Хуцауи Дзурди ес устур хъаурӕ
«Хуцауи дзурд ӕй уодӕгас ӕма си ес устур хъаурӕ» (ДЗИУИТ. 4:12).
ЗАРТӔ: 96, 94
1. Хуцауи Дзурди устур хъаурӕ ке ес, уобӕл цӕмӕн ӕууӕндис? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
ЙЕГОВИ лӕггадгӕнгутӕ ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ, Хуцау адӕнмӕ ке рарвиста, еци Дзурд «уодӕгас» ке ӕй ӕма си «устур хъаурӕ» ке ес (Дзиуит. 4:12). Библийӕн ци хъаурӕ ес, е бӕрӕг ӕй нӕхе, удта иннети цардӕй дӕр. Беретӕ Ӕвдесӕнтӕ ку нӕма иссӕнцӕ, уӕд адтӕнцӕ давгутӕ, наркомантӕ, удта кодтонцӕ ӕнӕгъдау цард. Иннетӕ ба кӕд гъӕздуг адтӕнцӕ ӕма син аци дуйней кадгин ном адтӕй, уӕддӕр сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ рохс кодта (Еккл. 2:3–11). Раздӕр нифссаст ка адтӕй, уонӕй беретӕн абони фӕззиндтӕй нифс ӕма син Библий хъаури фӕрци цард нӕуӕгӕй адӕ кӕнун райдӕдта. Ӕвӕдзи, дӕу зӕрдӕмӕ дӕр цӕуй, «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и рубрики «Библи ӕййевуй адӕймаги цард», ци хабӕрттӕ финст фӕууй, уони кӕсун. Фал киристон ка иссӕй, етӕ гъӕуама идарддӕр дӕр архайонцӕ, цӕмӕй Библий фӕрци Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнонцӕ.
2. Хуцауи Дзурди хъаурӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕбӕл куд бӕрӕг кодта?
1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9–11.) Павел, Хуцауи Паддзахадӕй цӕхуӕн адӕн фенӕхай уодзӕнцӕ, уони кой ку кодта, уӕд ма уотӕ дӕр загъта: «Сумахӕй дӕр еуӕй-еуетӕ уӕхӕнттӕ адтӕнцӕ». Фал беретӕ сӕ цард раййевунцӕ Хуцауи Дзурд ӕма сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕймаг рӕстдзийнадӕ ку базонуй, уӕд дӕр ма уӕззау тӕрегъӕдтӕ ӕруадзуй, ӕма Хуцауӕй раидард уй. Зӕгъӕн, Библий финст ес, ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, еу уӕхӕн исӕрст ӕнсувӕри туххӕй. Фӕстӕдӕр еци ӕнсувӕр ӕ цъумур гъуддӕгтӕ ниууагъта ӕма фӕстӕмӕ киристон ӕмбурдмӕ ӕрбайеу ӕй (1 Кор. 5:1–5; 2 Кор. 2:5–8). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр Хуцауи Дзурди хъаури фӕрци уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ке искӕнунцӕ, е нӕ хъӕбӕр федар кӕнуй.
2 Ӕма нӕмӕ дессаг дӕр гъӕуама ма кӕса, беретӕ рӕстдзийнадӕ ку базудтонцӕ, уӕд сӕ царди устур ӕййивддзийнӕдтӕ ке искодтонцӕ. Уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ма искодтонцӕ, фиццаг ӕноси ка цардӕй ӕма уӕларвон нифс кӕмӕн адтӕй, еци киристӕнттӕ дӕр. (Бакӕсӕ3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Хуцауи Дзурдӕн хъӕбӕр устур хъаурӕ ес. Йеговӕ нин ӕй ке балӕвар кодта, уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй си куд хуӕздӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнӕн (2 Тим. 2:15). Идарддӕр ӕркӕсдзиан, нӕ бон куд ӕй Библийӕй пайда кӕнун 1) нӕ царди, 2) игъосун кӕнгӕй ӕма 3) ӕмбурди иннети ахур кӕнгӕй. Аци статьяй фӕрци, нӕ уӕларвон Фидӕй, пайда нин ци ӕй, уобӕл нӕ ка ахур кӕнуй, уомӕй никки хъӕбӕрдӕр боз уодзиан ӕма ’й уарздзиан (Ис. 48:17).
