Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йегови хузӕн хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ уо

Йегови хузӕн хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ уо

«Амондгун ӕй, мӕгури ка ӕргъуди кӕнуй, еци адӕймаг» (ПС. 41:1).

ЗАРТӔ: 130, 107

1. Йегови лӕггадгӕнгути астӕу уарзондзийнадӕ ке ес, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?

ЙЕГОВИ лӕггадгӕнгутӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ӕнцӕ еу бийнонти хузӕн ӕма кӕрӕдзей уарзунцӕ (1 Иоан. 4:16, 21). Багъӕуаги кӕрӕдзей туххӕй сӕ цард дӕр нӕ бавгъау кӕндзӕнцӕ. Фал арӕхдӕр ба сӕ уарзондзийнадӕ минкъий гъуддӕгтӕй бӕрӕг фӕууй. Зӕгъӕн, кӕрӕдзей фӕлмӕн дзурдӕй бафедар кӕнунцӕ кенӕ кӕрӕдземӕн ести хуарз гъуддаг искӕнунцӕ. Иннетӕмӕ хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд уомӕй нӕ уӕларвон Фидӕ Йегови фӕнздзиан (Еф. 5:1).

2. Киристе ӕ уӕларвон Фиди уарзондзийнадӕ куд фӕнзта?

2 Киристе ӕ алли гъуддагӕй дӕр ӕ уӕларвон Фиди фӕнзта ӕма иннетӕмӕ алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ адтӕй. «Хъиамӕт ка кӕнуй ӕма уӕззау уаргъ ка хӕссуй,– ӕгасӕйдӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн»,– загъта Киристе (Матф. 11:28, 29). Ду дӕр Киристей ку фӕнзай ӕма «мӕгури ка ӕргъуди кӕнуй», уӕхӕн адӕймаг ку уай, уӕд нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ рохс кӕндзӕнӕ ӕма дӕхуӕдӕг дӕр амондгун уодзӕнӕ (Пс. 41:1). Аци статьяй фӕууиндзиан, нӕ бон куд ӕй хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ ун нӕ бийнонтӕмӕ, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ ӕма кӕмӕн игъосун кӕнӕн, уонӕмӕ.

ХӔЛАРЗӔРДӔ ӔМА ЛӔДӔРГӔ УО ДӔ БИЙНОНТӔМӔ

3. Нӕлгоймаг ӕ бийнойнаги ке лӕдӕруй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

3 Бийнонти хестӕртӕ гъӕуама фӕнзуйнаг уонцӕ, сӕ бийнонтӕбӕл куд тухсунцӕ, уомӕй (Еф. 5:25; 6:4). Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ лӕг гъӕуама ӕ бийнойнагмӕ уа хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ (1 Пет. 3:7). Лӕдӕргӕ лӕг ӕй фӕззонуй, ӕ бийнойнаг си берӕ цӕмӕйдӕрти ке хецӕн кӕнуй, фал имӕ уой туххӕй уотӕ нӕ фӕккӕсуй, ӕма уомӕй хуӕздӕр ӕй (Райд. 2:18). Е ӕй лӕдӕруй, ӕ гъудийӕн ин аргъ кӕнуй ӕма ’й нимайуй. Канадӕй еу хуӕрӕ ӕ сӕрихецауи туххӕй загъта: «Алкӕддӕр мӕ хуарз фӕллӕдӕруй. Уотӕ си некӕд фегъосдзӕнӕ: „Алцӕбӕл дӕ сӕр ма ресун кӕнӕ“. Удта игъосун дӕр зонуй. Ескӕми мӕ бараст кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕддӕр мин ӕй фӕлмӕнӕй фӕззӕгъуй».

4. Ӕ бийнойнаги ӕнкъарӕнтӕбӕл ка сагъӕс кӕнуй, уӕхӕн лӕг ӕндӕр силгоймӕгти хӕццӕ ӕхе куд дардзӕй?

4 Ӕ бийнойнаги ӕнкъарӕнтӕбӕл ка сагъӕс кӕнуй, уӕхӕн нӕлгоймаг ӕндӕр силгоймӕгтӕмӕ е ’ргом не ’здахдзӕй, нӕдӕр социалон сетьти, нӕдӕр интернети (Иов 31:1). Фал алкӕддӕр ӕ бийнойнагбӕл уодзӕй еузӕрдон, уарзгӕ ’й ке кӕнуй, айдагъ уой туххӕй нӕ, фал Хуцауи зӕрдихудти бацӕунӕй ке тӕрсуй, уой туххӕй дӕр. (Бакӕсӕ Псалом 19:14; 97:10.)

