Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йеговӕ ӕма Йесой хузӕн еудзийнади уӕн

Йеговӕ ӕма Йесой хузӕн еудзийнади уӕн

«Корун [ди]... цӕмӕй се ’гас дӕр ӕмвӕндӕй архайонцӕ. Ду, мӕ Фидӕ, мӕ хӕццӕ еудзийнади куд дӕ... уотӕ етӕ дӕр уӕнтӕ нӕ хӕццӕ еудзийнади» (ИОАН. 17:20, 21).

ЗАРТӔ: 24, 99

1, 2. а) Йесо ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр ӕ апостолти хӕццӕ Хуцаумӕ цӕй туххӕй кувта? б) Киристе син сӕ еудзийнадӕбӕл цӕмӕн тухстӕй?

КИРИСТЕ ӕ апостолти хӕццӕ фӕстаг ӕхсӕвӕр ку кодта, уӕд син сӕ еудзийнадӕбӕл хъӕбӕр тухстӕй. Еци изӕр сӕ хӕццӕ Хуцаумӕ ку искувта, уӕд дӕр си уой курдта, цӕмӕй сӕ астӕу еудзийнадӕ адтайдӕ, ӕ Фиди хӕццӕ ци еудзийнади адтӕй, уӕхӕн еудзийнадӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 17:20, 21.) Ахуркӕнуйнӕгти астӕу еудзийнадӕ ку адтайдӕ, уӕд е, Киристей зӕнхӕмӕ Йеговӕ ке рарвиста, уой бӕрӕггӕнӕн адтайдӕ. Адӕн сӕ гъӕуама сӕ уарзондзийнадӕй зудтайуонцӕ, удта еци уарзондзийнадӕ гъӕуама Киристей ахуркӕнуйнӕгти еу кодтайдӕ (Иоан. 13:34, 35).

2 Еци изӕр Киристе еудзийнадӕбӕл дзурдта, уомӕн ӕма ’й уидта еуӕй-еухатт кӕрӕдзей хӕццӕ ке нӕ федудтонцӕ, уой. Зӕгъӕн, раздӕрти куд кӕниуонцӕ, уотӕ еци изӕр дӕр рабуцӕу ӕнцӕ, «уӕлдӕр си ка гъӕуама уа, уобӕл» (Лук. 22:24–27; Мар. 9:33, 34). Ӕндӕр хатт ба Иаков ӕма Иоанн Йесойӕй курдтонцӕ, цӕмӕй сӕ Хуцауи Паддзахади ӕ фӕйнӕфарси ӕрбадун кодтайдӕ (Мар. 10:35–40).

3. Киристей ахуркӕнуйнӕгти еудзийнадӕн ма цӕмӕй тӕссаг адтӕй? Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Фал Киристей ахуркӕнуйнӕгти еудзийнадӕн, уӕлдӕр бунӕттӕмӕ ке гъавтонцӕ, айдагъ уомӕй тӕссаг н’ адтӕй. Еци дзаманти адӕн кӕрӕдземӕ знаги цӕстӕй кастӕнцӕ, ӕма уой туххӕй хъӕбӕр ниддехтӕ ’нцӕ. Ӕма Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ гъӕуама еци лӕгъуз зундахастӕй сӕхе гъӕуай кодтайуонцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан уӕхӕн фарстатӕмӕ: Йесомӕ еске ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй ку ракӕсидӕ, уӕд ӕхе куд бадаридӕ? Ӕ ахуркӕнуйнӕгти ба куд ахур кодта, сӕхе ӕнӕнвӕрсон миутӕй хезун ӕма сӕ еудзийнадӕ гъӕуай кӕнун? Ӕма Киристе цӕбӕл ахур кодта, е махӕн куд ӕнхус кӕнуй, Хуцауи адӕни астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун?

