Кӕсгути фарстатӕ
Йегови Ӕвдесӕнти уагъд публикацитӕ къопи кӕнӕн ӕма сӕ аллихузи сайтти ӕма социалон сетьти ӕвӕрӕн цӕмӕннӕ ес?
Нӕ организаци ци Библибӕл арӕзт публикацитӕ уадзуй, уони лӕвар ке фӕддӕттӕн, уой туххӕй кӕмӕдӕрти уотӕ фӕккӕсуй, ӕма сӕ ес къопи кӕнӕн ӕма аллихузи сайтти кенӕ социалон сетьти ӕвӕрӕн. Фал уотемӕй закъонмӕ гӕсгӕ нӕ организаций бартӕ ихӕлд цӕунцӕ, ӕма е ӕркӕнуй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕмӕ дӕр. Нӕ сайтти «Условия использования» * ка хуннуй, еци хаййи финст ӕй, уӕхӕн барӕ ке некӕмӕн ес, цӕмӕй нӕ сайтти логотиптӕ, электронон публикацитӕ, хузтӕ, музыкӕ, видеотӕ ӕма статьятӕ къопи кӕна ӕма сӕ ӕндӕр ескӕци сайтти кенӕ социалон сетьти ӕвӕра. Цума уотӕ цӕмӕн ӕй?
Ӕгас бартӕ дӕр гъӕуайгонд цӕунцӕ. Рӕстдзийнадӕ ка ниууагъта, етӕ, удта, нӕ нихмӕ ка цӕуй, етӕ дӕр сӕ сайтти нӕ публикацитӕй фӕппайда кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови Ӕвдесӕнти, удта иннети дӕр еци сайттӕмӕ басайонцӕ. Уӕхӕн цидӕртӕ си ниффинсунцӕ, цӕмӕй сӕ ка кӕса, уонӕмӕ дузӕрдуггаг гъудитӕ фӕззинна (Пс. 26:4; Ӕмб. 22:5). Кадӕртӕ ба нин нӕ публикацити ӕрмӕгӕй кенӕ логотиптӕй испайда кӕнунцӕ, реклами ӕма аллихузи электронон приложенити. Кӕмӕндӕрти ба сӕ продукцибӕл фӕууй нӕ публикацитӕй ист хузтӕ кенӕ нӕ логотиптӕ. Фал нӕ сайтти комкоммӕ финст ӕй, ӕгас бартӕ дӕр гъӕуайгонд ке цӕунцӕ ӕма си цидӕриддӕр ӕрмӕг ӕма логотиптӕ ес, уони закъонмӕ гӕсгӕ къопи кӕнӕн нӕййес. Ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ организацийӕн, уӕхӕн барӕ ес, цӕмӕй сӕ ка къопи кӕнуй, уонӕбӕл тӕрхондонӕмӕ гъаст бадӕтта (Ӕмб. 27:12). Фал адӕнӕн, уой хӕццӕ ба нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн дӕр уӕхӕн барӕ ку дӕттӕн, цӕмӕй нин нӕ публикацитӕ ӕндӕр сайтти ӕвӕронцӕ кенӕ ести рауӕйӕ кӕнуни туххӕй нӕ логотиптӕй пайда кӕнонцӕ, уӕд нӕ бон нӕ уодзӕй, нӕ нихмӕ ка цӕуй, уонӕбӕл ӕма аллихузи компанитӕбӕл гъаст бадӕттун.
Нӕ публикацитӕ нӕхе сайттӕй нӕ, фал ӕндӕр сайттӕй ку рафинсай, уӕд е цӕмӕй тӕссаг ӕй? Йеговӕ ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг дӕттун баихӕс кодта ӕрмӕстдӕр «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕн» (Матф. 24:45). Ӕма нин еци «цагъар» ба хуӕруйнаг дӕттуй ӕрмӕстдӕр нӕ организаций сайтти фӕрци. Удта нӕ организацийӕн ес ӕрмӕстдӕр ӕртӕ электронон приложений. Нӕ сайтти ӕма нӕ приложенити рекламӕ нӕ фӕууй, удта федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма си, Сайтани дуйней зундӕй гъӕстӕ ка ӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ дӕр нӕййес. Фал нӕ публикацитӕ ӕндӕр сайттӕй кенӕ приложенитӕй ку рафинсай, уӕд уотӕ зӕгъӕн нӕбал уодзӕй, ӕма си ӕййивд ӕппундӕр неци ӕрцудӕй (Пс. 18:26; 19:8).
Уомӕй уӕлдай ма, алкӕмӕндӕр ӕ бон ӕ гъудитӕ ниффинсун кӕми ӕй, уӕхӕн сайтти нӕ публикацитӕ ку исӕвӕрунцӕ, уӕд, рӕстдзийнадӕ ка ниууагъта кенӕ нӕ нихмӕ ка ӕй, уонӕн Йегови организаций нихмӕ дзорунмӕ фадуат фӕззиннуй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кадӕртӕ уӕхӕн сайтти райдайунцӕ нӕ организаций сӕрбӕл дзорун. Фал уомӕй не знӕгти къох аразунцӕ, цӕмӕй Йегови номбӕл цъифӕ калонцӕ. Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, уӕхӕн сайттӕй, нӕ нихмӕ ка цӕуй, уонӕн «зунд амонунмӕ» пайда кӕнун раст ке нӕй (2 Тим. 2:23–25; 1 Тим. 6:3–5). Никкидӕр ма куд фӕууидтан, уотемӕй кадӕртӕ нӕ организаций номӕй, Разамонӕг совети номӕй кенӕ, Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕрти номӕй хецӕн сайттӕ искӕнунцӕ, удта аллихузи социалон сетьти сӕ номӕй аккаунттӕ искӕнунцӕ. Фал Разамонӕг совети ка ’нцӕ, еци ӕнсувӕртӕй еуемӕн дӕр нӕййес ӕхе сайт, удта социалон сетьтӕй дӕр нӕ пайда кӕнунцӕ.
Адӕнӕн се ’ргом ӕздахӕн нӕ сайттӕмӕ ӕма уотемӕй «хуарз хабар» парахат кӕнӕн (Матф. 24:14). Нӕ организаци алкӕддӕр фӕййархайуй, цӕмӕй нӕмӕ игъосун кӕнунмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, етӕ,– нӕ сайттӕ уонцӕ ӕви нӕ приложенитӕ,– хуӕздӕрӕй-хуӕздӕр кӕнонцӕ. Мах фӕндуй, цӕмӕй еци косӕндзаумӕуттӕ алкӕмӕндӕр пайда хӕссонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ «Условия использования» ка хуннуй, еци хаййи финст ес, нӕ бон ке ӕй элекронон почтӕй иннетӕмӕ ӕрветун электронон публикацитӕ кенӕ нӕ сайти цӕхуӕндӕр ӕрмӕгмӕ ссылкитӕ. Фулдӕр базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕнӕн се ’ргом нӕ сайттӕмӕ ку ’здахӕн, уӕд син уотемӕй ӕнхус кӕндзиан, цӕмӕй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг есонцӕ, Йеговӕ еци гъуддаг ке барӕ бакодта, еци «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕй».
^ 1 абз. Аци хаймӕ ссылкӕ ес нӕ сайтти сӕйраг фарсбӕл бунӕй. Ӕма си ци амундтӕ ес, етӕ хаунцӕ, нӕ сайтти ци публикацитӕ ес, уонӕй се ’гасемӕ дӕр.