Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕцӕг амондгун цӕхуӕн уарзондзийнади фӕрци уодзӕнӕ?

Ӕцӕг амондгун цӕхуӕн уарзондзийнади фӕрци уодзӕнӕ?

«Амондгун ӕнцӕ еци адӕн, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй!» (ПС. 144:15).

ЗАРТӔ: 111, 109

1. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма абони ци рӕстӕг цӕрӕн, уӕхӕн рӕстӕг некӕдма адтӕй?

АБОНИ ци рӕстӕг цӕрӕн, уӕхӕн рӕстӕг некӕдма адтӕй. Библий куд загъд адтӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕмбурд кӕнуй «хъӕбӕр берӕ адӕн... еугур адӕнтӕй, муггӕгтӕй, адӕнихӕттитӕй ӕма ӕвзӕгтӕй». Етӕ ӕнцӕ «хъаурӕгин адӕн», сӕ нимӕдзӕ ӕй аст милиуанемӕй фулдӕр. Еци адӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй [Хуцауӕн] лӕггадӕ кӕнунцӕ» ӕма ӕнцӕ амондгун (Рарг. 7:9, 15; Ис. 60:22). Хуцауи ӕма адӕни ка уарзуй, етӕ абони куд берӕ ’нцӕ, уотӕ берӕ некӕдма адтӕнцӕ.

2. Хуцауӕй идард ка ӕй, уӕхӕн адӕнӕй беретӕмӕ цӕхуӕн уарзондзийнадӕ ес? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

2 Фал ма Библий финст адтӕй ӕндӕр уарзондзийнади туххӕй дӕр, ӕма еци уарзондзийнадӕн Хуцауи ӕма иннети уарзуни хӕццӕ еумӕйагӕй неци ес. Апостол Павел ниффинста: «Фӕстаг бӕнтти... адӕн уодзӕнцӕ хеуарзон, ӕхцауарзагӕ... Хуцауи нӕ уарздзӕнцӕ, фал уарздзӕнцӕ ерхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1–4). Уӕхӕн адӕн айдагъдӕр сӕ уоди дзӕбӕхӕн фӕццӕрунцӕ. Фал уӕхӕн зундахаст кӕмӕ ес, етӕ амондгун некӕд уодзӕнцӕ, кӕд уомӕ фӕттурнунцӕ, уӕддӕр. Ӕма адӕнӕй беретӕ хеуарзон ке ’нцӕ, «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» дӕр уомӕн искодта.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?

3 Павел ӕй зудта, айдагъ ӕхе сагъӕс ка кӕнуй, уӕхӕн адӕн фулдӕрӕй-фулдӕр ке кӕндзӕнцӕ, ӕма уӕхӕн зундахастӕй киристӕнттӕн дӕр тӕссаг ке уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзахста: «Уӕхӕнттӕмӕ хӕстӕг дӕр ма цотӕ» (2 Тим. 3:5). Фал си дӕхе еугур еуварс ракӕнӕ, уотӕ дӕр нин нӕ рауайдзӕй. Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕмӕ сӕ зундахаст ма багъара ӕма ӕцӕг уарзондзийнадӕ кӕмӕй цӕуй, еци Хуцау Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн? Ӕркӕсӕн, Хуцауӕй ка цӕуй, еци уарзондзийнадӕ цӕмӕй хецӕн кӕнуй, 2 Тимофеймӕ 3:2–4 ци уарзондзийнади туххӕй финст ес, уомӕй. Уой фӕрци нӕ бон уодзӕй нӕ зӕрдӕмӕ никкӕсун ӕма исбӕрӕг кӕнун, адӕймаги амондгун ка кӕнуй, уӕхӕн уарзондзийнадӕ нӕмӕ ес ӕви нӕ, уой.

ХУЦАУИ УАРЗӔН ӔВИ НӔХЕ?

