БИОГРАФИ
Йеговӕ мин мӕ унаффӕн рӕдауӕй райарфӕ кодта
Адтӕй 1939 анз. Бон цъӕхтӕ кӕнун дӕр нӕма райдӕдта, уотемӕй раистадан ӕма машинӕбӕл сахаттӕй фулдӕр фӕццудан штат Миссурий (АЕШ) хонсар-нигулӕн ӕрдиги минкъий горӕт Джоплинмӕ. Уоми сабургай алли дуари буни дӕр буклет фӕууагътан. Куддӕр фӕцан, уотӕ фӕстӕмӕ машинӕмӕ багӕппитӕ кодтан ӕма рандӕ ан, иннӕ къуӕртти хӕццӕ кӕми гъӕуама фембалдайанӕ, еци бунатмӕ. Бон цъӕхтӕ кӕнун райдӕдта. Фал цума еци афон игъосун кӕнунмӕ цӕмӕн рацудан ӕма уотӕ тагъд цӕмӕн фендӕ ан? Уой ба уин фӕстӕдӕр радзордзӕн.
ӔЗ РАЙГУРДТӔН 1934 анзи. Мӕ ниййергутӕ Фред ӕма Эдна Молохен адтӕнцӕ Библиртасгутӕ (Йегови Ӕвдесӕнтӕ). Рӕстдзийнадӕ базудтонцӕ мӕ райгурцӕй 20 анзи раздӕр. Мӕ ниййергутӕ мин Йегови бауарзун кодтонцӕ, ӕма си уой туххӕй хъӕбӕр боз дӕн. Цӕргӕ ба кодтан штат Канзаси хонсар-скӕсӕн ӕрдиги минкъий горӕт Парсонси. Не ’мбурди, зӕгъӕн ес, ӕма еугурӕйдӕр исӕрст киристӕнттӕ адтӕнцӕ. Мах ӕмбурдтӕ нӕ цох кодтан ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги дӕр зӕрдиагӕй архайдтан. Алли сабат дӕр фӕсрӕфтӕ игъосун кӕнианӕ гъӕунгти. Хатгай фӕллайгӕ дӕр бакӕнианӕ, фал нӕ нӕ фидӕ уотӕ нӕ уагъта – игъосун кӕнуни фӕсте нӕ алӕкӕддӕр морожентӕ хуӕрунмӕ фӕххонидӕ.
Нӕ минкъий ӕмбурдӕн адтӕй устур территори, хаудтӕнцӕ имӕ цалдӕр минкъий горӕти ӕма дуйне фермитӕ. Фермити игъосун кӕнгӕй мах арӕх нӕ литературӕ баййевианӕ ести рӕзӕбӕл кенӕ ӕйкитӕбӕл, сауӕнгӕ ма нин кӕркитӕ дӕр раттиуонцӕ ӕма сӕ хӕдзарӕмӕ нӕ машини багажникки ласианӕ. Ӕма нӕ фидӕ литературӕбӕл ӕхца рагацау ке бафедидӕ, уомӕ гӕсгӕ нин еци хуӕруйнӕгтӕ устур агъаз адтӕнцӕ.
ИГЪОСУН КӔНУНИ ЗЕУТӔ
Мӕ ниййергутӕ исамал кодтонцӕ патефон ӕма си игъосун кӕнгӕй пайда кодтонцӕ. Ӕз ма уӕд минкъий адтӕн ӕма имӕ нӕ арӕхстӕн. Фал мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй мӕ ниййергутӕн дуккаг бацудти ӕма Библий ахурти рӕстӕг ӕнсувӕр Рутерфорди радзубандитӕ бакӕнунмӕ ӕнхус кӕнун.
Мӕ фидӕмӕ адтӕй 1936 анзи уагъд Форд, ӕма ибӕл рупор ниссагъта. Еци машинӕ нин устур ӕнхус адтӕй Паддзахади хабар игъосун кӕнуни гъуддаги. Цӕмӕй адӕни ’ргом нӕхемӕ раздахтайанӕ, уой туххӕй бал фиццаг музыкӕ бакӕнианӕ, уой фӕсте ба Библибӕл арӕзт радзубанди, фӕстагмӕ ба син литературӕ раттианӕ.
Еухатт мӕ фидӕ ӕ машинӕбӕл ӕрбацудӕй минкъий горӕт Черривейли (штат Канзас) ци парк адтӕй, уордӕмӕ ӕма си ӕ рупор бакодта. Уоми ба алли хуцаубони дӕр берӕ адӕн фӕууолӕфидӕ.
