Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕрледзӕггӕгти сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ

Ӕрледзӕггӕгти сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ

«Мӕ бӕдӕлттӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уомӕй ӕхцӕуӕндӕр мин ци гъӕуама уа!» (3 ИОАН. 4).

ЗАРТӔ: 134, 133

1, 2. а) Ӕрледзӕггӕгти сувӕллӕнттӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ? б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

«МИНКЪИЙ ма ку адтӕн, уӕд хӕдзари дӕр ӕма ӕмбурди дӕр дзурдтон, мӕ ниййергутӕ ци ӕвзагбӕл дзурдтонцӕ, уобӕл,– зӕгъуй Джошуа.– Фал скъоламӕ ку бацудтӕн, уӕдта фулдӕр бунӕттон ӕвзагбӕл дзорун райдӕдтон. Цалдӕр анзей фӕсте ба ӕрмӕстдӕр еци ӕвзагбӕл дзурдтон. Ӕмбурди цӕбӕл дзурдтонцӕ, уой нӕбал лӕдӕрдтӕн, удта мӕмӕ уотӕ кӕсун райдӕдта, цума мӕ ниййергути хӕццӕ еу адӕнихаттӕй дӕр н’ адтӕн». Джошуай хузӕн хабар ма беретӕбӕл ӕрцудӕй.

2 Абони 240 000 000 адӕймагемӕй фулдӕр сӕ райгурӕн бӕсти нӕ цӕрунцӕ. Кӕд ду дӕр уонӕмӕ хауис ӕма дин сувӕллӕнттӕ ес, уӕд син дӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ ӕма «рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ... цӕронцӕ»? (3 Иоан. 4). Удта син иннети бон дӕр куд ӕй ӕнхус кӕнун?

НИЙЙЕРГУТӔ, ФӔНЗУЙНАГ УОТӔ

3, 4. а) Ниййергутӕ ци гъӕуама кӕнонцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕн фӕнзуйнаг уонцӕ? б) Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнттӕй ци гъӕуама ма агоронцӕ?

3 Ниййергутӕ, кӕд уӕ фӕндуй, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕ Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнонцӕ ӕма ӕносмӕ цӕронцӕ, уӕд син гъӕуама фӕнзуйнаг уайтӕ. Фиццагидӕр Хуцауи Паддзахадӕ ке агоретӕ, уой ку уинонцӕ, уӕд етӕ дӕр ахур кӕндзӕнцӕ, алкӕддӕр сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун (Матф. 6:33, 34). Сӕйраг бунати уин гъӕуама уа уӕ лӕггадӕ, мулк ӕмбурд кӕнун нӕ, фал. Хумӕтӕг цард кӕнтӕ ӕма ӕфстӕуттӕй уӕхе хезетӕ. Адӕни цӕсти кадӕ агоруни ӕма мулк ӕмбурд кӕнуни бӕсти, ӕмбурд кӕнтӕ «хӕзна уӕлӕрвти», гъома агоретӕ Йегови хуарзӕнхӕ. (Бакӕсӕ Марки 10:21, 22; Иоан. 12:43.)

4 Уотӕ берӕ гъуддӕгтӕ уин ма уӕд, цӕмӕй уӕ уӕ сувӕллӕнттӕмӕ мабал евдӕла. Дзоретӕ син, фиццаг бунати Йегови гъуддӕгтӕ ке ӕвӕрунцӕ, удта кадӕ ӕма ӕхцамӕ ке нӕ бӕллунцӕ – фӕнди сӕхецӕн, фӕнди сумахӕн – уой туххӕй си сӕрустур ке айтӕ, уой. Аци дуйней адӕн куд сагъӕс кӕнунцӕ, уотӕ макӕд сагъӕс кӕнтӕ, зӕгъгӕ, сувӕллӕнттӕ гъӕуама алцидӕр искӕнонцӕ, цӕмӕй ниййергутӕ ӕнӕмӕтӕ цард кӕнонцӕ. Иронх уи ма уӕд, «сувӕллӕнттӕ ниййергутӕн нӕ, фал ниййергутӕ сувӕллӕнттӕн гъӕуама искӕнонцӕ бунтӕ» (2 Кор. 12:14).

НИЙЙЕРГУТӔ, ӔВЗАГ УИН УӔ СУВӔЛЛӔНТТИ АХУР КӔНУНМӔ КЪУЛУМПИЙ ХУАСӔ МА УӔД

5. Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ Йегови туххӕй цӕмӕн гъӕуама дзоронцӕ?

