Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕ бон адтӕй Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин ун

Ӕ бон адтӕй Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин ун

МАХ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн, ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕ хуарзӕнхӕй ӕма ӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин уӕн. Фал цума Хуцау ӕ хуарзӕнхӕй ке хайгин кӕнуй? Рагидзаманти кадӕртӕ Хуцауи хуарзӕнхӕй исхайгин ӕнцӕ, кӕд раздӕр уӕззау тӕрегъӕдтӕ искодтонцӕ, уӕддӕр. Кадӕртӕ ба Хуцауи хуарзӕнхӕй фенӕхай ӕнцӕ, кӕд сӕмӕ хуарз менеугутӕ адтӕй, уӕддӕр. Уомӕ гӕсгӕ ӕвзуруй фарста: Йеговӕ ни алкӕмӕдӕр цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан, Иуди паддзах Ровоами хабармӕ ку ’ркӕсӕн, уӕд.

РАЙДАЙӔНИ РАСТ УНАФФӔ НӔ РАХАСТА

Ровоами фидӕ Соломон Израили паддзах адтӕй 40 анзи (1 Пад. 11:42). Соломон рамардӕй нӕ эри размӕ 997 анзи. Ровоам ӕ фиди мӕлӕти фӕсте Йеруслимӕй Сихеммӕ рандӕ ’й, цӕмӕй ӕй уоми паддзахӕй исӕвардтайуонцӕ (2 Анз. 10:1). Цума паддзах ке исуодзӕй, уомӕй тарстӕй? Адӕн Соломони зудтонцӕ, курухон зунди хецау ка адтӕй, уӕхӕн паддзахӕй. Цума Ровоамӕн дӕр ӕ бон уодзӕй зин фарстатӕ лух кӕнун? Е тагъд рӕстӕги гъӕуама рабӕрӕг адтайдӕ.

Израилӕгтӕ тухст уавӕри адтӕнцӕ, ӕма сӕ номӕй кедӕрти Ровоаммӕ рарвистонцӕ, цӕмӕй ин ӕргом зӕгъонцӕ, ци сӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй: «Йеровоаммӕ рарвистонцӕ, ӕрцо, зӕгъгӕ. Уой фӕсте Йеровоам ӕма Израили адӕн се ’гас дӕр Ровоаммӕ ӕрцудӕнцӕ ӕма ин загътонцӕ: «Дӕ фидӕ нӕбӕл уӕззау ӕфсойнӕ исӕвардта, фал ду фӕррӕуӕгдӕр кӕнӕ, дӕ фидӕ нӕ ци уӕззау кустбӕл бафтудта ӕма нӕбӕл ци уӕззау ӕфсойнӕ исӕвардта, уой, ӕма дин лӕггадӕ кӕндзиан» (2 Анз. 10:3, 4).

Ровоам цума скъӕппӕги бахаудтӕй, уотӕ! Адӕни дзурдмӕ ку байгъустайдӕ, уӕд ӕхе дӕр, ӕ бийнонти дӕр ӕма ма ӕ галауани ка цардӕй, уони дӕр цӕхуӕндӕр хуарздзийнӕдтӕй сӕхе фӕццох кӕнун багъудайдӕ. Сӕ дзурдтӕ син ку нецӕмӕ ӕрдардтайдӕ, уӕдта ӕ нихмӕ рацудайуонцӕ. Цума паддзах куд бакодта? Фиццаг бал радзурдта, Соломони унаффӕгӕнгутӕ ка адтӕнцӕ, еци хестӕр лӕгти хӕццӕ. Фал удта унаффӕ ракурдта, ӕ хӕццӕ ка исгъомбӕл ӕй, еци ӕригон биццеутӕй, ӕма уонӕмӕ байгъуста. Паддзах адӕни мӕтӕ нӕ бакодта, фал син загъта: «Ӕз уин уӕ уаргъ никки уӕззаудӕр фӕккӕндзӕн ӕма ма ибӕл никкидӕр бафтаудзӕн. Мӕ фидӕ уӕ ӕнӕуой ехсӕй надта, ӕз ба уӕ нӕмдзӕн, синдзитӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн ехсӕй» (2 Анз. 10:6–14).

Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Не ’мбурдти ес, Йеговӕн рагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, берӕ уӕхӕн фӕлтӕрдгун хестӕртӕ. Уонӕн сӕ бон ӕй балӕдӕрун, цӕхуӕндӕр гъуддаг цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой, ӕма сӕ бон ӕй махӕн хуарз унаффитӕ раттун. Мадта син сӕ унаффитӕмӕ ку байгъосӕн, уӕд е зундбӕл дзорӕг уодзӕй (Иов 12:12).