5. Силгоймаг ӕ сӕрихецауи ке лӕдӕруй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

5 Нӕлгоймаг ӕ Хецау Йесо Киристей ку фӕнза, уӕд силгоймагӕн дӕр ӕнцондӕр уодзӕй ӕ сӕрихецауи нимайун (Еф. 5:22–25, 33). Удта ’й ӕмбурди гъуддӕгтӕн кенӕ цӕхуӕндӕр фарстатӕ ниллух кӕнунмӕ фулдӕр рӕстӕг рахецӕн кӕнун ку гъӕуа, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдзӕй. Великобританийӕй еу ӕнсувӕр загъта: «Еуӕй-еухатт естӕбӕл ку фӕттухсун, уӕд ӕй мӕ бийнойнаг ралӕдӕруй. Ӕма гъе уӕд фӕййархайуй, Ӕмбесӕндти 20:5 финст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕма фӕразонӕй фенгъӕлмӕ кӕсуй, мӕ гъудитӕ „исесунмӕ“ хуӕздӕр рӕстӕг кӕд уодзӕй, уомӕ, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, дзорӕн сӕ ку уа, уӕд».

6. Алке бон дӕр ни куд ӕй сувӕллӕнтти хӕларзӕрдӕдзийнадӕбӕл ахур кӕнун ӕма син е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

6 Лӕг ӕма уосӕ хӕларзӕрдӕ ку уонцӕ ӕма кӕрӕдзей ку нимайонцӕ, уӕд сӕ сувӕллӕнттӕн дӕр фӕнзуйнаг уодзӕнцӕ. Ниййергутӕ гъӕуама сӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнонцӕ хӕларзӕрдӕдзийнадӕбӕл ӕма иннети сагъӕс кӕнунбӕл. Зӕгъӕн, сӕ бон син ӕй балӕдӕрун кӕнун, ӕмбурдтӕ кӕми фӕццӕунцӕ, уоми ратӕх-батӕх кӕнун ке не ’нгъезуй кенӕ иуазӕгуати фингӕбӕл бадгӕй иннети сагъӕс кӕнун дӕр ке гъӕуй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕмбурди алке бон дӕр ӕй ниййергутӕн ӕнхус кӕнун. Зӕгъӕн, сувӕллон дин дуарбӕл ку фӕххуӕца, уӕд ӕй растауӕ. Е сувӕллонӕн ӕхцӕуӕн уодзӕй, ӕма ’й лӕдӕрдзӕй, «райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг [ке] ӕй», уой (Гъуд. 20:35).

ХӔЛАРЗӔРДӔ ӔМА ЛӔДӔРГӔ УО ӔМБУРДИ

7. Киристе къуру лӕги сагъӕс куд бакодта ӕма мах еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Еухатт Киристе Дӕссахарей бӕстӕбӕл ку цудӕй, уӕд «имӕ ӕрбакодтонцӕ, къуру ка адтӕй, удта дзоргӕ дӕр дзӕбӕх ка нӕ кодта, уӕхӕн адӕймаги» (Мар. 7:31–35). Йесо ӕй иннети рази не ’сдзӕбӕх кодта, фал ӕй «адӕнӕй еуварс» рахудта. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма ’й балӕдӕрдтӕй, иннетӕй ӕфсӕрми ке кодта, уой. Мах бон адӕни дзӕбӕх кӕнун нӕй, фал уӕддӕр гъӕуама хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти лӕдӕрӕн ӕма сӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕн. Апостол Павел финста: «Нӕ кӕрӕдзебӕл сагъӕс кӕнӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей разӕнгард кӕнӕн уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ» (Дзиуит. 10:24). Ӕма нин Киристе еци гъуддаги хуарз цӕветтон ниууагъта.

8, 9. Нӕ бон куд ӕй, каргун ӕма ӕнӕхъаурӕ ка ӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.