Фал имӕ полиций косгутӕ бацудӕнцӕ ӕма ин загътонцӕ, цӕмӕй ӕ машинӕ паркӕй ратардтайдӕ. Мӕ фидӕ дӕр сӕмӕ байгъуста ӕма парки иннӕ фарс ци гъӕунгӕ адтӕй, уоми ’й ниввардта. Ӕма уордигӕй дӕр хъӕбӕр хуарз игъустӕнцӕ, ке бакӕнидӕ, еци радзубандитӕ. Гъе уотӕ ке игъосун кодтан мӕ фидӕ ӕма мӕ хестӕр ӕнсувӕр Джеррий хӕццӕ, е мин хъӕбӕр берӕ цийнӕдзийнадӕ хаста.Еци ӕнзти сӕрмагонд зеути архайдтан. Еци зеутӕ цудӕнцӕ, адӕн нӕ нихмӕ кӕми адтӕнцӕ, уӕхӕн рауӕнти. Райдайӕни куд радзурдтон, уотӕ бон цъӕхтӕ кӕнун куддӕр райдаидӕ, уотӕ исистианӕ ӕма сосӕггай дуӕртти бун буклеттӕ ниууадзианӕ. Уой фӕсте ба горӕти кӕрон фембӕлианӕ, цӕмӕй ӕй базудтайанӕ, полиций косгутӕ ни еске ниййахӕстонцӕ ӕви нӕ, уой.
Еци ӕнзти ма еу дессаги хузи дӕр игъосун кодтан. Нӕ уӕле плакаттӕ искӕнианӕ ӕма кӕрӕдзей фӕсте ӕгас горӕтбӕл цудан. Гъуди ма ’й кӕнун, еухатт хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ плакаттӕ куд хастонцӕ, уой. Еци плакаттӕбӕл ба финст адтӕй: «Дин ӕй скъӕппӕг ӕма сайд». Уотӕ рацудӕнцӕ еу километр ӕма ’рдӕг, удта фӕстӕмӕ нӕ хӕдзари размӕ ӕрбацудӕнцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, неке сӕ бахъор кодта, еуӕй-еуети ба ма Паддзахади хабари туххӕй фулдӕр базонун дӕр бафӕндадтӕй.
ФИЦЦАГ КОНГРЕССТӔ
Нӕ бийнонтӕй Канзасӕй Техасмӕ конгресмӕ арӕх цудан. Нӕ фидӕ адтӕй ӕфсӕннади косӕг. Уой фӕрци нӕ надихарз федун нӕ гъудӕй, конгресмӕ кенӕ нӕ хеуӕнттӕмӕ ку цӕуианӕ, уӕд. Нӕ мади хестӕр ӕнсувӕр, Фред Уисмар ӕма ӕ бийнойнаг Юлейли, цардӕнцӕ Темпли (штат Техас). Фред рӕстдзийнадӕ базудта 1900 ӕнзти райдайӕни, ӕригон ма ку адтӕй, уӕд. Донаргъуд ку райста, уӕд рӕстдзийнади туххӕй ӕ хуӕртӕн дӕр дзурдта, уони хӕццӕ ба мӕ мадӕн дӕр. Техаси ӕй хуарз фӕсмардтонцӕ, уомӕн ӕма си зоналон лӕггадгӕнӕгӕй лӕггадӕ кодта (уӕди рӕстӕги уотӕ хундтӕнцӕ районон цӕстӕдаргутӕ). Фред адтӕй хӕларзӕрдӕ ӕма цардуарзагӕ адӕймаг, ӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун алкӕддӕр ӕхцӕуӕн адтӕй. Е рӕстдзийнадӕ хъӕбӕр уарзта, ӕма е мӕнбӕл дӕр хуарз ӕрдӕмӕ рабӕрӕг ӕй, ирӕзгӕ кари ма ку адтӕн, уӕд.
1941 анзи ӕмбурд бийнонтӕй поездбӕл рандӕ ан устур конгресмӕ, Сент-Луисмӕ (штат Миссури). Уоми сувӕллӕнтти ӕма ирӕзгӕ кари ка адтӕй, уони ӕгасейдӕр исбадун кодтонцӕ хецӕн бунати, цӕмӕй байгъустайуонцӕ ӕнсувӕр Рутерфорди радзубандимӕ, «Паддзахи сувӕллӕнттӕ», зӕгъгӕ. Радзубанди ку фӕцӕй, уӕд ни алкӕмӕндӕр, адтан ба 15 минемӕй фулдӕр, Рутерфорд ӕма е ’нхусгӕнгутӕ равардтонцӕ дессаги лӕвар – нӕуӕг киунугӕ «Сувӕллӕнттӕ».
