Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йегови хузӕн тӕрегъӕдгӕнагӕ уо

Йегови хузӕн тӕрегъӕдгӕнагӕ уо

«Йеговӕ, Йеговӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау» (РАЦ. 34:6).

ЗАРТӔ: 57, 147

1. Йеговӕ ӕхе Моисеййӕн куд раргом кодта ӕма цӕмӕн?

ЕУХАТТ Хуцау Моисеййи хӕццӕ ку дзурдта, уӕд ин раргом кодта ӕ ном ӕма ӕ менеугутӕ. Ӕ бон адтӕй зӕгъун, цӕхуӕн ӕнӕкӕрон хъаури ӕма зунди хецау ӕй, уой, фал ин фиццагидӕр загъта, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй. (Бакӕсӕ Рацуд 34:5–7.) Моисеййи фӕндадтӕй федарӕй зонун, Йеговӕ ӕ фарсмӕ ке уодзӕй ӕма ’й ке федар кӕндзӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ ин Йеговӕ ранимадта, ӕ лӕггадгӕнгутӕн ӕнхус кӕнунмӕ ’й ка фӕрразӕнгард кӕнуй, еци менеугутӕ (Рац. 33:13). Йеговӕ махбӕл дӕр уотӕ ке тухсуй, е нин устур уодӕнцойнӕ хӕссуй. Аци статьяй лӕмбунӕгдӕр радзордзиан, иннети зин ке лӕдӕрӕн ӕма нӕ банхус кӕнун ке фӕндуй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, уобӕл.

2, 3. а) Адӕймагӕн иннети зин лӕдӕрун ӕ тоги ке ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? б) Библий иннетӕн тӕрегъӕд кӕнуни туххӕй ци финст ес, уомӕ ӕркӕсун цӕмӕн гъӕуй?

2 Йеговӕ тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ӕй ӕма адӕни дӕр ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста. Уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй, Йегови ка нӕ зонуй, етӕ дӕр иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун ке зонунцӕ, е (Райд. 1:27). Иннетӕн ка фӕттӕрегъӕд кӕнидӕ, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ Библий берӕ ес. Еухатт паддзах Соломони равзарун гъудӕй, дууӕ силгоймагемӕй сувӕллони мадӕ ка ӕй, уой, ӕма бардзурд равардта, цӕмӕй сувӕллони дууӕ дехи фӕккодтайуонцӕ. Ӕцӕг мадӕ уой ку райгъуста, уӕд ӕ бӕдолӕн фӕттӕрегъӕд кодта ӕма уобӕл дӕр арази адтӕй, цӕмӕй сувӕллони иннӕ силгоймагӕн равардтайуонцӕ (1 Пад. 3:23–27). Иннӕ уӕхӕн адӕймаг ба адтӕй фараони кизгӕ. Минкъий Моисеййи ку иссирдта, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй, дзиуиттаг сувӕллон ке адтӕй ӕма ’й уодӕгасӕй уадзӕн ке н’ адтӕй. Фал ин батӕрегъӕд кодта ӕма ’й ӕхе сувӕллони хузӕн исхаста (Рац. 2:5, 6).

3 Цӕмӕн гъӕуй расагъӕс кӕнун, иннети зин лӕдӕрӕн ӕви нӕ, уобӕл? Уомӕн ӕма Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕй фӕнзӕн (Еф. 5:1). Йеговӕ нӕ еци менеуӕги хӕццӕ сфӕлдиста, фал ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ес, ӕма фулдӕр нӕхе сагъӕс кӕнӕн. Еуӕй-еухатт зин фӕууй равзарун, иннетӕн банхус кӕнай ӕви дӕхе сагъӕс бакӕнай. Цума нин ци банхус кӕндзӕй фулдӕр иннети сагъӕс кӕнун? Фиццаг: рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ, цӕмӕй ӕркӕсай, Йеговӕ ӕхуӕдӕг, удта еуӕй-еу адӕн иннетӕн куд тӕрегъӕд кодтонцӕ, еци хабӕрттӕмӕ. Дуккаг: расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон куд ӕй Хуцауи фӕнзун ӕма дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уобӕл.

