Раст ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау Йегови фӕнзетӕ
«Ӕцӕг рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнтӕ, кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй уарзетӕ ӕма кӕрӕдземӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ӕвдесетӕ» (ЗАХ. 7:9).
ЗАРТӔ: 125, 88
1, 2. а) Киристе Хуцауи закъонмӕ, цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй? б) Киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ Хуцауи закъон куд ихалдтонцӕ?
КИРИСТЕ Моисеййи закъон уарзта. Ӕма е дессаг нӕй, уомӕн ӕма еци Закъон ӕ уӕларвон Фидӕ равардта, царди ин тӕккӕ хъазардӕр ка адтӕй, е. Киристе Хуцауи закъон куд уарздзӕй, уой туххӕй Псалом 40:8 финст адтӕй: «О мӕ Хуцау, дӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун мин ӕй цийни хуасӕ. Дӕ закъон ӕй мӕ зӕрди». Киристейӕн ӕ дзурдтӕй ӕма ӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг адтӕй, Хуцауи закъонмӕ фау ӕрхӕссӕн ке нӕййес, пайда ке ӕй ӕма ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст уодзӕй, е (Матф. 5:17–19).
2 Киристейӕн кунӕг зин н’ адтӕй, киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ ин ӕ Фиди закъон куд ихалунцӕ, уой уинун. Е син загъта: «Бетъинайӕй, фидхуасӕй ӕмӕ зирайӕй дӕсӕймаг хай дӕттетӕ». Етӕ закъони листӕг гъуддӕгтӕмӕ фурлӕмбунӕг кастӕнцӕ. Мадта уӕд сӕ рӕдуд цӕй медӕг адтӕй? Йесо ма син загъта: «Закъони сӕйрагдӕр гъуддӕгтӕ ба – рӕстдзийнадӕ, фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ӕма еузӕрдондзийнадӕ – нецӕмӕ даретӕ» (Матф. 23:23). Фарисейтӕ, кӕмӕн ци байамононцӕ, уомӕй ӕндӕр нецӕбӕл сагъӕс кодтонцӕ. Закъонӕн ӕ гъуди цӕй медӕг ӕй, уой нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ ӕма сӕхе иннетӕй хуӕздӕрбӕл нимадтонцӕ. Фал ӕй Йесо лӕдӕрдтӕй, Закъон цӕмӕн лӕвӕрд адтӕй ӕма си ци фӕдзӕхститӕ ес, уонӕй алкӕцидӕр Йегови менеугутӕ куд ӕвдесуй, уой.
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Киристӕнтти Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй (Ром. 7:6). Мадта уӕд Йеговӕ еци закъон Библий цӕмӕн ниффинсун кодта? Уотӕ ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй лӕдӕрӕн «ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй», уой, удта закъӕнттӕ кӕбӕл ӕнцойнӕ кодтонцӕ, еци уагӕвӕрдтӕ дӕр. Зӕгъӕн, римӕхсӕн горӕтти туххӕй закъонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Айразиккон статьяй базудтан, ледзӕггагӕн ци кӕнун гъудӕй, ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой. Фал ма еци закъонӕй Йегови туххӕй ӕма ’й нӕ бон фӕнзун куд ӕй, уой туххӕй дӕр нӕ бон ӕй берӕ цидӕртӕ базонун. Мадта аци статьяй ӕркӕсдзиан уӕхӕн фарстатӕмӕ: римӕхсӕн горӕтти туххӕй закъон Йегови фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕбӕл дзорӕг цӕмӕн ӕй? Еци закъонӕй куд зиннуй, Йеговӕ адӕймаги цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, е? Йеговӕ раст Хуцау ке ӕй, е си куд зиннуй? Аци фарстатӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй байархайӕ, цӕмӕй фӕууинай, дӕ уӕларвон Фиди фӕнзун дӕ бон цӕхуӕн гъуддӕгти ӕй, уой. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:1.)
РИМӔХСӔН ГОРӔТТӔ ЦӔХУӔН БУНӔТТИ АДТӔНЦӔ?
4, 5. а) Йегови цӕмӕн фӕндадтӕй, цӕмӕй римӕхсӕн горӕттӕ ӕнцон иссерӕн адтайуонцӕ, ӕма уой туххӕй ци конд ӕрцудӕй? б) Е нин Йегови туххӕй цӕбӕл дзорӕг ӕй?