ЙЕСОМӔ ӔМА Ӕ АХУРКӔНУЙНӔГТӔМӔ ӔНӔНВӔРСОН ЦӔСТӔЙ КАСТӔНЦӔ

4. Киристемӕ дӕр ӕнӕнвӕрсон каст ке кодтонцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

4 Киристемӕ дӕр ӕнӕнвӕрсон каст беретӕ кодтонцӕ. Зӕгъӕн, Филипп Нафанаилӕн ку фегъосун кодта, Киристей ке иссирдта, уой, уӕд ин е ба загъта: «Назаретӕй хуарзӕй ести рацӕуа?» (Иоан. 1:46). Ӕвӕдзи, Нафанаил Михеййи 5:2 финст пахампарадӕ зудта ӕма имӕ уой туххӕй Назарет ӕгӕр хумӕтӕг горӕт кастӕй, цӕмӕй уордиги Мессийӕ рацудайдӕ. Адӕни астӕу кадӕ кӕмӕн адтӕй, еци дзиуиттӕгтӕ Йесомӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кастӕнцӕ, галилейаг ке адтӕй, уой туххӕй (Иоан. 7:52). Галилейӕгти ба уӕди рӕстӕги адӕнбӕл дӕр нӕ нимадтонцӕ. Кадӕртӕ ба Йесой самарийаг дӕр исхониуонцӕ (Иоан. 8:48). Самарийӕгтӕ ӕндӕр адӕнихатт адтӕнцӕ ӕма сӕ дин дӕр дзиуиттӕгти динӕй хецӕн кодта. Иудейи ӕма Галилейи цӕргутӕ сӕ сӕ сӕрмӕ дӕр нӕ хастонцӕ ӕма си сӕхе еуварс дардтонцӕ (Иоан. 4:9).

5. Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ?

5 Дзиуиттаг дини разамонгутӕ ’й нӕ римахстонцӕ, Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ дӕр цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ, уой. Зӕгъӕн, фарисейтӕ сӕ худтонцӕ «ӕлгъист адӕн» (Иоан. 7:47–49). Уони гъудимӕ гӕсгӕ, раввинти скъолай ка нӕ ахур кодта ӕма син се ’гъдӕуттӕбӕл ка нӕ хуӕстӕй, етӕ адӕнбӕл нимад дӕр н’ адтӕнцӕ (Гъуд. 4:13). Уӕди рӕстӕги адӕн хъӕбӕр сӕрустур адтӕнцӕ сӕ адӕнихаттӕй, сӕ динӕй, удта син адӕни астӕу ци бунат адтӕй, уомӕй. Ӕма Киристемӕ, удта ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ дӕр ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй уой туххӕй кастӕнцӕ. Ӕма цӕмӕй Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕн сӕ еудзийнадӕ ма фехалдайдӕ, уой туххӕй сӕ сӕ зундахаст раййевун гъудӕй.

6. Радзорӕ, адӕн кӕрӕдземӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй ке кӕсунцӕ, е дӕубӕл куд ӕндавуй.

6 Мах рӕстӕги адӕн, сӕхе хузӕн ка нӕй, уонӕмӕ знаги цӕстӕй кӕсунцӕ. Еуӕй-еухатт махмӕ дӕр кадӕртӕ сӕрӕй бунмӕ фӕккӕсунцӕ, хатгай ба нӕхуӕдтӕ ескӕмӕ уотӕ фӕккӕсӕн. Австралийӕй еу пионер хуӕрӕ зӕгъуй: «Уорсцъарӕ адӕнӕй ме ’сӕфт уинун райдӕдтон, уомӕн ӕма арӕх сагъӕс кӕнинӕ, раздӕр дӕр ӕма нур дӕр аборигенти куд ӕфхуардтонцӕ, уобӕл. Мӕхуӕдӕг дӕр си хатгай ӕфхуӕрд баййафинӕ». Канадӕй еу ӕнсуӕвӕр ба раздӕр ӕнӕнвӕрсон каст кодта, ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзурдта, еци адӕнмӕ. Еци ӕнсувӕр зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма французагау ка дзоруй, еци адӕн иннетӕй хуӕздӕр ӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ англисагау ка дзурдта, уони нӕ уарзтон».

7. Киристе ӕнӕнвӕрсон миутӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?