8 Лӕдӕргӕ уотӕ каргунтӕмӕ ӕма, ӕнӕхъаурӕ ка ӕй, уонӕмӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, киристон ӕмбурди алкедӕр фӕндуй лӕггади ӕнтӕстгун ун, фал син уомӕй сӕйрагдӕр ба ӕй кӕрӕдземӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесун (Иоан. 13:34, 35). Еци уарзондзийнадӕ нӕ разӕнгард кӕнуй каргун кенӕ инвалид хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнунмӕ, зӕгъӕн, ӕмбурдмӕ сӕ ӕрбаласун кенӕ сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ фӕццӕун. Мах син фенхус кӕнӕн, ӕнцон нин ку нӕ фӕууй, уӕддӕр. Ӕма кӕд сӕ бон берӕ игъосун кӕнун нӕ фӕууй, уӕддӕр сӕ хӕццӕ фӕццӕуӕн (Матф. 13:23). Еу инвалид ӕнсувӕр Майкл хъӕбӕр боз ӕй, ӕ бийнонтӕ ӕма ин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕй. Майкл зӕгъуй: «Се ’нхуси фӕрци мӕ бон ӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ цӕун. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба мӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уоми игъосун кӕнун».

9 Берӕ Вефилти цӕруй каргун ӕма ӕнӕхъаурӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Вефили цӕстӕдаргутӕ сӕбӕл зӕрдиагӕй тухсунцӕ ӕма син ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй етӕ дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайонцӕ, зӕгъӕн, финстӕгутӕ финсун кенӕ телефонӕй игъосун кӕнун. 86-анздзуд Билл, идард рауӕнти ка цӕруй, уӕхӕн адӕнмӕ финстӕгутӕ финсуй ӕма зӕгъуй: «Финстӕгутӕ финсун нӕ бон ке ӕй, уой мах устур кадӕбӕл нимайӕн». Еу 90 анзи кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн хуӕрӕ Ненси ба зӕгъуй: «Финстӕгутӕ финсун мӕмӕ дзӕгъӕл куст нӕ кӕсуй. Уӕхӕн лӕггадӕн ӕз устур аргъ кӕнун. Адӕн гъӕуама рӕстдзийнадӕ базононцӕ». Этел райгурдӕй 1921 анзи. Е зӕгъуй: «Ӕнӕ ристӕй цард цӕхуӕн ӕй, е ма ми иронх дӕр бацӕй. Еуӕй-еухатт мӕ хъӕппӕлтӕ искӕнун дӕр нӕ фӕффӕразун». Уӕхӕн ристи хӕццӕ дӕр Ненсийӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй телефонӕй игъосун кӕнун. Ес ин, алли къуӕре кӕмӕ фӕдздзоруй, уӕхӕнттӕ дӕр. 85-анздзуд Барбӕрӕ дӕр зӕгъуй: «Ме ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ мин хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнун зин ӕй. Фал телефонӕй ке игъосун кӕнун, уой фӕрци мӕ бон ӕй адӕнӕн Хуцауи туххӕй дзорун. Арфӕ кӕнун Йеговӕн!» Еу анз дӕр ӕнхӕст нӕ рацудӕй, уотемӕй еу Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕдеугурӕй балӕггадӕ кодтонцӕ 1 228 сахатти, ниффинстонцӕ 6 265 финстӕги, телефонӕй бадзурдтонцӕ 2 000 хатти ӕма райурстонцӕ 6 315 публикаций! Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йегови зӕрдӕ хъӕбӕр барохс кодтонцӕ! (Ӕмб. 27:11).

10. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕмбурдтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фулдӕр пайда хӕссонцӕ?

10 Лӕдӕргӕ уотӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ. Мах фӕндуй, цӕмӕй ӕмбурдтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фулдӕр пайда хӕссонцӕ, ӕма син нӕ бон ӕй еци гъуддаги банхус кӕнун. Кутемӕй? Зӕгъӕн, цӕмӕй иннети ма бахъор кӕнӕн, уой туххӕй ӕрӕгӕмӕ нӕ кӕндзиан. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еуӕй-еухатт уотӕ дӕр рауайуй, фал кӕд аллихатт дӕр ӕрӕгӕмӕ фӕккӕнӕн, уӕдта гъӕуй расагъӕс кӕнун, иннети сагъӕс кӕнӕн ӕви нӕ, уобӕл. Иронх ди ма уӕд, ӕмбурди нӕ Йеговӕ ӕма ӕ Фурт ке баиуазӕг кӕнунцӕ (Матф. 18:20). Етӕ ба, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй син кадӕ кӕнӕн.

11. Ихӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн фӕууй, еци ӕнсувӕрти 1 Коринфӕгтӕмӕ 14:40 финст унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун цӕмӕн гъӕуй?