4 Римӕхсӕн горӕттӕмӕ ӕнцон бахъӕртӕн адтӕй. Йеговӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй ӕхсӕз уӕхӕн горӕти рахецӕн кодтайуонцӕ, ӕртӕ Иордани еу фарс, ӕртӕ ба иннӕ. Цума цӕмӕн? Цӕмӕй адӕймаги ӕнӕбари ка рамардта, уой бон адтайдӕ, еци горӕтмӕ тагъд ӕма ӕнцонтӕй бахъӕртун (Ним. 35:11–14). Еци горӕттӕмӕ ци нӕдтӕ кодтонцӕ, уонӕмӕ дӕр дзӕбӕх зилдӕнцӕ (Дук. з. 19:3). Дзиуиттаг историй киунугутӕй еуеми куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕдтӕбӕл адтӕй римӕхсӕн горӕттӕмӕ ка амудта, уӕхӕн амонӕнтӕ. Еци горӕттӕ син ку н’ адтайуонцӕ, уӕд адӕймаги ӕндӕр бӕстӕмӕ ледзун багъудайдӕ. Ӕма ин уоми ба мӕнгӕ дини ӕгъдӕуттӕбӕл фӕццӕфсунӕй тӕссаг адтайдӕ.
5 Йеговӕ бафӕдзахста, цӕмӕй, адӕймаги ка рамардта, уомӕн ӕхе дӕр рамардтайуонцӕ. Фал ма уобӕл дӕр батухстӕй, цӕмӕй адӕймаги ӕнӕбари ка рамардтайдӕ, уомӕн Еф. 2:4).
ӕ бон адтайдӕ мӕлӕти тӕрхонӕй фӕййервӕзун. Уӕхӕн адӕймаги бон адтӕй Хуцауи фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕбӕл ӕ зӕрдӕ дарун. Еу библиртасӕг загъта: «Еци закъонӕн ӕ алли фӕззелӕн дӕр хъӕбӕр ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма ӕнцонӕнхӕстгӕнӕн адтӕй. Е ӕцӕгӕйдӕр Хуцауи фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕбӕл дзорӕг ӕй». Йеговӕ зӕрдӕ кӕбӕл нӕййес, уӕхӕн тӕрхонгӕнӕг нӕй, ӕма ӕ лӕггадгӕнгути цӕй туххӕй бафхуӕра, уой нӕ фӕййагоруй. Е «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау» ӕй (6. Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма фарисейтӕ дӕр Хуцауи хузӕн иннетӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕнцӕ? Балӕдӕрун кӕнӕ.
6 Фарисейтӕмӕ ба фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕн ӕ кой дӕр н’ адтӕй. Зӕгъӕн, дзиуиттаг ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ, еци еу рӕдуд ӕртӕ хаттемӕй фулдӕр ка искодтайдӕ, уомӕн нӕбал хатир кодтонцӕ. Йесо син уой туххӕй бауайдзӕф кодта, ӕма радзурдта фарисей ӕма хъалонесӕги хабар. Фарисей Хуцаумӕ ковгӕй загъта: «О Хуцау, арфӕ дин кӕнун, ӕз иннети хузӕн стъегъӕг, фудгӕнӕг, хӕтагӕ ке нӕ дӕн, кенӕ ба мӕнӕ аци хъалонесӕги хузӕн». Еци рӕстӕг ба хъалонесӕг Хуцаумӕ сӕрниллӕгӕй кувта, ӕма си хатир курдта. Фарисейтӕ уӕхӕн ӕнӕхатир цӕмӕн адтӕнцӕ? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, етӕ иннети нецӕбӕл нимадтонцӕ (Лук. 18:9–14).
7, 8. а) Еске нӕ нихмӕ ку фӕррӕдуйа, уӕд нӕ бон куд ӕй Йегови фӕнзун? б) Иннетӕн хатир кӕнунмӕ нӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ цӕмӕн гъӕуй?
7 Мадта Йегови фӕнзӕ, фарисейти нӕ, фал. Иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун зонӕ. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:13.) Зӕгъӕн, расагъӕс кӕнӕ, хатир ди ка коруй, уонӕбӕл (Лук. 17:3, 4). Дӕхе бафӕрсӕ: «Иннетӕн ӕнцонтӕй ниххатир кӕнун, кӕд мӕ нихмӕ арӕх фӕррӕдуйунцӕ, уӕддӕр? Сӕ хӕццӕ куд зӕрдиагӕй бафедаун?»
