ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Январь 2018

Аци брошюри ес, 2018 анзи 26 февралӕй 1 апрелмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

«Е фӕллад адӕймагӕн раттуй хъаурӕ»

Аци дуйнейӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕна, уотӕ зиндзийнӕдтӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕндзӕнцӕ. 2018 анзи стих нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕй хъауритӕ корӕн.

Нӕ еудзийнадӕ Имисӕн изӕри рӕстӕг

Имисӕн изӕр Хуцауи адӕни еудзийнадӕн куд агъаз кӕнуй? Цума Имисӕн изӕр фӕстаг хатт кӕд исбӕрӕг кӕндзиан?

Алцидӕр ке къохи ӕй, уомӕн нӕ бон ци ӕй раттун?

Хуцауи гъуддагӕн нӕ нисайнӕгтӕй ке фенхус кӕнӕн, е дӕр нӕ лӕггадӕмӕ хауй. Хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой Йеговӕн ке фӕддӕттӕн, е нин цӕхуӕн пайда хӕссуй?

Ӕцӕг амондгун цӕхуӕн уарзондзийнади фӕрци уодзӕнӕ?

Хуцауӕй ка цӕуй, еци уарзондзийнадӕ цӕмӕй хецӕн кӕнуй, 2 Тимофеймӕ 3:2–4 ци уарзондзийнади кой цӕуй, уомӕй? Аци фарстайӕн дзуапп ку зонӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, нӕ зӕрди ци ес, уой исбӕрӕг кӕнун ӕма нӕ уодигъӕди исфедар кӕнун, адӕймаг ӕцӕг амондгун ӕма зӕрдӕрохс ке фӕрци уодзӕй, еци менеугутӕ.

Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ иннетӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

Аци фӕстаг бӕнтти адӕнмӕ ци менеугутӕ ес, етӕ цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, Хуцауи адӕнмӕ ци менеугутӕ ес, уонӕй?