5 Библий берӕ раздӕр финст ӕрцудӕй, Йегови организацимӕ «алли ӕвзӕгтӕбӕл дзорӕг адӕнтӕ» ке цӕудзӕнцӕ (Зах. 8:23). Фал уин уӕ сувӕллон уе ’взаг ку нӕ лӕдӕра, уӕд ӕй зин уодзӕй рӕстдзийнади надбӕл аразун. Библи ке хӕццӕ ахур кодтайтӕ ӕма ахур кӕндзиайтӕ, уонӕй тӕккӕ сӕйрагдӕр ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕнцӕ уӕ сувӕллӕнттӕ. Ӕма цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уонцӕ, уой туххӕй гъӕуама Йегови базононцӕ (Иоан. 17:3). Цӕмӕй уӕ сувӕллон, Йеговӕ цӕбӕл ахур кӕнуй, уой базона, уой туххӕй гъӕуама ӕ хӕццӕ «дзоргӕ» кӕнайтӕ. (Бакӕсӕ Дуккаг закъон 6:6, 7.)

6. Сувӕллӕнттӕ сӕ ниййергути ӕвзаг ку зононцӕ, уӕд син е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

6 Арӕхдӕр сувӕллӕнттӕ бунӕттон ӕвзаг исахур кӕнунцӕ скъолай кенӕ се ’нгӕрттӕй. Фал цӕмӕй сумах ӕвзаг базононцӕ, уой туххӕй ба уӕ еци ӕвзагбӕл сӕ хӕццӕ арӕхдӕр дзорун гъӕуй. Сувӕллон уин уе ’взаг ку зона, уӕд ин ӕнцондӕр уодзӕй уӕ хӕццӕ дзорун, удта ӕ зӕрди ци ес, уой ӕргом кӕнун дӕр. Фал ма уомӕй ӕндӕр пайда дӕр ес. Цалдӕр ӕвзаги ку зона, уӕд ӕ сӕр хуӕздӕр косдзӕй, удта ин иннети лӕдӕрун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма ин лӕггадӕ кӕнунмӕ дӕр фулдӕр фадуӕттӕ уодзӕй. Ӕ ниййергутӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕмӕн ӕнцӕ, еу уӕхӕн хуӕрӕ Каролинӕ загъта: «Ӕндӕр ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурди лӕггадӕ кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй! Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнун мӕ бон ке ӕй, е!»

7. Бийнонти астӕу уӕ кӕрӕдзей ӕвзаг ку нӕбал лӕдӕрайтӕ, уӕд ци ес бакӕнӕн?

7 Ӕрледзӕггӕгти сувӕллӕнттӕ бунӕттон ӕвзаг ӕма ӕгъдӕуттӕ ку базонунцӕ, уӕд сӕ сӕ мадӕлон ӕвзагбӕл дзорун нӕбал фӕффӕндуй, удта син уайгӕ дӕр нӕбал фӕккӕнуй. Ниййергутӕ, кӕд сумах сувӕллӕнттӕй дӕр уотӕ зӕгъӕн ес, уӕд уӕ бон н’ адтайдӕ бунӕттон ӕвзаг уӕддӕр еу минкъий исахур кӕнун? Уотемӕй уин ӕнцондӕр уодзӕй, уӕ сувӕллӕнтти рӕстдзийнади надбӕл аразун, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдзиайтӕ, ци дзорунцӕ, цӕхуӕн ерхӕфсӕнтӕ уарзунцӕ ӕма син скъолай ци баихӕс кӕнунцӕ, уой, удта ахургӕнӕги хӕццӕ радзорун уӕхе бон дӕр уодзӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕуӕг ӕвзаг исахур кӕнунмӕ гъӕуй рӕстӕг, хъауритӕ ӕма сӕрниллӕгдзийнадӕ. Фал уӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ уодзӕнцӕ. Зӕгъӕн, сувӕллон естӕй туххӕй гъосӕй ку нӕбал игъоса, уӕд ӕ ниййергутӕ къохӕйамонгӕ ӕвзаг не ’сахур кӕндзӕнцӕ? Мадта ӕндӕр ӕвзагбӕл дзорун ка райдӕдта, уӕхӕн сувӕллони туххӕй дӕр уотӕ байархайун гъӕуй *.

8. Дӕ бон куд ӕй дӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнун, бунӕттон ӕвзаг ку нӕ зонай, уӕд?

