Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнӕ, дӕ цард кудфӕнди ма раййева, уӕддӕр

Дӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнӕ, дӕ цард кудфӕнди ма раййева, уӕддӕр

«Ӕз рӕвдудтон ӕма сабур кодтон мӕ уод» (ПС. 131:2).

ЗАРТӔ: 128, 129

1, 2. а) Нӕ царди ӕвваст ести ку раййевуй, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) 131 псаломи куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин ци банхус кӕндзӕй нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун?

ЛЛОЙД ӔМА АЛЕКСАНДРӔ Вефили фӕллӕггадӕ кодтонцӕ 25 анзи, ӕма син ӕнцон н’ адтӕй еци лӕггадӕ ниууадзун. Ллойд зӕгъуй: «Вефилбӕл, удта си ци куст кодтон, уобӕл уотӕ исахур дӕн, ӕма ’й нӕ лӕдӕрдтӕн, идарддӕр куд цӕрдзӕн, уой. Уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕрцудӕнцӕ, уой бӕргӕ зудтон, фал мин уӕддӕр зин адтӕй. Цудӕй къуӕретӕ, мӕйтӕ, фал мин еци сагъӕстӕ ӕнцойнӕ нӕ лӕвардтонцӕ». Ллойд ӕ нӕуӕг уавӕртӕбӕл нӕ ахур кодта, уӕд ин хуарз уидӕ, уӕд ӕхемӕ нийгъосидӕ.

2 Адӕймаги царди ӕвваст ести ку раййевуй, уӕд хъӕбӕр истухсуй (Ӕмб. 12:25). Махбӕл дӕр уӕхӕн хабар ку ’рцӕуа, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй нӕ уавӕртӕбӕл исахур ун ӕма нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун? (Бакӕсӕ Псалом 131:1–3.) Ӕркӕсӕн, рагидзаманти дӕр ӕма мах рӕстӕги дӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ сӕ зӕрди фарнӕ куд багъӕуай кодтонцӕ, сӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ ку ’рцудӕй, уӕд.

«ХУЦАУИ ФАРНӔ» НИН КУД ӔНХУС КӔНУЙ

3. Иосифи цард ӕвваст куд раййивта?

3 Ӕркӕсӕн Иосифи хабармӕ. Ӕ фидӕ Иаков ӕй ӕ иннӕ фурттӕй фулдӕр уарзта, ӕма имӕ уой туххӕй е ’нсувӕртӕ мӕстгун кодтонцӕ. 17 анзи ибӕл ку исӕнхӕст ӕй, уӕд ӕй цагъарӕй рауӕйӕ кодтонцӕ (Райд. 37:2–4, 23–28). Еу 13 анзей дӕргъи Египети гъезӕмарӕ цард фӕккодта. Фиццаг цагъар адтӕй, уой фӕсте ба ахӕстдони фӕббадтӕй. Ӕ фидӕй дӕр хъӕбӕр идард адтӕй ӕма ибӕл ӕрхун куд нӕ кодтайдӕ. Уӕхӕн уавӕри нифс хъӕбӕр ӕнцонтӕй бассӕттуй ӕма зӕрди маст ниббадуй. Фал Иосифӕй уотӕ зӕгъӕн нӕййес. Цума ин ци банхус кодта?

4. а) Иосиф ахӕстдони бадгӕй фулдӕр цӕбӕл сагъӕс кодта? б) Йеговӕ ин ӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд лӕвардта?

4 Иосиф ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд фулдӕр сагъӕс кодта, Йеговӕ ин куд ӕнхус кӕнидӕ, уобӕл (Райд. 39:21; Пс. 105:17–19). Ӕвӕдзи, ӕригонӕй фунтӕ ке уидта, е дӕр ин уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма ’й Йеговӕ нӕ ниууагъта (Райд. 37:5–11). Ковгӕ дӕр имӕ куд нӕ кодтайдӕ ӕма ин, ӕвӕдзи, дзурдта, ӕ зӕрди цидӕриддӕр адтӕй, уой (Пс. 145:18). Йеговӕ ин ӕ кувдтитӕбӕл дзуапп лӕвардта, ӕма ин уотемӕй лӕдӕрун кодта, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр ӕ фарсмӕ ке уодзӕй (Гъуд. 7:9, 10) *.