4. Адӕймаг ӕхе ку уарза, уӕд уоми лӕгъузӕй ести ес? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

4 Павел ниффинста: «Адӕн уодзӕнцӕ хеуарзон». Адӕймаг ӕхе ку уарза, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Йеговӕ дӕр нӕ уотӕ сфӕлдиста. Йесо загъта: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Мар. 12:31). Адӕймаг ӕхе ку нӕ уарза, уӕд иннети ба куд уарздзӕй! Библий ма уӕхӕн дзурдтӕ дӕр ес: «Лӕгтӕ... сӕхе бауӕр куд уарзунцӕ, уотӕ гъӕуама уарзонцӕ сӕ бийнойнӕгти. Ӕ бийнойнаги ка уарзуй, е уарзуй ӕхе дӕр, уомӕн ӕма ӕ бауӕрӕй е ’сӕфт некӕд неке уидта, фал имӕ алкедӕр зелуй ӕма ’й боц даруй» (Еф. 5:28, 29). Мадта бӕрӕг ӕй, адӕймаг ӕхе ку уарза, уӕд е лӕгъуз ке нӕй.

5. Ӕхе ӕгӕр берӕ ка уарзуй, уӕхӕн адӕймаг ӕхе куд фӕддаруй?

5 Фал 2 Тимофеймӕ 3:2 ци уарзондзийнади кой цӕуй, уомӕн ӕцӕг уарзондзийнади хӕццӕ еумӕйагӕй неци ес. Ӕхе ӕгӕр берӕ ка фӕууарзуй, етӕ фулдӕр сӕхе сагъӕс фӕккӕнунцӕ. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:3.) Ести син ку нӕ фӕууайуй, уӕд сӕ рӕдудбӕл нӕ басӕттунцӕ, фал иннети фудгин кӕнун райдайунцӕ. Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги хеуарзон адӕймаг барст цӕуй узуни хӕццӕ. Финст си ес, зӕгъгӕ, узун ӕхе ку ’рбатумбул кӕнуй, уӕд ин медӕгӕй гъар ӕма фӕлмӕн фӕууй, фал си ӕндӕмӕ ба судзинттӕй ӕндӕр неци фӕккӕсуй. Мадта хеуарзон адӕймаг ӕцӕг амондгун некӕд фӕууй.

6. Хуцауи ке уарзӕн, е цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ кӕнуй?

6 Библи ӕртасгутӕй еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ, Павел ци лӕгъуз менеугутӕ ранимадта, уонӕй тӕккӕ фиццаг хеуарзондзийнади кой дзӕгъӕли не ’скодта. Ӕвӕдзи ’й уомӕй уой зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма иннӕ лӕгъуз менеугутӕ еугурӕйдӕр хеуарзондзийнадӕй рацӕунцӕ. Фал Хуцауи ка уарзуй, еци адӕнмӕ ба ӕндӕрхузи менеугутӕ фӕууй: цийнӕ, фарнӕ, берӕфӕразондзийнадӕ, хӕларзӕрдӕдзийнадӕ, хуарздзийнадӕ, ӕууӕндундзийнадӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ, хебӕл хуӕцун (Гал. 5:22, 23). Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Амондгун ӕнцӕ еци адӕн, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй!» (Пс. 144:15). Йеговӕ амондгун Хуцау ӕй ӕма ӕ адӕн дӕр амондгун ӕнцӕ. Кӕмӕй ци ратононцӕ, айдагъ уобӕл ка фӕссагъӕс кӕнуй, еци адӕнӕй уӕлдай Йегови лӕггадгӕнгутӕ иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнунцӕ, ӕма уой фӕрци ӕнцӕ амондгун (Гъуд. 20:35).

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хеуарзон ӕма ӕхцауарзагӕ ма исуӕн, удта нин ерхӕфсӕнтӕ сӕйраг ма исуонцӕ? (кӕсӕ 7 абзац)

7. Хуцауи куд уарзӕн, уой балӕдӕрунмӕ нин цӕхуӕн фарстатӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

7 Нӕ бон куд ӕй базонун, нӕхе Хуцауӕй фулдӕр уарзун райдӕдтан ӕви нӕ, уой? Ӕркӕсӕн Филиппӕгтӕмӕ 2:3, 4 ци унаффӕ ес, уомӕ: «Ма уотӕ загъдгӕнагӕ ӕма кадӕуарзагӕ, фал уотӕ сӕрниллӕг ӕма иннети уӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕретӕ. Уӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, айдагъ уобӕл ма сагъӕс кӕнтӕ, фал, иннетӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл дӕр». Нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун? Архайун, цӕмӕй Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнон? Ӕмбурди ӕма игъосун кӕнгӕй иннетӕн ӕнхус кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорун?» Дӕ рӕстӕг ӕма дӕ хъауритӕ иннетӕбӕл харз кӕнун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Уой туххӕй гъӕуама хъиамӕт кӕнай, ку багъӕуа, удта дӕхе естӕмӕй фӕццох кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ уай. Фал ди Алцигъон Хуцауи зӕрдӕ ке рохс кӕнуй, уой ку лӕдӕрай, уӕд ма уомӕй хуӕздӕр ци гъӕуама уа?