ЙЕГОВИ ДЗУРДМӔ БАЙГЪУСТОНЦӔ

Ровоам е ’фсад ӕрӕмбурд кодта, цӕмӕй ӕ нихмӕ ка рацудӕй, уони хӕццӕ исхуӕстайдӕ. Фал сӕмӕ Йеговӕ ӕ пахампар Шемаййи уӕхӕн дзурди хӕццӕ рарвиста: «Ма ’схуӕцетӕ уе ’нсувӕрти хӕццӕ, Израили фуртти хӕццӕ. Алкедӕр уи фӕстӕмӕ ӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхӕд, уомӕн ӕма уотӕ ке рауадӕй, е мӕнӕй адтӕй» (1 Пад. 12:21–24) *.

Цума Ровоамӕн Йеговӕмӕ байгъосун ӕнцон адтӕй? Адӕн сӕ нӕуӕг паддзахӕй ци рагъуди кодтайуонцӕ? Уотӕ син ку загъта, «синдзитӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн ехсӕй» сӕ ке нӕмдзӕй, ӕма сӕ нур ӕнӕбафхуӕргӕй куд ниууагътайдӕ?! (Рабарӕ 2 Анзфинстити 13:7.) Кудфӕнди ма адтайдӕ, уӕддӕр паддзах ӕма е ’фсад «Йегови дзурдмӕ байгъустонцӕ ӕма фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ раздахтӕнцӕ, Йеговӕ син куддӕриддӕр загъта, уотӕ».

Еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Зундбӕл дзорӕг уодзӕй, Хуцаумӕ алкӕддӕр ку игъосӕн, сауӕнгӕ нӕбӕл уой туххӕй иннетӕ ку ходонцӕ, уӕддӕр. Хуцау ӕ хуарзӕнхӕй ӕма ӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин кӕнуй, ка имӕ игъосуй, уони (Дук. з. 28:2).

Цума Ровоам Хуцаумӕ ке байгъуста, уой туххӕй арфӕгонд ӕрцудӕй? Кӕд дӕс муггагемӕн паддзах нӕбал адтӕй, уӕддӕр Иудӕ ӕма Вениамини муггӕгтӕн ба адтӕй паддзах. Гъема еци зӕнхӕбӕл райдӕдта нӕуӕг горӕттӕ кӕнун, удта кӕцидӕр горӕттӕ ба «хъӕбӕр бафедар кодта» (2 Анз. 11:5–12). Уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг Йегови закъӕнттӕ ӕнхӕст кодта. Израили дӕс муггаги сӕ паддзах Йеровоами туххӕй мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковун райдӕдтонцӕ, ӕма, еци паддзахади раст дини фарс ка адтӕй, уонӕй беретӕ Йерусалиммӕ ӕрцудӕнцӕ ӕма «Ровоамӕн ӕнхус кодтонцӕ» (2 Анз. 11:16, 17). Мадта Ровоам Йеговӕмӕ ке байгъуста, уой фӕрци ӕ паддзахадӕ исфедар ӕй.

ТӔРЕГЪДБӔЛ БАФТУДӔЙ, ФАЛ УОЙ ФӔСТЕ ӔРФӔСМОН КОДТА

Ровоамӕн ӕ паддзахи бартӕ ку ӕрфедар ӕнцӕ, уӕд рӕдуд надбӕл ислӕудтӕй. Йегови закъонбӕл ӕ къох ракъуӕрдта ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковун райдӕдта! Цума уотӕ цӕмӕн бакодта? Ӕ амонаг мади зундмӕ ке игъуста, уой туххӕй? (1 Пад. 14:21). Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр адӕн дӕр сӕ паддзахмӕ кӕсгӕй уотӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Ӕма Йеговӕ дӕр бауагъта, цӕмӕй Египети паддзах Сусаким Иуди горӕттӕй берети байахӕстайдӕ, кӕд сӕ уой разӕй Ровоам фӕффедӕрттӕ кодта, уӕддӕр! (1 Пад. 14:22–24; 2 Анз. 12:1–4).

Хабар никки фуддӕр фӕцӕй, Сусаким Йерусалиммӕ, Ровоами паддзахбадӕн кӕми адтӕй, уордӕмӕ ку бахъӕрдтӕй, уӕд. Ӕма уӕд пахампар Шемайӕ Ровоамӕн ӕма ӕ къниӕзтӕн фегъосун кодта Хуцауи дзурд: «Сумах мӕ ниууагътайтӕ, ӕма уӕ уой туххӕй ӕз дӕр ниууагътон ӕма уӕ равардтон Сусакими къохмӕ». Цума Ровоам еци дзурдтӕмӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Куд бакодта уой туххӕй ӕй растаун ӕнгъизтӕй! Библий финст ӕй: «Израили къниӕзтӕ ӕма паддзах... Хуцауи рази сӕхе ӕрниллӕг кодтонцӕ ӕма загътонцӕ: „Йеговӕ раст ӕй“». Ӕма уӕд Йеговӕ Ровоами дӕр ӕма Йерусалим дӕр бӕллӕхӕй фӕййервӕзун кодта (2 Анз. 12:5–7, 12).