5. «Хуцауи фарнӕ» нин нӕ лӕггади куд банхус кӕндзӕй?

5 Цийфӕнди зин уавӕри ма уӕн, уӕддӕр нин «Хуцауи фарнӕ» нӕ зунд багъӕуай кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.) Хъӕбӕр ку тухсӕн, уӕд нӕ Хуцауи фарнӕ баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн ӕма нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, мах рӕстӕги уой ӕхебӕл ка бавзурста, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕмӕ.

ЙЕГОВӔЙ ӔНХУС КОРӔ, ЦӔМӔЙ НӔУӔГӔЙ ФАРНӔЙ ИСХАЙГИН УАЙ

6, 7. Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

6 Райӕн ӕма Джульеттӕ рӕстӕгмӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггадӕ кодтонцӕ. Ӕма син хъӕбӕр зин адтӕй, сӕ лӕггадӕ ниууадзун сӕ ку багъудӕй, уӕд. «Мах Йеговӕмӕ искувтан ӕма ин радзурдтан, цидӕриддӕр нӕ тухсун кодта, уой,– зӕгъуй Райӕн.– Лӕдӕрдтан ӕй, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дарӕн, уой бавдесунмӕ нин хуарз фадуат ке фӕззиндтӕй. Не ’мбурди берӕ адтӕй, рӕстдзийнадӕ ӕрӕги ка базудта, уӕхӕнттӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ Йеговӕмӕ кувтан, цӕмӕй син не ’ууӕндундзийнадӕй фӕнзуйнаг адтайанӕ».

7 Йеговӕ син сӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд равардта? Райӕн зӕгъуй: «Куддӕр ракувтан, гъе уотӕ нӕ цидӕриддӕр тухсун кодта, е ни райронх ӕй. Хуцауи фарнӕ нин нӕ зӕрдӕ ӕма нӕ зунд багъӕуай кодта. Ба ’й лӕдӕрдтан, гъуддагмӕ раст цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд идарддӕр дӕр нӕ бон ке уодзӕй Йегови гъуддагӕн пайда хӕссун».

8–10. а) Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин нӕ тухст уавӕрти куд фенхус кӕнуй? б) Нӕ лӕггадӕ фиццаг бунати ку ӕвӕрӕн, уӕд нин Йеговӕ куд ӕнхус кӕндзӕй?

8 Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин айдагъ фарнӕ нӕ дӕттуй, фал ма нин не ’ргом ’здахуй, нӕ царди нин фиццаг бунати ци гъӕуама уа, уой лӕдӕрунмӕ нин ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн стихтӕмӕ Библийӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 14:26, 27.) Ӕркӕсӕн, Вефили 25 анзи ка фӕллӕггадӕ кодта, уӕхӕн лӕг ӕма уосӕ Филипп ӕма Мерий хабармӕ. Цуппар мӕйемӕ сӕ дууемӕн дӕр рамардӕнцӕ сӕ мадтӕлтӕ, удта ма сӕ еу хеуон. Уомӕй уӕлдай ма Мерий каргун фидӕн ӕ зунд фӕккуддӕр ӕй ӕма имӕ кӕсун гъудӕй.

9 Филипп радзурдта: «Фиццаг мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма еци уавӕрбӕл сабургай фӕййахур кӕнун, фал мин уӕддӕр цидӕр нӕ фагӕ кодта. Еу бон ахургӕнӕн статья кӕсгӕй мӕ гъос ӕрдардтон Колоссӕгтӕмӕ 1:11 финст дзурдтӕмӕ. Федар бӕргӕ лӕудтӕн, фал мин фӕразондзийнадӕ ӕма цийнӕдзийнадӕ нӕ фагӕ кодта. Аци стих мин мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, цийнӕдзийнадӕ, цӕхуӕн уавӕрти дӕ, уомӕй кӕнгӕ ке нӕй, фал Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй хайгин дӕ ӕви нӕ, уомӕй».