1943 анзи апрели ба адтан минкъийдӕр конгресси, горӕт Коффивилли (штат Канзас), хундтӕй «Афонӕ ’й архайунмӕ». Уоми нин фегъосун кодтонцӕ, нур ӕгас ӕмбурдти дӕр «Игъосунгӕнгути скъола» ке цӕудзӕй. Уомӕй уӕлдай ма еци скъолай туххӕй рауагътонцӕ, 52 урокки кӕми адтӕй, уӕхӕн брошюрӕ. Еци анз минкъий фӕстӕдӕр ба мин ӕмбурди адтӕй мӕ фиццаг ихӕслӕвӕрд. Еци конгресс мин уӕлдай ӕхсидзгӕ дӕр адтӕй, уомӕн ӕма си ӕз, удта ма цалдӕр адӕймаги донаргъуд райстан хӕстӕгдӕр ферми, уазал дон кӕми адтӕй, уӕхӕн минкъий цади.
ФӔНДАДТӔЙ МӔ ВЕФИЛИ ЛӔГГАДӔ КӔНУН
1951 анзи скъола фӕдтӕн ӕма мӕ гъудӕй, идарддӕр ци косдзӕн, уой фӕдбӕл унаффӕ рахӕссун. Мӕн дӕр мӕ хестӕр ӕнсувӕр Джеррий хузӕн фӕндадтӕй Вефили лӕггадӕ кӕнун. Ӕма ӕз дӕр исфӕндӕ кодтон курдиадӕ бадӕттун. Уӕхӕн унаффӕ ке рахастон, е мин берӕ арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхаста. Берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй мин мӕ курдиадӕмӕ ӕркастӕнцӕ ӕма мӕмӕ 10 мартъий 1952 анзи Вефилмӕ фӕдздзурдтонцӕ.
Ӕной мӕ фӕндадтӕй Вефили типографий косун ӕма мӕмӕ нифс адтӕй, уордӕмӕ мӕ ке райсдзӕнцӕ. Фал мин баихӕс кодтонцӕ официанти куст, фӕстӕдӕр ба хуӕруйнаг кӕнунмӕ ӕнхус кодтон. Мӕ куст мӕ зӕрдӕмӕ цудӕй, ӕма си берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн. Типографимӕ ба уӕддӕр нӕ бахаудтӕн. Кӕрӕдзей ӕййевгӕ ке кустан, уой фӕрци мин бонигон фадуат фӕууидӕ Вефили библиотекӕмӕ бацӕун ӕма си сабур бунати Библи ӕртасун. Уой фӕрци ме ’ууӕндундзийнадӕ
фӕффедардӕр ӕй ӕма Йеговӕмӕ никки хъӕбӕрдӕр бахӕстӕг дӕн, удта мӕ никки хъӕбӕрдӕр бафӕндадтӕй Вефили фулдӕр рӕстӕг балӕггадӕ кӕнун. Джерри Вефилӕй рандӕ ’й 1949 анзи. Уосӕ ракурдта, хундтӕй Патрици, ӕма Бруклини Вефилмӕ хӕстӕг ӕрцардӕнцӕ. Мӕ лӕггади фиццаг ӕнзти мин етӕ устур ӕнхус фӕцӕнцӕ.