8 Еуӕй-еу ниййергутӕн ӕнцон нӕ фӕууй сӕ сувӕллӕнтти нӕуӕг ӕвзаг исахур кӕнун. Ӕма син уомӕ гӕсгӕ зиндӕр фӕууй, сӕ сувӕллонӕн «сугъдӕг Финстади» арф гъудитӕ лӕдӕрун кӕнун (2 Тим. 3:15). Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар уотӕ ’й, уӕддӕр дӕ бон ӕй дӕ сувӕллонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови базона ӕма ’й бауарза. Еу хестӕр нӕлгоймаг Шен загъта: «Мах ци ӕвзаг лӕдӕрдтан, еци ӕвзагбӕл нӕ мадӕ тухӕйти дзурдта. Е кӕбӕл дзурдта, еци ӕвзаг ба мах нӕ лӕдӕрдтан. Фал нӕ мадӕ Библи лӕмбунӕг ӕртаста, Йеговӕмӕ кувта, удта ӕ бон ци адтӕй, уой кодта, цӕмӕй бийнонти ахур алли къуӕре дӕр уагътайдӕ. Уомӕ кӕсгӕй ӕй мах дӕр уидтан, Йегови туххӕй базонун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой».

9. Ниййергути бон куд ӕй банхус кӕнун, дууӕ ӕвзагебӕл дӕр ке хӕццӕ гъӕуй ахур кӕнун, еци сувӕллӕнттӕн?

9 Еуӕй-еу сувӕллӕнттӕн ба рӕстдзийнадӕ амонун фӕгъгъӕуй дууӕ ӕвзагебӕл дӕр. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма скъолай еу ӕвзагбӕл фӕдздзорунцӕ, хӕдзари ба ӕндӕр ӕвзагбӕл. Уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еу ниййергутӕ, нӕ литературӕй, удта аудио ӕма видео ӕрмӕгӕй фӕппайда кӕнунцӕ дууӕ ӕвзагебӕл дӕр. Бӕрӕг ӕй, ӕрледзӕггаг ниййергути фулдӕр рӕстӕг ӕма хъауритӕ ке гъӕуй, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнонцӕ Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун.

КӔЦИ ӔМБУРДМӔ ГЪӔУАМА ЦӔУАЙТӔ?

10. а) Бийнонтӕ кӕци ӕмбурдмӕ цӕудзӕнцӕ, уой ка гъӕуама ниллух кӕна? б) Унаффӕ рахӕссуни размӕ ци гъӕуама бакӕна?

10 Ӕрледзӕггӕгтӕ кӕми цӕрунцӕ, уордӕмӕ хӕстӕг, се ’взагбӕл ка дзоруй, уӕхӕн Ӕвдесӕнтӕ ку нӕ уа, уӕд сӕ фӕгъгъӕуй бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ рахезун (Пс. 146:9). Фал сӕмӕ, сӕхе ӕвзагбӕл кӕми дзорунцӕ, уӕхӕн ӕмбурд хӕстӕг ку уа, уӕд бийнонти хестӕр гъӕуама ниллух кӕна, ӕ бийнонтӕн хуӕздӕр кӕци ӕмбурдмӕ уодзӕй цӕун, уой. Фал бал фиццаг гъӕуама Йеговӕмӕ искова, лӕмбунӕг расагъӕс кӕна, удта ӕ бийнойнаг ӕма ӕ сувӕллӕнттӕ ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕ дӕр байгъоса (1 Кор. 11:3). Цума ’й цӕбӕлти гъӕудзӕй расагъӕс кӕнун? Удта ин унаффӕ рахӕссунмӕ Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

11, 12. а) Сувӕллонӕн ӕмбурд пайда хӕсдзӕй ӕви нӕ, е ӕвзагӕй куд кӕнгӕ ’й? б) Еуӕй-еу сувӕллӕнтти цӕмӕннӕ фӕффӕндуй сӕ ниййергути ӕвзаг ахур кӕнун?