10 Филипп ӕма Мерийӕн сӕ царди тӕккӕ сӕйрагдӕр адтӕй сӕ лӕггадӕ, ӕма сӕ Йеговӕ уой туххӕй берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта. Вефилӕй кӕдӕй рандӕ ’нцӕ, уӕдӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй, къуӕре цалдӕр хатти ахур кӕнун ке фӕндадтӕй ӕма къахдзӕфтӕ ка кодта, уӕхӕн адӕни хӕццӕ райдӕдтонцӕ Библи ахур кӕнун. Мери зӕгъуй: «Еци адӕни хӕццӕ ахур кӕнгӕй берӕ цийнӕдзийнадӕ бавзурстан. Уотемӕй нин Йеговӕ бавдиста, алцидӕр хуарз ке уодзӕй».

ЙЕГОВӔН БАРӔ ДӔТТӔ, ЦӔМӔЙ ДИН АРФӔ КӔНА

Нӕуӕг уавӕрти бахаугӕй нӕ бон куд ӕй Иосифи фӕнзун? (кӕсӕ 11–13 абзацтӕ)

11, 12. а) Иосиф Йеговӕн барӕ куд лӕвардта, цӕмӕй ин арфӕ кодтайдӕ? б) Йеговӕ Иосифӕн ӕ федардзийнади туххӕй куд райарфӕ кодта?

11 Нӕ царди уавӕртӕ ӕвваст ку раййевунцӕ, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма исонбонбӕл ӕгӕр тухсун райдайӕн. Иосиф дӕр, ӕвӕдзи, уотӕ тухстӕй, фал уӕддӕр ӕ уавӕри, ӕ бон ци адтӕй, уой кодта, ӕма уотемӕй Йеговӕн барӕ лӕвардта, цӕмӕй ин арфӕ кодтайдӕ. Потифари хӕдзари куд зӕрдиагӕй лӕггадӕ кодта, уотӕ зӕрдиагӕй ӕнхӕст кодта, ахӕстдони хецау ин ци баихӕс кӕнидӕ, уой дӕр (Райд. 39:21–23).

12 Еухатт гъӕуайгӕнгути хецау Иосифӕн баихӕс кодта, раздӕр фараони хӕдзари ӕхсидзгӕ куст ка кодта, еци дууӕ нӕлгоймагемӕн балӕггадӕ кӕнун. Иосиф сӕмӕ куд хӕларзӕрдӕ адтӕй, е син уотӕ ӕхцӕуӕн адтӕй, ӕма ма ин ӕхсӕвӕ ци фунтӕ фӕууидтонцӕ, уони дӕр радзурдтонцӕ (Райд. 40:5–8). Уӕд ӕй Иосиф лӕдӕргӕ дӕр нӕ кодта, еци дзубанди фӕстӕдӕр ӕ цардбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй, уой. Дууӕ анзей фӕсте ӕй исуӕгъдӕ кодтонцӕ, ӕма еци фӕдбӕл иссӕй фараони фӕсте дуккаг адӕймаг Египети (Райд. 41:1, 14–16, 39–41).

13. Цийфӕнди уавӕри ма уӕн, уӕддӕр нӕ бон куд ӕй Йеговӕн барӕ дӕттун, цӕмӕй нин арфӕ кӕна?

13 Гӕнӕн ес, ӕма мах дӕр Иосифи хузӕн бахауӕн, нӕ бон ракӕнун кӕми неци уодзӕй, уӕхӕн уавӕри. Фал фӕразон ку уӕн ӕма, махӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ райарфӕ кӕндзӕй (Пс. 37:5). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, тухсгӕ дӕр куд нӕ кӕндзиан, фал уӕддӕр уотӕ некӕд уодзӕй, цӕмӕй, «ци бакӕнӕн, уой мабал зонӕн» (2 Кор. 4:8). Йеговӕ алкӕддӕр нӕ хӕццӕ уодзӕй, уӕлдайдӕр ба нин нӕ лӕггадӕ фиццаг бунати ку уа, уӕд.