ЙЕГОВӔ – ТӔРЕГЪӔДГӔНАГӔ ХУЦАУ

4. а) Йеговӕ Содоммӕ ӕ изӕди цӕмӕн рарвиста? б) Лоти бийнонти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

4 Йеговӕ тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй, е Библий берӕ хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй. Ӕргъуди кӕнӕн, Лотӕн куд банхус кодта, уой. Лот рӕстгӕнӕг адӕймаг адтӕй ӕма Содом ӕма Гоморри адӕн ци цъумур цард кодтонцӕ, уомӕ кӕсгӕй «гъезӕмарӕ кодта». Еци адӕн Хуцауи нӕ нимадтонцӕ ӕма сӕ Йеговӕ исфӕндӕ кодта фесафун (2 Пет. 2:7, 8). Лотмӕ ба изӕди рарвиста, цӕмӕй ин еци хабар фегъосун кодтайдӕ ӕма ин балӕдӕрун кодтайдӕ, уордиги ӕй ледзун ке гъудӕй, уой. Библий финст ес: «Фал Лот нӕ тагъд кодта, ӕма уӕд еци дууӕ лӕги Лотӕн ӕма ӕ уосӕн, удта ӕ дууӕ кизгемӕн дӕр сӕ къохтӕбӕл фӕххуӕстӕнцӕ ӕма сӕ горӕтӕй ракодтонцӕ, уомӕн ӕма Йеговӕ Лотӕн фӕттӕрегъӕд кодта» (Райд. 19:16). Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути зин уавӕр хуарз ке фӕллӕдӕруй (Ис. 63:7–9; Иак. 5:11; 2 Пет. 2:9).

5. 1 Иоанни 3:17 ӕма ӕндӕр стихтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ иннети зин лӕдӕрун?

5 Йеговӕ ӕхуӕдӕг тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй, уомӕй уӕлдай ма ӕ адӕни дӕр ахур кӕнуй, цӕмӕй иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун зононцӕ. Ӕркӕсӕн, израилӕгтӕн ци закъӕнттӕ равардта, уонӕй еуемӕ. Кедӕр дарӕс нӕхсти ка райста, еци адӕймаг куд гъӕуама бакодтайдӕ? (Бакӕсӕ Рацуд 22:26, 27.) Зӕрдӕ кӕбӕл н’ адтӕй, е ӕй ӕхецӕн ниууагътайдӕ, ӕма уӕд, кӕмӕй ӕй райста, уомӕн, ӕхсӕвӕ ӕхе цӕмӕй бамбарзтайдӕ, уӕхӕн н’ адтайдӕ. Фал Йеговӕ ӕ адӕни ахур кодта иннети зин лӕдӕрун. Хуцауи адӕн гъӕуама тӕрегъӕд кӕнун зононцӕ. Аци закъон ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Зин уавӕри ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон естӕмӕй банхус кӕнун ку уа, уӕд байархайдзиан, цӕмӕй син сӕ зин уавӕр фӕррӕуӕгдӕр кӕнӕн. (Кол. 3:12; Иак. 2:15, 16; Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:17.)

6. Йеговӕ ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн ке фӕттӕрегъӕд кӕнидӕ, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Йеговӕ израилӕгтӕн фӕттӕрегъӕд кӕнидӕ, кӕд ӕ нихмӕ рацӕуиуонцӕ, уӕддӕр. Библий кӕсӕн: «Сӕ фиддӕлти Хуцау Йеговӕ сӕ ӕдзох фӕдзахста ӕ минӕвӕртти фӕрци, ӕппунӕдзох сӕмӕ сӕ ӕрвиста, уомӕн ӕма ӕ адӕнбӕл ӕма ӕ цӕрӕнбунатбӕл ӕ зӕрдӕ ристӕй» (2 Анз. 36:15). Уотӕ махӕн дӕр гъӕуама нӕ зӕрдӕ реса, Йегови ка нӕма базудта, фал ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнун ӕма Хуцауи ӕмбал исун ке бон ӕй, еци адӕнбӕл. Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕ тӕрхони бон еске фесӕфа (2 Пет. 3:9). Мадта цалинмӕ рӕстӕг ес, уӕдмӕ гъӕуама алкӕмӕндӕр игъосун кӕнӕн, Йегови тӕрхони бон ке ӕрхӕстӕг кӕнуй, уой, ӕма син ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцаумӕ ӕрбахӕстӕг уонцӕ.

