Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Бӕрнон ӕнсувӕртӕ, Тимофей уин фӕнзуйнаг уӕд

Бӕрнон ӕнсувӕртӕ, Тимофей уин фӕнзуйнаг уӕд

ФАРӔ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр мингай ӕнсувӕрти иснисан кодтонцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй. Кӕд ду дӕр еци ӕнсувӕртӕмӕ хауис, уӕд, ӕвӕдзи, хъӕбӕр цийнӕ кӕнис, еци кадгин ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнуни кадӕ дӕмӕ ке ӕрхаудтӕй, уобӕл.

Иннердиги ба, ӕвӕдзи, тухсгӕ дӕр кӕнис. Еу ӕригон хестӕр нӕлгоймаг, Джейсон, загъта: «Хестӕр нӕлгоймагӕй мӕ ку иснисан кодтонцӕ, уӕд мӕмӕ фиццаг уотӕ кастӕй, ӕма мин мӕ барӕ ӕгӕр берӕ ихӕстӕ бакодтонцӕ». Моисей ӕма Йеремимӕ дӕр уотӕ кастӕй, ӕма сӕ бон не ’суодзӕй, Йеговӕ син ци баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнун (Рац. 4:10; Йер. 1:6). Кӕд дӕумӕ дӕр уӕхӕн гъудитӕ фӕууй, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй сӕ хӕццӕ тох кӕнун ӕма дӕ ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнун? Ӕркӕсӕн Киристей ахуркӕнуйнаг Тимофеййи хабармӕ (Гъуд. 16:1–3).

ТИМОФЕЙЙИ ФӔНЗЕТӔ

Тимофейбӕл, ӕвӕдзи, 20 анзей бӕрцӕ кенӕ минкъий фулдӕр ку цудӕй, уӕд ӕй апостол Павел ӕ хӕццӕ игъосун кӕнуни балцимӕ райста. Тимофей ма уӕхӕн ӕригон ке адтӕй, уой туххӕй, ӕвӕдзи, ӕ нифс нӕ хаста ӕ нӕуӕг ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ (1 Тим. 4:11, 12; 2 Тим. 1:1, 2, 7). Фал уобӕл дӕс анзи ку рацудӕй, уӕд Павел Филиппти ӕмбурдмӕ ниффинста: «Нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци [мӕмӕ] нифс ес, ӕма уӕмӕ тагъд Тимофеййи ке рарветдзӕн... Мӕнӕн ӕндӕр уӕхӕн адӕймаг нӕййес» (Фил. 2:19, 20).

Тимофей уӕхӕн хуарз хестӕр нӕлгоймаг цӕй фӕрци иссӕй? Ӕркӕсӕн, ӕ цӕветтонӕй цӕхуӕн ӕхсӕз гъуддагебӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

1. Адӕнбӕл зӕрдиагӕй тухстӕй. Павел Филиппти ӕнсувӕртӕн загъта, Тимофей сӕбӕл зӕрдиагӕй ке батухсдзӕй (Фил. 2:20). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, Тимофей адӕнбӕл тухстӕй. Фӕндадтӕй ӕй, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кодтайуонцӕ ӕма ӕхебӕл нӕ ауӕрста, цӕмӕй син еци гъуддаги ӕнхус кодтайдӕ.

Цӕветтонӕн райсӕн автобуси шофери. Зӕгъӕн, алли остановкӕмӕ дӕр афойнадӕбӕл бахъӕртун ин адӕни исбадун кӕнунӕй сӕйрагдӕр ку уа, уӕд ӕй хуарз шофер исхонӕн уодзӕй? Мадта уӕхӕн шофери хузӕн ма уотӕ! Хестӕр нӕлгоймагӕй 20 анземӕй фулдӕр ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр, Уильям, сӕ барӕ цӕхуӕндӕр кадгин ихӕстӕ кӕмӕн бакӕнунцӕ, уонӕн фӕззӕгъуй: «Ӕнсувӕрти уарзетӕ. Уӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнгӕй фиццагидӕр сагъӕс кӕнтӕ, уони ци тухсун кӕнуй, уобӕл, алцидӕр пъланбӕл куд уа, уобӕл нӕ, фал».