8. Еуӕй-еу киристӕнттӕ Хуцауи ке уарзунцӕ, уой туххӕй куд бакӕнунцӕ?

8 Еуӕй-еу киристӕнттӕн фадуат фӕууй, цӕмӕй хуӕздӕр кустмӕ бацӕуонцӕ ӕма берӕ ӕхца косонцӕ. Фал еци фадуатӕй не ’спайда кӕнунцӕ, уомӕн ӕма Хуцауи уарзунцӕ ӕма сӕ фӕндуй уомӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун. Эрикӕ цӕруй Еугонд Штатти ӕма ӕй дохтир. Е хуӕздӕр бунати косуни бӕсти райдӕдта пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, ӕма ӕ цардӕмбали хӕццӕ цалдӕр бӕстеми балӕггаддӕ кодтонцӕ. Эрикӕ загъта: «Ӕндӕр ӕвзагбӕл дзорӕг адӕнӕн игъосун кӕнгӕй нӕбӕл берӕ дессаги хабӕрттӕ ӕрцудӕй, удта нин нӕуӕг ӕмбӕлттӕ дӕр фӕззиндтӕй. Ӕма уой фӕрци ӕцӕгӕйдӕр исгъӕздуг ан». Эрикӕ ма нур дӕр дохтирӕй косуй, фал ӕ хъауритӕ ӕма ӕ рӕстӕг фулдӕр харз кӕнуй, цӕмӕй адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амона, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕна. Ӕма ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ин е «устур цийнӕдзийнадӕ хӕссуй ӕма ӕ цардӕй зӕрдӕрохс ӕй».

ХӔЗНАТӔ УӔЛӔРВТИ ӔМБУРД КӔНӔН ӔВИ ЗӔНХӔБӔЛ?

9. Ӕхцауарзагӕ адӕймаг амондгун цӕмӕннӕ фӕууй?

9 Павел финста, адӕн «ӕхцауарзагӕ» ке уодзӕнцӕ. Цалдӕр анзей размӕ Ирландий еу пионер-ӕнсувӕр еу нӕлгоймаги хӕццӕ Хуцауи туххӕй дзорун райдӕдта. Еци нӕлгоймаг ба ӕ кисӕй ӕхца фелваста ӕма загъта: «Мӕнӕ ’й мӕ хуцау!» Кӕд беретӕ уӕхӕн дзурдтӕ ӕргом нӕ фӕззӕгъунцӕ, уӕддӕр уӕхӕн зундбӕл хуӕст ӕнцӕ – ӕхца ӕма, ӕхцайӕй ци балхӕнай, уомӕй фулдӕр неци уарзунцӕ. Фал Библий финст ес: «Ӕвзестӕ ка уарзуй, е некӕд бафсӕддзӕй ӕвзестӕй, ӕма гъӕздугдзийнадӕ ка уарзуй, е – мулкӕй» (Еккл. 5:10). Ӕхцауарзагӕ адӕймаг ӕхцайӕй ӕфсес нӕ зонуй, ӕма ӕ цард фулдӕр ӕхца бакосунбӕл рандӕ уй. Фал уой туххӕй ӕхе «берӕ мӕстити хай бакӕнуй» (1 Тим. 6:9, 10).

10. Библий гъӕздугдзийнадӕ ӕма мӕгурдзийнади туххӕй ци финст ес?