7, 8. Еу бийнонтӕ цӕмӕннӕ гурусхӕ кӕнунцӕ, Йеговӕ син ке банхус кодта, уобӕл?

7 Мах рӕстӕги дӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ сӕхебӕл бавзурстонцӕ, Йеговӕ цӕхуӕн тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ӕй, уой. Зӕгъӕн, 1990 ӕнзти райдайӕни Босний адӕнихӕттитӕ кӕрӕдзей цӕгъдун райдӕдтонцӕ. Еци рӕстӕг 12-анздзуд биццеу Милӕн *, е ’нсувӕр, ӕ ниййергутӕ, удта ма ӕндӕр Ӕвдесӕнтӕ дӕр автобуси цудӕнцӕ Боснийӕй Сербимӕ. Цудӕнцӕ конгресмӕ, ӕма уоми Милӕни ниййергутӕ гъӕуама донаргъуд райстайуонцӕ. Арӕнмӕ ку бахъӕрдтӕнцӕ, уӕд ӕй ӕфсӕддонтӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Милӕн ӕма ӕ бийнонтӕ ӕндӕр адӕнихаттӕй ке ’нцӕ, уой ӕма сӕ автобусӕй рахезун кодтонцӕ. Иннетӕн ба загътонцӕ, идарддӕр цотӕ, зӕгъгӕ. Уоми сӕ дууӕ бони фӕддардтонцӕ. Уой фӕсте ба еу офицер ӕ командирмӕ рацийӕй бадзурдта, ӕма ’й бафарста, анӕн ци кӕнон, зӕгъгӕ. Офицер хӕстӕг ке лӕудтӕй, уомӕ гӕсгӕ командири дзурд хуарз игъустӕй: «Еуварс сӕ рахонӕ ӕма сӕ фехсӕ!»

8 Цалинмӕ офицер дзоргӕ кодта, уӕдмӕ бийнонтӕмӕ дууӕ ӕнӕзонгӕ адӕймаги бацудӕнцӕ, ӕма син сосӕггай загътонцӕ, мах дӕр Ӕвдесӕнтӕ ан ӕма нин автобуси ӕнсувӕртӕ уӕ хабар радзурдтонцӕ, зӕгъгӕ. Еци дууӕ Ӕвдесӕни Милӕн ӕма е ’нсувӕрӕн загътонцӕ, цӕмӕй син сӕ машини рабадтайуонцӕ, уомӕн ӕма арӕнбӕл сувӕллӕнтти гӕгъӕдитӕмӕ нӕ кастӕнцӕ. Ниййергутӕн ба загътонцӕ, цӕмӕй арӕнбӕл ӕндӕрбӕлти бацудайуонцӕ. Милӕн уой ку райгъуста, уӕд ӕй нӕбал лӕдӕрдтӕй цийнӕ кӕна ӕви кӕугӕ. Ниййергутӕ ба сӕ рафарстонцӕ: «Ӕцӕгӕйдӕр уӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нӕ уотӕ ӕнцонтӕй рауадздзӕнцӕ?» Фал уӕддӕр уони дзурдмӕ гӕсгӕ бакодтонцӕ – арӕнбӕл бацудӕнцӕ ӕма уоми сӕ сувӕллӕнттӕбӕл рамбалдӕнцӕ. Ӕфсӕддонтӕ ба сӕ гъуди дӕр не ’ркодтонцӕ. Гъема ӕмбурд бийнонтӕй дӕр, конгресс кӕми цудӕй, еци горӕтмӕ дзӕбӕхӕй бахъӕрдтӕнцӕ. Милӕн ӕма ӕ хеуӕнттӕ ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодтонцӕ, Йеговӕ син сӕ кувдтитӕ ке фегъуста. Библий хабӕрттӕй куд зиннуй, уотемӕй Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути уӕхӕн уавӕрти алкӕд нӕ фӕййервӕзун кӕнуй (Гъуд. 7:58–60). Фал Милӕн зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума изӕдтӕ ӕфсӕддонти нихъхъӕрӕу кодтонцӕ ӕма нӕ Йеговӕ уотемӕй фӕййервӕзун кодта» (Пс. 97:10).