НӔ ЦАРДИ
4. а) Цӕмӕй Хуцауи Дзурди хъаурӕ нӕхебӕл ӕвзарӕн, уой туххӕй ци гъӕуама кӕнӕн? б) Дӕ бон куд ӕй Библи кӕсунмӕ рӕстӕг иссерун?
4 Цӕмӕй Хуцауи Дзурди хъаурӕ нӕхебӕл ӕвзарӕн, уой туххӕй ӕй гъӕуама алли бон дӕр кӕсӕн (Йес. Н. 1:8). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, рӕстӕг нин берӕ нӕ фӕууй, фал нӕ уӕддӕр Библи кӕсунмӕ гъӕуама маци къулумпи кӕна, сауӕнгӕ ма хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ дӕр. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16.) Библи бакӕсунмӕ нӕ бон ӕй рӕстӕг рахецӕн кӕнун сӕумӕ раги, бони дӕргъи кенӕ изӕрӕрдӕмӕ. Мах арази ан псаломзаргӕнӕги дзурдти хӕццӕ: «Куд хъӕбӕр дин уарзун дӕ закъон! Ӕнӕгъӕнӕ бон уобӕл ӕнцӕ мӕ сагъӕстӕ» (Пс. 119:97).
5, 6. а) Ци кӕсӕн, уобӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй? б) Нӕ бон куд ӕй арф сагъӕс кӕнун? в) Дӕуӕн ба ци пайда ӕрхаста, Библи айдагъ кӕсгӕ нӕ, фал ибӕл арф ке сагъӕс кодтай, е?
5 Фал Библи уотид кӕсун фагӕ нӕй. Ци кӕсӕн, уобӕл гъӕуама арф ӕма лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн (Пс. 1:1–3). Ӕрмӕстдӕр нин гъеуӕд уайдзӕй Библий унаффитӕй нӕ царди пайда кӕнун. Уӕлдай нӕй, фӕнди ӕй гӕгъӕдибӕл кӕсӕн фӕнди электронон формати, сӕйрагдӕр е ӕй, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ гъара.
6 Ци кӕсӕн, уобӕл нӕ бон куд ӕй арф сагъӕс кӕнун? Зӕгъӕн, Библи кӕсгӕй нӕ бон ӕй ӕрлӕуун ӕма 2 Кор. 10:4, 5).
нӕхе бафӕрсун: «Аци скъуддзагӕй Йегови туххӕй ци базудтон? Ци уагӕвӕрд си ес, уомӕй пайда кӕнун мин уайуй? Мӕ бон ма никкидӕр ци ӕй фӕххуӕздӕр кӕнун?» Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд Хуцауи Дзурди хъаурӕ нӕхебӕл ӕвзардзиан (ИГЪОСУН КӔНГӔЙ
7. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй игъосун кӕнгӕй Хуцауи Дзурдӕй ӕнтӕстгунӕй пайда кӕнӕн?
7 Ци нин банхус кӕндзӕй игъосун кӕнгӕй Хуцауи Дзурдӕй ӕнтӕстгунӕй пайда кӕнун? Фиццагидӕр си гъӕуама арӕхдӕр пайда кӕнӕн. Еу ӕнсувӕр загъта: «Нур, зӕгъӕн, хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ Йеговӕн ӕхе хӕццӕ ку цудайанӕ, уӕд фулдӕр нӕхуӕдтӕ дзурдтайанӕ ӕви дзурди барӕ уомӕн лӕвардтайанӕ?» Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, адӕймагӕн Библий стих ку бакӕсӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма дзурди барӕ Йеговӕн дӕттӕн. Нӕ дзубандимӕ гӕсгӕ хуӕздӕр ка федауа, уӕхӕн стих ку равзарӕн, уӕд уомӕн нӕхе дзурдтӕй дзӕвгарӕ фулдӕр хъаурӕ уодзӕй (1 Фес. 2:13). Дӕхе бафӕрсӕ: «Адӕймагӕн Библий стих бакӕсунмӕ мин фадуат ку фӕззиннуй, уӕд си алли хатт дӕр испайда кӕнун?»
8. Игъосун кӕнгӕй Библий стих айдагъ бакӕсун фагӕ цӕмӕннӕ ӕй?