11 Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕбӕл ке тухсӕн, е ма бӕрӕг уодзӕй, аци унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд: «Ӕрмӕст уӕмӕ алцидӕр уӕд уагӕ ӕма ӕгъдаубӕл» (1 Кор. 14:40). Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ фӕййархайунцӕ, ӕмбурди ихӕслӕвӕрд кӕмӕн фӕууй, еци ӕнсувӕртӕ, цӕмӕй рӕстӕгӕй ма рахезонцӕ. Уотемӕй сӕ фӕсте ка рацӕудзӕй, айдагъ еци ӕнсувӕртӕбӕл нӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ, фал ӕмбурди алкӕбӕлдӕр. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ идард рауӕнтӕй ӕрбацӕунцӕ, иннетӕн ба автобусмӕ ӕрӕгӕмӕ кӕнӕн нӕййес, кедӕр ба сӕхемӕ, Ӕвдесӕн ка нӕй, уӕхӕн цардӕмбал хезуй.

12. Хестӕр нӕлгоймӕгти хъиамӕтӕн аргъ кӕнун цӕмӕн гъӕуй? (Кӕсӕ рамкӕ « Нимайетӕ, разамунд уин ка дӕттуй уони».)

12 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурди гъуддӕгти зӕрдиагӕй архайунцӕ, удта хуарз хабар зингзӕрдӕй игъосун кӕнунцӕ, ӕма син уой туххӕй гъӕуама аргъ кӕнӕн ӕма сӕ уарзӕн. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:12, 13.) Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ду дӕр хестӕр нӕлгоймӕгти хъиамӕтӕн аргъ кӕнис. Цума уой дӕ бон куд ӕй бавдесун? Цӕттӕ уо сӕ хӕццӕ ӕмгуст кӕнунмӕ ӕма син алли гъуддаги дӕр ӕнхус кӕнӕ. Етӕ «алкӕддӕр сумахбӕл тухсунцӕ, уомӕн ӕма сӕ сумах туххӕй дзуапп раттун гъӕудзӕй» (Дзиуит. 13:7, 17).

ХӔЛАРЗӔРДӔ ӔМА ЛӔДӔРГӔ УО ИГЪОСУН КӔНГӔЙ

13. Киристе адӕни хӕццӕ куд адтӕй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13 Пахампар Исай Киристей туххӕй финста: «Лицъӕ хъӕзӕ не ’рсӕтдзӕй, минкъий ма ка содзуй, уӕхӕн цирагъ нӕ ниххуссун кӕндзӕй» (Ис. 42:3). Йесо адӕни уарзта ӕма «лицъӕ хъӕзӕ» кенӕ «минкъий ма ка содзуй, уӕхӕн цирагъи» хузӕн ка адтӕй, уӕхӕн зӕрдӕсаст адӕнмӕ хӕларзӕрдӕ ӕма фӕразон адтӕй. Сауӕнгӕ ма имӕ сувӕллӕнттӕ дӕр сӕхе ивазтонцӕ (Мар. 10:14). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах бон нӕй Киристей хузӕн адӕни ахур кӕнун ӕма син сӕ зӕрдитӕ уинун. Фал нӕ бон ӕй, нӕ территорий ци адӕнӕн игъосун кӕнӕн, уонӕмӕ лӕдӕргӕ ӕма хӕларзӕрдӕ ун. Ӕркӕсӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун, сӕ хӕццӕ куд ӕма цӕйбӕрцӕ дзорӕн, удта сӕмӕ кӕд ӕрбацӕуӕн, уомӕй.

14. Адӕни хӕццӕ куд дзорӕн, уобӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

14 Адӕни хӕццӕ куд фӕдздзорӕн? Абони ӕнӕхатир ӕма ӕхцауарзагӕ комерсантти, удта хецӕуттӕ ӕма дини разамонгути фудӕй адӕн ӕнцӕ «ӕнӕфиййау фусти хузӕн, ӕфхуӕрд ӕма дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Уой туххӕй адӕнӕн сӕ фулдӕр некӕбӕлбал ӕууӕндунцӕ ӕма син нифс дӕр нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ нӕ дзурди гъӕдӕй, удта ци дзорӕн, уомӕй дӕр гъӕуама бӕрӕг уа, хӕларзӕрдӕ ке ан ӕма сӕбӕл зӕрдиагӕй ке тухсӕн. Беретӕ нӕмӕ, Библи хуарз ке зонӕн, айдагъ уой туххӕй нӕ фегъосунцӕ, фал ӕй фӕллӕдӕрунцӕ, зӕрдиагӕй сӕбӕл ке тухсӕн ӕма сӕ ке нимайӕн, уой.

