Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КӔСГУТӔ ФӔРСУНЦӔ

Киристӕнттӕн Рождество бӕрӕг кӕнгӕ ’й?

Киристӕнттӕн Рождество бӕрӕг кӕнгӕ ’й?

Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр милиуангай адӕн ӕууӕндунцӕ, Рождествой бӕрӕгбон Йесо Киристей игурӕн бон ке ӕй. Фал цума фиццаг ӕноси киристӕнттӕ, зӕгъӕн, Йесой хӕстӕг ӕмбӕлттӕ, Рождество бӕрӕг кодтонцӕ? Удта цума Библий игурӕн бӕнтти туххӕй ци финст ес? Аци фарстатӕбӕл дзуапп ку базонӕн, уӕд ӕй балӕдӕрдзиан, киристӕнттӕн Рождество бӕрӕг кӕнгӕ ӕй ӕви нӕ, уой.

Фиццагидӕр зӕгъун гъӕуй уой, ӕма Библий уотӕ некӕми ес финст, Йесо кенӕ Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй еске ӕ игурӕн бон ке бӕрӕг кодта. Ес си ӕрмӕстдӕр дууӕ адӕймагей игурӕн бони туххӕй финст. Фал етӕ дӕр Йеговӕн, Библий ке кой цӕуй, еци Хуцауӕн, нӕ лӕггадӕ кодтонцӕ. Дууӕ игурӕн бонеми дӕр ӕрцудӕй хъӕбӕр лӕгъуз хабӕрттӕ (Райдайӕн 40:20; Марки 6:21). Еу энциклопедий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ фиццаг киристӕнттӕ игурӕн бӕнттӕ некӕд бӕрӕг кодтонцӕ, уомӕн ӕма уӕхӕн ӕгъдау адтӕй, берӕ хуцӕуттӕн ка кувта, еци адӕнмӕ (Encyclopædia Britannica).

Киристе кӕд райгурдӕй?

Йесо кӕд райгурдӕй, уой туххӕй Библи бӕлвурдӕй неци дзоруй. Маклинток ӕма Стронги энциклопедий финст ес: «Киристе ци бон райгурдӕй, уой базонӕн нӕййес нӕдӕр Нӕуӕг фӕдзӕхстӕй, нӕдӕр ӕндӕр ескӕцӕй» (McClintock and Strong’s Cyclopedia). Уогӕ Киристей ку фӕндадтайдӕ, цӕмӕй ин ӕ игурӕн бон бӕрӕг кодтайуонцӕ, уӕд син, ци бон райгурдӕй, уой ӕнӕмӕнгӕй загътайдӕ.

Дуккаги ба Библий уотӕ некӕми финст ес, ӕма Киристе кенӕ ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй кадӕртӕ Рождество ке бӕрӕг кодтонцӕ. Еу ӕнциклопедий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Рождествой кой фиццаг хатт цӕуй «„Филокалуси хронограф“-и, гъома ромаг къӕлиндари, нӕ эри еу 336 анзи финст ка ӕрцудайдӕ, уоми». Куд зиннуй, уотемӕй еци хронограф финст ӕрцудӕй, Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй ӕма Библи финст ку фӕцӕй, уомӕй цалдӕр ӕноси фӕсте. Маклинток ӕма Стронги энциклопедимӕ гӕсгӕ, «Рождество бӕрӕг кӕнуни ӕгъдау Хуцау не ’рфедар кодта, удта Нӕуӕг фӕдзӕхсти дӕр ӕ кой некӕми цӕуй» (McClintock and Strong’s Cyclopedia). *

Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн цӕхуӕн хабар бафӕдзахста бӕрӕг кӕнун?

Тӕккӕ зундгонддӕр Ахургӕнӕг, Йесо Киристе, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн бӕлвурдӕй байамудта, ци гъӕуама кодтайуонцӕ, уой. Ӕма еци амундтӕ финст ӕрцудӕнцӕ Библий. Фал син Рождество бӕрӕг кӕнуни туххӕй некӕд неци загъта. Ахургӕнӕги нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕ дзурди сӕрти рахезонцӕ. Уотӕ Йесой дӕр нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ, «финст ци ӕй, уой сӕрти... хезонцӕ» (1 Коринфӕгтӕмӕ 4:6).

Фал зӕгъун гъӕуй уой, ӕма фиццаг киристӕнттӕ бӕрӕг кодтонцӕ еу ӕхсидзгӕ хабар – Киристей мӕлӕт Имисӕн изӕр. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта, еци хабар бӕрӕг кӕнун кӕд гъӕуй, уой ӕма ма син ӕй ӕвдесгӕ дӕр бакодта. Еци бӕлвурд амундтӕ, удта, ци бон рамардӕй, е дӕр, финст ӕрцудӕнцӕ Библий (Лукай 22:19; 1 Коринфӕгтӕмӕ 11:25).

Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй беретӕ Рождество нимайунцӕ Киристей игурӕн бонбӕл, фал ӕй фиццаг киристӕнттӕ нӕ бӕрӕг кодтонцӕ, уомӕн ӕма игурӕн бӕнттӕ рацудӕнцӕ, берӕ хуцӕуттӕн кӕми кувтонцӕ, уони динтӕй. Уомӕй уӕлдай ма Библий уотӕ финст некӕми ес, ӕма Йесо Киристе кенӕ ӕндӕр еске Рождество бӕрӕг кодтонцӕ. Ӕма еци хабӕрттӕ зонгӕй ӕгас дуйнебӕл дӕр милиуангай киристӕнттӕ сӕхецӕн загътонцӕ, Рождество ке нӕ бӕрӕг кӕндзӕнцӕ.

^ 6 абз. Рождествой бӕрӕгбони хӕццӕ баст ӕгъдӕуттӕн сӕ фулдӕр кӕцӕй рацудӕнцӕ, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес брошюри «Баввахс у Хуыцаумӕ» (bp153), статьяйӕй «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц. Цы зонӕм Рождествойы тыххӕй?».