7 Киристей рӕстӕги куд адтӕй, уотӕ абони дӕр адӕн кӕрӕдземӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кӕсунцӕ, ӕма дӕбӕл еци зундахаст ма рабӕрӕг уа, е ӕнцон нӕй. Цума Киристе ба ӕ рӕстӕги еци гъуддаги ӕхе куд ӕвдиста? Фиццагидӕр ӕхуӕдӕг ӕнӕнвӕрсон каст некӕмӕ кодта. Йесо хуарз хабар алкӕмӕндӕр игъосун кодта – мӕгуртӕн ӕма гъӕздугутӕн, фарисейтӕн ӕма самарийӕгтӕн, сауӕнгӕ ма хъалонесгутӕн ӕма тӕрегъӕдгунтӕн дӕр. Уомӕй уӕлдай ма Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгти дӕр уобӕл ахур кодта, цӕмӕй иннетӕмӕ гурусхӕ ӕма ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй ма кастайуонцӕ.

УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ӔМА СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔ ӔНӔНВӔРСОН МИУТӔБӔЛ УӔЛАХЕЗ КӔНУЙ

8. Нӕ еудзийнадӕ цӕхуӕн уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

8 Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн балӕдӕрун кодта, сӕ еудзийнадӕ цӕхуӕн уагӕвӕрдбӕл арӕзт гъӕуама уа, уой. Е син загъта: «Сумах ба уе ’гас дӕр ӕнсувӕртӕ айтӕ». (Бакӕсӕ Матфеййи 23:8, 9.) Еу ӕрдиги ӕцӕгӕйдӕр ӕнсувӕртӕ ан, уомӕн ӕма не ’гасдӕр Адамӕй рацудан (Гъуд. 17:26). Фал нӕ айдагъ е нӕ еу кӕнуй. Йесо куд балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл нимад ӕнцӕ, Йегови сӕ уӕларвон Фидӕбӕл ке нимайунцӕ, уой туххӕй дӕр (Матф. 12:50). Удта се ’гасдӕр ӕрбайеу ӕнцӕ Хуцауи бийнонтӕмӕ, уарзондзийнадӕ ӕма ӕууӕндундзийнадӕ ке еу кӕнуй, еци бийнонтӕмӕ. Апостолтӕ дӕр сӕ финстӕгути киристӕнтти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уой туххӕй худтонцӕ (Ром. 1:13; 1 Пет. 2:17; 1 Иоан. 3:13) *.

9, 10. а) Дзиуиттӕгтӕн сӕ адӕнихаттӕй сӕрустур ун цӕмӕннӕ гъудӕй? б) Киристе куд бавдиста, ӕндӕр адӕнихаттӕй ка ӕй, уонӕмӕ сӕрӕй бунмӕ кӕсун раст ке нӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

9 Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ку балӕдӕрун кодта, кӕрӕдзей хӕццӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цард ке гъӕуама кӕнонцӕ, уӕд ма син загъта сӕрниллӕгдзийнади туххӕй дӕр. (Бакӕсӕ Матфеййи 23:11, 12.) Куд ӕй фӕууидтан, уомӕ гӕсгӕ апостолтӕн сӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕ кӕрӕдзей хӕццӕ федаунмӕ хъори хуасӕ адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма дзиуиттӕгтӕ Авраами байзӕддӕгтӕ ке адтӕнцӕ, уомӕй хъӕбӕр сӕрустур адтӕнцӕ. Фал син Аргъауӕг Иоанн ба загъта: «Хуцауӕн мӕнӕ аци дортӕй дӕр ӕ бон ӕй Авраамӕн сувӕллӕнттӕ искӕнун» (Лук. 3:8).