15. Лӕдӕргӕ ке ан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

15 Лӕдӕргӕ ке ан, уой аллихузи гъуддӕгти ӕй нӕ бон бавдесун. Зӕгъӕн, адӕнмӕ фарстатӕ куд фӕддӕттӕн, уомӕй. Гъӕуама бӕрӕг уа, адӕймаги ке нимайӕн, е. Еу пионер ци территорий лӕггадӕ кодта, уоми фулдӕр адӕн ӕфсӕрмигӕнагӕ ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ, дзуапп кӕбӕл нӕ зудтайуонцӕ, уӕхӕн фарстатӕ некӕд лӕвардта. Зӕгъӕн: «Хуцауи ном куд ӕй? Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?» Уӕхӕн фарстатӕ дӕттуни бӕсти син зӕгъидӕ: «Библийӕй базудтон, Хуцауӕн ном ке ес, уой. Дӕуӕн дӕр ӕй бавдесон?» Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, аци мадзалӕй алкӕми не ’спайда кӕндзӕнӕ, уомӕн ӕма адӕн ӕма се ’гъдӕуттӕ бӕстӕй-бӕстӕмӕ хецӕн кӕнунцӕ. Фал хӕларзӕрдӕ ун ӕма адӕни нимайун ба нӕ бон кӕмифӕндидӕр ӕй. Уой туххӕй ба гъӕуама адӕни хуӕздӕр базонӕн.

16, 17. Лӕдӕргӕ ке ан, е куд зиндзӕй, а) адӕнмӕ ци афони ӕрбацӕуӕн, уомӕй? б) адӕни хӕццӕ цӕйбӕрцӕ рӕстӕг фӕдздзорӕн, уомӕй?

16 Адӕнмӕ ци афони цӕуӕн? Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнгӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн, кӕмӕ ӕрбацӕуӕн, етӕ нӕмӕ ке нӕ фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уой. Уомӕ гӕсгӕ хуӕздӕр уодзӕй, байгъосунмӕ цӕттӕ ку уонцӕ, еци афони ӕрбацӕун (Матф. 7:12). Зӕгъӕн, уолӕфгӕ бӕнтти адӕн сӕумӕй фулдӕр фӕххуссунцӕ. Мадта бал еци афони нӕ бон ӕй гъӕунгти кенӕ, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уоми игъосун кӕнун кенӕ ба, еци афони радзорун ке бон фӕууй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй ӕрбацӕун.

17 Адӕймаги хӕццӕ цӕйбӕрцӕ дзорӕн? Фӕстаг рӕстӕг адӕни хъӕбӕр нӕ фӕййевдӕлуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ сӕ хӕццӕ цубуртӕй дзорун гъӕуй, уӕлдайдӕр ба фиццӕгти. Уой бӕсти дӕ дзурд минкъий раздӕр фӕууо (1 Кор. 9:20–23). Адӕн ӕй ку уинонцӕ, лӕдӕргӕ ке дӕ уой, уӕд дӕмӕ иннӕ хатт хуӕздӕр байгъосдзӕнцӕ. Мадта адӕни хӕццӕ дзоргӕй гъӕуама Хуцауи сугъдӕг хъаури менеугутӕ ӕвдесӕн. Уотемӕй ӕцӕгӕйдӕр «Хуцауи ӕмгосгутӕ» уодзиан ӕма, ка ’й зонуй, Йеговӕ мах фӕрци еске рӕстдзийнадӕмӕ ӕрбакӕндзӕй (1 Кор. 3:6, 7, 9).

18. Лӕдӕргӕ ӕма хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд нин Йеговӕ куд райарфӕ кӕндзӕй?

18 Мадта нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй лӕдӕргӕ уӕн бийнонти медӕг, ӕмбурди ӕма игъосун кӕнгӕй. Гъе уӕд нин Йеговӕ арфӕ кӕндзӕй нур дӕр ӕма федӕни дӕр. Библий финст ес: «Амондгун ӕй, мӕгури ка ӕргъуди кӕнуй, еци адӕймаг. Бӕллӕхи бон ӕй Йеговӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй. [...] Зӕнхӕбӕл ӕй хондзӕнцӕ амондгун адӕймаг» (Пс. 41:1, 2).