Ровоам ма уой фӕсте дӕр адтӕй хонсар паддзахади паддзах. Ӕ мӕлӕти разӕй ӕ фурттӕн берӕ лӕвӕрттӕ искодта. Уотӕ, ӕвӕдзи, уой туххӕй бакодта, цӕмӕй уой фӕсте ӕ фурт Авиййи нихмӕ, ӕ фӕсте паддзах ка гъӕуама иссайдӕ, уой нихмӕ ма рацудайуонцӕ (2 Анз. 11:21–23). Аци хатт Ровоам, разиндтӕй берӕ лӕдӕргӕдӕр, ӕригон ма ку адтӕй, уой хӕццӕ рабаргӕй.

ХУАРЗ ПАДДЗАХ АДТӔЙ ӔВИ ЛӔГЪУЗ?

Кӕд Ровоам хуарз гъуддӕгтӕ дӕр кодта, уӕддӕр фӕстагмӕ Хуцауи хуарзӕнхӕй ӕнӕхай фӕцӕй. Библий финст ес: «Ровоам кодта, лӕгъуз ци адтӕй, уой». Цума си уотӕ финст цӕмӕн ес? Уомӕн ӕма «Йегови агоруни фӕндӕ ӕ зӕрди федар н’ адтӕй» (2 Анз. 12:14).

Ровоам Давиди хузӕн Йегови хуарз ӕмбал н’ адтӕй

Мадта Ровоами туххӕй ци ес зӕгъӕн? Кӕддӕрти Хуцаумӕ игъосидӕ. Удта Йегови адӕнӕн дӕр хуарздзийнӕдтӕ искӕнидӕ. Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Йегови хӕстӕг ӕмбал адтӕй, кенӕ Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнун ӕ федар фӕндӕ адтӕй. Гъема раст ци ӕй, уой нӕбал кодта, фал мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунбӕл бафтудӕй. Ка ’й зонуй, расагъӕс кӕндзӕнӕ: «Ровоам Йегови дзурдмӕ уой туххӕй байгъосидӕ, ӕма ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнидӕ кенӕ ’й Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун фӕндӕуидӕ? Ӕви уотӕ иннети дзурдмӕ гӕсгӕ бакӕнидӕ?» (2 Анз. 11:3, 4; 12:6). Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Ровоам фӕстӕдӕр ӕ фудгъуддӕгтӕмӕ раздахтӕй. Ровоаммӕ ӕ фидифидӕ Давидӕй ӕппундӕр неци адтӕй. Кӕд Давид тӕрегъӕд ӕруагъта, уӕддӕр ӕ цардӕй бӕрӕг адтӕй, Йегови ке уарзта, раст динбӕл федар ке хуӕстӕй ӕма ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕцӕгӕй ке фӕсмон кодта (1 Пад. 14:8; Пс. 51:1, 17; 63:1).

Ровоами хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Адӕймаг ӕ бийнонтӕбӕл ке тухсуй ӕма хуарздзийнадӕ ке кӕнуй, е хуарз ӕй. Фал айдагъ е фагӕ нӕй. Цӕмӕй Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин уӕн, уой туххӕй ин гъӕуама, уой куд фӕндуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ӕ хӕстӕг ӕмбӕлттӕ уӕн.

Уотӕ архайун нӕ фӕнддзӕй, Йегови хъӕбӕр ку уарзӕн, уӕд. Цӕмӕй арт ма ниххусса, уой туххӕй си фӕгъгъӕуй согтӕ гӕлдзун. Гъе уотӕ, Йегови ци уарзтӕй уарзӕн, е цӕмӕй ма ниххусса, уой туххӕй ба гъӕуй ӕ Дзурд кӕсун, лӕмбунӕг ибӕл сагъӕс кӕнун ӕма имӕ ӕдзох ковун (Пс. 1:2; Ром. 12:12). Ӕма нӕ нӕ уарзондзийнадӕ ба разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй ин нӕ алли гъуддагӕй дӕр ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Ку фӕррӕдуйӕн, уӕдта нӕ нӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кӕндзӕй зӕрдӕй ӕрфӕсмон кӕнунмӕ. Ӕма Ровоамӕй уӕлдай мах раст динбӕл алкӕддӕр федар хуӕцдзиан (Иуд. 20, 21).

^ 9 абз. Соломон еузӕрдон ке нӕ разиндтӕй, уой туххӕй Хуцау рагацау загъта, Израили паддзахадӕ дууӕ дехи ке ниууодзӕй (1 Пад. 11:31).