УӔ ЛӔГГАДӔ УИН УӔД ФИЦЦАГ БУНАТИ

14–16. Филиппӕн устур ӕййивддзийнӕдти рӕстӕг дӕр ӕ лӕггадӕ фиццаг бунати ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

14 Цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр гъӕуама нӕ лӕггадӕ ма уадзӕн, ӕма нин еци гъуддаги хуарз цӕветтон ниууагъта хуарз хабар игъосунгӕнӕг Филипп. Йерусалими ин ци гъуддаг баихӕс кодтонцӕ, уой зӕрдиагӕй ӕнхӕст кодта (Гъуд. 6:1–6). Фал фӕстӕдӕр уавӕртӕ ӕвваст раййивтонцӕ. Стефани ку рамардтонцӕ, уӕд иннӕ киристӕнтти фӕдбӕл дӕр зелун райдӕдтонцӕ, ӕма етӕ Йерусалимӕй аллирдӕмӕти ниппурхӕ ’нцӕ. Филиппи Хуцауи гъуддаги идарддӕр архайун ке фӕндадтӕй, уомӕ гӕсгӕ рандӕ ’й Самаримӕ. Еци горӕти цӕргутӕй беретӕ хуарз хабар некӕдма фегъустонцӕ (Матф. 10:5; Гъуд. 8:1, 5).

15 Филипп цӕттӕ адтӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ’й кумӕ аразтайдӕ, уордӕмӕ рандӕ ун. Уой фӕрци ӕй Йеговӕ ӕрвиста, хуарз хабар кӕми некӕдма игъосун кодтонцӕ, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ. Дзиуиттӕгтӕй беретӕ самариӕгтӕмӕ ӕнӕнвӕрсон каст кодтонцӕ, фал Филипп уӕхӕн н’ адтӕй, ӕма син хуарз хабар зӕрдиагӕй игъосун кодта. Мадта дессаг нӕй, «Филипп ци дзурдта, уомӕ берӕ адӕн лӕмбунӕг [ке] игъустонцӕ» (Гъуд. 8:6–8).

16 Уой фӕсте ӕй Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ исаразта Азот ӕма Кесаримӕ. Еци горӕтти дӕр берӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ цардӕй (Гъуд. 8:39, 40). Еци рӕстӕг Филиппӕн ӕ цард нӕуӕгӕй раййивта. Филипп бийнонтӕ искодта ӕма, кӕми игъосун кодта, уоми ӕрцардӕй. Уӕхӕн ӕййивддзийнӕдти фӕсте дӕр Филипп Хуцауи гъуддаги зӕрдиагӕй архайдта, ӕма ин Йеговӕ ӕхецӕн дӕр, удта ӕ бийнонтӕн дӕр арфӕ кодта (Гъуд. 21:8, 9).

17, 18. Игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ку архайӕн, уӕд нин е царди ӕййивддзийнӕдти рӕстӕг куд банхус кӕндзӕй?

17 Ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕй беретӕ зӕгъунцӕ, игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ке архайунцӕ, уой фӕрци сӕ цийнӕдзийнадӕ ке нӕ фесафтонцӕ, сӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ ку ’рцудӕй, уӕд. Хонсар Африкӕй еу лӕг ӕма уосӕ, Озборн ӕма Полайт, Вефилӕй ку рандӕ ’нцӕ, уӕд сӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма ӕнцонтӕй райердзӕнцӕ цӕрӕнбунат ӕма, бони ’рдӕг косун кӕми гъӕуа, уӕхӕн куст. Фал Озборн зӕгъуй: «Гъигагӕн, уӕхӕн куст куд ӕнгъӕл адтан, уотӕ тагъд нӕ райирдтан». Полайт ба зӕгъуй: «Ӕртӕ мӕйи дӕргъи нин куст иссерун не ’нтӕстӕй. Не ’хца дӕр фӕуунтӕбӕл адтӕнцӕ. Е ӕнцон рӕстӕг н’ адтӕй».

18 Цума син еци уавӕри ци банхус кодта? Озборн зӕгъуй: «Ӕмбурди хӕццӕ ке игъосун кодтан, уой фӕрци нӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафтан. Хӕдзари бадун ӕма нӕхецӕн тӕрегъӕд кӕнуни бӕсти исфӕндӕ кодтан не ’гас хъауритӕ дӕр игъосун кӕнуни гъуддагмӕ исаразун. Е нин хъӕбӕр берӕ цийнӕдзийнадӕ ӕрхаста. Куст агорун дӕр нӕ ниууагътан ӕма ’й фӕстагмӕ иссирдтан».