9. Киристе адӕни мӕгур уавӕр уингӕй куд бакӕнидӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

9 Киристе иннети зин куд лӕдӕрдтӕй, уомӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Ци адӕнбӕл ӕмбалдӕй, уонӕн тӕрегъӕд кодта, уомӕн ӕма «адтӕнцӕ ӕнӕфиййау фусти хузӕн, ӕфхуӕрд ӕма дзӕгъӕл». Ӕма сӕ мӕгур уавӕр уингӕй куд бакӕнидӕ? «Гъема син райдӕдта берӕ цидӕртӕ амонун»,– зӕгъуй Библи (Матф. 9:36; бакӕсӕ Марки 6:34). Фарисейтӕ ба тӕрегъӕд кӕнун нӕ зудтонцӕ ӕма сӕмӕ хумӕтӕг адӕни мӕтӕ ӕппундӕр н’ адтӕй (Матф. 12:9–14; 23:4; Иоан. 7:49). Киристей хузӕн дӕу бон дӕр ӕй адӕнӕн ӕнхус кӕнун ӕма син Йегови туххӕй дзорун.

10, 11. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма тӕрегъӕд кӕнун алкӕд нӕ гъӕуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

10 Фал уотӕ зӕгъӕн дӕр нӕййес, ӕма тӕрегъӕд кӕнун алкӕддӕр гъӕуй. Зӕгъӕн, паддзах Саул Хуцауи адӕни знагӕн, Амалики паддзах Агагӕн, фӕттӕрегъӕд кодта ӕма ’й нӕ рамардта, удта ма хуӕрзхаст фонсмӕ дӕр ӕ къох нӕ батаста, кӕд ӕма ин Йеговӕ уотӕ загъта, уодӕгасӕй си мацибал ниууадзӕ, зӕгъгӕ. Еци гъуддаг Хуцау ӕгоммӕгӕсдзийнадӕбӕл банимадта ӕма загъта, Саул Израили паддзах ке нӕбал уодзӕй (1 Сам. 15:3, 9, 15). Йеговӕ ӕй, адӕни зӕрдитӕ ка уинуй, уӕхӕн раст Тӕрхонгӕнӕг. Е ӕй зонуй, тӕрегъӕд кӕнун кӕд гъӕуй ӕма кӕд нӕ гъӕуй, уой (Йер. гъ. 2:17; Йез. 5:11). Тагъд рӕстӕги Йеговӕ истӕрхон кӕндзӕй, ӕ дзурдмӕ игъосун ке нӕ фӕндуй, уонӕн (2 Фес. 1:6–10). Еци рӕстӕг Йеговӕ фудгӕнгутӕн нӕбал тӕрегъӕд кӕндзӕй ӕма сӕ фесафдзӕй. Уотемӕй бавдесдзӕй, рӕстгӕнгутӕн ке тӕрегъӕд кӕнуй, уой ӕма син сӕ цард багъӕуай кӕндзӕй.

11 Ке зӕгъун ӕй, гъӕуй мах тӕрхонгӕнгутӕ нӕ ан ӕма нин уӕхӕн барӕ нӕййес, цӕмӕй цӕруни аккаг ка ӕй ӕма ка нӕй, уой ӕвзарӕн. Махӕн нӕ ихӕс ӕй адӕнӕн ӕнхус кӕнун, ӕма гъӕуама, еци гъуддаги нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн. Иннетӕн ке тӕрегъӕд кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

ИННЕТӔН КЕ ТӔРЕГЪӔД КӔНӔН, Е ЦӔМӔЙ БӔРӔГ УОДЗӔЙ?

