Сумахӕн дӕр уӕ рохс кӕлӕд, цӕмӕй Йегови кадгин кӕнайтӕ!
«Сумахӕн дӕр уӕ рохс кӕлӕд адӕнмӕ, цӕмӕй уин... уӕ уӕларвон Фиди кадгин кӕнонцӕ» (МАТФ. 5:16).
ЗАРТӔ: 77, 59
1. Абони нӕ зӕрдӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕй рохс кӕнуй?
АБОНИ Хуцауи лӕггадгӕнгунтӕн сӕ рохс ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр ӕрттевуй! Фарӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ Библи ахур кодтонцӕ 10 милиуанӕй фулдӕр адӕймагей хӕццӕ. Уомӕй уӕлдай ма милиуангай адӕн ӕрбацудӕнцӕ Имисӕн изӕрмӕ ӕма базудтонцӕ, Йегови уарзондзийнадӕ куд ӕнӕкӕрон ӕй ӕма адӕнӕн ци устур лӕвар искодта, уой (1 Иоан. 4:9).
2, 3. а) «Рохсгӕнӕнти хузӕн» ӕрттевунмӕ нӕ ци нӕ хъор кӕнуй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ӕнцӕ ӕма аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл дзорунцӕ, фал нӕ е нӕ хъор кӕнуй еу бийнонти хузӕн нӕ уӕларвон Фидӕ Йегови кадгин кӕнунмӕ (Рарг. 7:9). Кӕмифӕнди ма цӕрӕн ӕма цийфӕнди ӕвзагбӕл ма дзорӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй аци дуйней «рохсгӕнӕнти хузӕн» ӕрттевун (Фил. 2:15).
3 Игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, нӕ астӕу еудзийнадӕ ке ес ӕма ци рӕстӕги цӕрӕн, уой ке нӕ иронх кӕнӕн, Матфеййи 5:14–16.)
уой фӕрци кадгин кӕнӕн Йегови. Аци ӕртӕ гъуддагеми нӕ бон куд ӕй идарддӕр дӕр рохсгӕнӕнти хузӕн ӕрттевун, уомӕ ӕркӕсдзиан аци статьяй. (БакӕсӕИННЕТӔН ЙЕГОВИ БАЗОНУНМӔ ӔНХУС КӔНӔН
4, 5. а) Игъосун кӕнунӕй уӕлдай ма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ рохс адӕнмӕ кӕла? б) Адӕни хӕццӕ хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
4 Цӕмӕй рохсгӕнӕнти хузӕн ӕрттевӕн, уой туххӕй хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй хуарз хабар игъосун кӕнун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун (Матф. 28:19, 20). 1925 анзи 1 июни «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» статьяй, «Рохс талингӕ дуйней», зӕгъгӕ, куд финст адтӕй, уомӕ гӕсгӕ, фӕстаг бӕнтти неке бон исуодзӕй Хецаубӕл еузӕрдонӕй байзайун, ӕ рохс ку не ’рттева, уӕд. Удта ма си финст адтӕй: «Уой туххӕй ба гъӕуй адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнун ӕма рохс надбӕл цӕугӕй куд ӕмбӕлуй, уотӕ цӕрун». Хуарз хабар ке игъосун кӕнӕн, уомӕй уӕлдай ма нӕхе куд дарӕн, е дӕр Йегови кадгин кӕнуй. Игъосун кӕнгӕй нӕмӕ адӕн хъӕбӕр лӕмбунӕг фӕккӕсунцӕ, ӕма сӕмӕ нӕ медбилти ку баходӕн кенӕ син зӕрдиагӕй ку расалам кӕнӕн, уӕд уой фӕрци махбӕл дӕр ӕма, ци Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнӕн, уобӕл дӕр хуарз сагъӕс кӕндзӕнцӕ.