ДЕ ’ГАС САГЪӔСТӔ ДӔР ЙЕГОВИ БАРӔ БАКӔНӔ

19–21. а) Нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? б) Нӕ царди ӕнӕнгъӕлти ести ку раййева, ӕма нӕуӕг уавӕртӕбӕл ку исахур уӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

19 Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, нӕ уавӕри нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой ку кӕнӕн ӕма не ’гас сагъӕстӕ дӕр Йегови барӕ ку бакӕнӕн, уӕд нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр. (Бакӕсӕ Михей 7:7.) Фӕстӕдӕр ӕй балӕдӕрдзиан, цалинмӕ нӕ нӕуӕг уавӕртӕбӕл ахур кодтан, уӕдмӕ Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр ке иссан. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Полайт ма никкидӕр загъта: «Нӕ уавӕртӕ ке раййивтонцӕ, уой фӕрци ӕй балӕдӕрдтӕн, ӕцӕгӕйдӕр дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарай, е куд ӕй, уой, сауӕнгӕ ма дӕмӕ уотӕ ку кӕса, ӕма дӕ гъуддаг некӕцирдӕмӕ рӕстмӕ кӕнуй, уӕддӕр. Нур Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр исдӕн».

20 Раздӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Мери нур дӕр ма ӕ каргун фидӕмӕ кӕсуй ӕма пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй. «Тухст сагъӕстӕ мӕ сӕ буни ку искӕнунцӕ, уӕд мӕ фӕгъгъӕуй ӕрлӕуун, исковун ӕма ӕрсабур ун,– зӕгъуй Мери.– Мӕ царди еу ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрдтӕн: алцидӕр гъӕуй Йегови бӕрагӕ бакӕнун. Федӕни дӕр мӕ е хъӕбӕр багъӕудзӕй».

21 Ллойд ӕма Александрӕ ба зӕгъунцӕ, ӕнгъӕл дӕр ке н’ адтӕнцӕ, ӕййивддзийнӕдти туххӕй се ’ууӕндундзийнадӕ уотӕ фӕлвӕрд ке ӕрцӕудзӕй, уой. Фал син еу ӕрдиги еци фӕлварӕнтӕ ӕнхус дӕр фӕцӕнцӕ. Уотемӕй ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, куд ӕхсидзгӕ ӕй, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар уа, ӕма дин цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг уодӕнцойнӕ хӕсса. Удта ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, фӕлварӕнти фӕрци сӕ уодигъӕдӕ хуӕздӕр ке кӕнуй.

Ӕнӕнгъӕлти нӕбӕл ка ’рцӕуй, еци ӕййивддзийнӕдтӕ хатгай ӕркӕнунцӕ, ӕнгъӕл дӕр ке нӕ фӕууӕн, уӕхӕн арфӕдзийнӕдтӕмӕ (кӕсӕ 19–21 абзацтӕмӕ)

22. Нӕ уавӕри нӕ бон ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд нин ци бантӕсдзӕй?

22 Аци дуйней цӕргӕй нӕ цард кӕцирдӕмӕ раййевдзӕй, е бӕрӕг нӕй. Хуцауи гъуддаги кенӕ бийнонти медӕг нин нӕуӕг ихӕстӕ фӕззиндзӕй кенӕ ба не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ исуодзӕй. Фал цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр ди иронх ма уӕд, Йеговӕ дӕ фарсмӕ ке ӕй ӕма дин багъӕуаги ке банхус кӕндзӕй (Дзиуит. 4:16; 1 Пет. 5:6, 7). Нур ба бал дӕ уавӕри дӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕ. Нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй имӕ никки хӕстӕгдӕр исуай, удта дӕ цидӕриддӕр тухсун кӕнуй, уой Йегови барӕ бакӕнӕ. Уотемӕй дӕ бон уодзӕй дӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун, дӕ царди цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр.

^ 4 абз. Ӕнзтӕ фӕстӕдӕр Иосиф ӕ фиццаг фурти исхудта Манасси. Уотӕ ’й цӕмӕн исхудта, уой туххӕй загъта: «Хуцау мин феронх кӕнун кодта мӕ еугур зиндзийнӕдтӕ дӕр». Лӕдӕрдтӕй ӕй, еци фурт ин Йеговӕй уодӕнцойни хуасӕ ке адтӕй (Райд. 41:51, феп.).