Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнтӕ – кӕсетӕ син

Уӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнтӕ – кӕсетӕ син

«СУВӔЛЛОНБӔЛ ӕнӕмӕнгӕ гъӕуй цийнитӕ кӕнун. Фал уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба ӕй, цӕмӕй ӕ ниййергутӕ ӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветонцӕ». Аци унаффӕ дӕттуй Джим Трелиз ӕ киунуги «Руководство по чтению вслух».

Уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй? Джим Трелизи унаффӕмӕ гӕсгӕ сувӕллонӕн ӕ райгурцӕй дӕр гъӕуй кӕсун, арӕх ӕма гъӕрӕй. Е ниййерӕгӕн дӕр ӕма сувӕллонӕн дӕр хъӕбӕр устур пайда ӕрхӕсдзӕй. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Берӕ ӕнзти фӕсте ниййергутӕн дӕр ӕма сувӕллӕнттӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй еци рӕстӕгутӕ ӕргъуди кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма сувӕллон исахур уодзӕй дзӕбӕх кӕсун ӕма ин скъолай ахур кӕнун ӕнцондӕр уодзӕй. Хузтӕмӕ лӕмбунӕг ку кӕса, уӕд сӕ исахур уодзӕй ӕртасун. Зӕгъӕн, анз ӕма ӕрдӕг ибӕл ку цӕуа, уӕд ӕ бон уодзӕй хузӕбӕл къӕбуций бавдесун ӕма, кӕд кӕсун нӕма зондзӕй, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдзӕй, еци дзурд ци нисан кӕнуй, уой. Сувӕллон айдагъ кӕсун, финсун, дзорун ӕма лӕдӕрун не ’сахур уодзӕй, фал ма киунугутӕ кӕсун ӕцӕгӕйдӕр бауарздзӕй.

Куст ӕма хӕдзари гъуддӕгтӕй ке нӕ фӕййевдӕлуй, еци ниййергутӕ арӕх фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, сувӕллонӕн рӕстӕг кӕми иссерӕн.

Джим Трелиз финсуй: «Еуӕй-еухатт фидтӕлтӕ фӕззӕгъунцӕ, сӕ бон ке нӕй сӕ сувӕллӕнттӕн киунугӕ бакӕсун, уомӕн ӕма хъӕбӕр бафӕллайунцӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ изӕр телевизормӕ кӕсунӕй ба нӕ фӕффӕллайунцӕ».

Цӕмӕй ниййергутӕн сӕ бон уа сӕ зундахаст раййевун, уой туххӕй Джим Трелиз уӕхӕн унаффитӕ дӕттуй:

1. Хуарз киунугутӕ равзаретӕ. Зундамонӕн киунугутӕ сувӕллӕнтти зӕрдӕмӕ нӕ фӕццӕунцӕ. Етӕ уарзунцӕ, кадӕр цидӕр зиндзийнадӕбӕл куд фӕууӕлахез уй, уӕхӕн хабӕрттӕ. Фал ниййергутӕ уӕддӕр гъӕуама рагацау ӕркӕсонцӕ, киунуги дзурд цӕбӕл цӕуй, удта еци кари сувӕллонӕн пайда уодзӕй ӕви нӕ, уомӕ.

2. Хуӕздӕр рӕстӕг равзаретӕ. Ӕвӕдзи, раст н ’адтайдӕ сувӕллонӕн сӕумӕцъӕхӕй, ӕрдӕг фунӕй ма ку уа, уотемӕй кӕсун. Еуӕй-еу ниййергутӕ сӕ сувӕллонӕн фӕккӕсунцӕ, хуӕргӕ ку фӕккӕнуй, уӕд. Фал сувӕллӕнттӕй сӕ фулдӕр уарзунцӕ, хуссуни размӕ син ку фӕккӕсунцӕ, уӕд. Еци рӕстӕг лӕмбунӕгдӕр фӕуунцӕ.

3. Зиндзийнӕдтӕй ма тӕрсетӕ. Ма уӕ къулумпи кӕнӕд, киунуги сувӕллонӕн ӕнӕзонгӕ дзурдтӕ ку уа, е. Уӕ бон сӕ ӕй цубуртӕй балӕдӕрун кӕнун, ӕнцондӕр дзурдтӕй сӕ феййевун кенӕ сӕ уогӕ дӕр ма кӕсун.

4. Уӕ гъос даретӕ, куд кӕсетӕ, уомӕ. Цӕмӕй уӕ каст рӕсугъд уайа, уой туххӕй гъӕуама раст уолӕфайтӕ ӕма ӕгӕр тагъд кенӕ ӕгӕр сабур ма кӕсайтӕ. Кӕд, куд кӕсис, уомӕ дӕ зӕрдӕ дзоруй, уӕд дӕ каст диктофонмӕ ниффинсӕ, дӕхемӕ байгъосӕ, ӕма уотемӕй исбӕрӕг кӕнӕ, ци ма дӕ гъӕуй фӕххуӕздӕр кӕнун, уой.

5. Иронх уи ма уӕд, сувӕллон цӕйбӕрцӕ фӕразуй игъосун, е. Радзурд ӕ зӕрдӕмӕ ку фӕццӕуа, уӕд лӕмбунӕгдӕр игъосдзӕй ӕма си берӕ цидӕртӕ нигъгъуди кӕндзӕй, фал уӕддӕр алци нӕ.

6. Фӕразон уотӕ. Мах зӕрдӕмӕ куд цӕуй, ке уарзӕн, еци кинотӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕуӕгӕй бакӕсун, уотӕ сувӕллӕнттӕ дӕр уарзунцӕ, сӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци киунугутӕ син нӕуӕгӕй ку фӕккӕсунцӕ, уӕд, уомӕн ӕма си алкӕддӕр нӕуӕг цидӕр базонунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ син, еци киунугӕ рафснайунмӕ тагъд ма кӕнтӕ. Еу минкъий син уордигӕй ракӕсетӕ, удта ӕндӕр радзурд райдайетӕ.