5 Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн амудта: «Хӕдзарӕмӕ бацӕугӕй... хӕдзаронтӕн райарфӕ кӕнтӕ, фарнӕ аци хӕдзари, зӕгъгӕ» (Матф. 10:12). Еци рӕстӕги ӕгъдау уотӕ адтӕй, ӕма дӕмӕ ӕнӕзонгӕ адӕймаг ӕрбацудӕй, уӕд ӕй гъӕуама баиуазӕг кодтайсӕ. Фал нур уӕхӕн ӕгъдау алкӕми нӕййес. Абони адӕн сӕ дуармӕ ӕнӕзонгӕ адӕймаги ку фӕууинунцӕ, уӕд арӕхдӕр тухсгӕ фӕккӕнунцӕ. Фал хӕларзӕрдӕ ку уӕн ӕма хӕдзари хецауӕн уӕзданӕй ку балӕдӕрун кӕнӕн, цӕмӕн ӕрбацудан, уой, уӕд тухсгӕ нӕбал кӕндзӕй ӕма нӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕй. Берӕ адӕн кӕми фӕууй, уоми игъосун кӕнгӕй дӕр адӕймагмӕ нӕ медбилти ку баходӕн кенӕ имӕ зӕрдиагӕй ку расалам кӕнӕн, уӕд ин ӕнцондӕр уодзӕй литературӕ райсунмӕ бацӕун. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, ӕхуӕдӕг дӕр райдайдзӕй нӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун.
6. Еу каргун лӕг ӕма уосӕ сӕ лӕггадӕ куд фӕффулдӕр кодтонцӕ?
6 Англий еу каргун лӕг ӕма уосӕн сӕ бон нӕбал ӕй хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнун, сӕ незтӕй ке тухсунцӕ, уой туххӕй. Гъема исфӕндӕ кодтонцӕ сӕхе рази игъосун кӕнун. Скъоламӕ хӕстӕг ке цӕрунцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзари рази стъолӕбӕл литературӕ райвӕрунцӕ, ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнттӕмӕ ци рӕстӕги ӕрбацӕунцӕ, еци рӕстӕг. Ниййергутӕй си беретӕ райсунцӕ ӕригӕнттӕн ка ӕй, уӕхӕн брошюритӕ, удта киунугутӕ. Еци лӕг ӕма уоси хӕццӕ ма арӕх еу пионер хуӕрӕ дӕр фегъосун кӕнуй. Ниййергутӕ ’й хуарз уинунцӕ, еци хуӕрӕ цӕхуӕн хӕларзӕрдӕ ӕй, удта еци лӕг ӕма уоси куд зӕрдиагӕй фӕндуй иннетӕн банхус кӕнун, уой. Сӕ еу ба си Библи ахур кӕнун дӕр райдӕдта.
7. Нӕ бон куд ӕй ӕрледзӕггӕгтӕн ӕнхус кӕнун?
7 Фӕстаг рӕстӕг берӕ бӕстити ӕрледзӕггаг адӕн хъӕбӕр берӕ иссӕнцӕ. Цума нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци адӕнӕн банхус кӕнӕн Йегови базонун? Фиццагидӕр бал нӕ бон ӕй исахур кӕнун, Дук. з. 10:19).
уони ’рдигонау салам зӕгъун куд уодзӕй, уой. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй цӕхуӕндӕр дзурдбӕститӕ дӕр исахур кӕнун, цӕмӕй ин е ’взагбӕл ести видео кенӕ ӕндӕр ӕрмӕг бавдесӕн (8, 9. а) Косгӕ бӕнтти ка фӕууй, еци фембӕлд нин ци пайда хӕссуй? б) Ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕттонцӕ?
8 Йеговӕ нин алцидӕр дӕттуй, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕнун. Зӕгъӕн, косгӕ бӕнтти ка фӕууй, еци фембӕлди берӕ хуарз унаффитӕ фегъосӕн, дуккаг бацудтӕ кӕнун ӕма Библий ахур райдайун куд ӕнгъезуй, уой фӕдбӕл.
9 Ӕмбурди сувӕллӕнттӕ дзуӕппитӕ куд фӕддӕттунцӕ, уой, фиццаг хатт ка ӕрбацудӕй, етӕ ку фӕууинунцӕ, уӕд хъӕбӕр фӕддес кӕнунцӕ. Мадта ниййергути бон ӕй сӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнун, цӕмӕй хе дзурдтӕй дзуапп дӕттонцӕ, ӕма уой фӕрци уонӕн дӕр сӕ «рохс кӕлдзӕй адӕнмӕ». Сувӕллӕнтти хумӕтӕг ӕма зӕрдиаг дзуӕппити фӕрци рӕстдзийнадӕмӕ беретӕ ӕрбацудӕнцӕ (1 Кор. 14:25).