8 Хатир кӕнунмӕ цӕттӕ ан ӕви нӕ, уомӕй рабӕрӕг уй нӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ. Фарисейтӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма уонӕй хуӕздӕр неке ӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ хатир кӕнун нӕ зудтонцӕ. Фал киристӕнттӕ ба гъӕуама сӕрниллӕг уонцӕ ӕма иннети сӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕронцӕ (Фил. 2:3). Нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Йегови фӕнзун ӕма архайун, цӕмӕй сӕрниллӕг уон?» Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй иннетӕн хатир кӕнун, уонӕн ба махӕй хатир корун. Мадта цӕттӕ уо хатир кӕнунмӕ, бостӕ кӕнунмӕ ба тагъд ма кӕнӕ (Еккл. 7:8, 9).
АДӔЙМАГИ ЦАРДӔН АРГЪ КӔНӔ
9. Йеговӕ израилӕгтӕн куд банхус кодта, цардӕн устур аргъ ке ес, уой лӕдӕрун?
9 Римӕхсӕн горӕттӕн сӕ сӕйраг нисан адтӕй израилӕгти тог никкалунӕй багъӕуай кӕнун (Дук. з. 19:10). Йеговӕ цардӕн устур аргъ кӕнуй ӕма, «фудгин ка нӕ уа, уой тог ка никкалуй», уӕхӕнттӕй е ’сӕфт уинуй (Ӕмб. 6:16, 17). Йеговӕ раст Хуцау ӕй, ӕма еу адӕймаг инней ке рамардта, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй, кӕд уотӕ ӕнӕбари рауадӕй, уӕддӕр. Фал уӕхӕн адӕймагӕн тогесӕгӕй фӕййервӕзун ӕ бон адтӕй, ӕма ӕй уой туххӕй фиццагидӕр ӕ хабар хестӕр лӕгтӕн радзорун гъудӕй. Ӕма хестӕр лӕгтӕ ку исбӕрӕг кодтайуонцӕ, адӕймаги ӕнӕбари ке рамардта, уӕд ӕй гъудӕй римӕхсӕн горӕти байзайун, цӕмӕй фӕййервазтайдӕ, цалинмӕ хестӕр саугин цардайдӕ, уӕдмӕ, ка ’й зонуй, ӕ цард-цӕрӕнбонти дӕр. Уӕхӕн закъон израилӕгтӕн лӕдӕрун кодта, адӕймаги цардӕн устур аргъ ке ес. Царддӕттӕг Хуцауӕн кадӕ ке кӕнунцӕ, е бӕрӕг адтайдӕ, цардӕн тӕссаг кӕмӕй адтӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй сӕхе ку хизтайуонцӕ, уӕд.
10. Адӕймаги цард нимади дӕр кӕмӕн н’ адтӕй, еци киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕн Киристе куд бауайдзӕф кодта?
10 Фал киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ цардмӕ Йегови цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ. Уонӕн адӕймаги цард нимади дӕр н’ адтӕй. Киристе син бауайдзӕф кодта: «Сумах зонундзийнӕдти дӕгъӕл уӕхе бакодтайтӕ. Уӕхуӕдтӕ дӕр нӕ бацудайтӕ, ӕма, бацӕун ке фӕндадтӕй, уони дӕр нӕ бауагътайтӕ» (Лук. 11:52). Киристей уомӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ гъӕуама адӕнӕн Хуцауи Дзурд амудтайуонцӕ ӕма син ӕнхус кодтайуонцӕ ӕносон царди надбӕл цӕун. Фал сӕ етӕ ба Киристейӕй, «адӕни цардмӕ ка кӕнуй», уомӕй еуварс кодтонцӕ (Гъуд. 3:15). Ци надбӕл сӕ кодтонцӕ, еци над исӕфтмӕ кодта. Еци сӕрбӕрзонд киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кодтонцӕ, иннетӕ ци бауодзӕнцӕ, уой мӕтӕ ба сӕмӕ н’ адтӕй. Еу загъдӕй хъӕбӕр цъамар ӕма ӕнӕхатир адтӕнцӕ!
11. а) Апостол Павел куд бавдиста, цардмӕ Йегови цӕстӕй ке кӕсуй? б) Цӕмӕй мах дӕр Павели хузӕн зингзӕрдӕй игъосун кӕнӕн, уой туххӕй нин ци банхус кӕндзӕй?