10 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕхца ни алкедӕр гъӕуй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ ӕхцатӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгти гъӕуай кӕнунцӕ (Еккл. 7:12). Фал нӕмӕ, царди ӕнӕмӕнгӕй ка гъӕуй, уомӕй уӕлдай ку неци уа, уӕддӕр нӕ бон уодзӕй амондгун цард кӕнун? Гъо! (Бакӕсӕ Екклесиаст 5:12.) Иакеййи фурт Агур ниффинста: «Мӕгурдзийнадӕ дӕр мин ма раттӕ ӕма гъӕздугдзийнадӕ дӕр. Къӕбӕр мин дӕттӕ мӕ фагӕ». Мӕгурдзийнадӕ мин ма раттӕ, зӕгъгӕ, цӕмӕн кувта, е зин балӕдӕрӕн нӕй. Идарддӕр куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ’й нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй давун райдӕдтайдӕ, ӕма уотемӕй Хуцауи ном ӕгадӕ кодтайдӕ. Фал, гъӕздугдзийнадӕ мин ма раттӕ, зӕгъгӕ, ба цӕмӕн кувта? Уой туххӕй ба уотӕ ниффинста: «Цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕма дӕ ма ниууадзон ӕма ма зӕгъон: „Ка ӕй Йеговӕ?“» (Ӕмб. 30:8, 9). Ду дӕр, ӕвӕдзи, зонис, ӕ нифс Хуцаубӕл нӕ, фал ӕ гъӕздугдзийнадӕбӕл ка даруй, уӕхӕн адӕни.

11. Йесо гъӕздугдзийнади туххӕй ци загъта?

11 Ӕхцауарзагӕ адӕймаг Хуцауи зӕрдӕ некӕд барохс кӕндзӕй. Йесо загъта: «Еу адӕймагӕн дӕр ӕ бон нӕй, цӕмӕй дууӕ хецауей цагъар уа – сӕ еуемӕй е ’сӕфт уиндзӕй, инней ба уарздзӕй, сӕ еуебӕл ӕновуд уодзӕй, инней ба нецӕмӕ дардзӕй. Уӕ бон нӕй, цӕмӕй Хуцауи цагъартӕ дӕр уайтӕ ӕма гъӕздугдзийнади цагъартӕ дӕр». Уой размӕ ба загъта: «Зӕнхӕбӕл уӕхецӕн хӕзнатӕ мабал ӕмбурд кӕнтӕ – ами сӕ румпӕг ӕма изгӕ бахуӕрунцӕ, удта сӕмӕ давгутӕ байервӕзунцӕ ӕма сӕ радавунцӕ. Фал уӕхецӕн хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнтӕ уӕлӕрвти – уоми сӕ нӕдӕр румпӕг хуӕруй, нӕдӕр изгӕ, мадта сӕмӕ давгутӕ дӕр нӕ байервӕзунцӕ ӕма сӕ нӕ радавунцӕ» (Матф. 6:19, 20, 24).

12. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма адӕймаг хумӕтӕг цард ку кӕна, уӕд ин Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун ӕнцондӕр уодзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

12 Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ хумӕтӕг цард кӕнунцӕ. Уой фӕрци син фулдӕр рӕстӕг фӕууй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ, ӕма амондгундӕр ӕнцӕ. Джек цӕруй Еугонд Штатти. Е ӕ устур хӕдзарӕ ӕма ӕ бизнес рауӕйӕ кодта, цӕмӕй ӕ бийнойнаги хӕццӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайдӕ. Мӕнӕ ӕхуӕдӕг ци загъта: «Мах рӕсугъд рауӕн цардан, адтӕй нин хуарз хӕдзарӕ ӕма берӕ есбон. Ӕма нин сӕ рауӕйӕ кӕнун, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнцон н ’адтӕй. Фал мин кусти уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ уидӕ ӕма хӕдзарӕмӕ хъӕбӕр тухстӕй ӕрбацӕуинӕ. Ӕма уотӕ адтӕй берӕ ӕнзти дӕргъи. Мӕ бийнойнаг ба пионерӕй лӕггадӕ кодта ӕма алкӕддӕр амондгун уидӕ. Еухатт ба мин уотӕ бакодта: „Мӕнӕн мӕ кусти цӕхуӕн Хецау ес, уӕхӕн некӕмӕн ес!“ Нур ӕз дӕр пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, ӕма нӕ дууемӕн ес еу хецау, Йеговӕ».

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хеуарзон ӕма ӕхцауарзагӕ ма исуӕн, удта нин ерхӕфсӕнтӕ сӕйраг ма исуонцӕ? (кӕсӕ 13 абзац)

13. Ӕхцамӕ ци цӕстӕй кӕсӕн, уой балӕдӕрунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?