НӔ ЕУДЗИЙНАДӔ ФЕДАРДӔР КӔНӔН
10. Бийнонти ахур нин нӕ еудзийнадӕ куд федар кӕнуй?
10 Рохсгӕнӕнти хузӕн ма ферттевӕн, нӕ бийнонти, удта не ’мбурди еудзийнадӕбӕл ӕма фарнӕбӕл ку фӕййархайӕн, уӕд дӕр. Уой туххӕй ниййергути гъӕуй сӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кӕнун, Пс. 148:12, 13).
цӕмӕй син алли къуӕре дӕр бийнонти ахур уа. Берети зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй бийнонти ахури рӕстӕг, нӕ интернет-телеуинунади алли мӕйӕ дӕр ка рацӕуй, еци программӕмӕ кӕсун, уой фӕсте ба си кӕмӕн ӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццудӕй, уобӕл радзорун. Иронх ди ма уӕд, алли кари сувӕллонӕн дӕр ӕхе сагъӕстӕ ке фӕууй. Мадта бийнонти ахурӕн уӕхӕн ӕрмӕг ӕвзарӕ, цӕмӕй алкӕмӕндӕр пайда ӕрхӕсса (11–13. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй не ’мбурди еудзийнадӕ уа?
11 Кӕд ӕригон дӕ, уӕддӕр дӕ бон ӕй ӕмбурди иннети федар кӕнун. Уӕ бон ӕй каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ бацӕун ӕма сӕ хӕццӕ радзубанди кӕнун ӕма сӕ естӕбӕлти рафӕрсун, зӕгъӕн, берӕ ӕнзти дӕргъи син Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ ци ’нхус кодта. Ка ’й зонуй дин радзордзӕнцӕ, хъӕбӕр дӕ ка бафедар кӕна, уӕхӕн хабӕрттӕ. Уотемӕй уӕ кӕрӕдзей бафедар кӕндзиайтӕ. Удта не ’гасей бон дӕр ӕй, ӕмбурдмӕ ка ӕрбацӕуй, уонӕн зӕрдиагӕй ӕгассо зӕгъун. Хӕларзӕрдӕ сӕмӕ уотӕ, ӕнхус син кӕнтӕ бунат иссерун ӕма сӕ иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ зонгӕ кӕнтӕ. Еу загъдӕй, байархайетӕ, цӕмӕй ӕй уинонцӕ, се ’рбацуд уин ӕхцӕуӕн ке ӕй.
12 Игъосун кӕнуни фембӕлд ка фӕууадзуй, еци ӕнсувӕрти бон дӕр ӕй каргунтӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй сӕ рохс идарддӕр ӕрттева. Игъосун кӕнун син ӕнцондӕр кӕми уодзӕй, уӕхӕн участок син раттӕ. Удта син сӕ хӕццӕ ӕригондӕр игъосунгӕнгути рарветӕ, цӕмӕй сӕмӕ фӕккӕсонцӕ. Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн, удта се ’нӕнездзийнадӕ лӕмӕгъ кӕмӕн ӕй, уонӕн дӕр арӕх сӕ нифс басӕттуй, раздӕри хузӕн лӕггадӕ кӕнун сӕ бон ке нӕбал ӕй, уой туххӕй. Фал син сӕ уавӕр ке лӕдӕретӕ ӕма сӕбӕл ке тухсетӕ, уой ку уинонцӕ, уӕд син ӕнцондӕр уодзӕй. Уогӕ хӕларзӕрдӕ ку уай, уӕд дӕ бон уодзӕй алкӕмӕндӕр банхус кӕнун, цӕмӕй зингзӕрдӕй игъосун кӕна, уӕлдай нӕй, ӕригон уа ӕви каргун, рӕстдзийнади рагӕй ӕй ӕви ӕрӕги (Лев. 19:32).
