнӕм, фадат куы фӕзыны, уӕд. Уымӕ хауы адӕймагимӕ ӕнӕуи ныхас кӕнгӕйӕ фадатӕй спайда кӕнын ӕмӕ йын хорз хабары кой скӕнын. Библийӕ исты хъуыды зӕгъӕн ис сыхагӕн йе та куысты, скъолайы кӕнӕ транспорты искӕмӕн, кӕнӕ, ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ кӕуыл амбӕлӕм, уыдонӕй искӕмӕн.
(3) Хъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Уымӕ хауы стендтимӕ хъусын кӕнын, стӕй куыстуӕтты, уынгты, паркты, машинӕты лӕууӕндӕтты ӕмӕ, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын.
14. Видеороликтӕй ӕмӕ публикацитӕй куыд ис пайда кӕнӕн. Хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уымӕн уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ бон у спайда кӕнын видеороликӕй кӕнӕ публикацийӕ. Хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ видеоролик равдисын куы хъӕуа кӕнӕ йӕхи куы бафӕнда видеороликӕй спайда кӕнын, уӕд-иу ӕм адӕймаджы ’ргом раздахӕд ӕмӕ йыл йемӕ аныхас кӕнӕд. Фӕлӕ йӕ ӕвдисын нӕ хъӕуы.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
15. Ацы хай цӕудзӕн 15 минуты. Райдайдзӕн-иу зарӕджы фӕстӕ ӕмӕ-иу дзы уыдзӕн иу кӕнӕ дыууӕ темӕйы. Ахуыр кӕндзыстӕм, Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, уымӕй царды пайда кӕнын. Кӕд ӕндӕрхуызон амынд нӕ уа, уӕд-иу ацы темӕтӕ бахӕс кӕндзысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕнӕ фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн. Ӕркӕсинаг фарстатыл ныхас кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймаг. Ӕфсымӕрӕн раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ куы уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн уӕлӕмхасӕн фарстатӕ дӕр раттын. Йӕ разныхас хъуамӕ уа цыбыр, цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕн ӕмӕ хъусджыты дзуаппытӕн фаг рӕстӕг уа. Темӕйы интервью куы уа, уӕд хорз уаид, интервью кӕмӕй исдзысты, уый сценӕмӕ куы рахизид, йӕ бынатӕй куы нӕ дзурид, фӕлӕ.
16. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ. Ӕртын минуты. Ацы хай-иу бахӕс кӕндзысты фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймагӕн. (Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фаг куы нӕ уа, уӕд ӕй бахӕс кӕнӕн ис фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн.) Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ кӕмӕн ис бахӕс кӕнӕн, уый. Ацы хай чи уадза, уый хъуамӕ ахуыр уадзынмӕ хорз арӕхса: йӕ рӕстӕгӕй-иу ма ахиза, хъусджытӕн-иу сӕйраг стихтӕм сӕ хъус ӕрдара ӕмӕ сын баххуыс кӕна, ӕрмӕг ахсджиаг цӕмӕн у, уый бамбарынӕн. Сӕ бон у хорз уынаффӕтӕ ссарын, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр куыд уадзын хъӕуы, уый фӕдыл цы разамынд ис, уым (w23.04 24, рамкӕ). Ӕрмӕгыл бӕстон куы аныхас кӕнат ӕмӕ ма уын рӕстӕг куы баззайа, уӕд ыл дарддӕр ныхас кӕнын нал хъӕудзӕн ӕмӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ фӕуӕн уыдзӕн. Кӕд уавӕр амона, уӕд-иу алы къуыри дӕр ӕрмӕг хъуамӕ уадзой алыхуызон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ-иу абзацтӕ дӕр хъуамӕ кӕсой алыхуызон ӕфсымӕртӕ. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр куы зӕгъа, ахуыры рӕстӕг фӕкъаддӕр кӕнын кӕй хъӕуы, уӕд, ахуыр чи уадздзӕн, уый йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕндзӕн, куыд ӕй фӕкъаддӕр кӕна, уый. Зӕгъӕм, иуӕй-иу абзацтӕ кӕсгӕ нӕ кӕндзысты, афтӕмӕй сыл аныхас кӕндзысты.