11 Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йегови фӕнзӕн ӕма киунугидӕснитӕ, удта фарисейти хузӕн ма исуӕн? Гъӕуама адӕймаги цардӕн устур аргъ кӕнӕн. Апостол Павел цардӕн ке аргъ кодта, е бӕрӕг адтӕй, хуарз хабар куд зингзӕрдӕй игъосун кодта, уомӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй зӕгъун: «Ӕз ӕгас адӕни тогӕй дӕр кӕдзос... дӕн». (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 20:26, 27.) Цума Павел ӕрмӕстдӕр уой туххӕй игъосун кодта, цӕмӕй адӕни тог уой сӕрбӕл ма байзадайдӕ кенӕ ин уотӕ Йеговӕ ке загъта? Нӕъ. Е адӕни уарзта ӕма син сӕ цардӕн аргъ кодта, удта ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй етӕ дӕр ӕносон цардӕй исхайгин адтайуонцӕ (1 Кор. 9:19–23). Мах дӕр гъӕуама адӕймаги цардмӕ Хуцауи цӕстӕй кӕсӕн. Хуцауи ба «фӕндуй, цӕмӕй алкӕмӕндӕр уа ӕрфӕсмон кӕнуни фадуат» (2 Пет. 3:9). Цӕмӕй Йегови фӕнзӕн, уой туххӕй гъӕуама адӕни уарзӕн. Адӕнӕн ку тӕрегъӕд кӕнӕн, уӕд син хуарз хабар никки зӕрдиагдӕрӕй игъосун кӕндзиан, ӕма уӕд нӕхе зӕрдитӕ дӕр цийнӕй байдзаг уодзӕнцӕ.
12. Ӕдасдзийнадӕ Хуцауи адӕнӕн уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
12 Цардмӕ Йегови цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд нӕхе цардӕн дӕр ӕма иннети цардӕн дӕр тӕссаг кӕмӕй уа уӕхӕн гъуддӕгтӕй нӕхе хездзиан. Зӕгъӕн, уомӕ хауй, машинӕбӕл куд цӕуӕн кенӕ косгӕ куд кӕнӕн, е. Уой нӕ зӕрдӕбӕл гъӕуама дарӕн, ӕмбурдмӕ ку фӕццӕуӕн кенӕ Йеговӕн ковӕн бунӕттӕ ку фӕййаразӕн ӕма сӕмӕ ку фӕззелӕн, уӕд. Адӕн, удта се ’нӕнездзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ рӕстӕг ӕма ӕхцайӕй алкӕддӕр хъазардӕр адтӕнцӕ. Хуцау алкӕддӕр, раст ци ӕй, уой кӕнуй, Ӕмб. 22:3). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дин дӕ зӕрдӕбӕл ку лӕуун кӕнонцӕ, дӕхе ӕма иннети гъӕуай кӕнун ке гъӕуй, уӕд сӕмӕ байгъосӕ (Гал. 6:1). Адӕймаги цардмӕ Йегови цӕстӕй кӕсетӕ, цӕмӕй тогниккалди фудгин ма фӕууайтӕ.
ӕма ӕй фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр уотӕ архайӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕуама сагъӕс кӕнонцӕ ӕдасдзийнадӕбӕл – сӕхе ӕма иннети («ГЪУДДАГ АЦИ УАГӔВӔРДТӔМӔ ГӔСГӔ» РАВЗАРЕТӔ
13, 14. Израилаг хестӕр лӕгти бон куд адтӕй Йегови хузӕн рӕстӕй архайун?
13 Йеговӕ израилаг хестӕр лӕгтӕн бафӕдзахста, цӕмӕй адӕни гъуддӕгтӕ ӕвзаронцӕ ӕ раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ. Фиццагидӕр бал гъӕуама ӕгас хабӕрттӕ дӕр исбӕрӕг кодтайонцӕ. Уой фӕсте ба сӕ гъудӕй лӕмбунӕг рартасун, еу адӕймаг инней цӕмӕн рамардта, ци бакодта, уомӕ ӕхуӕдӕг ци цӕстӕй кӕсуй, раздӕр цӕхуӕн цард кодта, удта ин ниххатир кӕнун ӕнгъезуй ӕви нӕ, уой. Хестӕр лӕгтӕ гъӕуама исбӕрӕг кодтайуонцӕ, лӕги ка рамардта, е имӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта, уой – барӕй ӕй рамардта ӕви ӕнӕбари. (Бакӕсӕ Нимӕдзтӕ 35:20–24.) Барӕй ӕй ке рамардта, уомӕн кӕд ӕвдесӕнтӕ адтӕй, уӕддӕр гъӕуама дууемӕй минкъийдӕр ма адтайуонцӕ (Ним. 35:30).