11 Ниййергутӕ гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕн ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уобӕл. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, цӕмӕй сувӕллон рӕстдзийнади надбӕл ӕрфедар уа, уой туххӕй ин, ӕмбурди ци фегъосуй, айдагъ е фагӕ нӕй, ӕмбурд цийфӕнди ӕвзагбӕл ма цӕуа, уӕддӕр. Фал расагъӕс кӕнтӕ, сувӕллон цӕйбӕрцӕ фулдӕр нигъгъуди кӕндзӕй, ӕмбурди ци дзорунцӕ, уой хуарз ку лӕдӕра, уӕд. Хатгай ниййергутӕ сӕхуӕдтӕ дӕр уой ӕнгъӕл нӕ фӕуунцӕ. Ӕмбурди ӕвзаг ку нӕ лӕдӕра, уӕдта си уотӕ зӕгъӕн нӕ уодзӕй. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 14:9, 11.) Ка ’й зонуй, рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд сувӕллон ӕ мадӕлон ӕвзагбӕл нӕбал дзордзӕй, нӕбал сагъӕс кӕндзӕй, удта ӕ зӕрдӕмӕ дӕр нӕбал гъардзӕй. Еуӕй-еу сувӕллӕнтти бон ӕй ӕмбурди сӕ мадӕлон ӕвзагбӕл дзуапп раттун, удта ихӕслӕвӕрдтӕ дӕр цӕттӕ кӕнун, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ци дзорунцӕ, е сӕхе зӕрдӕмӕ дӕр гъаруй.

12 Фал сувӕллони зӕрдӕмӕ над айдагъ ӕвзаги фӕрци иссерӕн нӕййес. Уотӕ адтӕй, раздӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Джошуайӕн дӕр. Ӕ хуӕрӕ Эстер зӕгъта: «Минкъий сувӕллӕнттӕн сӕ ниййергути ӕвзаг, дин, удта ци адӕнихаттӕй ӕнцӕ, уони ӕгъдӕуттӕ кӕрӕдзей хӕццӕ ӕнгом баст фӕуунцӕ». Ӕма сувӕллон ӕхе ӕ ниййергути адӕнихаттӕй ку нӕ нимайа, уӕд ӕй, ка ’й зонуй, ма бафӕндӕуа сӕ дин ӕма се ’взаг базонун дӕр. Ӕма уӕд ниййергутӕн ци кӕнгӕ ’й?

13, 14. а) Еу ӕрледзӕггаг бийнонтӕ бунӕттон ӕмбурдмӕ цӕмӕн рахизтӕнцӕ? б) Ниййергутӕ ци кодтонцӕ, цӕмӕй сӕхе ӕууӕндундзийнадӕ ма ӕрлӕмӕгъ адтайдӕ, уой туххӕй?

13 Киристон ниййергутӕ фиццагидӕр фӕссагъӕс кӕнунцӕ, сӕхецӕн нӕ, фал сӕ сувӕллӕнттӕн куд хуӕздӕр уодзӕй, уобӕл (1 Кор. 10:24). Джошуа ӕма Эстери фидӕ Семюел зӕгъуй: «Нӕ сувӕллӕнттӕмӕ лӕмбунӕг кастан, цӕмӕй балӕдӕрдтайанӕ, рӕстдзийнадӕ сӕмӕ кӕци ӕвзагбӕл хуӕздӕр гъаруй, уой, удта Йеговӕй зунд курдтан. Йеговӕ нин цӕхуӕн дзуапп равардта, е, мах цӕхуӕн фӕндадтӕй, уӕхӕн нӕ разиндтӕй. Фал ӕй ку фӕууидтан, мах ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурд син берӕ пайда ке нӕ хӕссуй, уой, уӕд исфӕндӕ кодтан бунӕттон ӕвзагбӕл ӕмбурдмӕ рахезун. Ӕмбурдтӕмӕ, удта игъосун кӕнунмӕ еумӕ цудан. Удта еци ӕмбурдӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нӕхемӕ ӕрбахонианӕ кенӕ ескумӕ еумӕ рандӕ уайанӕ. Уой фӕрци нӕ сувӕллӕнттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базудтонцӕ, удта балӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ айдагъ сӕ Хуцау ке нӕй, фал ма сӕ Фидӕ, удта се ’Мбал дӕр. Еци гъуддаг нӕмӕ мах ӕвзаг исхур кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр фӕккастӕй».

14 Семюел ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Цӕмӕй нӕхе ӕууӕндундзийнадӕ ма ӕрлӕмӕгъ адтайдӕ, уой туххӕй ма мӕ бийнойнаги хӕццӕ нӕхе ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ дӕр цудан. Уомӕ гӕсгӕ нин сӕребарӕ рӕстӕг хъӕбӕр минкъий адтӕй, удта фӕллайгӕ дӕр куд нӕ кодтан. Фал Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, нӕ хъиамӕтти, удта нӕхе цӕмӕйдӕрти ке цох кодтан, уой туххӕй нин ке райарфӕ кодта. Нур нӕ сувӕллӕнттӕ ӕртемӕй дӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ».