КӔРОНБӔТТӔН
17. Ӕртӕ минуты. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, уӕлдай ӕххуыс сын чи фӕуыдзысты, уыцы хъуыдытӕ. Зӕгъдзӕн ма, иннӕ къуыри фембӕлды дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый. Кӕд рӕстӕг амона, уӕд йӕ бон уыдзӕн зӕгъын, иннӕ къуыри хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уыдзӕн, уыдоны нӕмттӕ. Кӕд ӕндӕрхуызон амынд нӕ уа, уӕд-иу кӕронбӕттӕны сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъуамӕ бакӕса, ӕнӕмӕнг чи у, уыцы хъусинӕгтӕ ӕмӕ писмотӕ. Фӕлӕ кӕцыдӕр хъусинӕгтӕ, зӕгъӕм, уацамындон фембӕлдты тыххӕй кӕнӕ, зал ӕфснайын кӕй рад у, уый тыххӕй сценӕйӕ дзурын нӕ хъӕуы. Уыцы информаци ӕрцауындзын хъӕуы хъусинӕгты фӕйнӕгыл. Кӕронбӕттӕнӕн кӕй рахицӕн кӕнынц, уыцы рӕстӕг хъусинӕгтӕ ӕмӕ писмотӕ бакӕсынӕн фаг куы нӕ уа, уӕд сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъуамӕ, «Нӕ чырыстон цард»-ы хӕйттӕ чи уадздзӕн, уыцы ӕфсымӕртӕн зӕгъа, цӕмӕй сӕ рӕстӕг фӕкъаддӕр кӕной, цас хъӕуы, уыйбӕрц. (Кӕс 16 ӕмӕ 19 абзацтӕ.) Ӕмбырд-иу фӕуыдзӕн зарӕг ӕмӕ куывдӕй.
РАППӔЛЫН ӔМӔ УЫНАФФӔ РАТТЫН
18. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр уыдзӕн иу минуты бӕрц, цӕмӕй хӕслӕвӕрд кӕмӕн уыд, уымӕй раппӕла ӕмӕ йын уынаффӕ ратта, йӕ хӕслӕвӕрды цы урок ис, уымӕ гӕсгӕ. Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр зӕгъдзӕн, адӕймаг кӕцы хӕслӕвӕрдимӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ йын цы урок ис, уый кой не скӕндзӕн. Хӕслӕвӕрды фӕстӕ дзы раппӕлдзӕн ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн зӕгъын, кӕцы урокыл куыста, уый. Стӕй ма йӕ бон уыдзӕн зӕгъын, уыцы урокыл хорз кӕй бакуыста, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг, кӕнӕ та йын фӕлмӕнӕй бамбарын кӕндзӕн, уыцы урокыл дарддӕр дӕр цӕмӕн ӕмӕ куыд хъуамӕ куса, уый. Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн ма йӕ бон уыдзӕн адӕймагӕй раппӕлын, йӕ хӕслӕвӕрд куыд бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй, кӕд уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ хъусынгӕнджытӕн дӕр пайда уыдзӕн, уӕд. Ноджыдӕр ма йын уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд ын ӕй раттӕн уыдзӕн ӕмбырды фӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр хатт хибарӕй, брошюрӕтӕй «Адӕмы уарз», «Ахуыр кӕн» ӕмӕ чиныг «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы уроктӕм гӕсгӕ (цы урокыл куыста, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ ӕндӕр урокмӕ гӕсгӕ). (Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн ӕмӕ уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕрӕн 19, 24 ӕмӕ 25 абзацты цы амындтӕ ис, уыдон.)
РӔСТӔГ
19. Фембӕлды иу хай дӕр амынд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма уа. Уый хауы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры ныхӕстӕм дӕр. Алы хайӕн дӕр ис амынд рӕстӕг. Фӕлӕ кӕд ӕрмӕг ӕнӕхъӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцыд, уӕд ӕй ис къаддӕр рӕстӕгмӕ дӕр радзурӕн. Фембӕлды хӕйттӕ кӕмӕн бахӕс кӕной, уыдон сӕ рӕстӕгӕй куы ахизой, уӕд сын сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр уынаффӕ хъуамӕ хибарӕй ратта. (Кӕс 24 ӕмӕ 25 абзацтӕ.) Фембӕлд ӕнӕхъӕнӕй, зарджытимӕ ӕмӕ дыууӕ куывдимӕ, хъуамӕ 1 сахат ӕмӕ 45 минутӕй фылдӕр ма цӕуа.