2. Фиццаг бунати ин адтӕй игъосун кӕнуни гъуддаг. Тимофей иннӕ киристӕнттӕй цӕмӕй хецӕн кодта, уой туххӕй Павел загъта: «Иннетӕ еугурӕйдӕр, сӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл сагъӕс кӕнунцӕ, Йесо Киристебӕл нӕ, фал» (Фил. 2:21). Павел аци дзурдтӕ ку ниффинста, уӕд адтӕй Роми ӕма ’й уидта, бунӕттон киристӕнттӕ сӕ царди гъуддӕгтӕбӕл ке иссӕнцӕ. Етӕ игъосун кӕнуни гъуддаги ӕгас хъауритӕй нӕ архайдтонцӕ. Фал Тимофеййӕй уотӕ зӕгъӕн н’ адтӕй. Фулдӕр игъосун кӕнунмӕ ин фадуат ку фӕззиннидӕ, уӕд си алкӕддӕр испайда кӕнидӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма е дӕр пахампар Исаййи хузӕн загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ» (Ис. 6:8).

Дӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй дӕхе гъуддӕгтӕбӕл дӕр ӕма ӕмбурди гъуддӕгтӕбӕл дӕр хъӕртай? Фиццагидӕр бал расагъӕс кӕнӕ, царди дин сӕйрагдӕр ци ӕй, уобӕл. Павел дӕр уотӕ загъта: «Ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнтӕ» (Фил. 1:10). Хуцауи цӕсти ӕхсидзгӕ ци ӕй, е дӕуӕн дӕр ӕхсидзгӕ уӕд. Дуггаги ба дӕ цард фӕххумӕтӕгдӕр кӕнӕ. Дӕхе хезӕ, дӕ рӕстӕг ӕма дин дӕ хъауритӕ ка есуй, еци ӕнӕпайда гъуддӕгтӕй. Павел Тимофеййӕн уӕхӕн унаффӕ равардта: «Ӕригон адӕймаги зӕрди ци монцтӕ фӕззиннуй, уонӕй идард ледзӕ. Ӕма уой бӕсти тундзӕ рӕстдзийнадӕмӕ, ӕууӕндундзийнадӕмӕ, уарзондзийнадӕмӕ ӕма фарнӕмӕ» (2 Тим. 2:22).

3. Хуцауи гъуддаги ӕ хъауритӕ не ’вгъау кодта. Павел филиппӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта: «Тимофеййи туххӕй... зонетӕ, ӕхе цӕхуӕн адӕймагӕй бавдиста, уой: сувӕллон ӕ фиди хӕццӕ куд уа, уотӕ мӕ хӕццӕ цагъари хузӕн лӕггадӕ кодта хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаги» (Фил. 2:22). Тимофей зийнадӕгӕнагӕ н’ адтӕй. Е Павели хӕццӕ ӕмгуст кодта, ӕхебӕл нӕ ауӕрста, уотемӕй, ӕма уой фӕрци хуарз ӕмбӕлттӕ иссӕнцӕ.

Абони Йегови организаций хъӕбӕр берӕ куст ес. Еци куст дин ӕрхӕсдзӕй устур цийнӕдзийнадӕ, удта уой фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕхе ӕнгомдӕр бӕтдзӕнӕ. Мадта дӕ нисан уӕд Хуцауи гъуддаги «алкӕддӕр берӕ хъиамӕт кӕнун» (1 Кор. 15:58).

4. Цӕбӕл исахур ӕй, уомӕ гӕсгӕ архайдта. Павел Тимофеймӕ ниффинста: «Ду... алцӕмӕйдӕр мӕн бафӕнзтай: ӕз иннети куд ахур кӕнун, куд цӕрун, цӕмӕ тундзун, уой, ме ’ууӕндундзийнадӕ, мӕ берӕфӕразондзийнадӕ, мӕ уарзондзийнадӕ, мӕ федардзийнадӕ» (2 Тим. 3:10). Тимофей цӕбӕл исахур ӕй, уомӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодта, ӕма уой фӕрци цӕттӕ адтӕй фулдӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ (1 Кор. 4:17).

Хуцауи гъуддаги дин фӕнзуйнаг ка ӕй, удта дӕуӕй хестӕр ӕма фӕлтӕрдгундӕр ка ӕй, уӕхӕн ӕмбал дин ес? Кӕд нӕ, уӕд дӕхецӕн уӕхӕн ӕмбал иссерӕ. Берӕ ӕнзти дӕргъи хестӕр нӕлгоймагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр, Том, радзурдта: «Еу фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаг мӕмӕ ӕ гъос фӕддардта ӕма мин берӕ цидӕртӕ байамудта. Арӕх си унаффӕ дӕр ракоринӕ ӕма еци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтон. Уой фӕрци тагъд рӕстӕги фӕннифсгундӕр дӕн».