8 Фал игъосун кӕнгӕй Библий стих айдагъ бакӕсун фагӕ нӕй. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма фиццаг ӕноси куд адтӕй, уотӕ абони дӕр беретӕн, Библий ци финст ес, е зин балӕдӕрӕн фӕууй кенӕ ’й ӕппундӕр нӕ фӕллӕдӕрунцӕ (Ром. 10:2). Мадта уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма адӕймагӕн Библий стих ку бакӕсӕн, уӕд ӕй уайтагъддӕр балӕдӕрдзӕй. Гъӕуама ин е ’ргом раздахӕн стихи сӕйраг гъудимӕ, зӕгъӕн, сӕйраг дзурдтӕ ма ин еу хатт дӕр бакӕсӕн ӕма ин сӕ балӕдӕрун кӕнӕн. Уотемӕй Хуцауи Дзурд, гӕнӕн ес, ӕма адӕймаги зӕрдӕмӕ багъара. (Бакӕсӕ Лукай 24:32.)
9. Стих бакӕсуни размӕ адӕймагӕн ци ӕнгъезуй зӕгъун, цӕмӕй Библийӕн ӕ цӕсти фулдӕр кадӕ уа?
9 Цӕмӕй адӕймаги цӕсти Библийӕн фулдӕр кадӕ уа, уой туххӕй ин стих бакӕсуни размӕ нӕ бон ӕй зӕгъун: «Кӕсай, уой туххӕй не Сфӕлдесӕг ци зӕгъуй, уомӕ». Киристон ка нӕй, уӕхӕн адӕймагӕн ба нӕ бон ӕй зӕгъун: «Кӕсай, Сугъдӕг Финстадӕ ци зӕгъуй, уомӕ». Еу динбӕл дӕр хуӕст ка нӕй, уой ба нӕ бон ӕй бафӕрсун: «Аци рагон загъд ескӕд фегъустай?» Мах ӕй лӕдӕрӕн, адӕн фӕйнӕхузи ке ’нцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ архайӕн алке зӕрдӕмӕ дӕр хецӕнӕй над иссерун (1 Кор. 9:22, 23).
10. а) Еу ӕнсувӕрбӕл цӕхуӕн цау ӕрцудӕй? б) Ду ба игъосун кӕнгӕй Хуцауи Дзурди хъаурӕ куд фӕууидтай?
10 Игъосунгӕнгутӕй беретӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, кӕмӕн игъосун кӕнунцӕ, еци адӕни зӕрдитӕмӕ арӕх Библий дзурдтӕ хъӕбӕр ке багъарунцӕ. Зӕгъӕн, еу ӕнсувӕр берӕ ӕнзти дӕргъи еу каргун лӕгӕн хаста журнал «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг». Еу бон ба исфӕндӕ кодта, уотид журнал раттун нӕ, фал ма ин стих дӕр бакӕсун. Бакастӕй ин 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4 финст дзурдтӕ, зӕгъгӕ нин тӕрегъӕдгӕнагӕ Фидӕ ӕма уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцау уодӕнцойнӕ дӕттуй не ’гас зиндзийнӕдти дӕр. Аци дзурдтӕ еци лӕги зӕрдӕмӕ уотӕ хъӕбӕр фӕццудӕнцӕ, ӕма ма ин сӕ еу хатт дӕр бакӕсун кодта. Аци рӕстӕг, дан, ӕз ӕма мӕ бийнойнаг ӕцӕгӕйдӕр уодӕнцойнӕ гъӕуагӕ ан. Еци стихи фӕрци ӕй бафӕндадтӕй Библий туххӕй фулдӕр базонун. Ӕцӕгӕйдӕр, Хуцауи Дзурдӕн устур хъаурӕ ес! (Гъуд. 19:20).
ӔМБУРДИ ИННЕТИ АХУР КӔНГӔЙ
11. Ӕмбурди иннети ка ахур кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕбӕл цӕхуӕн ихӕс ес?
11 Алкӕмӕндӕр ни хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй ӕмбурдтӕмӕ, удта конгресстӕмӕ цӕун. Еци фембӕлдти Йеговӕн фӕкковӕн. Уомӕй уӕлдай ма си ци базонӕн, е дӕр нин пайда фӕххӕссуй. Уомӕ гӕсгӕ иннети ка ахур кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕбӕл устур ихӕс ес (Иак. 3:1). Мадта ӕнсувӕртӕ гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй сценӕй ци дзорунцӕ, е Библибӕл арӕзт уа. Кӕд дӕубӕл дӕр уӕхӕн кадгин ихӕс ес, уӕд дӕ бон куд ӕй Библий фӕрци игъосгути зӕрдӕмӕ над иссерун?