13 Йеговӕн еумӕ ковун израилӕгтӕн устур цийнӕ адтӕй. Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Уомӕй хуӕздӕр ӕма уомӕй ӕхцӕуӕндӕр неци ес, ӕнсувӕртӕ еумӕ ӕмвӕнд-ӕмзундӕй ку цӕронцӕ!» (Бакӕсӕ Псалом 133:1, 2.) Псаломзаргӕнӕг еудзийнадӕ рабарста, хуарз ӕсмаг ка кӕнуй ӕма бауӕрӕн хуарз ка ӕй, уӕхӕн сойни хӕццӕ. Хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй нӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун ӕма нӕ еудзийнадӕ дӕр федардӕр кӕндзӕй. Дӕ бон н’ адтайдӕ де ’мбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти никки хуӕздӕр базонун? (2 Кор. 6:11–13).
14. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕ синхӕнттӕмӕ дӕр рӕстдзийнади рохс кӕла?
14 Кӕмифӕнди ма уай, уӕддӕр дӕ бон ӕй уотӕ архайун, цӕмӕй дӕ рохс адӕнмӕ кӕла. Зӕгъӕн, дӕ синхӕнттӕмӕ хӕларзӕрдӕ ку уай, уӕд сӕ, ка ’й зонуй, Йегови базонун дӕр бафӕнддзӕй. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ синхӕнттӕ мӕ цӕхуӕн адӕймагӕй зонунцӕ? Мӕ хӕдзарӕ ӕндегӕй дӕр ӕма медӕгӕй дӕр алкӕддӕр кӕдзос ӕма ӕфснайд фӕууй? Нӕ синх нин федаун кӕнуй ӕви фудконд? Нӕ синхӕнтти ӕнхус ку багъӕуй, уӕд сӕмӕ фӕккӕсун?» Иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр бафӕрсӕ, сӕ хӕларзӕрдӕдзийнадӕ, удта сӕхе куд дарунцӕ, уой фӕрци сӕмӕ сӕ хӕстӕгутӕ, се ’мкосгутӕ Еф. 5:9).
кенӕ се ’мкъласонтӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ. Ӕма дин, ӕвӕдзи, берӕ хабӕрттӕ радзордзӕнцӕ (ЦИ РӔСТӔГИ ЦӔРӔН, УОЙ НӔ ИРОНХ КӔНӔН
15. Ци рӕстӕги цӕрӕн, уой цӕмӕннӕ гъӕуама иронх кӕнӕн?
15 Цӕмӕй идарддӕр дӕр рохсгӕнӕнти хузӕн ӕрттевӕн, уой туххӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн, ци рӕстӕги цӕрӕн, уой. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгти цалдӕр хатти бафӕдзахста: «Ма бафунӕй уотӕ» (Матф. 24:42; 25:13; 26:41). Уотӕ ку сагъӕс кӕнӕн устур бӕллӕх мӕн рӕстӕги нӕ уодзӕй, зӕгъгӕ, уӕд хуарз хабар зингзӕрдӕй нӕ игъосун кӕндзиан (Матф. 24:21). Уотемӕй нӕ рохс минкъийӕй-минкъийдӕр кӕндзӕй, уой фӕсте ба, ӕвӕдзи, еугур хуст дӕр никкӕндзӕй.
16, 17. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ци рӕстӕги цӕрӕн, уой ма иронх кӕнӕн?
16 Дуйней уавӕр фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй ӕма абони уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй ма иронх кӕнун, ци рӕстӕги цӕрӕн, уой. Кӕрон ӕрцӕудзӕй, Йеговӕ ци рӕстӕги иснисан кодта, еци рӕстӕг. Уобӕл ни неке дузӕрдуг кӕнуй Матф. 24:42–44). Уӕдмӕти ба бал гъӕуама фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕма нӕ федӕнбӕл сагъӕс кӕнӕн. Алли бон дӕр Библи кӕсӕ ӕма Йеговӕмӕ ковӕ (1 Пет. 4:7). Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕветтонтӕй ахур кӕнӕ. Зӕгъӕн, еу уӕхӕн хабар дӕ бон ӕй бакӕсун статьяй «Йеговӕ арфӕ кӕнуй, ка имӕ игъосуй, уонӕн», брошюри «Уарзӕн... гъуддагӕй, кӕдзосзӕрдӕй» (bw587), 27–30 фӕрстӕ.
