Лӕггадӕ кӕнтӕ Йеговӕн, сӕребарӕдзийнадӕдӕттӕг Хуцауӕн
«Йеговӕ ӕй ӕнӕуингӕ, ӕма Йегови сугъдӕг хъаурӕ кӕми ес, уоми ес сӕребарӕдзийнадӕ» (2 КОР. 3:17).
ЗАРТӔ: 49, 73
1, 2. а) Апостол Павели рӕстӕгути ка цардӕй, еци адӕни сӕ бӕсти уавӕр цӕмӕн тухсун кодтайдӕ? б) Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ кӕмӕй цӕуй?
ФИЦЦАГ ӕноси Ромаг Империй ка цардӕй, еци адӕн сӕ закъӕнттӕй, сӕ тӕрхондӕнттӕй ӕма син ци сӕребарӕдзийнадӕ адтӕй, уомӕй хъӕбӕр сӕрустур адтӕнцӕ. Фал еци хъаурӕгин паддзахадӕ цардӕй цагъарти хъиамӕтӕй. Алли ӕртиккаг адӕймаг дӕр си цагъар адтӕй. Мадта ромӕгти дӕр ӕма Роми ка цардӕй, еци киристӕнтти дӕр, сӕ бӕсти уӕхӕн уавӕр ке адтӕй, е куд нӕ тухсун кодтайдӕ.
2 Апостол Павел дӕр сӕребарӕдзийнади туххӕй арӕх финста. Фал ӕ рӕстӕги ка цардӕй, еци адӕнӕй уӕлдай уобӕл нӕ архайдта, цӕмӕй адӕни сӕ зиндзийнӕдтӕй фӕййервӕзун кодтайдӕ. Павел удта е ’мкиристӕнттӕ фиццагидӕр архайдтонцӕ, цӕмӕй адӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй дзурдтайуонцӕ ӕма син лӕдӕрун кодтайуонцӕ, Йесо Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой. Павел е ’мкиристӕнтти разӕнгард 2 Кор. 3:17).
кодта, цӕмӕй агоронцӕ, ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ ка дӕттуй, еци Хуцауи. Коринфӕгтӕмӕ ӕ дуккаг финстӕги уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Йеговӕ ӕй ӕнӕуингӕ, ӕма Йегови сугъдӕг хъаурӕ кӕми ес, уоми ес сӕребарӕдзийнадӕ» (3, 4. а) 2 Коринфӕгтӕмӕ 3:17 стихи размӕ Павел цӕй кой ракодта? б) Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нӕмӕ, Йеговӕй ка цӕуй, еци сӕребарӕдзийнадӕ уа?
3 Коринфӕгтӕмӕ ӕ дуккаг финстӕги Павел радзурдта, Моисей Синаййи хонхбӕл Йегови изӕди хӕццӕ ку дзурдта ӕма ку ӕрхизтӕй, уӕд ибӕл ци хабар ӕрцудӕй, уой. Моисеййӕн ӕ цӕсгонӕй рохс калдӕй! Израилӕгтӕ уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд фӕттарстӕнцӕ, ӕма уой туххӕй Моисей ӕ цӕсгон нимбарзта (Рац. 34:29, 30, 33; 2 Кор. 3:7, 13). Павел уой туххӕй загъта: «Фал се ’ргом Йеговӕмӕ ку раздахунцӕ, уӕд еци ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуй» (2 Кор. 3:16). Цума ӕ дзурдтӕ цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?
4 Айразиккон статьяй куд дзурдтан, уомӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ес ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ, уомӕн ӕма Дун-дуйней цидӕриддӕр ес, уони е сфӕлдиста. Уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма «Йегови сугъдӕг хъаурӕ кӕми ес, уоми ес сӕребарӕдзийнадӕ». Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ, ке гъӕуй, е ӕй гъӕуама Йеговӕмӕ агора. Уой туххӕй ба нин гъӕуама Йегови хӕццӕ федар лимӕндзийнадӕ уа. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг будури ку адтӕнцӕ, уӕд алцӕмӕдӕр адӕймаги цӕстӕй кастӕнцӕ, Йегови цӕстӕй нӕ, фал. Зӕгъӕн ес, ӕма сӕ зунд, удта сӕ зӕрдӕ ӕмбӕрзӕнӕй ӕмбӕрзт адтӕнцӕ. Уони фӕндадтӕй, цӕмӕй сӕ сӕребарӕдзийнадӕй, сӕхе куд фӕндадтӕй, уотӕ пайда кодтайуонцӕ (Дзиуит. 3:8–10).
5. а) Йеговӕй ка цӕуй, еци сӕребарӕдзийнадӕ цӕхуӕн ӕй? б) Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йеговӕй ка цӕуй, еци сӕребарӕдзийнадӕ цагъари кенӕ ахӕст адӕймаги бон дӕр ке ӕй иссерун? в) Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
5 Йеговӕ ке дӕттуй, еци сӕребарӕдзийнадӕ, ӕнӕуой цагъарӕн ке раттунцӕ, уомӕй фулдӕр ӕй. Уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ еунӕг адӕймаги бон дӕр нӕй раттун. Е нӕ уӕгъдӕ кӕнуй тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй, мӕнгӕ дини ахурӕдтӕй ӕма адӕни ӕримисгӕ ӕгъдӕуттӕй (Ром. 6:23; 8:2). Еци сӕребарӕдзийнадӕн аргъ дӕр нӕййес. Сауӕнгӕ ма цагъар ка ӕй кенӕ ахӕстдони ка бадуй, уони бон дӕр ӕй уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ иссерун (Райд. 39:20–23). Е бӕрӕг ӕй, берӕ ӕнзти дӕргъи сӕ дини туххӕй ахӕстдони ка фӕббадтӕй, еци хуӕрӕ Нэнси Юэн ӕма ӕнсувӕр Харольд Кинги хабӕрттӕй. Сӕ интервьютӕмӕ син ес бакӕсӕн нӕ интернет-телеуинунади. Ӕркӕсӕн, нӕ сӕребарӕдзийнадӕн аргъ ке кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, уомӕ, удта си нӕ бон зундӕй пайда кӕнун куд ӕй, уомӕ дӕр.
ЙЕГОВӔ КЕ ДӔТТУЙ, ЕЦИ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔН АРГЪ ДӔР НӔЙЙЕС
6. Израилӕгтӕ, Йеговӕ син ци сӕребарӕдзийнадӕ равардта, уомӕн ке нӕ аргъ кодтонцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?
6 Еске нин хъазар лӕвар ку искӕнуй, уӕд си хъӕбӕр боз фӕууӕн. Фал израилӕгтӕ Ним. 11:5, 6, 10; 14:3, 4). Еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
ба не ’саргъ кодтонцӕ, Йеговӕ син ци сӕребарӕдзийнадӕ равардта, уомӕн. Египетӕй сӕ ку исуӕгъдӕ кодта, уӕд сӕбӕл цалдӕр мӕйи дӕр нӕма рацудӕй, уотемӕй сӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ Египети хуӕруйнӕгтӕ ӕма ниуӕзтӕмӕ дзорун райдӕдта. Йеговӕ син дессаги хузи ци маннӕ раттидӕ, уобӕл ба хъур-хъур кӕнун райдӕдтонцӕ. Сауӕнгӕ ма сӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ раздӕхун дӕр бафӕндадтӕй! Ци сӕребарӕдзийнадӕ син лӕвӕрд ӕрцудӕй, уомӕй гъӕуама пайда кодтайуонцӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ. Фал уонӕн ба кӕсалгӕ, хуӕргӕнасӕ, харбуз, гъӕдзиндзӕ ӕма бодӕн ӕхсидзгӕдӕр иссӕнцӕ. Мадта сӕмӕ Йегови маст дзӕгъӕли не ’ссугъдӕй (7. Павел 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:1 ци унаффӕ ниффинста, уомӕй ӕхуӕдӕг куд пайда кодта ӕма си мах бон дӕр куд ӕй пайда кӕнун?
7 Павел еугур киристӕнтти дӕр фӕдзахста, цӕмӕй ма иронх кӕнонцӕ, Йеговӕ син ӕ фурт Йесо Киристей фӕрци ци сӕребарӕдзийнадӕ балӕвар кодта, уой. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:1.) Павел дӕр ӕнӕнхӕст адӕймаг адтӕй, тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъар, ӕма ин е хъӕбӕр устур маст хаста. Фал уӕддӕр загъта: «Ӕз арфӕ кӕнун Хуцауӕн, е мӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци!» Цума уотӕ цӕмӕн загъта? Идарддӕр ӕй лӕдӕрун кӕнуй: «Йесо Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕн цард ка дӕттуй, еци сугъдӕг хъаури закъон дӕу иссӕребарӕ кодта тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти закъонӕй» (Ром. 7:24, 25; 8:2). Мах дӕр гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн, Йеговӕ нӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй куд фӕййервӕзун кодта, уой. Киристей нивонди фӕрци нин ес фадуат Йеговӕн кӕдзос цӕсгонӕй лӕггадӕ кӕнун, ӕма нин е ӕцӕг цийнӕдзийнадӕ хӕссуй (Пс. 40:8).
8, 9. а) Нӕ сӕребарӕдзийнадӕй пайда кӕнун куд гъӕуй, уой туххӕй апостол Петур ци загъта? б) Еуӕй-еуетӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст куд нӕ фӕппайда кӕнунцӕ?
1 Петури 2:16.) Аци фӕдзӕхст нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, израилӕгтӕбӕл ӕдзӕрӕг будури ци хабар ӕрцудӕй, уой. Зӕгъӕн ес, ӕма аци фӕдзӕхст абони махмӕ никки хъӕбӕрдӕр хауй. Сайтан ӕма нӕ ӕ дуйне сайунцӕ, царди гъӕугӕ ка ӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй, уонӕмӕ хаунцӕ хуӕрдӕ, ниуӕзтӕ, хъӕппӕл ӕма ерхӕфсӕнтӕ. Рекламӕгӕнгутӕмӕ ес еу мадзал: сӕ рекламити рӕсугъд адӕни уотӕ исесунцӕ, цӕмӕй адӕнмӕ уотӕ кӕса, цума еци дзаумайӕн ӕнӕбалхӕнӕн нӕййес, кӕд сӕ ӕппун нӕ багъӕудзӕй, уӕддӕр. Уомӕ гӕсгӕ нин тӕссаг ӕй нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке нӕбал пайда кӕндзиан, уомӕй.
8 Йеговӕй боз ке ан, е айдагъ нӕ дзурдтӕй гъӕуама ма уа бӕрӕг, фал нӕ гъуддӕгтӕй, удта нӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кӕнӕн, уомӕй дӕр. Зӕгъӕн, апостол Петур киристӕнтти фӕдзахста, цӕмӕй син сӕ сӕребарӕдзийнадӕ, лӕгъуз гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ рӕуонӕ ма иссайдӕ. (Бакӕсӕ9 Петури унаффӕ ма царди ӕндӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕмӕ дӕр хауй, зӕгъӕн, цӕхуӕн ахур кенӕ цӕхуӕн куст равзардзиан. Абони ӕригӕнтти фӕрразӕнгард кӕнунцӕ уӕлдӕр ахур райсунмӕ, зӕгъгӕ уин ӕрмӕстдӕр уой фӕрци уодзӕй, берӕ ӕхца кӕми косдзиайтӕ, уӕхӕн куст ӕма кадӕ адӕни цӕсти. Удта ма син радзорунцӕ, уӕлдӕр ахур ка фӕцӕй ӕма берӕ ӕхца косун ка райдӕдта, уони хабӕрттӕ. Ӕригӕнттӕн сӕ царди ӕхсидзгӕ къахдзӕф искӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд сӕмӕ, ка ’й зонуй, хуӕздӕр фӕккӕсдзӕй уӕлдӕр ахур фӕуун. Фал сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма сӕ ниййергутӕ дӕр сӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама даронцӕ?
10. Нӕхе барӕ ка ’нцӕ, еци гъуддӕгти унаффӕ хӕсгӕй ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн?
10 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма аци гъуддӕгтӕ адӕймагӕн ӕхе барӕ ’нцӕ, ӕма гъӕуама ӕ бон уа равзарун, ци ’й фӕндуй, уой ӕма ’й уой туххӕй е ’фсарӕ ма хуӕра. Ка ’й зонуй, сагъӕс кӕнунцӕ: «Мӕ сӕребарӕдзийнадӕн кедӕр ӕфсарӕ тӕрхонгӕнӕг цӕмӕн гъӕуама уа?» (1 Кор. 10:29). Ӕма кӕд, цӕхуӕн ахур кенӕ цӕхуӕн куст равзардзиан, е нӕхе барӕ ӕй, уӕддӕр гъӕуама ма иронх кӕнӕн, нӕ сӕребарӕдзийнадӕ ӕнӕкӕрон ке нӕй ӕма ци унаффӕ рахӕссӕн, е нӕ цардбӕл кенӕ хуарзӕрдӕмӕ кенӕ лӕгъузӕрдӕмӕ ке рабӕрӕг уодзӕй. Павел дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Алци кӕнуни барӕ дӕр ес, фал алци пайда нӕй. Алци кӕнуни барӕ дӕр ес, фал алци нӕ федар кӕнуй» (1 Кор. 10:23). Мадта нӕ нӕ царди ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕд айдагъ нӕхе ци фӕндуй, уобӕл нӕ сагъӕс кӕндзиан.
ЙЕГОВӔН КА ЛӔГГАДӔ КӔНУЙ, Е Ӕ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔНУЙ
11. Йеговӕ нӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй цӕмӕн исуӕгъдӕ кодта?
11 Сӕребарӕдзийнадӕй пайда кӕнун раст куд н’ адтайдӕ, уой туххӕй апостол Петур ку дзурдта, уӕд ма уотӕ дӕр загъта, «Хуцауи цагъарти хузӕн
цӕрунмӕ» си пайда кӕнтӕ, зӕгъгӕ. Йеговӕ дӕр нӕ Киристей фӕрци, тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй, уой туххӕй исуӕгъдӕ кодта, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнӕн.12. Ной ӕма ӕ бийнонти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
12 Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ хъауритӕ ӕма нӕ рӕстӕг ку не ’вгъау кӕнӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма нӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд хуӕздӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнӕн. Уотӕ ку архайӕн, уӕд нин тӕссаг нӕ уодзӕй, аци дуйней гъуддӕгтӕ ӕма нӕхе фӕндтӕ Хуцауи гъуддӕгтӕй уӕлдӕр ке ӕвӕрдзиан, уомӕй (Гал. 5:16). Ӕргъуди кӕнӕн, Ной ӕма ӕ бийнонтӕ куд архайдтонцӕ, уой. Етӕ хъӕбӕр ихӕлд ӕма фудзӕрдӕ адӕни астӕу цардӕнцӕ, фал син сӕ хӕццӕ еумӕйагӕй неци адтӕй. Етӕ сӕ хъауритӕ исаразтонцӕ, Йеговӕ син ке баихӕс кодта, еци гъуддагмӕ – науӕ аразтонцӕ, сӕхе ӕма цӕрӕгойти фагӕ хуӕруйнаг ӕмбурд кодтонцӕ, удта адӕнӕн дзурдтонцӕ, Дони хъиамӕт ке уодзӕй, уой туххӕй. Библи зӕгъуй: «Ной алцидӕр искодта, Хуцау ин куд загъта, уотӕ. Куддӕриддӕр ин загъта, гъе уотӕ бакодта» (Райд. 6:22). Уотемӕй Ной дӕр ӕма ӕ бийнонтӕ дӕр Дони хъиамӕти рӕстӕг фӕййервазтӕнцӕ (Дзиуит. 11:7).
13. Йеговӕ нин ци баихӕс кодта?
13 Махӕн ба абони Йеговӕ ци баихӕс кодта? Куд Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ, уотӕ ’й зонӕн, нӕ ихӕс хуарз хабар игъосун кӕнун ке ӕй. (Бакӕсӕ Лукай 4:18, 19.) Абони Сайтан фулдӕр адӕни нихъхъӕрӕу кодта, ӕма ’й нӕ лӕдӕрунцӕ, мӕнгӕ дини, ӕхцай ӕма политики гъуддӕгти цагъартӕ ке иссӕнцӕ (2 Кор. 4:4). Йесой хузӕн махмӕ дӕр еци кадӕ ӕрхаудтӕй, цӕмӕй адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амонӕн ӕма сӕребарӕдзийнадӕдӕттӕг Хуцау Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн (Матф. 28:19, 20). Игъосун кӕнуни гъуддаги архайун ӕнцон нӕй. Еуӕй-еу рауӕнти адӕн лӕгъуз фегъосунцӕ ӕма ма нӕмӕ мӕстгун дӕр исунцӕ. Фал нин еци гъуддаг Йеговӕ баихӕс кодта, ӕма гъӕуама нӕхе бафӕрсӕн: «Мӕ бон ӕй мӕ сӕребарӕдзийнадӕй уотӕ пайда кӕнун, цӕмӕй Хуцауи гъуддӕгти никки фулдӕр архайон?»
14, 15. Хуцауи адӕнӕй беретӕ цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
14 Хуцауи адӕн ӕй лӕдӕрунцӕ аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон хъӕбӕр хӕстӕг ке ӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ беретӕ исфӕндӕ кодтонцӕ сӕ цард фӕххумӕтӕгдӕр кӕнун ӕма пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдайун (1 Кор. 9:19, 23). Еуӕй-еуетӕ фулдӕр лӕггадӕ кӕнун райдайунцӕ сӕхе райони, иннетӕ ба рандӕ унцӕ, фулдӕр ӕнхус кӕми гъӕуй, уӕхӕн ӕмбурдтӕмӕ. Фӕстаг фондз анземӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ 250 000 адӕймагемӕй фулдӕр, ӕдеугурӕй ба нур пионертӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ 1 100 000 адӕймагемӕй фулдӕр. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин ӕй, уойбӕрцӕ адӕн сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке пайда кӕнунцӕ ӕма Йеговӕн зингзӕрдӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ! (Пс. 110:3).
15 Цума еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ци ӕнхус кӕнуй сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнун? Ӕркӕсӕн, Иакови 4:8 финст дзурдтӕ, бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй, зӕгъгӕ, цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ, уой. Алкӕддӕр мӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рохс кодтайдӕ ӕма мӕ лӕггади фӕрци, е мӕ къохи бафтудӕй».
фӕстаг 30 анзи аллихузи бӕстити ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн лӕг ӕма уоси, Джон ӕма Джудити, хабармӕ. 1977 анзи фӕззиндтӕй Пионерти скъола, ӕма си ка ахур кодта, уони разӕнгард кодтонцӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ рандӕ ун. Гъема Джон ӕма Джудит дӕр уотӕ бакодтонцӕ. Фал сӕ хумӕтӕг цард кӕнун ке фӕндадтӕй, уой туххӕй Джони арӕх багъӕуидӕ ӕ куст раййевун. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте сӕ нисан сӕ къохи бафтудӕй ӕма ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ рандӕ ’нцӕ. Нӕуӕг бунати сӕ гъудӕй бунӕттон ӕвзаг исахур кӕнун, удта ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ ӕма ӕндӕр климӕтбӕл исахур ун. Цума син еци рӕстӕгути ци банхус кодта? Йеговӕмӕ ке кувтонцӕ ӕма ибӕл сӕ зӕрдӕ ке дардтонцӕ, е. Уал анзи Йегови гъуддаги зӕрдиагӕй ке хъиамӕт кодтонцӕ, уой туххӕй Джон загъта: «Ба ’й лӕдӕрдтӕн, аци гъуддаги архайунӕй хуӕздӕр ке неци ес! Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй ӕма нӕбӕл уарзӕгой Фиди хузӕн ке тухсуй, уой мӕхебӕл бавзурстон. Нур ӕй никки хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтон,16. Мингай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст куд пайда кӕнунцӕ?
16 Беретӕ Джон ӕма Джудити хузӕн пионертӕй берӕ ӕнзти дӕргъи фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ. Ӕ уавӕр кӕмӕн нӕ амонуй, етӕ ба пионертӕй еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг балӕггадӕ кӕнунцӕ. Беретӕ ба нӕ организаций арӕзтадон кустити фенхус кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, Уорвикки (штат Нью-Йорк) нӕуӕг сӕйраг хайадӕ ку аразтан, уӕд еци гъуддаги фӕккӕсунмӕ ка ӕрбацудӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ адтӕнцӕ 27 000 бӕрцӕ. Кадӕртӕ си балӕггадӕ кодтонцӕ цалдӕр къуӕрей кенӕ цалдӕр мӕйи, кадӕртӕ ба си еу анз кенӕ уомӕй дӕр фулдӕр. Уой туххӕй бал си беретӕ сӕхе гъуддӕгтӕ фӕййеуварс кодтонцӕ. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови, сӕребарӕдзийнадӕдӕттӕг Хуцауи, кадгин кӕнонцӕ ӕма нин еци гъуддаги фӕнзуйнаг ӕнцӕ.
17. Хуцауӕй лӕвӕрд сӕребарӕдзийнадӕй нур раст ка пайда кӕнуй, уонӕмӕ федӕни цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
17 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ӕхе нин ке базонун кодта ӕма нӕ ке иссӕребарӕ кодта, уой туххӕй. Мадта ци унаффитӕ фӕххӕссӕн, уонӕй гъӕуама бӕрӕг уа, еци сӕребарӕдзийнадӕн аргъ ке кӕнӕн. Еци сӕребарӕдзийнадӕ нин лӕгъуз гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ рӕуонӕ ма уӕд, фал си раст пайда кӕнӕн ӕма, Йегови гъуддаги нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн. Уотӕ ку архайӕн, уӕд исхайгин уодзиан, Йеговӕ нин зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци арфӕдзийнӕдтӕй: «Хуцау цидӕриддӕр сфӕлдиста, етӕ иссӕребарӕ уодзӕнцӕ мӕлӕти цагъайрадӕй ӕма син уодзӕй, Хуцауи сувӕллӕнттӕн ци дессаги сӕребарӕдзийнадӕ ес, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ» (Ром. 8:21).