5. Алкӕддӕр ӕхебӕл архайдта. Павел Тимофеййӕн бафӕдзахста: «Дӕхебӕл косӕ, цӕмӕй Хуцаубӕл еузӕрдон уай – е уӕд дӕ нисан» (1 Тим. 4:7). Зӕгъӕн, кӕд спортсменӕн тренер фӕууй, уӕддӕр ӕхе дӕр фӕгъгъӕуй тренировкитӕ кӕнун. Павел Тимофеййӕн загъта: «Ӕгас хъауритӕй уобӕл архайӕ, цӕмӕй иннетӕн гъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕма сӕ ахур кӕнай. [...] Уонӕбӕл сагъӕс кӕнӕ, дӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр еци гъуддӕгтӕмӕ исаразӕ, цӕмӕй дин де ’нтӕстдзийнадӕ алкедӕр уина» (1 Тим. 4:13–15).

Дӕу дӕр алкӕддӕр гъӕуй дӕхебӕл архайун. Идарддӕр дӕр де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ ӕма дӕ гъос дарӕ, нӕ организаци нин ци нӕуӕг амундтӕ фӕддӕдтуй, уонӕмӕ. Удта дӕхецӕй ӕгӕр нифсгун макӕд исуо. Уотӕ макӕд сагъӕс кӕнӕ, ӕма дӕмӕ фагӕ фӕлтӕрддзийнадӕ ес, цӕмӕй ӕмбурди ести гъуддаг ниллух кӕнай, нӕ публикацити ӕй ма рартасай, уотемӕй. Тимоффеййи хузӕн «алкӕддӕр дӕхемӕ кӕсӕ, удта дӕ гъос дарӕ, иннетӕн куд ӕма ци амонис, уомӕ» (1 Тим. 4:16).

6. Ӕ нифс дардта Хуцауи сугъдӕг хъаурӕбӕл. Павел Тимофеййӕн загъта: «Нӕ медӕг ци сугъдӕг хъаурӕ цӕруй, уой фӕрци гъӕуай кӕнӕ, дӕ барӕ ка ӕй, еци хӕзна» (2 Тим. 1:14). Цӕмӕй Тимофей ӕ лӕггадӕ «гъӕуай кодтайдӕ», гъома ин аргъ кодтайдӕ ӕма идарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайдтайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй ӕ нифс Хуцауи сугъдӕг хъаурӕбӕл дарун.

Дӕсгай ӕнзти дӕргъи хестӕр нӕлгоймагӕй ка фӕллӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн ӕнсувӕр, Дональд, загъта: «Сӕ барӕ цӕхуӕндӕр кадгин ихӕстӕ кӕмӕн ес, еци ӕнсувӕртӕ гъӕуама аргъ кӕнонцӕ, Хуцауи хӕццӕ син ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн. Уотемӕй „сӕ хъауритӕбӕл хъауритӕ ӕфтуйдзӕй“. Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ ку коронцӕ ӕма сугъдӕг хъаурӕй ци менеугутӕ цӕуй, уони сӕ уодигъӕди ку федар кӕнонцӕ, уӕд се ’нсувӕртӕн уодзӕнцӕ уодӕнцойни хуасӕ» (Пс. 84:7; 1 Пет. 4:11).

ЦИ КАДӔ ДӔМӔ ӔРХАУДТӔЙ, УОМӔН АРГЪ КӔНӔ

Куд ӕхцӕуӕн ӕй, Хуцауи гъуддаги зӕрдиагӕй ка архайуй ӕма сӕ барӕ цӕхуӕндӕр кадгин ихӕстӕ кӕмӕн бакодтонцӕ, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ уотӕ берӕ ке ’нцӕ, е! Статьяй райдайӕни ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Джейсон загъта: «Хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕдӕй ардӕмӕ берӕ цидӕртӕ базудтон ӕма берӕ нифсгундӕр исдӕн. Хестӕр нӕлгомаг ке дӕн, уобӕл нур хъӕбӕр цийнӕ кӕнун, ӕма уой мӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайун!»

Идарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайдзӕнӕ, цӕмӕй дӕ ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнай? Дӕ рази уӕхӕн нисан исӕвӕрӕ, цӕмӕй Тимофеййи фӕнзай. Уотӕ ку кӕнай, уӕд ду дӕр Хуцауи адӕнӕн уодзӕнӕ уодӕнцойни хуасӕ.