14 Хестӕр лӕгтӕ еугур хабӕрттӕмӕ дӕр ку ’ркӕсиуонцӕ, уӕд гъӕуама адӕймагӕн ӕхе сагъӕс дӕр бакодтайуонцӕ, ци бакодта, айдагъ уой сагъӕс нӕ, фал. Гъудӕй сӕ арфуинундзийнадӕ, цӕмӕй хабарӕн ӕ хъаппӕ балӕдӕрдтайуонцӕ. Фал сӕ фиццагидӕр ба гъудӕй Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ, цӕмӕй Йегови хузӕн арфуинӕг, раст ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ адтайуонцӕ (Рац. 34:6, 7).
15. Киристе тӕрегъӕдгун адӕнмӕ ци цӕстӕй кастӕй, е куд хецӕн кодта, фарисейтӕ сӕмӕ ци цӕстӕй кастӕнцӕ, уомӕй?
15 Фарисейтӕ ӕрмӕстдӕр уидтонцӕ, адӕймаг ци бакодта, уой, ӕ зӕрди ци ес, уой нӕ, фал. Киристей Матфеййи хӕдзари бадгӕ ку фӕууидтонцӕ, уӕд ин ӕ ахуркӕнуйнӕгти бафарстонцӕ: «Уӕ ахургӕнӕг хъалонесгути хӕццӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнгути хӕццӕ еу фингӕбӕл цӕмӕн бадуй?» Йесо ба син загъта: «Дохтир сӕйгити гъӕуй, ӕнӕнез ка ӕй, уони нӕ, фал. Мадта цотӕ ӕма бал базонетӕ, цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ аци дзурдтӕ: „Мӕн нивӕндтӕ нӕ гъӕуй, фал, фӕлмӕнзӕрдӕ уайтӕ, е“. Ӕз рӕстгӕнгути ӕрхонунмӕ не ’рцудтӕн, фал тӕрегъӕдгунти» (Матф. 9:9–13). Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йесо уӕззау тӕрегъӕдтӕмӕ цийфӕнди цӕстӕй кастӕй? Нӕъ. Йесой фӕндадтӕй цӕмӕй тӕрегъӕдгун адӕн сӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кодтайуонцӕ. Е дӕр хаудтӕй, ци хабар игъосун кодта, уомӕ (Матф. 4:17). Фал ӕй Йесо зудта, хъалонесгутӕй дӕр кедӕрти сӕ цард раййевун ке фӕндадтӕй. Етӕ Матфеййи хӕдзарӕмӕ уотид ракомидзаг кӕнунмӕ не ’рбацудӕнцӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ уоми ка ӕрӕмбурд ӕй, уонӕй беретӕ Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ адтӕнцӕ (Мар. 2:15). Гъигагӕн, фарисейтӕй беретӕ гъе уӕддӕр нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Йесо еци адӕнмӕ хуарзӕй ци иссирдта, уой. Фарисейтӕ сӕхе худтонцӕ раст ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцауӕн ковӕг адӕн. Фал етӕ адӕнмӕ Йегови цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ ӕма сӕ нимадтонцӕ, кӕмӕй нецибал рауайдзӕй, уӕхӕн тӕрегъӕдгун адӕнбӕл.
16. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ци гъӕуама балӕдӕронцӕ, тӕрегъӕд ка искодта, уой гъуддаг ку ӕвзаронцӕ, уӕд?
16 Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама фӕнзонцӕ, рӕстдзийнадӕ ка уарзуй, Пс. 37:28). Фиццагидӕр гъӕуама «исбӕрӕг кӕнонцӕ», адӕймаг тӕрегъӕд искодта ӕви нӕ, уой. Кӕд искодта, уӕд ин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама ӕ гъуддаг Библий разамундмӕ гӕсгӕ равзаронцӕ (Дук. з. 13:12–14). Ӕ хабармӕ ин ку игъосонцӕ, уӕд гъӕуама балӕдӕронцӕ, уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, е фӕсмон кӕнуй ӕви нӕ. Уой балӕдӕрун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Гъӕуама исбӕрӕг кӕнонцӕ, адӕймаг ци бакодта, уомӕ ӕхуӕдӕг цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй ӕма ӕ зӕрди ци ес, уой (Рарг. 3:3). Цӕмӕй Хуцауи фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕй хайгин уа, уой туххӕй гъӕуама зӕрдӕй ӕрфӕсмон кӕна *.
