Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕцӕг сӕребарӕ кӕд уодзиан?

Ӕцӕг сӕребарӕ кӕд уодзиан?

«Кӕд [уӕ] Фурт иссӕребарӕ кӕна, уӕд уодзиайтӕ ӕцӕг сӕребарӕ» (ИОАН. 8:36).

ЗАРТӔ: 54, 36

1, 2. а) Адӕн сӕребарӕдзийнадӕбӕл куд тох кӕнунцӕ? б) Еци гъуддӕгтӕ арӕхдӕр цӕмӕ ӕркӕнунцӕ?

АБОНИ адӕн ӕмхузӕн бартӕ ӕма сӕребарӕдзийнадӕбӕл арӕх фӕдздзорунцӕ. Берӕ бӕстити адӕн тухсунцӕ, сӕ бартӕ син ке нецӕмӕ дарунцӕ, ӕфхуӕрд ке ӕййафунцӕ, удта мӕгур цард ке кӕнунцӕ, уой туххӕй, ӕма сӕ фӕндуй уӕхӕн цӕмӕйдӕрти исуӕгъдӕ ун. Иннета ба уобӕл тох кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа сӕребарӕй сӕ гъуди дзорун, унаффитӕ хӕссун, удта сӕ цард, сӕхе куд фӕндуй, уотӕ аразун. Сӕребарӕй цӕрун алкедӕр фӕндуй.

2 Сӕребарӕдзийнадӕбӕл тох кӕнгӕй адӕн искӕнунцӕ митингтӕ ӕма ма сауӕнгӕ революцитӕ дӕр. Цума уомӕй ести рамолунцӕ? Арӕхдӕр уӕхӕн хабӕртти фӕсте никки фулдӕр гъезӕмӕрттӕ ӕма тогниккалд фӕууй. Паддзах Соломони дзурдтӕ ӕцӕгӕйдӕр раст ӕнцӕ: «Адӕймаг адӕймагӕн хецау ке ӕй, е ин хӕссуй зиан» (Еккл. 8:9).

3. Цӕмӕй ӕцӕг амондгун ӕма зӕрдӕрохс уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

3 Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй ӕцӕг амондгун ӕма сӕребарӕ уӕн. Ахуркӕнуйнаг Иаков финста: «Сӕребарӕдӕттӕг ӕнаййепп закъон лӕмбунӕг ка ӕртасуй ӕма ибӕл федар ка хуӕцуй, е... уодзӕй амондгун» (Иак. 1:25). Еци ӕнаййепп закъон Йеговӕй цӕуй ӕма ’й е хуӕздӕр зонуй, ӕцӕг амондгун ӕма зӕрдӕрохс цӕй фӕрци уодзиан, уой. Йеговӕ Адам ӕма Евӕн равардта ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ, удта сӕ амондгун цард кӕнунмӕ цидӕриддӕр гъудӕй, уой.

АДӔН ӔЦӔГ СӔРЕБАРӔ КӔД АДТӔНЦӔ

4. Адам ӕма Евӕн цӕхуӕн сӕребарӕдзийнадӕ адтӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

4 Райдайӕни киунуги 1 ӕма 2 сӕртӕй куд зиннуй, уотемӕй Адам ӕма Евӕмӕ ци сӕребарӕдзийнадӕ адтӕй, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕмӕ абони беретӕ бахицӕ кодтайуонцӕ. Етӕ ӕппундӕр неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ, нецӕмӕй тарстӕнцӕ, удта сӕ ӕфхуӕргӕ дӕр неке кодта. Нӕдӕр сӕ хуӕруйнагбӕл, нӕдӕр кустбӕл тухсун гъудӕй, удта син незтӕ ӕма мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг н’ адтӕй (Райд. 1:27–29; 2:8, 9, 15). Фал цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма сӕ сӕребарӕдзийнадӕн арӕнтӕ н’ адтӕй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн.

5. Адӕни ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕн ци гъӕуй?

5 Берети гъудимӕ гӕсгӕ ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ ӕй, цидӕриддӕр дӕ фӕндуй, уой ку кӕнай, ӕма дӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уобӕл ку нӕ тухсай. Еу энциклопедий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕймаги сӕребарӕ исхонӕн уодзӕй, «ӕ бон унаффитӕ хӕссун ӕма уонӕмӕ гӕсгӕ архайун ку уа, уӕд» (The World Book Encyclopedia). Еци энциклопедий ма финст ӕй, зӕгъгӕ, адӕн ӕцӕг сӕребарӕ уодзӕнцӕ, хецауадӕ син сӕ бартӕ ку нимайа ӕма син ӕнӕгъӕугӕ закъӕнттӕ ку нӕ ӕвӕра, уӕд. Мадта ни цӕмӕй алкедӕр сӕребарӕ уа, уой туххӕй нӕ цӕхуӕндӕр закъӕнттӕ гъӕуй. Фал цума цӕхуӕндӕр закъон гъӕугӕ ӕй ӕви нӕ, уой лух кӕнуни барӕ кӕмӕн ес?

6. а) Ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн цӕмӕн ес? б) Адӕн цӕхуӕн сӕребарӕдзийнадӕй хайгин ӕнцӕ ӕма цӕмӕн?

6 Алкедӕр ӕй гъӕуама лӕдӕра, ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ке ес. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма алцидӕр е сфӕлдиста ӕма Дун-дуйней Хецау дӕр е ӕй (1 Тим. 1:17; Рарг. 4:11). Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Паддзах Давид цӕхуӕн рӕсугъд дзурдтӕй испайда кодта, Йеговӕ цӕхуӕн Хуцау ӕй ӕма ци бӕрзонд бунати ӕй, уой кой ку кодта, уӕд. (Бакӕсӕ 1 Анзфинстити 29:11, 12.) Хуцау ке сфӕлдиста, уонӕн ба сӕ сӕребарӕдзийнадӕ ӕнӕкӕрон нӕй, нӕдӕр изӕдтӕн нӕдӕр адӕнӕн. Мадта ни гъӕуама алкедӕр лӕдӕра, ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ке ес закъӕнттӕ ӕвӕруни барӕ. Хуцау ци закъӕнттӕ дӕттуй, етӕ ӕнцӕ раст, удта сӕ ӕнӕгъӕугӕ исхонӕн нӕййес. Ӕма адӕни ку сфӕлдиста, уӕд дӕр син уӕхӕн закъӕнттӕ равардта.

7. Амондгун ке фӕрци ан, еци гъуддӕгтӕй еуӕй-еуетӕ цӕхуӕн ӕнцӕ?

7 Кӕд Адам ӕма Евӕ сӕребарӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕ сӕребарӕдзийнадӕн арӕнтӕ адтӕй. Зӕгъӕн, цӕмӕй ма рамардайуонцӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй цӕхуӕндӕр ӕрдзон закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун. Гъудӕй сӕ хуӕрун, уолӕфун ӕма фунӕй кӕнун. Цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма уой туххӕй сӕребарӕ нӕбал адтӕнцӕ? Нӕъ. Йеговӕ ӕхуӕдӕг дӕр зӕгъуй, еци гъуддӕгти фӕрци адӕймаги цард амондгундӕр ке кӕнуй (Пс. 104:14, 15; Еккл. 3:12, 13). Ке зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй кӕдзос уӕлдӕфӕй исуолӕфун, адгин хуӕруйнаг хуӕрун кенӕ ӕхсӕвӕ дзӕбӕх бафунӕй кӕнун. Ӕма нӕ еци гъуддӕгтӕ кӕнун ке фӕгъгъӕуй, уой туххӕй нӕхемӕ цагъартӕ нӕ фӕккӕсӕн. Адам ӕма Евӕмӕ дӕр, ӕвӕдзи, уотӕ нӕ кастӕй.

8. Хуцау Адам ӕма Евӕн ци баихӕс кодта ӕма цӕмӕн?

8 Йеговӕ Адам ӕма Евӕн баихӕс кодта цӕуӕт уадзун, зӕнхӕ байдзаг кӕнун ӕма имӕ зелун (Райд. 1:28). Цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма еци ихӕси туххӕй сӕребарӕ нӕбӕл адтӕнцӕ? Нӕййес. Уой фӕрци син фадуат адтӕй ӕгас зӕнхӕй дӕр дзенет рауайун кӕнун ӕма ибӕл ӕносмӕ цӕрун, ци ӕнхӕст сувӕллӕнттӕ син игурдайдӕ, уони хӕццӕ. Е адтӕй Хуцауи фӕндон (Ис. 45:18). Фал абони уӕхӕн ихӕс некӕбӕл ес. Адӕймаги бийнонтӕ искӕнун кенӕ цӕуӕт рауадзун ку нӕ фӕндӕуа, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕ уодзӕй, ӕма Хуцауи фӕндони нихмӕ цӕуй. Фал адӕн уӕддӕр бийнонтӕ искӕнунцӕ ӕма ма цӕуӕт дӕр рауадзунцӕ, кӕд е цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти хӕццӕ баст фӕууй, уӕддӕр (1 Кор. 7:36–38). Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма уотемӕй сӕ цард амонгундӕр кӕнуй (Пс. 127:3). Адам ӕма Евӕ Йеговӕмӕ ку байгъустайуонцӕ, уӕд сӕ бийнонти цардбӕл ӕносмӕ цийнӕ кодтайуонцӕ.

ӔЦӔГ СӔРЕБАРӔ ЦӔМӔН НӔБАЛ АН

9. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕннӕ ес, ӕма Райдайӕни 2:17 Хуцау адӕнӕн ци фӕдзӕхст равардта, е адтӕй раст ӕма гъӕугӕ?

9 Йеговӕ ма Адам ӕма Евӕн еу фӕдзӕхст равардта ӕма син балӕдӕрун кодта, ку имӕ нӕ байгъосонцӕ, уӕд сӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой: «Хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй ма бахуӕрӕ. Ци бон си бахуӕрай, еци бон рамӕлдзӕнӕ» (Райд. 2:17). Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма аци фӕдзӕхст раст н’ адтӕй ӕма дзӕгъӕли лӕвӕрд ӕрцудӕй? Уой туххӕй сӕ сӕребарӕ исхонӕн нӕбал адтӕй? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕъ. Библиртасгутӕй беретӕ куд гъуди кӕнунцӕ, уомӕ гӕсгӕ еци фӕдзӕхст адтӕй зундбӕл дзорӕг ӕма раст. Сӕ еу загъта: «Хуцау ци фӕдзӕхститӕ равардта, етӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма ’й ӕрмӕстдӕр е зонуй, хуарз ци уодзӕй ӕма ци нӕ уодзӕй, уой. Ӕма син цӕмӕй „хуарз“ уа, уой туххӕй гъӕуама Хуцаумӕ игъосонцӕ. Ку имӕ нӕ игъосонцӕ, уӕдта сӕхе гъӕудзӕй, хуарз син ци уодзӕй ӕма ци нӕ уодзӕй, уой лух кӕнун». Е ба адӕнӕн ӕй, сӕхе бон хӕссун ке нӕй, уӕхӕн уӕззау уаргъ.

Адам ӕма Евӕ ци унаффӕ рахастонцӕ, е ӕркодта устур бӕллӕхтӕмӕ! (кӕсӕ 9–12 абзацтӕ)

10. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лух кӕнуни барӕ сӕребарӕдзийнадӕмӕ нӕ хауй?

10 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Йеговӕ Адамӕн ци фӕдзӕхст равардта, уой туххӕй Адами бон н’ адтӕй, ци ’й фӕндадтӕй, уой кӕнун. Фал уотӕ ка гъуди кӕнуй, етӕ ’й нӕ фӕллӕдӕрунцӕ, сӕребарӕдзийнадӕ цӕмӕй хецӕн кӕнуй, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой лух кӕнуни барӕ дин ку уа, уомӕй. Адам ӕма Евӕн сӕ бон адтӕй равзарун, Хуцаумӕ игъосонцӕ ӕви нӕ. Фал хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой лух кӕнуни барӕ ба ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ес. «Хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕ» дӕр син гъӕуама гъе уобӕл дзорӕг адтайдӕ (Райд. 2:9). Мах ӕй алкӕд нӕ фӕззонӕн, нӕ унаффитӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕнцӕ, уой, удта уотӕ зӕгъун дӕр нӕ бон нӕй, ӕма лӕгъузӕй нецӕмӕ ӕркӕндзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ кӕд адӕни хуарз цидӕр фӕффӕндуй, уӕддӕр ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, етӕ сӕ хатгай зиндзийнӕдтӕ, фидбилиз ӕма зианмӕ ӕркӕнунцӕ (Ӕмб. 14:12). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй ӕдӕймагӕн алци ӕ бон нӕй. Йеговӕ Адам ӕма Евӕн ку бафӕдзахста, еци бӕласӕй ма бахуӕретӕ, зӕгъгӕ, уӕд син уомӕй лӕдӕрун кодта, ӕцӕг сӕребарӕ, ку имӕ игъосонцӕ, ӕрмӕстдӕр гъе уӕд ке уодзӕнцӕ. Цума Адам ӕма Евӕ цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ?

11, 12. Адам ӕма Евӕ ци унаффӕ рахастонцӕ, е бӕллӕхмӕ цӕмӕн ӕркодта? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

11 Гъигагӕн, Адам ӕма Еви Йеговӕмӕ игъосун нӕ бафӕндадтӕй. Хуцаумӕ игъосуни бӕсти Сайтанмӕ байгъустонцӕ, уотӕ син ку загъта: «Уӕ цӕститӕ райгон уодзӕнцӕ ӕма исуодзиайтӕ Хуцауи хузӕн – зондзиайтӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй уой» (Райд. 3:5). Цума уой фӕсте Адам ӕма Евӕн ӕцӕгӕйдӕр фулдӕр сӕребарӕдзийнадӕ фӕззиндтӕй? Етӕ ’й уайтагъддӕр балӕдӕрдтӕнцӕ, Йегови разамунд ку нецӕмӕ дарай, уӕд е фидбилизӕй ӕндӕр ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй (Райд. 3:16–19). Цума уотӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма Йеговӕ адӕймагӕн уӕхӕн барӕ нӕ равардта, цӕмӕй хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой ӕхуӕдӕг лух кӕна. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 20:24; Йереми 10:23.)

12 Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Цӕмӕй хуӕдтӕхӕг ӕ бунатмӕ бахъӕрта, уой туххӕй гъӕуама пилот тӕха, рагацау ин ке байамудтонцӕ, еци надбӕл, удта гъӕуама прибортӕмӕ дӕр ӕ цӕстӕ дара ӕма диспетчери амундтӕмӕ игъоса. Фал ӕхе ци фӕндуй, уой ку кӕна, уӕд е фидбилизмӕ дӕр ӕркӕндзӕй. Раст гъе уӕхӕн пилоти хузӕн Адам ӕма Еви дӕр бафӕндадтӕй сӕхе зундӕй архайун. Етӕ Хуцауи фӕдзӕхст нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ. Цума е цӕмӕ ӕркодта? Хуарзӕй нецӕмӕ! Сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъартӕ иссӕнцӕ (Ром. 5:12). Уони ӕрфӕндадтӕй, цӕмӕй хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой сӕхуӕдтӕ лух кодтайуонцӕ. Сӕ фӕндӕй ке неци рауадӕй, е еу гъуддаг ӕй, фал ма син Хуцауӕй лӕвӕрд ка адтӕй, еци сӕребарӕдзийнадӕй дӕр фенӕхай ӕнцӕ.

ӔЦӔГ СӔРЕБАРӔ ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗИАН

13, 14. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕй исхайгин уӕн?

13 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма син ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ ку адтайдӕ, уӕд сӕ цард берӕ хуӕздӕр адтайдӕ. Фал цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, сӕребарӕдзийнадӕ берӕ пайда хӕссуй. Фал расагъӕс кӕнӕ, алкӕмӕндӕр ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ ку уа, уӕд цард цӕхуӕн уодзӕй. Уӕлдӕр ци энциклопедий кой кодтан, уоми куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, ӕхсӕнадӕ ци закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕруй, етӕ гъӕуама уӕхӕн уонцӕ, цӕмӕй адӕнӕн сӕ бартӕ дӕр гъӕуайгонд цӕуонцӕ ӕма сӕ сӕребарӕдзийнадӕн дӕр арӕнтӕ уа (The World Book Encyclopedia). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, е ӕнцон нӕй. Ӕма уойбӕрцӕ закъӕнттӕ дӕр уомӕн ес, удта уойбӕрцӕ юриститӕ ӕма тӕрхонгӕнгутӕ дӕр уой туххӕй гъӕунцӕ, цӕмӕй еци закъӕнттӕ адӕнӕн лӕдӕрун кӕнонцӕ, ӕма аллихузи гъуддӕгтӕ ӕвзаргӕй уонӕй пайда кӕнонцӕ.

14 Йесо Киристе балӕдӕрун кодта, ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й, уой. Е загъта: «Кӕд мӕ дзурдмӕ гӕсгӕ цӕрайтӕ, уӕд ӕцӕгӕйдӕр мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ уодзиайтӕ, ӕма базондзиайтӕ рӕстдзийнадӕ, ӕма уӕ рӕстдзийнадӕ иссӕребарӕ кӕндзӕй» (Иоан. 8:31, 32). Мадта цӕмӕй ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй нӕ дууӕ гъуддаги кӕнун гъӕуй. Фиццаг: гъӕуама Киристе ке амудта, еци рӕстдзийнадӕ нӕ зӕрдӕмӕ райсӕн. Дуккаг: гъӕуама ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ исуӕн. Фал нӕ цума еци рӕстдзийнадӕ цӕмӕй иссӕребарӕ кӕндзӕй? Киристе загъта: «Тӕрегъӕд ка кӕнуй, е ӕй тӕрегъӕди цагъар». Удта ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Мадта уӕ кӕд Фурт иссӕребарӕ кӕна, уӕд уодзиайтӕ ӕцӕг сӕребарӕ» (Иоан. 8:34, 36).

15. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма, Йесо зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци сӕребарӕдзийнади фӕрци «ӕцӕг сӕребарӕ» исуодзиан?

15 Йесо зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци сӕребарӕдзийнадӕ берӕ хуӕздӕр ӕй, абони беретӕ ци сӕребарӕдзийнадӕмӕ бӕллунцӕ, уомӕй. Уотӕ ку загъта, зӕгъгӕ, «уӕ кӕд Фурт иссӕребарӕ кӕна, уӕд уодзиайтӕ ӕцӕг сӕребарӕ», уӕд адӕн ци тӕрегъӕди цагъайради ’нцӕ, уой кой кодта. Уомӕй фуддӕр ба неци ес. Тӕрегъӕди фудӕй еуӕй-еухатт цӕхуӕндӕр лӕгъуз гъуддӕгтӕ бакӕнӕн, удта ма нӕ еци тӕрегъӕд хъор фӕккӕнуй, хуарз ӕма раст ци ӕй, уой кӕнунмӕ. Тӕрегъӕди цагъартӕ ке ан, е нин берӕ маст ӕма гъезӕмӕрттӕ ӕрхӕссуй, фӕстагмӕ ба нӕ мӕлӕтмӕ ӕркӕнуй (Ром. 6:23). Еци маст апостол Павел дӕр бавзурста. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 7:21–25.) Мадта ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕй,– Хуцау Адам ӕма Евӕн ке равардта, уомӕй,– исхайгин уодзиан, тӕрегъӕдӕй ку исуӕгъдӕ уӕн, уӕд.

16. «Ӕцӕг сӕребарӕ» цӕй фӕрци исуодзиан?

16 Йесой дзурдтӕ «кӕд мӕ дзурдмӕ гӕсгӕ цӕрайтӕ», зӕгъгӕ, уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма нӕ цӕмӕй исуӕгъдӕ кӕна, уой туххӕй гъӕуама нӕхе туххӕй мабал цӕрӕн, фал цӕбӕл ахур кодта, уой ӕнхӕст кӕнӕн (Матф. 16:24). Киристе зӕрдӕ куддӕриддӕр байвардта, уотӕ ӕцӕг сӕребарӕ исуодзиан, ӕ нивонд федӕни ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уонӕй ку исхайгин уӕн, уӕд.

17. а) Амондгун ӕма цардӕй зӕрдӕрохс цӕй фӕрци уодзиан? б) Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

17 Мадта цӕмӕй амондгун ӕма цардӕй зӕрдӕрохс уӕн, уой туххӕй гъӕуама ӕнхӕст кӕнӕн, Киристе нин ци байамудта, уой. Уотӕ ку архайӕн, уӕд федӕни тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй исуӕгъдӕ уодзиан. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 8:1, 2, 20, 21.) Иннӕ статьяй базондзиан, нӕ бон куд ӕй, нур нин ци сӕребарӕдзийнадӕ ес, уомӕй раст пайда кӕнун, ӕма уотемӕй ӕносмӕ кадгин кӕнун, ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ кӕмӕй цӕуй, еци Хуцау Йегови.