ӔМБЫРД РАЙОНОН ЦӔСТДАРӔГ КУЫ БӔРӔГ КӔНА
20. Ӕмбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уӕд фембӕлд хъуамӕ цӕуа, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггады кусӕн тетрад»-ы цы программӕ ис, уымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст, «Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ», чи хуыйны, уыцы хайы бӕсты районон цӕстдарӕгӕн уыдзӕн 30-минутон раныхас. Раныхасы размӕ «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр уыцы къуырийы ӕмӕ иннӕ къуырийы программӕйыл цыбыртӕй аныхас кӕндзӕн, ӕнӕмӕнг чи у, уыцы хъусинӕгтӕ ӕмӕ писмотӕ бакӕсдзӕн ӕмӕ уый фӕстӕ зӕгъдзӕн, районон цӕстдарӕджы раныхасмӕ кӕй байхъусдзыстӕм. Раныхасы фӕстӕ районон цӕстдарӕг зӕгъдзӕн, кӕронбӕттӕны цы зарӕг зардзысты, уый (зарӕг йӕхӕдӕг равзардзӕн). Йӕ бон у ӕндӕр ӕфсымӕрӕн зӕгъын, цӕмӕй фембӕлды кӕрон скува. Ӕмбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уӕд дыккаг къласы хӕслӕвӕрдтӕ нӕ уыдзӕн. Ӕмбырды ӕндӕр ӕвзагыл къорд куы уа, уӕд къордӕн йӕ бон у йӕ фембӕлдтӕ уадзын. Фӕлӕ районон цӕстдарӕгӕн раныхас куы уа, уӕд къорд хъуамӕ ӕмбырдимӕ уа.
КОНГРЕСС КУЫ УА, УЫЦЫ КЪУЫРИ
21. Районон кӕнӕ регионалон конгресс цы къуыри уа, уыцы къуыри ӕмбырдтӕ нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн хъӕудзӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, уыцы къуырийы ӕмбырды программӕ алчидӕр йӕхӕдӕг кӕнӕ йӕ бинонтимӕ кӕй хъуамӕ равзара.
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР КУЫ УА, УЫЦЫ КЪУЫРИ
22. Кӕд Ӕрымысӕн изӕр кусгӕ бонтӕм хауы, уӕд фембӕлд «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» нӕ уыдзӕн.
«НӔ ЦАРД ӔМӔ НӔ ЛӔГГАДЫ» ФЕМБӔЛДЫ ЦӔСТДАРӔГ
23. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕй снысан кӕна, уыцы хистӕр нӕлгоймаг уыдзӕн «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды цӕстдарӕг. Уыцы ӕфсымӕр йӕ хъус дардзӕн, цӕмӕй-иу фембӕлдмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кӕной ӕмӕ-иу фембӕлд ацы амындтӕм гӕсгӕ ацӕуа. Стӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕмгуыст кӕна уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕримӕ. Ног «Кусӕн тетрад»-иу куы фӕзына, уӕд-иу цӕстдарӕг аскъуыддзаг кӕндзӕн, уыцы дыууӕ мӕйы фембӕлды алы хай дӕр кӕмӕн ис бахӕс кӕнӕн, уый. Аскъуыддзаг кӕндзӕн, ӕфсымӕртӕй кӕмӕн цы хӕстӕ уыдзӕн, уый; сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры хӕстӕ бахӕс кӕндзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕй равзӕрста, уыдонӕй искӕмӕн; стӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уыдзӕн, уый. (Кӕс 3–16 ӕмӕ 24 абзацтӕ.) Хӕслӕвӕрдтӕ-иу бахӕс кӕндзӕн сӕ кармӕ ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинадмӕ гӕсгӕ, стӕй ма-иу ахъуыды кӕндзӕн, хӕслӕвӕрды дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕхӕдӕг архайынц ӕви нӕ. Афтӕ хъуамӕ архайа, ӕмбырды иннӕ хӕйттӕ дӕр ӕфсымӕртӕн куы дӕтта, уӕд. Хӕслӕвӕрдтӕ-иу раттын хъӕудзӕн ӕппынкъаддӕр ӕртӕ къуыри раздӕр. Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хӕслӕвӕрд фыст уыдзӕн, «„Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггады“ фембӕлды хӕслӕвӕрд» чи хуыйны, уыцы бланкы (S-89). Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды цӕстдарӕг хъуамӕ хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕна, ӕнӕхъӕн фембӕлды кӕмӕн цы хӕслӕвӕрдтӕ уыдзӕн, уый график. Хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн йӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры снысан кӕнын, цӕмӕй фембӕлды цӕстдарӕгӕн ӕххуыс кӕна. Фӕлӕ, ӕфсымӕртӕй кӕмӕн цы хӕстӕ уыдзӕн, уый куы скъуыддзаг кӕна, уӕд ын ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймагӕн у йӕ бон ӕххуыс кӕнын.