Бруклинмӕ ку ’рбацудтӕн, уӕд си Вефили лӕггадгӕнгутӕй ӕвзурстонцӕ, радзубанди баихӕс кӕнӕн кӕмӕн адтӕй ӕма ӕмбурдтӕ ка бӕрӕг кодтайдӕ, уӕхӕн ӕнсувӕрти. Радзубандийӕй уӕлдай ма гъӕуама ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ дӕр цудайуонцӕ. Гъема уӕхӕн кадӕ мӕнмӕ дӕр ӕрхаудтӕй. Еуӕй-еу ӕмбурдтӕмӕ си цӕун гъудӕй еу 320 километри. Мӕ фиццаг радзубандий хӕццӕ ку рацудтӕн, уӕд хъӕбӕр истухстӕн, уӕди рӕстӕги радзубандитӕ еу сахатти бӕрцӕ цудӕнцӕ. Ӕмбурди уӕнгӕ арӕхдӕр поездбӕл бахъӕртинӕ. Гъуди ма ’й кӕнун, 1954 анзи зумӕги, еу хуцаубони, ӕмбурдӕй фӕстӕмӕ Нью-Йоркмӕ ку цудтӕн, уӕд поезди рабадтӕн, ӕма гъӕуама Вефилмӕ еци изӕр ӕрхъӕрдтайнӕ. Фал ӕвваст тухдунгӕ исистадӕй ӕма хъӕбӕр берӕ мет ӕруардта, ӕма поезд дӕр ӕрлӕудтӕй. Гъема гъе уой туххӕй хуцаубони нӕ, фал авдисӕри сӕумӕ 5 сахаттебӕл исхъӕрдтӕн, еци фӕдӕй метрой багӕпп ластон ӕма куддӕр ӕрбацудтӕн, уотӕ Вефили къухнимӕ фӕммедӕг дӕн. Еци бон еу минкъий байрӕгӕмӕ кодтон, удта хъӕбӕр фӕллад адтӕн, уомӕн ӕма ӕгас ӕхсӕвӕ поезди фӕббадтӕн. Фал е неци адтӕй, ци ӕмбурдтӕ бӕрӕг кодтон, уоми ци нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссеринӕ ӕма ӕнсувӕртӕн лӕггадӕ кӕнгӕй, ци цийнӕдзийнадӕ бавзаринӕ, уой хӕццӕ рабаргӕй.
Вефили лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕд фиццаг ӕнзти ӕз дӕр хаййадӕ истон WBBR радиостанций передачити. Еци радиостанци адтӕй синхбӕл Колумбия-Хайтс, 124. Алли къуӕре дӕр си Библий ахур рацӕуидӕ ӕма ӕз адтӕн, уоми ка архайдта, уонӕй сӕ еу. Еци передачити алкӕддӕр фӕдздзоридӕ, Вефили берӕ ӕнзтӕ ка фӕллӕггадӕ кодта, еци ӕнсувӕр Макмиллӕн. Е ’мбӕлттӕ ’й худтонцӕ Мак, ӕма махӕн, ӕригон вефилӕгтӕн, ӕ еузӕрдон лӕггадӕй фӕнзуйнаг адтӕй.
1958 анзи мин баихӕс кодтонцӕ, Галаади скъолай ка ахур кодта, уонӕн ӕнхус кӕнун. Ӕнхус сӕ гъудӕй визӕ райсунмӕ ӕма сӕ нӕуӕг бунатмӕ бахъӕртунмӕ. Уӕди рӕстӕги хуӕдтӕхӕгбӕл билеттӕ хъӕбӕр хъазар адтӕнцӕ, ӕма ефстаг миссионертӕн рауаидӕ фӕттӕхун. Арӕхдӕр Африки ӕма Азий бӕститӕмӕ бахъӕртиуонцӕ уӕзласӕн наутӕбӕл. Уой фӕсте ба хуӕдтӕхгути компанитӕ ку исберӕ ’нцӕ, уӕд билеттӕ дӕр дзӕвгарӕ фӕййасландӕр ӕнцӕ, ӕма миссионертӕй сӕ фулдӕр сӕ нӕуӕг бунӕттӕмӕ хуӕдтӕхгутӕбӕл бахъӕртиуонцӕ.