ӔРИГӔНТТӔН СӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН?

15. Кристинӕ бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ цӕмӕн рахизтӕй?

15 Еуӕй-еу сувӕллӕнттӕ ку фӕуустурдӕр унцӕ, уӕд ӕй балӕдӕрунцӕ, хуӕздӕр ке зонунцӕ, еци ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурди син Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, хуӕздӕр ке уодзӕй. Уотӕ ку рауайа, уӕд ниййергутӕмӕ гъӕуама уотӕ ма кӕса, ӕма сӕ сувӕллӕнттӕ сӕ къох уонӕбӕл ракъуӕрдтонцӕ. «Мӕ ниййергути ӕвзаг еу минкъий зудтон, фал ӕмбурди ба, зӕгъӕн ес, ӕма неци лӕдӕрдтӕн,– зӕгъуй Кристинӕ.– 12 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд адтӕн, скъолай ци ӕвзагбӕл дзурдтон, еци ӕвзагбӕл ка цудӕй, уӕхӕн конгресси. Гъе уӕд ӕй фиццаг хатт балӕдӕрдтӕн, ци игъосун, е рӕстдзийнадӕ ке ӕй! Фӕстӕдӕр ба ма еци ӕвзагбӕл ковун дӕр райдӕдтон. Йеговӕн радзурдтон, мӕ зӕрди цидӕриддӕр адтӕй, уой» (Гъуд. 2:11, 41). Кристинӕбӕл 18 анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕд ӕ ниййергути хӕццӕ радзурдта ӕма бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ рахизтӕй. Е загъта: «Скъолай ци ӕвзагбӕл дзурдтон, еци ӕвзагбӕл Йегови туххӕй фулдӕр ку базудтон, уӕд мӕ бафӕндадтӕй къахдзӕфтӕ искӕнун». Кристинӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта ӕма нур хъӕбӕр амондгун ӕй.

16. Еу хуӕрӕ Надя бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ ке нӕ рахизтӕй, уобӕл цӕмӕннӕ фӕсмон кӕнуй?

16 Ӕригӕнттӕ, сумах ба сагъӕс кӕнтӕ бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ рацӕунбӕл? Кӕд гъо, уӕд цӕмӕн? Еци ӕмбурдмӕ ку рахезай, уӕд дин е банхус кӕндзӕй, Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун? (Иак. 4:8). Ӕви дӕ уотӕ фӕндуй, цӕмӕй дин дӕ ниййергутӕ дӕ алли къаздзӕф дӕр мабал гъӕуай кӕнонцӕ кенӕ цӕмӕй дӕхе минкъийдӕр тухсун кӕнай? Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хуӕрӕ, Надя, загъта: «Ӕз, мӕ хуӕртӕ ӕма ме ’нсувӕр ирӕзгӕ кари ку адтан, уӕд нӕ бафӕндадтӕй бунӕттон ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурдмӕ рахезун». Фал ӕй ниййергутӕ ба балӕдӕрдтӕнцӕ, е сӕ сувӕллӕнттӕбӕл хуарзӕрдӕмӕ ке нӕ рабӕрӕг уодзӕй. Надя ма загъта: «Мӕ ниййергутӕй хъӕбӕр боз дӕн, ӕндӕр ӕмбурдмӕ рахезун нӕ ке нӕ бауагътонцӕ, ӕма нӕ сӕхе ӕвзагбӕл дзорун ке исахур кодтонцӕ, уой туххӕй. Уой фӕрци нин фулдӕр фадуӕттӕ фӕззиндтӕй, адӕнӕн Йегови туххӕй дзорунмӕ».

ИННЕТИ БОН КУД ӔЙ ӔНХУС КӔНУН?

17. а) Сувӕллӕнттӕ гъомбӕл кӕнун Йеговӕ кӕмӕн баихӕс кодта? б) Ниййергути бон кӕмӕй ӕй ӕнхус ракорун, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти рӕстдзийнади надбӕл аразонцӕ?

17 Сувӕллӕнттӕ гъомбӕл кӕнун, Йеговӕ баихӕс кодта ниййергутӕн, нанатӕн, бабатӕн кенӕ ӕндӕр ескӕмӕн нӕ, фал. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 1:8; 31:10, 27, 28.) Фал бунӕттон ӕвзаг ка нӕ зонуй, еци ниййергути ба сӕ сувӕллӕнтти рӕстдзийнади надбӕл исаразунмӕ, гӕнӕн ес, ӕма ӕнхус дӕр багъӕуа. Ниййергутӕ уӕхӕн ӕнхус ку ракоронцӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕ уодзӕй, ӕма сӕ ихӕстӕ еске рагъи бакӕнунмӕ гъавунцӕ. Уӕхӕн ӕнхуси фӕрци сӕ бон уодзӕй сӕ сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнун, «Йеговӕ куд амонуй, уотӕ ӕма сӕ ӕ зундбӕл аразун» (Еф. 6:4). Зӕгъӕн, сӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти бафӕрсун, бийнонти ахур хуӕздӕр куд адтайдӕ уадзун, уобӕл кенӕ син зӕгъун, цӕмӕй син банхус кӕнонцӕ сӕ сувӕллонӕн хуарз ӕмбӕлттӕ иссерун.

Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун пайда ӕй ниййергутӕн дӕр ӕма сувӕллӕнттӕн дӕр (кӕсӕ 18 ӕма 19 абзацтӕ)

18, 19. а) Фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон куд ӕй ӕригӕнттӕн ӕнхус кӕнун? б) Ниййергутӕ идарддӕр дӕр ци гъӕуама кӕнонцӕ?

18 Еуӕй-еухатт ниййергути бон ӕй сӕ бийнонти ахурмӕ ӕндӕр бийнонтӕ дӕр ӕрбахонун. Ӕригӕнттӕ ба фӕлтӕрдгун киристӕнттӕй ахур кӕндзӕнцӕ, сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ ку цӕуонцӕ кенӕ рӕстӕг еумӕ ку ’рветонцӕ, уӕд (Ӕмб. 27:17). Раздӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Шен загъта: «Ӕз ӕй гъуди кӕнун, ӕнсувӕртӕ мин куд ӕнхус кодтонцӕ, уой. Мӕ ихӕслӕвӕрд бацӕттӕ кӕнунмӕ мин ку ӕнхус кӕниуонцӕ, уӕд алкӕддӕр нӕуӕг ести базонинӕ. Уомӕй уӕлдай ма мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй сӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун».

19 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ниййергутӕ ӕнхус кӕмӕй ракоронцӕ, етӕ гъӕуама сувӕллӕнтти разӕнгард кӕнонцӕ сӕ ниййергути нимайун. Уотӕ уодзӕй, сувӕллӕнттӕн сӕ ниййергути хуарзи кой ку кӕнонцӕ ӕма син сӕ ихӕстӕ сӕхемӕ ку нӕ есонцӕ, уӕд. Удта ма син ӕнхус ка кӕнуй, етӕ гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, удта иннетӕ дӕр уотӕ ма бангъӕлонцӕ, ӕма сӕмӕ цидӕр ӕнӕгъдау фӕндтӕ ес (1 Пет. 2:12). Кӕд ниййергути бон ӕй иннетӕй ӕнхус ракорун, уӕддӕр сувӕллони раст надбӕл аразун сӕйрагидӕр уони ихӕс ӕй. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама сӕ гъос даронцӕ, иннӕ киристӕнттӕ сӕ сувӕллӕнттӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕ дӕр.

20. Ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови лӕггадгӕнгутӕ исуонцӕ?

20 Ниййергутӕ, Йеговӕй ӕнхус коретӕ ӕма уӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнтӕ. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 15:7.) Фиццагидӕр сагъӕс кӕнтӕ, уӕ сувӕллӕнттӕ Йеговӕмӕ куд бахӕстӕгдӕр уонцӕ, уобӕл. Ӕгас хъауритӕй архайетӕ, цӕмӕй Хуцауи Дзурд сӕ зӕрдитӕмӕ гъара. Уотӕ макӕд сагъӕс кӕнтӕ, ӕма уӕ сувӕллӕнттӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун некӕд райдайдзӕнцӕ. Етӕ дӕр Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдайонцӕ ӕма сумах ку фӕнзонцӕ, уӕд уӕ бон уодзӕй апостол Иоанни хузӕн зӕгъун: «Мӕ бӕдӕлттӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уомӕй ӕхцӕуӕндӕр мин ци гъӕуама уа!» (3 Иоан. 4).

^ 7 абз. Кӕсӕ 2007 анзи мартъий «Пробудитесь!», статья «Новый язык вам по силам!», 10–12 фӕрстӕ.