еци Хуцау Йегови (17, 18. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ци банхус кӕндзӕй балӕдӕрун, адӕймаг зӕрдӕй фӕсмон кӕнуй ӕви нӕ, уой? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
17 Йеговӕ ӕма Йесо зӕрдитӕ уинунцӕ, ӕма ’й зонунцӕ адӕймаг цӕбӕл сагъӕс кӕнуй, уой. Фал хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба зӕрдитӕ нӕ уинунцӕ. Кӕд ду дӕр хестӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дин цума ци банхус кӕндзӕй, адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр фӕсмон кӕнуй ӕви нӕ, уой балӕдӕрун? Фиццаг: Хуцаумӕ ковӕ, цӕмӕй дин зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ ратта (1 Пад. 3:9). Дуккаг: Хуцауи Дзурдбӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕ, удта пайда кӕнӕ зундгин ӕма ӕууӕнкгун цагъари унаффитӕй, цӕмӕй дӕ бон уа равзарун, адӕймаг, «Хуцауи зӕрдӕмӕ куд цӕуй, уотӕ ӕрӕнкъард ӕй» ӕви «аци дуйней адӕн куд ӕрӕнкъард унцӕ», уотӕ (2 Кор. 7:10, 11). Ӕркӕсӕ, Библий цӕхуӕн хабӕрттӕ финст ес, ӕ тӕрегъӕдбӕл ка ӕрфӕсмон кодта ӕма ка не ’рфӕсмон кодта, уӕхӕн адӕни туххӕй. Цума цӕбӕл сагъӕс кодтонцӕ? Сӕ зӕрди ци адтӕй? Куд архайдтонцӕ?
18 Ӕртиккаг: сагъӕс кӕнӕ адӕймагбӕл, ци бакодта, айдагъ уобӕл нӕ, фал. Цӕхуӕн уавӕрти исгъомбӕл ӕй, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй ӕма ’й ци разӕнгард кодта. Киристей туххӕй Библий уӕхӕн пахампарадӕ финст ӕрцудӕй: «Цӕстӕй ци уина, уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕй тӕрхон ӕма, гъосӕй ци игъоса, уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕй уайдзӕф. Е мӕгуртӕн кӕндзӕй ӕнӕхӕран тӕрхон, зӕнхӕбӕл ци сабур адӕн ес, уони пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕй рӕстӕй» (Ис. 11:3, 4). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йесо уӕ ӕ адӕнӕн фиййӕуттӕй исӕвардта, ӕма уин ӕнхус дӕр бакӕндзӕй, цӕмӕй рӕстӕй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕй тӕрхон кӕнайтӕ (Матф. 18:18–20). Мах хъӕбӕр боз ан, зӕрдиагӕй нӕбӕл ка тухсуй, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин ке ес! Се ’нхуси фӕрци мах бон дӕр ӕй рӕстӕй архайун ӕма кӕрӕдземӕн хатир кӕнун.
19. Римӕхсӕн горӕтти туххӕй закъонӕй цӕбӕл ахур кӕнис?
19 Моисеййи закъони ес «зонундзийнӕдтӕ ӕма рӕстдзийнади... сӕйраг фӕззелӕнтӕ». Нӕ бон си ӕй фулдӕр базонун Йегови ӕма ӕ уагӕвӕрдти туххӕй (Ром. 2:20). Зӕгъӕн, римӕхсӕн горӕтти туххӕй закъон хестӕр нӕлгоймӕгти ахур кӕнуй «ӕцӕг рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнун». Мах ба ахур кӕнуй «кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй уарзун ӕма кӕрӕдземӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ӕвдесун» (Зах. 7:9). Ӕма нӕ кӕд абони Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, уӕддӕр Йеговӕ нӕ раййивта. Фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕн абони дӕр устур аргъ кӕнуй. Уӕхӕн Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун хъӕбӕр устур кадӕ ’й! Гъӕйдӕ мадта ин ӕ рӕсугъд менеугутӕ фӕнзӕн ӕма нӕхе ӕ иуазӕг бакӕнӕн!
^ 16 абз. Кӕсӕ 2006 анзи 1 мартъий уагъд «Сторожевая башня», рубрикӕ «Вопросы читателей», 30 фарс.