10 Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ адӕймаг ӕ адӕнихаттӕй сӕрустур ку уа, уӕд е раст нӕ уодзӕй. Еухатт ӕй киунугидӕснитӕй еу бафарста, ке гъӕуама уарзон, етӕ ка ’нцӕ, зӕгъгӕ. Йесо дӕр ин радзурдта самарийаг лӕги хабар. Еу дзиуиттаг лӕги фудгӕнгутӕ фӕннадтонцӕ ӕма ’й нади билӕбӕл ниггӕлстонцӕ. Ӕ рӕзти цалдӕр дзиуиттаги райевгъудӕй, ӕнхус ба ин сӕ еу дӕр нӕ бакодта. Фал ин самарийаг лӕг ба фӕттӕрегъӕд кодта ӕма ибӕл батухстӕй. Йесо еци хабарӕй балӕдӕрун кодта, самарийаг лӕги хузӕн ке гъӕуама адтайуонцӕ (Лук. 10:25–37). Киристе ӕй бавдиста, дзиуиттӕгти ӕцӕг уарзондзийнадӕбӕл исахур кӕнун самариаг лӕги бон дӕр ке ӕй, уой.

11. Киристей фӕдбӕлдзӕугути, ӕндӕр адӕнихӕттитӕмӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кӕсун цӕмӕннӕ гъудӕй ӕма син Йесо уой куд балӕдӕрун кодта?

11 Уӕлӕрвтӕмӕ иссӕуни размӕ Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бафӕдзахста, цӕмӕй «ӕгас Иудейи ӕма Самарий, удта сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» хуарз хабар игъосун кодтайуонцӕ (Гъуд. 1:8). Ӕма син цӕмӕй е бантӕстайдӕ, уой туххӕй гъӕуама сӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕ ӕма ӕнӕнвӕрсон миутӕ ниууагътайуонцӕ. Йесо син се ’ргом арӕх раздахидӕ, ӕрцӕуӕггӕгти хуарз менеугутӕмӕ ӕма сӕ уотемӕй цӕттӕ кодта, ци гъуддаг син гъӕуама баихӕс кодтайдӕ, уомӕ. Зӕгъӕн, еухатт ӕндӕрбӕстаг ӕфсади хецауи растудта ӕ федар ӕууӕндундзийнади туххӕй (Матф. 8:5–10). Иннӕ хатт ба ӕхе горӕт Назарети балӕдӕрун кодта, Йеговӕ дзиуиттаг ка н’ адтӕй, уонӕмӕ дӕр хуарз зӕрдӕ ке дардта, уой, зӕгъӕн, финикийаг Сарептӕй ка адтӕй, еци идӕдзӕ силгоймагмӕ кенӕ сирийаг Нееманмӕ (Лук. 4:25–27). Уомӕй уӕлдай ма Йесо Паддзахади хабар игъосун кодта самарийаг силгоймагӕн, сауӕнгӕ ма Самаримӕ дӕр фӕццудӕй, адӕни хуарз хабармӕ байгъосун ке фӕндадтӕй, уой туххӕй ӕма си дууӕ бони фӕцӕй (Иоан. 4:21–24, 40).

ФИЦЦАГ ӔНОСИ КИРИСТӔНТТӔ ӔНӔНВӔРСОН МИУТИ ХӔЦЦӔ ТОХ КОДТОНЦӔ

12, 13. а) Йесо самарийаг силгоймаги хӕццӕ ке дзурдта, уомӕ апостолтӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕнцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Йесо ци зӕгъуйнаг адтӕй, уой Иаков ӕма Иоанн ке нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

12 Апостолтӕн ӕнцон н’ адтӕй, ӕнӕнвӕрсон миутӕ ниууадзун. Зӕгъӕн, дессаг сӕмӕ фӕккастӕй, Йесо самарийаг силгоймаги хӕццӕ ке дзурдта, е (Иоан. 4:9, 27). Дзиуиттаг дини разамонгутӕ гъӕунги силгоймаги хӕццӕ неци хузи исдзурдтайуонцӕ, уӕлдайдӕр ба ӕ хуарз хабӕрттӕ кӕмӕн нӕ игъустӕнцӕ, уӕхӕн самарийаг силгоймаги хӕццӕ. Апостолтӕ Йесомӕ исдзурдтонцӕ, цӕуӕн «ести ракомидзаг кӕнӕ», зӕгъгӕ, фал ин еци силгоймаги хӕццӕ радзорун хуӕрдӕй ӕхсидзгӕдӕр адтӕй. Хуцауи фӕндон адтӕй, цӕмӕй Йесо алкӕмӕндӕр, сауӕнгӕ самарийаг силгоймагӕн дӕр хуарз хабар игъосун кодтайдӕ, ӕма Йесойӕн ба ӕ хуӕруйнаг адтӕй ӕ Фиди фӕндон ӕнхӕст кӕнун (Иоан. 4:31–34).