КОНГРЕСМӔ ФӔЦЦӔУӔН
1960 анзи мин баихӕс кодтонцӕ АЕШ-ӕй Европӕмӕ цуппар хуӕдтӕхӕги байхуӕрсунмӕ фӕккӕсун. Хуӕдтӕхгутӕ гъудӕнцӕ, 1961 анзи Европи ци ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ гъӕуама рацудайдӕ, уордӕмӕ. Ӕз фӕттахтӕн, Гамбурги (Германи) ка цудӕй, еци конгресмӕ. Конгресси фӕсте ӕртӕ вефилаги хӕццӕ машинӕ байхуӕрстан, ӕма рандӕ ан Италимӕ, Роми ци филиал адтӕй, уордӕмӕ. Уордигӕй ба Пиринейи хуӕнхтӕбӕл рандӕ ан Францимӕ, Францийӕй ба – Испанимӕ. Испаний
нин сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ н’ адтӕй. Мах Барселонӕмӕ нӕ хӕццӕ литературӕ ӕрбаластан, ӕнӕуой лӕвӕрттӕ цума ’нцӕ, уотӕ сӕ батухтан, уотемӕй. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин адтӕй испайнаг ӕнсувӕрти фӕууинун! Уой фӕсте рандӕ ан Амстердаммӕ, уордиги ба – фӕстӕмӕ Нью-Йоркмӕ.Еу анзи фӕсте мин баихӕс кодтонцӕ, ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ, «Ӕносон хуарз хабар», зӕгъгӕ, ка цудӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун. Еци конгресс 1963 анзи гъӕуама ӕгас дуйнебӕл дӕр рацудайдӕ. 583 делегати гъӕуама бахаудтайуонцӕ конгресстӕмӕ Европи, Азий, Сабур океани хонсар фарси, Гонолулуй (Гавайтӕ) ӕма Пасадини (штат Калифорни). Уомӕй уӕлдай ма делегаттӕ гъӕуама ӕрлӕудтайуонцӕ Ливани, удта Иорданий ӕма син уоми, Библий ке кой цӕуй, еци бунӕттӕбӕл экскурси искодтайуонцӕ. Вефили ци хайади кустон, е дзуапп лӕвардта билеттӕ балхӕнунбӕл, визитӕ искӕнунбӕл ӕма отельти бунӕттӕ байхуӕрсунбӕл.
МӔ ЦАРДӔМБАЛ
1963 анзи ма мӕ царди еу ма дессаги хабар ӕрцудӕй. Еци анз 29 июни мӕ цард байеу кодтон, Вефили ӕртӕ анзи ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хуӕрӕ Лайлӕ Роджерси хӕццӕ. Нӕ киндзӕхсӕвӕрӕй еу къуӕрей фӕсте мах дӕр байеу ан, уӕдӕйти ке кой кодтон, еци ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ ка цудӕй, еци делегатти къуармӕ. Сӕ хӕццӕ адтан Греций, Египети ӕма Ливани. Бейрутӕй нӕ фӕндадтӕй Йерусалиммӕ фӕттӕхун. Иорданий ба нин сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ н’ адтӕй, удта нин загътонцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕн, дан, еци бӕстӕмӕ визитӕ нӕ дӕттунцӕ ӕма тухстан, уордӕмӕ ку ниттӕхӕн, уӕд ци фӕууодзиан, уобӕл. Расагъӕс кӕнтӕ, куд бадес кодтан, сӕ минкъий аэропорти сӕрбӕл плакат ку фӕууидтан, ӕма ибӕл финст: «Ӕгас нӕмӕ цотӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ!» Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин адтӕй, Библий ке кой цӕуй, еци бунӕтти равзурун. Мах фӕууидтан, Йегови рагон лӕггадгӕнгутӕ кӕми цардӕнцӕ, удта Киристе ӕ апостолти хӕццӕ кӕми игъосун кодта ӕма киристон дин кӕцӕй рацудӕй, еци бунӕттӕ (Гъуд. 13:47).
55 анзей дӕргъи мин Лайлӕ еузӕрдонӕй ӕнхус кӕнуй, ци гъуддӕгтӕ мин баихӕс кӕнунцӕ, уони ӕнхӕст кӕнунмӕ. Мах цалдӕр хатти адтан Испаний ӕма Португалий. Уӕд ма си сӕребарӕй игъосун кӕнуни ба н’ адтӕй. Нӕ бон адтӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бафедар кӕнун, удта син литературӕ ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзаумӕуттӕ ӕрбаласун. Нӕ бон ма адтӕй, горӕт Кадиси (Испани) ахӕстдони ка бадтӕй, еци ӕнсувӕрти дӕр бабӕрӕг кӕнун. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин адтӕй, Библибӕл арӕзт радзубанди син ке бакастӕн ӕма син се ’ууӕндундзийнадӕ ке бафедар кодтон.
1963 анзӕй ба ӕнхус кодтон Африки, Австралий, Астӕуккаг ӕма Хонсар Америки, Европи, Азий, удта Гавайти, Нӕуӕг Зеландий ӕма Пуэрто-Рикой ӕхсӕнадӕмон конгресстӕмӕ ка цудӕй, уонӕн. Лайли хӕццӕ берӕ устур конгрессти адтан. Сӕ еу адтӕй 1989 анзи Варшави (Польшӕ). Уордӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ дуйне хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Уӕрӕсейӕй. Етӕ уӕхӕн устур конгресс некӕдма фӕууидтонцӕ! Уоми базонгӕ ан, сӕ дини туххӕй берӕ ӕнзти дӕргъи Советон Цӕдеси ахӕстдӕнтти ка фӕббаттӕй, уӕхӕн ӕнсувӕрти хӕццӕ.