12. Тӕрегъӕдгӕнагӕ ке дӕ, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

12 Алли бони гъуддӕгти ӕнхус кӕнӕ. Йеговӕ киристӕнттӕн бафӕдзахста, цӕмӕй адӕни, удта кӕрӕдзей уарзонцӕ (Иоан. 13:34, 35; 1 Пет. 3:8). Дзурдбаст «тӕрегъӕд кӕнун» ма никкидӕр амонуй, еу адӕймаг инней рист ку фӕллӕдӕруй, уомӕ. Уӕхӕн адӕймаг байархайдзӕй, цӕмӕй ин естӕмӕй банхус кӕна. Мадта гъӕуама нӕхуӕдтӕ уинӕн, адӕймагӕн банхус кӕнун кӕми ӕнгъезуй, уой. Ка ’й зонуй, багъӕудзӕй хӕдзари гъуддӕгти фӕккӕсун кенӕ ӕндӕр ести (Матф. 7:12).

Тӕрегъӕдгӕнагӕ ке дӕ, уой гъуддагӕй ӕвдесӕ (кӕсӕ 12 абзац)

13. Ӕрдзон бӕллӕхти фӕсте Хуцауи адӕн куд фӕййархайунцӕ?

13 Ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн ӕнхус кӕнӕ. Ӕрдзон бӕллӕх устур зиан кӕмӕн ӕрхаста, еци адӕнмӕ кӕсгӕй нӕ бон ӕнцад лӕуун нӕ фӕууй. Йегови Ӕвдесӕнти зонунцӕ, уӕхӕн рӕстӕги фенхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ка фӕууй, уӕхӕн адӕнӕй (1 Пет. 2:17). Японий еу хуӕрӕ цардӕй, 2011 анзи зӕнхинкъуст ӕма цунами тӕккӕ устурдӕр зиан кӕми ӕрхастонцӕ, еци райони. Еци хуӕрӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, Японий иннӕ хӕйттӕй ӕма ӕндӕр бӕститӕй фенхус кӕнунмӕ уотӕ берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке ӕрбацудӕй, е. Етӕ син сӕ хӕдзӕрттӕ, удта залтӕ исрӕвдзӕ кодтонцӕ. Еци хуӕрӕ ма уотӕ дӕр загъта: «Аци хабӕртти ӕй фӕууидтон, Йеговӕ ӕма нӕбӕл иннӕ Ӕвдесӕнтӕ дӕр куд хъӕбӕр тухсунцӕ, уой. Удта ма ’й балӕдӕрдтӕн, ӕгас дуйнебӕл нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ мах туххӕй ке ковунцӕ».

14. Дӕ бон куд ӕй каргунтӕн ӕма сӕйгитӕн ӕнхус кӕнун?

14 Ӕнхус кӕнӕ каргунтӕн ӕма сӕйгитӕн. Ӕ незӕй ка гъезӕмарӕ кӕнуй, кенӕ ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ кӕбӕл ӕруагътонцӕ, уӕхӕн адӕнӕн тӕрегъӕд фӕккӕнӕн. Ӕма мах хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, еци зиндзийнӕдтӕн сӕ кой дӕр кӕми нӕбал уодзӕй, еци рӕстӕгмӕ, ӕма ковӕн, цӕмӕй Хуцауи Паддзахадӕ ӕрцӕуа. Фал уӕдмӕти ба нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй сӕйгитӕн ӕма каргунтӕн ӕнхус кӕнӕн. Еу финсӕг ӕ киунуги ниффинста, ӕ каргун мадӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уой туххӕй. Альцгеймери незӕй садӕй. Еухатт ӕхе рацъумур кодта ӕма ӕхе багъуд кӕнунмӕ куд гъавта, уотемӕй ба ин ӕ дуар кадӕр ӕрбахуаста. Етӕ адтӕнцӕ, арӕх ӕй ка рабӕрӕг кӕнидӕ, еци дууӕ силгоймаги – Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Ӕма ’й рафарстонцӕ, ӕнхус дӕ нӕ гъӕуй, зӕгъгӕ. Силгоймаг син загъта: «Бӕргӕ мӕ гъӕуй, фал уи ӕфсӕрми кӕнун». Хуӕртӕ дӕр имӕ фӕккастӕнцӕ, уой фӕсте ин чай искодтонцӕ, ӕма ӕ хӕццӕ еу минкъий рабадтӕнцӕ. Еци силгоймаги фурт нӕ хуӕртӕй хъӕбӕр боз адтӕй, ӕма ниффинста: «Йегови Ӕвдесӕнтӕ ахур цӕбӕл кӕнунцӕ, уой ӕнхӕст дӕр кӕнунцӕ». Ду дӕр каргунтӕ ӕмӕ сӕйгитӕн сӕ зин лӕдӕрис ӕма, дӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнис, цӕмӕй син сӕ уавӕр фӕррӕуӕгдӕр кӕнай? (Фил. 2:3, 4).

15. Игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, уомӕй адӕнӕн куд ӕнхус кӕнӕн?

15 Адӕнӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови базононцӕ. Адӕнӕн Хуцауи ӕма ӕ Паддзахади туххӕй ку дзорӕн, уӕд син е тӕккӕ хуӕздӕр ӕнхус уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма син нӕ бон ӕй балӕдӕрун кӕнун, Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун хуарз цӕмӕн ӕй, уой (Ис. 48:17, 18). Игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, уомӕй Йеговӕн кадӕ хӕссӕн, удта адӕнӕн ке тӕрегъӕд кӕнӕн, уой гъуддагӕй ӕвдесӕн. Дӕу бон ба н’ адтайдӕ игъосун кӕнуни гъуддаги фулдӕр архайун? (1 Тим. 2:3, 4).

НӔХЕЦӔН ДӔР ПАЙДА ӔЙ

16. Тӕрегъӕдгӕнагӕ ку уӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

16 Психологтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, иннетӕн ку тӕрегъӕд кӕнӕн, уӕд не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр уодзӕй, удта адӕни хӕццӕ дӕр хуӕздӕр федаудзиан. Иннетӕн ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр амондгундӕр уодзиан, цардмӕ игъӕлдзӕгдӕр цӕстӕй кӕсдзиан, тар сагъӕсти буни нӕ фӕууодзиан, удта нӕмӕ уотӕ некӕд кӕсдзӕй, ӕма неке гъӕуӕн. Еу загъдӕй, иннетӕн ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд уомӕй нӕхецӕн дӕр ӕнхус кӕнӕн (Еф. 4:31, 32). Удта нӕ цӕсгон дӕр Хуцауи рази уодзӕй кӕдзос, уомӕн ӕма ’й зондзиан, уой куд фӕндуй, уотӕ ке архайӕн. Иннети зин ку лӕдӕрӕн, уӕд уодзиан хуӕздӕр ниййергутӕ, цардӕмбӕлттӕ ӕма ӕнӕуой ӕмбӕлттӕ. Удта уӕхӕн адӕймагӕн багъӕуаги ӕхецӕн дӕр зӕрдиагӕй банхус кӕндзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 5:7; Лукай 6:38.)

17. Иннетӕн тӕрегъӕд ке кӕнис, уой дӕ гъуддагӕй ӕвдесун цӕмӕн фӕндуй?

17 Кӕд тӕрегъӕдгӕнагӕ ке ан, е нӕхецӕн дӕр пайда хӕссуй, уӕддӕр еци менеуӕг фиццагидӕр ӕвдесӕн, Йегови фӕнзун ӕма ’й кадгин кӕнун нӕ ке фӕндуй, уой туххӕй. Йеговӕ ӕй тӕрегъӕдгӕнагӕ ӕма уарзӕгой Хуцау (Ӕмб. 14:31). Ӕма нин уомӕй фӕнзуйнаг ӕй. Гъӕйдӕ мадта нӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй еци гъуддаги Хуцауи фӕнзӕн. Уотемӕй нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан ӕма нӕ алливарс адӕни хӕццӕ дӕр хуӕздӕр федаудзиан (Гал. 6:10; 1 Иоан. 4:16).

^ 7 абз. Ном ӕййивд ӕй.