13 Цӕмӕй, ӕхцамӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн, уой балӕдӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама расагъӕс кӕнӕн уӕхӕн фарстатӕбӕл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг ӕй, Библи ӕхцай туххӕй ци зӕгъуй, уой хӕццӕ арази ке дӕн? Ӕхца амал кӕнун мин мӕ царди фиццаг бунати ӕй? Ӕхсидзгӕдӕр мин ци ӕй, ӕхца ӕви мин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес ӕма адӕни хӕццӕ куд цӕрун, е? Йеговӕ мӕ, ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕуй, уомӕй цох ке нӕ уадздзӕй, уобӕл ӕцӕгӕйдӕр ӕууӕндун?» Гъӕуама ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕн, Йеговӕ ке некӕд фӕффудӕнгъӕл кӕндзӕй, ӕ нифс ибӕл ка даруй, уони! (Матф. 6:33).

ЙЕГОВИ УАРЗӔН ӔВИ ЕРХӔФСӔНТӔ?

14. Ерхӕфсӕнтӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

14 Библий куддӕриддӕр загъд адтӕй, уотӕ абони беретӕ «уарзунцӕ ерхӕфсӕнтӕ». Куд ӕй балӕдӕрдтан уотемӕй, адӕймаг ӕхе ку уарза, удта ӕхца ку коса, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Уотӕ ӕй ерхӕфсӕнти гъуддаг дӕр. Йеговӕ уотӕ нӕ зӕгъуй, цӕмӕй нӕхе ӕппундӕр ма ерхӕфсӕн. Библи Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн дзоруй: «Мадта адгинӕй хуӕрӕ дӕ къӕбӕр ӕма игъӕлдзӕг зӕрдӕй ниуазӕ сӕнӕ» (Еккл. 9:7).

15. 2 Тимофеймӕ 3:4 дзурдбаст «уарздзӕнцӕ ерхӕфсӕнтӕ» цӕмӕ амонуй?

15 2 Тимофеймӕ 3:4 ке туххӕй финст ес, етӕ ерхӕфсӕнтӕбӕл уотӕ ’нцӕ, ӕма сӕ царди Хуцауӕн бунат ӕппундӕр нӕбал изайуй. Аци стихи уотӕ финст нӕй, адӕн ерхӕфсӕнтӕ Хуцауӕй фулдӕр уарздзӕнцӕ, зӕгъгӕ. Уӕд уотӕ уадайдӕ, ӕма кӕмидӕр Хуцауи дӕр уарзунцӕ. Фал си уотӕ финст ӕй: «Хуцауи нӕ уарздзӕнцӕ». Уӕхӕн адӕни туххӕй Библи зӕгъуй: «Ерхӕфсӕнтӕбӕл фӕуунцӕ ӕма нӕбал исирӕзунцӕ» (Лук. 8:14).

16, 17. Йесо ерхӕфсӕнтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, уомӕй нин фӕнзуйнаг куд ӕй?

16 Йесо ерхӕфсӕнтӕмӕ раст цӕстӕй кастӕй. Зӕгъӕн, еухатт «киндзӕхсӕвӕрмӕ» фӕццудӕй, иннӕ хатт ба «устур кувди» адтӕй (Иоан. 2:1–10; Лук. 5:29). Ци киндзӕхсӕвӕри адтӕй, уоми сӕнӕ нӕбал фагӕ кодта, ӕма уӕд дон сӕнӕ фестун кодта. Еухатт ба Йесо бауайдзӕф кодта, хуӕрун ӕма ниуазуни туххӕй ин федистӕ ка кодта, уонӕн, уомӕн ӕма еци гъуддагмӕ раст цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ (Лук. 7:33–36).