Уомӕй уӕлдай ма мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй ӕгас дуйнебӕл дӕр Вефили бийнонти ӕма миссионерти бӕрӕг кӕнун ӕма сӕ федар кӕнун. Фӕстаг хатт адтан Хонсар Корейи филиали. Уоми бабӕрӕг кодтан, Сувони ахӕстдони ци 50 ӕнсувӕри бадтӕй, уони. Се ’гас дӕр адтӕнцӕ федар ӕма зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнуни барӕ син кӕд уодзӕй, уомӕ. Еци ӕнсувӕртӕ нӕ куд хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! (КУД ФӔББЕРӔ КӔНӔН, УОЙ УИНГӔЙ ЦИЙНӔ КӔНУН
Берӕ ӕнзти дӕргъи ӕй мӕхе цӕститӕй уидтон, Йегови адӕн куд фулдӕр кӕнунцӕ, уой. 1943 анзи, донаргъуд ку райстон, уӕд ӕгас зӕнхӕбӕл адтӕй еу 100 000 игъосунгӕнӕги. Нур ба Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуй 8 милиуан адӕймаги 240 бӕстеми ӕма территорий. Еци гъуддаги устур хъиамӕт бакодтонцӕ, Галаади скъола ка фӕцӕй, етӕ. Мӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадтон, сӕ хӕццӕ ӕмгуст ке кодтон ӕма сӕ кумӕ иснисан кӕниуонцӕ, уордӕмӕ бахъӕртунмӕ син ке ӕнхус кодтон, уой.
Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ке равзурстон ӕма Вефилмӕ курдиадӕ ке байдзаг кодтон, уобӕл абони дӕр хъӕбӕр цийнӕ кӕнун. Уӕдӕй абони уӕнгӕ мӕ Йеговӕ берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта. Уомӕй уӕлдай ма Лайли хӕццӕ дӕсгай ӕнзти дӕргъи Бруклини аллихузи ӕмбурдти фӕллӕггадӕ кодтан ӕма си иссирдтан, абони уӕнгӕ дӕр ма ке хӕццӕ лимӕн кӕнӕн, берӕ уӕхӕн хуарз ӕмбӕлттӕ.
Нур дӕр ма Вефили лӕггадӕ кӕнун ӕма Лайлӕй хъӕбӕр боз дӕн, алкӕддӕр мӕ фарсмӕ ке адтӕй, уой туххӕй. Кӕд мӕбӕл 84 анзи цӕуй, уӕддӕр мӕ ихӕстӕ зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнун. Мӕ куст ӕй, филиалмӕ ци финстӕгутӕ ӕрбацӕуй, уони ӕртасун.
Йегови дессаги организаций ке дӕн ӕма аци дуйней адӕн Хуцауи адӕнӕй бонӕй-бонмӕ куд хъӕбӕрдӕр хецӕнгӕнгӕ цӕунцӕ, уой ке уинун, уой туххӕй мӕхе хъӕбӕр амондгун хонун. Абони никки хуӕздӕр лӕдӕрӕн Малахий 3:18 финст дзурдтӕ: «Уӕд нӕуӕгӕй фӕууиндзиайтӕ, рӕстгӕнӕг ӕма фудгӕнӕг, Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма ин ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, етӕ кӕрӕдземӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, уой». Бонӕй-бонмӕ Сайтани дуйне фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй. Адӕнӕн нифс нӕбал ес ӕма сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ рохс кӕнуй. Фал Йегови ка уарзуй ӕма ин ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ ба аци зин рӕстӕги цӕргӕй дӕр ӕнцӕ амондгун ӕма син ес федар нифс федӕнӕй. Мадта куд устур кадӕ ӕй Хуцауи Паддзахади хабар игъосун кӕнун! (Матф. 24:14). Мах не ’гас дӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн,– ӕма нӕ берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун дӕр нӕбал гъӕуй,– Хуцауи Паддзахадӕ аци цардӕвӕрдӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй ӕма нӕуӕг дуйне кӕд ралӕудзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Уоми Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дессаги арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнцӕ, уодзӕнцӕ ӕнӕнез ӕма ӕносмӕ амондгун цард кӕндзӕнцӕ.