12. Ӕнсувӕри бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй ӕ радзубанди Библибӕл арӕзт уа?
12 Дӕ радзубанди гъӕуама арӕзт уа Библибӕл (Иоан. 7:16). Лӕмбунӕг кӕсӕ, цӕмӕй адӕни ӕргом фулдӕр ӕздӕхт уа Библимӕ, аллихузи цаутӕ ӕма цӕветтонтӕмӕ нӕ, фал. Удта уой дӕр ма иронх кӕнӕ, ӕма Библи кӕсун, удта ’й лӕдӕрун кӕнун еу нӕй. Иннердиги ба ӕгӕр берӕ стихтӕ кӕсун дӕр нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма си игъосгутӕ неци нигъгъуди кӕндзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн стихтӕ равзардзӕнӕ, уобӕл, удта фагӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ, цӕмӕй сӕ бакӕсай, сӕ гъуди син балӕдӕрун кӕнай, хуарз цӕветтонтӕ сӕмӕ ӕрхӕссай ӕма си куд испайда кӕнӕн ес, уой дӕр зӕгъай (Неем. 8:8). Дӕ радзубандийӕн дин пълан лӕвӕрд ку уа, уӕд имӕ дзӕбӕх ӕркӕсӕ ӕма си ци стихтӕ ес, уони рартасӕ, удта пълани ци гъудитӕ ес, уони хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уой дӕр балӕдӕрӕ. Уой фӕсте ба равзарӕ, пълани гъудитӕ хуӕздӕр ка райхалдзӕй, уӕхӕн стихтӕ. Фиццагидӕр ба Йеговӕмӕ исковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна, ӕ Дзурди ци ӕхсидзгӕ гъудитӕ ес, уони райхалун. (Бакӕсӕ Ездрӕ 7:10; Ӕмбесӕндтӕ 3:13, 14.)
13. а) Еу хуӕрӕн куд банхус кодта, ӕмбурди ке фегъуста, еци стих? б) Ӕмбурдти Библи ке фӕллӕдӕрун кӕнунцӕ, е дин куд банхус кодта?
13 Австралий еу хуӕрӕбӕл берӕ бӕллӕхтӕ ӕрцудӕй, минкъий ма ку адтӕй, уӕд. Ӕма кӕд фӕстӕдӕр рӕстдзийнадӕ базудта, уӕддӕр си кӕронмӕ не ’руагӕс кодта, Йеговӕ ’й *. Дӕумӕ ба уотӕ ескӕд адтӕй, ӕма ӕмбурди кенӕ конгресси фегъустай, дӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр ка бамбалдӕй, уӕхӕн стихтӕ Библийӕй? (Неем. 8:12).
ке уарзуй, е. Ӕмбурди еци хуӕрӕ фегъуста, ӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр ка бамбалдӕй, уӕхӕн стихтӕ. Уой фӕсте сӕбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кодта ӕма сӕ Библий ӕндӕр стихти хӕццӕ рабарста. Уотемӕй си ирагӕс кӕнун райдӕдта, Йеговӕ ’й ке уарзуй, е14. Йегови Дзурдӕн ке аргъ кӕнӕн, уой куд бавдесдзиан?
14 Йеговӕй Библий туххӕй боз куд гъӕуама ма уӕн! Е загъта, ӕ Дзурд ӕносмӕ ке уодзӕй, ӕма нӕ басайдта (1 Пет. 1:24, 25). Уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй Библи алли бон дӕр кӕсун, нӕ цард уомӕ гӕсгӕ аразун ӕма уой фӕрци иннетӕн дӕр ӕнхус кӕнун. Уотемӕй ӕвдесдзиан, еци хӕзнайӕн хъӕбӕр устур аргъ ке кӕнӕн. Фиццагидӕр ба бӕрӕг уодзӕй, ка нин ӕй балӕвар кодта, еци Хуцауи ке уарзӕн.
^ 13 абз. Кӕсӕ рамкӕ « Ӕ цард цӕхгӕрмӕ феййивта».