«НӔ ЦАРД ӔМӔ НӔ ЛӔГГАД»-Ы ФЕМБӔЛДЫ СӔРДАРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔР
24. Алы къуыри дӕр иу хистӕр нӕлгоймаг ӕххӕст кӕндзӕн «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры хӕстӕ. (Ӕмбырды фаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй бахӕс кӕнӕн ис фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн.) Йӕ хӕс уыдзӕн разныхас ӕмӕ кӕронбӕттӕн бацӕттӕ кӕнын. Стӕй-иу алы хайы размӕ дӕр зӕгъдзӕн, ныртӕккӕ цавӕр хай уыдзӕн, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгты советы фаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы нӕ уа, уӕд ма сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн бахӕс кӕнӕн уыдзӕн фембӕлды ӕндӕр хӕйттӕ дӕр, уӕлдайдӕр та, ӕрмӕстдӕр видеоролик равдисын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм хӕйттӕ. Фембӕлды хӕйтты ’хсӕн хъуамӕ дзура хӕрзцыбырӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кӕндзӕн, уыцы хӕс хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕн ис бахӕс кӕнӕн, уый. Кӕй равзарой, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хӕс радгай ӕххӕст кӕндзысты. Уавӕртӕм гӕсгӕ сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры хӕстӕ арӕхдӕр ӕххӕст кӕндзӕн «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды цӕстдарӕг. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ уадзынӕн кӕй равзӕрстой, уыцы хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр уыдзӕн бахӕс кӕнӕн фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры хӕстӕ. Зӕрдыл дарын хъӕуы, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уа, уыдонӕй-иу сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кӕй хъуамӕ раппӕла, ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд-иу, сын уынаффӕ ратта. Стӕй ма сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй-иу ӕмбырд афоныл фӕуа. (Кӕс 17 ӕмӕ 19 абзацтӕ.) Кӕд сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры фӕнда ӕмӕ кӕд сценӕйыл фаг бынат уа, уӕд дзы сӕвӕрӕн уыдзӕн ноджыдӕр иу микрофон, цӕмӕй-иу зӕгъа, цавӕр хай уыдзӕн, уый, цалынмӕ-иу, уыцы хай кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ӕфсымӕр пюпитрмӕ цӕуа, уӕдмӕ. Кӕд сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры фӕнда, уӕд йӕ бон уыдзӕн сценӕйы стъолы уӕлхъус бадын, ӕфсымӕр Библийӕ бакӕсинаг стихтӕ куы кӕса, уӕд ӕмӕ, хайы «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» цы хӕслӕвӕрдтӕ вӕййы, уыдоны рӕстӕг. Афтӕмӕй фембӕлды хӕйтты ӕмӕ хӕслӕвӕрдты ’хсӕн рӕстӕг бирӕ нӕ хардз кӕндзысты.
УЫНАФФӔДӔТТӔГ ӔФСЫМӔР
25. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хорз уаид ацы хъуыддаг, фӕлтӕрдджын ӕмӕ дзырдарӕхст чи у, ахӕм хистӕр нӕлгоймагӕн бахӕс кӕнын. Йӕ хӕс у, цӕмӕй, куы хъӕуа, уӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн хибарӕй уынаффӕтӕ дӕтта, зӕгъӕм, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды искӕцы хай куыд ауадзынц, раныхӕстӕ куыд радзурынц, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр кӕнӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ куыд ауадзынц йе та ӕрмӕг куыд фӕкӕсынц, уый фӕдыл. (Кӕс 19 абзац.) Кӕд ӕмбырды цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы ис, уӕд ацы хӕс алы аз дӕр ис бахӕс кӕнӕн, дзырдарӕхст ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ чи арӕхсы, ӕндӕр ахӕм фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймагӕн. Ӕнӕмӕнг нӕу ӕфсымӕртӕн алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр уынаффӕ дӕттын.
ДЫККАГ КЪЛӔСТӔ
26. Ӕмбырды дыккаг кълӕстӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ уыдзӕн, ӕмбырды цал хъусынгӕнӕджы ис, уымӕй. Алы къласӕн дӕр хъуамӕ уа, уынаффӕтӕ чи дӕтдзӕн, ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр (хуыздӕр уыдзӕн, уый хистӕр нӕлгоймаг куы уа, уӕд). Ӕндӕр гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын йӕ бон у фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, уыцы хӕс кӕмӕн ис бахӕс кӕнӕн, уый. Уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр хъуамӕ архайа, 18 абзацы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Кӕд ӕмбырды дыккаг кълас уыдзӕн, уӕд-иу, «Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы хайы фӕстӕ сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр зӕгъдзӕн, цӕмӕй, хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уыдон уырдӕм ацӕуой. Стӕй фӕстаг хӕслӕвӕрд куы фӕуа, уӕд фӕстӕмӕ залмӕ рацӕудзысты.
ВИДЕОРОЛИКТӔ
27. Фембӕлды «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» уыдзӕн видеороликтӕ. Уыцы видеороликтӕ уыдзысты приложенийы ӕмӕ сӕм кӕсӕн уыдзӕн смартфоны кӕнӕ планшеты.
© 2023 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
S-38-OSS 11/23