13 Аци хабарӕй куд зиннуй, уомӕ гӕсгӕ ’й Иаков ӕма Иоанн нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Йесо син ци зӕгъуйнаг адтӕй, уой. Самарий ку адтӕнцӕ, уӕд ӕхсӕвеуат искӕнунмӕ бунат агурдтонцӕ, фал сӕ неке баиуазӕг кодта. Уобӕл Иаков ӕма Иоанн уотӕ рамӕстгун ӕнцӕ ӕма сӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй еци гъӕубӕл уӕларвӕй арт ӕрцудайдӕ ӕма си мацибал байзадайдӕ. Фал син Йесо бауайдзӕф кодта (Лук. 9:51–56). Ка ’й зонуй сӕбӕл уӕхӕн хабар Галилейи ку ’рцудайдӕ, уӕд сӕхе уотӕ нӕ бадардтайуонцӕ. Мадта ке рамӕстгун ӕнцӕ, е, ӕвӕдзи, уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма се ’нӕнвӕрсон миутӕ нӕма ниууагътонцӕ. Фӕстӕдӕр Иоанн Самарий ӕнтӕстгунӕй игъосун кодта ӕма, ӕвӕдзи, ӕхецӕй ӕфсӕрми кодта, кӕддӕр имӕ уӕхӕн гъудитӕ ке фӕззиндтӕй, уой туххӕй (Гъуд. 8:14, 25).

14. Апостолтӕ цӕхуӕн гъуддаг исраст кодтонцӕ?

14 Нӕ эри 33 анзи Фӕндзайӕймаг бони киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕ ӕнӕнвӕрсон миутӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ. Ӕнсувӕртӕ, тухст ка адтӕй еци идӕдзӕ хуӕртӕн хуӕруйнаг ку иурстонцӕ, уӕд грекъагау ка дзурдта, еци идӕдзти нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ (Гъуд. 6:1). Ӕвӕдзи, гъуддаг, ӕндӕр ӕвзагбӕл ке дзурдтонцӕ, уой медӕги адтӕй. Фал апостолтӕ еци гъуддаг тагъд исраст кодтонцӕ. Хуӕруйнаг иуарун баихӕс кодтонцӕ, грекъаг нӕмттӕ кӕбӕл адтӕй, авд уӕхӕн фӕлтӕрдгун ӕнсувӕремӕн. Еци ӕнсувӕрти, ӕвӕдзи, уой туххӕй равзурстонцӕ, цӕмӕй, ка фӕззӕрдихуд ӕй, еци идӕдзӕ силгоймӕгтӕн ӕнхусбӕл исарази ун ӕнцондӕр адтайдӕ.

15. Петур ӕй куд балӕдӕрдтӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ескӕмӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кӕсӕн ке нӕййес? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

15 Нӕ эри 36 анзи Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ аллихузи адӕнихӕттитӕн игъосун кӕнун райдӕдтонцӕ. Раздӕр апостол Петур рӕстӕг ӕрвиста ӕрмӕстдӕр дзиуиттӕгти хӕццӕ. Фал ӕй Хуцау ку бавдиста, киристӕнттӕ алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй ке гъӕуама кӕсонцӕ, уой, уӕд Петур ромаг ӕфсади хецау Корнилийӕн хуарз хабар фегъосун кодта. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 10:28, 34, 35.) Уой фӕсте Петур, ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка адтӕй, еци киристӕнтти хӕццӕ дӕр рӕстӕг ӕрвиста ӕма сӕ хӕццӕ еу фингӕбӕл бадтӕй. Фал еу анзи фӕсте ба Антиохий ку адтӕй, уӕд дзиуиттаг ка н’ адтӕй, еци киристӕнттӕй ӕхе еуварс дарун райдӕдта (Гал. 2:11–14). Уой туххӕй ин Павел бауайдзӕф кодта ӕма имӕ Петур байгъуста. Е бӕрӕг ӕй, Минкъий Азий киристӕнттӕмӕ ци финстӕг рарвиста, уомӕй. Петур дзиуиттаг киристӕнтти дӕр ӕма ӕндӕр адӕнтӕй ка адтӕй еци киристӕнттӕмӕ дӕр ниффинста, «уе ’нсувӕрти ӕгасейдӕр уарзетӕ», зӕгъгӕ (1 Пет. 1:1; 2:17).

16. Фиццаг киристӕнтти туххӕй иннетӕ ци зудтонцӕ?

16 Йесо ӕ апостолтӕн хуарз цӕветтон ке ниууагъта, уой фӕрци исахур ӕнцӕ «аллихузи адӕни» уарзун (Иоан. 12:32; 1 Тим. 4:10). Етӕ адӕнмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ, кӕд сӕ уой туххӕй рӕстӕг багъудӕй, уӕддӕр. Киристӕнттӕ кӕрӕдзей куд уарзтонцӕ, уой иннетӕ дӕр уидтонцӕ. Дуккаг ӕноси ка цардӕй, еци финсӕг Тертуллиан, ӕ рӕстӕги адӕн киристӕнтти туххӕй ци дзурдтонцӕ, уой туххӕй финста: «Етӕ кӕрӕдзей уарзунцӕ... кӕрӕдзей туххӕй сӕ цард раттунмӕ дӕр цӕттӕ ’нцӕ». Куд ӕй уинӕн, уотемӕй фиццаг киристӕнттӕ сӕ «уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййивтонцӕ», ӕма ӕгас адӕнмӕ дӕр Йегови цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ (Кол. 3:10, 11).

17. Ӕнӕнвӕрсон миутӕ ниууадзунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.

17 Мах дӕр цӕмӕй ӕнӕнвӕрсон миутӕ ниууадзӕн, уой туххӕй нӕ рӕстӕг гъӕуй. Францийӕй еу хуӕрӕ радзурдта, еци зундахаст раййевун ин куд зин адтӕй, уой туххӕй: «Йеговӕ мӕ ахур кӕнуй ӕцӕг уарзондзийнадӕ ӕма хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ци ӕй, уобӕл, удта аллихузи адӕни уарзун ци ӕй, уобӕл дӕр. Фал ма мӕ нур дӕр фӕгъгъӕуй мӕхе хӕццӕ тох кӕнун, цӕмӕй ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй макӕмӕ кӕсон. Ӕма мин е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Нур дӕр ма Хуцаумӕ уой туххӕй фӕкковун, цӕмӕй мин мӕ зундахаст раййевунмӕ ӕнхус кӕна». Испанийӕй дӕр еу хуӕрӕ радзурдта, нур дӕр ма кӕцидӕр адӕнихӕттитӕбӕл лӕгъуз ке фӕссагъӕс кӕнуй. Еци хуӕрӕ зӕгъуй: «Фулдӕр хӕттити мин, еци сагъӕстӕ фӕссорун рауайуй. Фал ӕй лӕдӕрун, идарддӕр дӕр ма мӕ мӕхебӕл косун ке гъӕуй, уой. Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, ӕз дӕр ӕ бийнонтӕй ке дӕн, еудзийнади тӕгтӕй баст ка ӕй, еци бийнонтӕй». Алкедӕр ни гъӕуама ӕ зӕрдӕмӕ никкӕса ӕма расагъӕс кӕна: «Мӕн ба цума, аци хуӕрти хузӕн мӕхе хӕццӕ тох кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй ме ’нӕнвӕрсон миутӕ ниууадзон?»

УАРЗОНДЗИЙНАДӔ – ФУЛДӔР, ӔНӔНВӔРСОН МИУТӔ – МИНКЪИЙДӔР

18, 19. а) Алкӕмӕдӕр хӕларзӕрдӕ цӕмӕн гъӕуама уӕн? б) Нӕ бон куд ӕй уой гъуддагӕй ӕвдесун?

18 Мах дӕр кӕддӕр «аци дуйней цардан ӕнӕ Хуцауӕй», ӕма уой гъӕуама ма иронх кӕнӕн (Еф. 2:12). Фал нӕ Йеговӕ бауарзта ӕма нӕ ӕхемӕ ӕрбакодта (Оси 11:4; Иоан. 6:44). Удта нӕ Киристе дӕр баиуазӕг кодта. Зӕгъӕн ес, ӕма нин дуар райгон кодта, ӕма уой фӕрци нур Хуцауи бийнонтӕй ан. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 15:7.) Мадта нӕ кӕд Йеговӕ ӕма Йесо уотӕ баиуазӕг кодтонцӕ, уӕд мах ба ескӕмӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй куд гъӕуама кӕсӕн?

Йегови лӕггадгӕнгутӕ агорунцӕ «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд» ӕма кӕрӕдзебӕл баст ӕнцӕ уарзондзийнади тӕгтӕй (кӕсӕ 19 абзац)

19 Аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ адӕн кӕрӕдзей хӕццӕ минкъийдӕр федаунцӕ, удта никки фулдӕр адӕн кӕрӕдземӕ знаги цӕстӕй кӕсунцӕ (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:13). Фал мах ба Йегови лӕггадгӕнгутӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ агорӕн «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд», цӕмӕй ӕнӕнвӕрсон миутӕ ма кӕнӕн ӕма кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕрӕн (Иак. 3:17, 18). Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка ӕй, уони хӕццӕ лимӕн кӕнун. Се ’гъдӕуттӕн дӕр син аргъ кӕнӕн, хатгай ба ма син се ’взаг дӕр исахур кӕнӕн. Уотемӕй нӕ фарнӕ исуй «цӕугӕдони хузӕн», нӕ рӕстдзийнадӕ ба – «денгизи улӕнти хузӕн» (Ис. 48:17, 18).

20. Уарзондзийнадӕ нин нӕ зундахаст ӕййевун ку райдайуй, уӕд е цӕмӕ ӕркӕнуй?

20 Райдайӕни ке кой кодтан, еци австралийаг хуӕрӕ Библи ахур кӕнун ку райдӕдта, уӕд е ’сӕфт кӕмӕй уидта, еци адӕнихатмӕ сабургай хуарз цӕстӕй кӕсун райдӕдта. Е ин бантӕстӕй уарзондзийнади фӕрци. Канадӕй ка ӕй, еци ӕнсувӕр ба загъта: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, адӕн кӕрӕдземӕй се ’сӕфт ке фӕууинунцӕ, е фӕууй, кӕрӕдзей ке нӕ фӕззонунцӕ, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй». Удта ма загъта: «Адӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ, кӕми райгурдӕй, уомӕй кӕнгӕ нӕй». Еци ӕнсувӕр ӕ цард байеу кодта, англисагау ка дзоруй, уӕхӕн хуӕри хӕццӕ! Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, уарзондзийнадӕ ӕнӕнвӕрсон миутӕн кӕрон ке кӕнуй. Уарзондзийнадӕ нӕ кӕрӕдзебӕл бӕттуй, раскъунӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн тӕгтӕй (Кол. 3:14).

^ 8 абз. Дзурд «ӕнсувӕртӕ» хуӕртӕмӕ дӕр хауй. Павел ӕ финстӕг ромӕгтӕмӕ рарвиста «ӕнсувӕртӕмӕ», фал ӕй, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, хуӕртӕн дӕр бакастӕнцӕ, уомӕн ӕма еци финстӕги Павел кӕцидӕр хуӕрти кой дӕр искодта (Ром. 16:3, 6, 12). Нӕ публикацити дӕр рагӕй нурмӕ киристӕнтти хурӕтӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хонӕн.