(17 Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнӕ. Иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнӕ ӕма дӕ рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕрветӕ. Уотемӕй дӕ зӕрдӕ рохс кӕндзӕй ӕма дӕбӕл рӕстӕг куд тагъд ратӕхдзӕй, уой лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕнӕ (Еф. 5:16). Сӕдӕ анзей размӕ не ’нсувӕртӕн берӕ куст адтӕй ӕма син берӕ бантӕстӕй. Фал нин абони ба никки фулдӕр куст ес, ӕма нин Йегови фӕрци цӕйбӕрцӕ ӕнтӕсуй, уойбӕрцӕ некӕдма. Абони нӕ рохс адӕнмӕ кӕлуй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтан, уотӕ!
18, 19. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
18 Ӕнӕрӕдуйгӕ ни неке ӕй, фал уӕддӕр нӕ лӕггадӕ Йеговӕн ӕхцӕуӕн ӕй. Йеговӕ нин ӕнхусӕн равардта «лӕвӕрттӕ» – хестӕр нӕлгоймӕгти. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:8, 11, 12.) Мадта дӕмӕ иннӕ хатт хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ку ’рбацӕуонцӕ, уӕд еци фадуатӕй испайда кӕнӕ ӕма син сӕ унаффитӕмӕ байгъосӕ.
19 Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Англий еу лӕг ӕма уосӕн сӕ бийнонти цидӕр зиндзийнӕдтӕ фӕззиндтӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус ракурдтонцӕ. Ӕма сӕ дууӕ хестӕр нӕлгоймаги бабӕрӕг кодтонцӕ. Хуӕрӕ куд радзурдта, уомӕ гӕсгӕ ӕ сӕрихецау ӕ бийнонти ӕууӕндундзийнадӕбӕл куд гъӕуй, уотӕ нӕ тухстӕй. Ӕнсувӕр дӕр радзурдта, иннети ахур кӕнунмӕ ке нӕ арӕхсуй ӕма загъта, бийнонти ахур уадзун ин алли къуӕре ке нӕ рауайуй. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ син сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодтонцӕ Киристей цӕветтон. Ӕнсувӕри баразӕнгард кодтонцӕ Йесой фӕнзун, е ба ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл алли гъуддаги дӕр тухстӕй. Хуӕрӕн ба загътонцӕ, цӕмӕй фӕразон уа. Удта ма син унаффитӕ равардтонцӕ, сӕ дууӕ сувӕллоней хӕццӕ сӕ бон бийнонти ахур уадзун куд ӕй, уой фӕдбӕл (Еф. 5:21–29). Уой фӕсте ӕнсувӕр архайун райдӕдта, цӕмӕй ӕ бийнойнагӕн хуарз сӕрихецау иссайдӕ, ӕ сувӕллӕнттӕн ба – хуарз фидӕ. Уой туххӕй ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ растудтонцӕ ӕма ’й баразӕнгард кодтонцӕ, цӕмӕй идарддӕр дӕр уотӕ архайа ӕма Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ кора. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ уарзондзийнадӕ ӕма сӕ хӕларзӕрдӕдзийнадӕ гъуддагӕй ке бавдистонцӕ, уой фӕрци еци бийнонтӕн хъӕбӕр банхус кодтонцӕ.
20. Дӕ рохс адӕнмӕ ку кӕла, уӕд е цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕндзӕй?
20 Псаломзаргӕнӕг загъта: «Амондгун ӕй, Йеговӕй ка тӕрсуй ӕма ин ӕ нӕдтӕбӕл ка цӕуй, еци адӕймаг» (Пс. 128:1). Адӕнӕн рохси над иссерунмӕ ку ӕнхус кӕнай, нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой ку федардӕр кӕнай ӕма ци рӕстӕги цӕрӕн, уой ку нӕ иронх кӕнай, уӕд дӕ рохс идарддӕр дӕр адӕнмӕ кӕлдзӕй ӕма уодзӕнӕ амондгун. Дӕ хуарз гъуддӕгтӕ дин иннетӕ дӕр уиндзӕнцӕ, ӕма, ка ’й зонуй, уони дӕр бафӕнддзӕй нӕ уӕларвон Фидӕ Йегови кадгин кӕнун (Матф. 5:16).