17 Фал Йесо ӕ цард ерхӕфсӕнтӕбӕл не ’рвиста. Фиццаг бунати ин адтӕй Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнун, ӕма ӕ бон куд адтӕй, уотӕ адӕнӕн ӕнхус кодта. Адӕни фӕййервӕзун кӕнуни туххӕй цӕттӕ адтӕй гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл рамӕлунмӕ дӕр. Йесо, ӕ фӕдбӕл цӕун ке фӕндадтӕй, уонӕн загъта: «Амондгун уодзиайтӕ, мӕн туххӕй уин адӕн ку федистӕ кӕнонцӕ, уӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ ӕма уӕбӕл алли лӕгъузтӕ ку имисонцӕ. Уӕ зӕрдӕ ирайӕд ӕма цийнӕ кӕнтӕ, уомӕн ӕма уӕмӕ уӕлӕрвти ӕнгъӕлмӕ кӕсуй устур хуӕрзеуӕг,– уотӕ ӕфхуардтонцӕ, уӕ размӕ ци пахампартӕ адтӕй, уони дӕр» (Матф. 5:11, 12).

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хеуарзон ӕма ӕхцауарзагӕ ма исуӕн, удта нин ерхӕфсӕнтӕ сӕйраг ма исуонцӕ? (кӕсӕ 18 абзац)

18. Ерхӕфсӕнтӕмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн ӕви нӕ, уой балӕдӕрунмӕ нин цӕхуӕн фарстатӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

18 Ерхӕфсӕнтӕмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн ӕви нӕ, уой балӕдӕрунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Цума мин ерхӕфсӕнтӕ ӕмбурдӕй ӕма мӕ лӕггадӕй уӕлдӕр не ’ссӕнцӕ? Мӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци гъуддӕгтӕй мӕхе фӕццох кӕнунмӕ цӕттӕ дӕн, цӕмӕй мӕ бон Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун уа? Ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй фӕссагъӕс кӕнун, Йеговӕ сӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕй, уобӕл?» Йегови ӕцӕгӕй ке уарзӕн ӕма нӕ ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, уомӕ гӕсгӕ нӕхе гъӕуай кӕндзиан, ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕй. Гурусхӕ кӕбӕл кӕнӕн, еци ерхӕфсӕнтӕй дӕр нӕхе хездзиан. (Бакӕсӕ Матфеййи 22:37, 38.)

АМОНДГУН ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗИАН?

19. Ӕцӕг амондгун ка некӕд уодзӕй?

19 Нур 6 000 анзей бӕрцӕ Сайтани дуйней цӕргӕй адӕн гъезӕмарӕ кӕнунцӕ. Аци фӕстаг бӕнтти ба адӕн ӕнцӕ хеуарзон ӕма ӕхцауарзагӕ, удта син ерхӕфсӕнтӕй сӕйрагдӕр неци ес. Кӕми ци ратононцӕ ӕрмӕстдӕр уобӕл сагъӕс кӕнунцӕ ӕма сӕмӕ сӕхе мӕтӕй ӕндӕр неке мӕтӕ ес. Фал уӕхӕн адӕн амондгун некӕд уодзӕнцӕ. Адӕймаг ӕцӕг амондгун цӕй фӕрци уодзӕй, уой туххӕй псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Амондгун ӕй еци адӕймаг, Иакови Хуцау е ’нхусгӕнӕг кӕмӕн ӕй, ӕ нифс ӕ Хуцау Йеговӕбӕл ка даруй» (Пс. 146:5).

20. Дӕ бон уотӕ зӕгъун цӕмӕн ӕй, ӕма Хуцауи ке уарзис, уой фӕрци амондгун дӕ?

20 Йегови лӕггадгӕнгутӕн ба сӕ уарзондзийнадӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнуй. Удта сӕ нимӕдзӕ дӕр анзӕй-анзмӕ ирӕзуй. Уомӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи Паддзахадӕ бартӕ ӕ къохмӕ ке райста ӕма тагъд зӕнхӕмӕ дессаги арфӕдзийнӕдтӕ ке ӕрхӕсдзӕй. Мах хъӕбӕр амондгун ан, уомӕн ӕма Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнӕн ӕма ’й зонӕн, уотемӕй ин ӕ зӕрдӕ ке рохс кӕнӕн. Йегови ка уарзуй, етӕ ӕносмӕ дӕр зӕрдӕрохсӕй цӕрдзӕнцӕ! Иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан, адӕймаг хеуарзон ке фӕууй, уой туххӕй имӕ цӕхуӕн менеугутӕ фӕззиннуй ӕма базондзиан, еци менеугутӕ, Йегови лӕггадгӕнгутӕмӕ ци менеугутӕ ес, уонӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ.