Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Дзенети фембӕлдзиан!»

«Дзенети фембӕлдзиан!»

«Уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ Дзенети» (ЛУК. 23:43).

ЗАРТӔ: 145, 139

1, 2. Адӕнмӕ дзенети туххӕй цӕхуӕн гъудитӕ ес?

СЕУЛИ (Корейӕ) ци конгресc адтӕй, уордӕмӕ аллихузи бӕститӕй берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕрбацудӕнцӕ. Цӕугӕ ку кодтонцӕ, уӕд сӕбӕл бунӕттон Ӕвдесӕнтӕ рамбурд ӕнцӕ, цӕмӕй сӕ рафӕндараст кодтайуонцӕ. Беретӕ сӕмӕ сӕ къохтӕ тилдтонцӕ ӕма дзурдтонцӕ: «Дзенети фембӕлдзиан!» Беретӕн ма сӕ зӕрдитӕ исхъурмӕ ’нцӕ. Куд дӕмӕ кӕсуй, цӕхуӕн дзенети кой кодтонцӕ?

2 Абони адӕнмӕ аллихузи гъудитӕ ес, дзенет ци ӕй, уой туххӕй. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма е уотид аргъау ӕй. Иннетӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма дзенет ӕй, адӕн амондгун кӕми фӕуунцӕ, уӕхӕн бунат. Стонг лӕгӕн ба хуӕруйнӕгтӕй идзаг фингӕ дӕр дзенет ӕй. Дидингутӕй идзаг будур ка фӕууина, е дӕр зӕгъдзӕй, аци бунат дзенети хузӕн ӕй, зӕгъгӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ ба дзенет ци ӕй? Ӕууӕндис, ескӕд адӕн уоми ке цӕрдзӕнцӕ, уобӕл?

3. Библий дзенети туххӕй фиццаг хатт финст кӕми ӕрцудӕй?

3 Библий финст ес, рагидзаманти ка адтӕй ӕма федӕни ка уодзӕй, уӕхӕн дзенети туххӕй. Дзенет ӕцӕгӕй цӕхуӕн адтӕй, уой базонӕн ес Библий фиццаг киунугӕй. Латинаг ӕвзагӕй тӕлмацгонд ка ’рцудӕй, еци католикон Библий (Дуэсаг Библи) Райдайӕни 2:8 финст ӕй: «Дуйнедарӕг Хуцау скӕсӕнӕрдигӕй искодта дзенет, идзӕлӕн бунат, ӕма си ӕрцӕрун кодта, ке сфӕлдиста, еци адӕймаги». Дзиуиттаг тексти ба финст ӕй, «дзӕхӕрадонӕ... Едеми», зӕгъгӕ. Дзурд «Едем» нисан кӕнуй «идзӕлӕн», ӕма ӕцӕгӕйдӕр Едеми дзӕхӕрадонӕ адтӕй идзӕлӕн бунат. Уоми алцидӕр хъӕбӕр рӕсугъд адтӕй, ирӕзтӕй си аллихузи адгин рӕзӕ, удта си сирдтӕ адӕймагӕн неци зиан хастонцӕ (Райд. 1:29–31).

4. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Едеми дзӕхӕрадонӕ дзенет ке адтӕй, уой?

4 Дзиуиттаг дзурд «дзӕхӕрадонӕ» гърекъагау ӕй пара́дейсос. Еу энциклопедий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ грекъаг адӕймаг дзурд пара́дейсос ку фегъосуй, уӕд ӕ цӕститӕбӕл рауайуй хъӕбӕр рӕсугъд бунат. Тӕссаг си нецӕмӕй ӕй, ес си рӕзӕбӕлӕстӕ ӕма рӕсог цӕугӕдон, цъӕх будурти ба фустӕ ӕма антилопитӕ еумӕ хезунцӕ. (Рабарӕ Райдайӕн 2:15, 16.)

5, 6. Адам ӕма Евӕ дзенети цардӕй цӕмӕн фенӕхай ӕнцӕ, ӕма уой фӕдбӕл цӕхуӕн фарстатӕ ӕвзуруй?

5 Йеговӕ еци дзӕхӕрадони, гъома дзенети, ӕрцӕрун кодта Адам ӕма Еви. Фал Хуцаумӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй дзенети цардӕй сӕхе дӕр ӕма сӕ байзӕддӕгти дӕр фенӕхай кодтонцӕ (Райд. 3:23, 24). Еци дзенет зӕнхӕбӕл дони хъиамӕти уӕнгӕ фӕцӕй, кӕд си адӕн нӕ цардӕй, уӕддӕр.

6 Беретӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ: «Цума ма зӕнхӕбӕл ескӕд дзенет уодзӕй?» Уотӕ ке уодзӕй, уой кӕцӕй зонӕн? Кӕд дин нифс ес, дзенети, берӕ ке уарзис, еци хеуӕнтти хӕццӕ ке цӕрдзӕнӕ, уӕд еци нифс цӕйбӕрцӕбӕл федар ӕй? Дӕ бон ӕй балӕдӕрун кӕнун, зӕнхӕбӕл дзенет ке уодзӕй, уобӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес, уой?

ДЗЕНЕТ ФЕДӔНИ ДӔР КЕ УОДЗӔЙ, УОЙ КӔЦӔЙ ЗОНӔН?

7, 8. а) Хуцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта? б) Авраам Хуцауи зӕрдӕвӕрд ку фегъуста, уӕд цӕбӕл расагъӕс кодтайдӕ?

7 Дзенети туххӕй нӕмӕ ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл тӕккӕ хуӕздӕр дзуапп иссердзиан Библий, уомӕн ӕма нин еци киунугӕ лӕвӕрд ӕй, дзенет ка искодта, еци Хуцау Йеговӕй. Ӕркӕсӕн, Хуцау е ’мбал Авраамӕн ци загъта, уомӕ. Йеговӕ ин зӕрдӕ байвардта, ӕ байзӕддӕгтӕ, «денгизи билӕбӕл зменсӕ куд берӕ ӕй, уотӕ» ке исберӕ уодзӕнцӕ. Удта ма ин уотӕ дӕр загъта: «Дӕ байзӕддаги фӕрци арфӕгонд ӕрцӕудзӕнцӕ зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр, мӕ дзурдмӕ мин ке байгъустай, уой туххӕй» (Райд. 22:17, 18). Фӕстӕдӕр Хуцау еци зӕрдӕвӕрд нӕуӕгӕй фегъосун кодта Авраами фуртӕн ӕма фуртифуртӕн. (Бакӕсӕ Райдайӕн 26:4; 28:14.)

8 Библий некӕми финст ес, Авраам уотӕ ке ӕнгъалдта, ӕма адӕн сӕ хуӕрзеуӕг уӕлӕрвти райсдзӕнцӕ. Мадта ин Йеговӕ уотӕ ку загъта, «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕнихӕттитӕ дӕр» арфӕгонд ӕрцӕудзӕнцӕ, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Авраам зудта, еци арфӕдзийнӕдтӕ зӕнхӕбӕл ке уодзӕнцӕ. Фал дзенет зӕнхӕбӕл ке уодзӕй, уомӕн ӕрмӕстдӕр аци бӕлвурдгӕнӕн ес?

9, 10. Цӕхуӕн зӕрдӕвӕрдти фӕрци нӕ бон ӕй ӕууӕндун, зӕнхӕбӕл дзенет ке уодзӕй, уобӕл?

9 Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй Авраами байзӕддаг Давид дзурдта, фудгӕнӕг кӕми нӕбал уодзӕй, уӕхӕн рӕстӕги туххӕй (Пс. 37:1, 2, 10). Еци рӕстӕги, дан, «сабур адӕн... зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ». Удта ма Давид уотӕ дӕр загъта: «Рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ» (Пс. 37:11, 29; 2 Сам. 23:2). Куд дӕмӕ кӕсуй, аци зӕрдӕвӕрдтӕ, Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун ке фӕндадтӕй, уонӕн цӕбӕл дзорӕг адтӕнцӕ? Етӕ федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ, зӕнхӕбӕл ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнгутӕ ку цӕронцӕ, уӕд ӕгас зӕнхӕ дӕр сабургай Едеми дзӕхӕрадони хузӕн ке исуодзӕй.

10 Рӕстӕг рацудӕй, ӕма ӕхе Йегови лӕггадгӕнӕг ка худта, еци израилӕгтӕй беретӕ Йеговӕн нӕбал лӕггадӕ кодтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ бауагъта, цӕмӕй ин ӕ адӕнбӕл вавилойнӕгтӕ фӕууӕлахез адтайуонцӕ, сӕ зӕнхитӕ син бабун кодтайуонцӕ ӕма сӕ уацари фӕккодтайуонцӕ (2 Анз. 36:15–21; Йер. 4:22–27). Фал Хуцауи пахампар загъта, 70 анзей фӕсте фӕстӕмӕ сӕхе зӕнхӕмӕ ке раздӕхдзӕнцӕ, ӕма еци пахампарадӕ ӕцӕгӕйдӕр исӕнхӕст ӕй. Еци пахампарӕдтӕ махмӕ дӕр хаунцӕ. Мадта лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн, зӕнхӕбӕл ка уодзӕй, еци дзенетмӕ куд амонунцӕ, уомӕ.

11. Исаййи 11:6–9 финст дзурдтӕ фиццаг хатт кӕд исӕнхӕст ӕнцӕ, фал уой фӕдбӕл цӕхуӕн фарста ӕвзуруй?

11 Бакӕсӕ Исаййи 11:6–9. Пахампар Исай Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй радзурдта, израилӕгтӕ фӕстӕмӕ ку раздӕхонцӕ, уӕд сӕ зӕнхӕбӕл фарнӕ ке уодзӕй. Нӕдӕр, дан, сирдтӕй, нӕдӕр адӕнӕй тӕссаг уодзӕй. Удта ӕригӕнттӕ дӕр ӕма каргунтӕ дӕр цӕрдзӕнцӕ ӕдасӕй. Ӕ дзурдтӕ дин дӕ зӕрдӕбӕл Едеми дзӕхӕрадонӕ не ’фтаунцӕ? (Ис. 51:3). Исай ма радзурдта, айдагъ Израил нӕ, фал ӕгас зӕнхӕ дӕр ке «байдзаг уодзӕй зонундзийнӕдтӕй Йегови туххӕй, денгиз дӕнттӕй куд идзаг ӕй, уотӕ» (Ис. 11:6–9). Цума е кӕд уодзӕй?

12. а) Вавилонӕй ка раздахтӕй, етӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ӕнцӕ? б) Исаййи 35:5–10 финст дзурдтӕ федӕни дӕр ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

12 Бакӕсӕ Исаййи 35:5–10. Пахампар Исай нӕуӕгӕй загъта, израилӕгтӕ Вавилонӕй ке раздӕхдзӕнцӕ ӕма син сирдтӕй, удта адӕнӕй тӕссаг ке нӕ уодзӕй. Исай ма загъта, сӕ зӕнхӕ берӕ тиллӕг ке дӕтдзӕй, уомӕн ӕма си фагӕ дон уодзӕй, Едеми дзӕхӕрадони куд адтӕй, уотӕ (Райд. 2:10–14; Йер. 31:12). Цума аци пахампарадӕ ӕрмӕстдӕр израилӕгти рӕстӕг исӕнхӕст ӕй? Дӕ гъос ӕрдарай, уотӕ си финст ке ес, ӕма хъӕрӕутӕ уинун райдайдзӕнцӕ, къурутӕ – игъосун, къулухтӕ ба – дзӕбӕх цӕун. Фал аци хабӕрттӕ, израилӕгтӕ Вавилонӕй ку ӕрӕздахтӕнцӕ, уӕд не ’сӕнхӕст ӕнцӕ. Фӕстӕдӕр Хуцау балӕдӕрун кодта, адӕни сӕ незтӕй федӕни ке исдзӕбӕх кӕндзӕй.

13, 14. Исаййи 65:21–23 финст дзурдтӕ израилӕгтӕбӕл куд исӕнхӕст ӕнцӕ, фал ма си федӕни ци гъӕуама исӕнхӕст уа? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

13 Бакӕсӕ Исаййи 65:21–23. Дзиуиттӕгтӕ фӕстӕмӕ ку раздахтӕнцӕ, уӕд цӕттӕ хӕдзӕрттӕ, гъутгонд сӕнӕфсердӕнттӕ ӕма итуд будуртӕ не ’рбаййафтонцӕ. Фал син Хуцау арфӕ кодта ӕма сӕ уавӕртӕ фӕххуӕздӕр ӕнцӕ. Кунӕг ӕхцӕуӕн син н’ адтӕй сӕхе хӕдзӕрттӕ аразун ӕма сӕхе зӕнхитӕ итаун!

14 Исаййи пахампаради куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ «бонтӕ уодзӕнцӕ бӕласи бонти хузӕн берӕ». Еуӕй-еу бӕлӕстӕ мингай ӕнзтӕ цӕрунцӕ. Цӕмӕй адӕн уойбӕрцӕ цӕронцӕ, уой туххӕй сӕмӕ гъӕуама берӕ хъауритӕ уа ӕма уонцӕ ӕнӕнез. Удта ма, Исай ке кой кодта, уӕхӕн уавӕрти еумӕ фӕрнӕй ку цӕронцӕ, уӕд е ӕцӕгӕйдӕр уодзӕй дзенет! Ӕма еци пахампарадӕ ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст уодзӕй!

Йесой дзурдтӕ дзенети туххӕй куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ? (кӕсӕ 15, 16 абзацтӕ)

15. Исаййи киунуги ци арфӕдзийнӕдти кой цӕуй, уонӕй еуӕй-еуетӕ цӕхуӕн ӕнцӕ?

15 Расагъӕс кӕнӕ, ци зӕрдӕвӕрдтӕбӕл радзурдтан, етӕ куд ӕвдесунцӕ, дзенет федӕни ке уодзӕй, уой. Ӕгас зӕнхӕ дӕр байдзаг уодзӕй Хуцауӕй арфӕгонд адӕнӕй. Сирдтӕй кенӕ фудгӕнгутӕй тӕрсун некебал гъӕудзӕй. Хъӕрӕу, къуру ӕма къулух адӕн исдзӕбӕх уодзӕнцӕ. Адӕн сӕхецӕн хӕдзӕрттӕ кӕндзӕнцӕ ӕма сӕхуӕдтӕ ке ниййаразонцӕ, еци рӕзӕ хуӕрдзӕнцӕ. Сӕ царди бонтӕ бӕласи бонтӕй фулдӕр уодзӕнцӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ дзенет ӕцӕгӕйдӕр уодзӕй. Фал нин еуӕй-еухатт адӕн фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, кӕцӕй ӕй зонетӕ, Библи ци дзенети кой кӕнуй, е зӕнхӕбӕл ке уодзӕй. Уӕхӕн адӕймагӕн нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Дзенет зӕнхӕбӕл ке уодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ес? Зӕнхӕбӕл ка цардӕй, уонӕй тӕккӕ зундгонддӕр адӕймаг, Киристе, еци нифсӕн федар бундор ниввардта.

«УОДЗӔНӔ МӔ ХӔЦЦӔ ДЗЕНЕТИ»

16, 17. Киристе дзенети кой кӕд кодта?

16 Йесо фудгин н’ адтӕй, фал ин уӕддӕр истӕрхон кодтонцӕ ӕма ’й гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ниййауигътонцӕ. Ӕ фӕйнӕ фарси ба ин ниййауигътонцӕ дууӕ дзиуиттаг фудгӕнӕги. Сӕ еу ӕй балӕдӕрдтӕй, Йесо ка адтӕй, уой ӕма ин загъта: «Йесо, паддзах ку исуай, уӕд мӕ ӕргъуди кӕнӕ» (Лук. 23:39–42). Йесо еци фудгӕнӕгӕн ци дзуапп равардта, е мах федӕнмӕ дӕр хауй. Ӕ дзурдтӕ финст ӕнцӕ Лукай 23:43. Еуӕй-еу ӕртасгути гъудимӕ гӕсгӕ къӕдзӕг гъӕуама лӕууа «абони» дзурди размӕ. Ӕма уӕд уотӕ уайуй: «Ӕцӕгӕй дин зӕгъун, абони уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ дзенети». Аци гъудиади къӕдзӕг кӕми гъӕуама лӕууа, уой туххӕй ахургӕндтӕ аллихузи гъуди кӕнунцӕ. Фал цума Йесо дзурдӕй «абони» ци зӕгъунмӕ гъавта?

17 Абони берӕ ӕвзӕгти, гъудиади къӕдзӕг уой туххӕй ӕвӕрд фӕууй, цӕмӕй ин адӕймаг ӕ гъуди раст бӕлӕдӕра. Фал рагидзамантӕй ци грекъаг къохфинститӕ байзадӕй, уоми алкӕми ӕвӕрд нӕ фӕуунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ӕвзуруй фарста, цума Йесо ӕцӕгӕй куд загътайдӕ: «Ӕцӕгӕй дин зӕгъун, абони уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ Дзенети»,– ӕви,– «Ӕцӕгӕй дин зӕгъун абони, уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ Дзенети»? Тӕлмацгӕнгутӕ Киристей дзурдтӕ сӕхуӕдтӕ куд лӕдӕрдтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ си еуетӕ къӕдзӕг «абони»-й разӕй ниввардтонцӕ, иннетӕ ба – ӕ фӕсте. Ӕма нур ци Библитӕ ес, уонӕми Киристей дзурдтӕ дууӕ хузи ӕмбӕлунцӕ.

18, 19. Йесой дзурдтӕ раст бӕлӕдӕрунмӕ нин ци ӕнхус кӕнуй?

18 Фал ӕй дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ, Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕ мӕлӕти туххӕй ци загъта, уой: «Адӕймаги Фурт... ӕртӕ бони ӕма ӕртӕ ӕхсӕви уодзӕй зӕнхи хурфи». Удта ма загъта: «Адӕймаги Фурти ратдзӕнцӕ адӕни къохтӕмӕ, ӕма ’й етӕ рамардзӕнцӕ, фал ӕртиккаг бон райгас уодзӕй» (Матф. 12:40; 16:21; 17:22, 23; Мар. 10:34). Ӕма апостол Павел ниффинста, Киристе куд дзурдта, ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ӕрцудӕй (Гъуд. 10:39, 40). Мадта зӕгъӕн ес, ӕма Йесо, удта еци фудгӕнӕг ци бон рамардӕнцӕ, еци бон нӕ равзурдӕнцӕ дзенети. Йесо ӕртӕ боней бӕрцӕ фӕцӕй «ингӕни», цалинмӕ ’й Хуцау нӕ райгас кодта, уӕдмӕ (Гъуд. 2:31, 32, феп.) *.

19 Мадта Йесо еци фудгӕнӕгӕн уотӕ загътайдӕ: «Ӕцӕгӕй дин зӕгъун абони». Уӕхӕн дзурди ’здӕхт ма Моисеййи рӕстӕги дӕр адтӕй. Еухатт Моисей ӕхуӕдӕг дӕр загъта: «Абони дин ке дзорун, еци дзурдтӕ гъӕуама уонцӕ дӕ зӕрди» (Дук. з. 6:6; 7:11; 8:1, 19; 30:15).

20. Киристей дзурдтӕ куд лӕдӕрӕн, уомӕн ма цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес?

20 Хӕстӕг Хорискӕсӕнӕй еу Библи тӕлмацгӕнӕг, Йесо фудӕгӕнӕгӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой туххӕй загъта: «Аци гъудиади цавд лӕууй „абони“ дзурдбӕл. Уомӕ гӕсгӕ ’й кӕсун дӕр уотӕ гъӕуй: „Ӕцӕгӕй дин зӕгъун абони, уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ Дзенети“. Аци дзурдтӕ Йесо еци бон загъта, фал ӕнхӕст ба гъӕуама фӕстӕдӕр иссайуонцӕ. Уӕди рӕстӕги адӕн зӕрдӕ естӕмӕй ку ӕвӕриуонцӕ, уӕд баханхӕ кӕниуонцӕ, абони ’й ке загътонцӕ, уой, удта ’й ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕнцӕ, уой». Уомӕ гӕсгӕ фӕндзӕймаг ӕноси сирийаг ӕвзагмӕ ке ратӕлмац кодтонцӕ, еци Библий дӕр Йесой дзурдтӕ уотӕ финст ӕрцудӕнцӕ: «Амменӕ, ӕз дин зӕгъун абони, мӕ хӕццӕ уодзӕнӕ Едеми дзӕхӕрадони». Аци зӕрдӕвӕрд нин нӕ нифс хъӕбӕр федар кӕнуй.

21. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма еци фудгӕнӕг уӕлӕрвтӕмӕ нӕ бахаудтӕй ӕма цӕмӕн?

21 Еци фудгӕнӕг ӕй кӕцӕй зудтайдӕ, Йесо ӕ еузӕрдон апостолти хӕццӕ ци бадзурд искодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ хӕццӕ уӕлӕрвти ке гъӕуама адтайуонцӕ? (Лук. 22:29). Удта донаргъуд дӕр н’ адтӕй (Иоан. 3:3–6, 12). Уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма ин Йесо зӕнхон дзенетӕй зӕрдӕ байвардта. Цума си ду ба уодзӕнӕ?

ФЕДӔНИ НӔМӔ ЦИ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУЙ

22, 23. Федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

22 Давид куд загъта, уомӕ гӕсгӕ уодзӕй уӕхӕн рӕстӕг, ӕма «рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» (Пс. 37:29; 2 Пет. 3:13). Уомӕй ӕй уой зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрдзӕнцӕ. Исаййи 65:22 финст ӕй: «Мӕ адӕни бонтӕ уодзӕнцӕ бӕласи бонти хузӕн берӕ». Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ нӕуӕг дуйней мингай ӕнзтӕ ке цӕрдзӕнцӕ. Дӕ бон ӕй уӕхӕн дессаги цардмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун? Гъо, уомӕн ӕма Раргомади 21:1–4 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцау ӕ адӕни берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй, ӕма еци арфӕдзийнӕдтӕй сӕ еу ӕй, мӕлӕт ке нӕбал уодзӕй, е.

23 Мадта Библий дзенети хабар хуарз ӕвдист цӕуй. Адам ӕма Евӕ дзенети цардӕй фенӕхай ӕнцӕ, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма зӕнхӕбӕл дзенет нӕбал уодзӕй. Хуцау зӕрдӕ байвардта, адӕнӕн зӕнхӕбӕл ке райарфӕ кӕндзӕй. Давид ба Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинста, рӕстгӕнгутӕ ӕма сӕрниллӕг адӕн зӕнхӕ бунӕн ке райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ. Удта Исаййи пахампарӕдти фӕрци дӕр нӕ бон ӕй нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун, федӕни зӕнхӕбӕл цӕхуӕн дессаги цард уодзӕй, уой. Цума е кӕд уодзӕй? Йесо фудгӕнӕгӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, е ку исӕнхӕст уа, уӕд. Дӕу бон дӕр ӕй еци дзенети цӕрун. Ӕма гъе уӕд, Хонсар Корейи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дзурдтӕ, «дзенети фембӕлдзиан», зӕгъгӕ, ӕцӕгӕйдӕр ӕрцӕудзӕнцӕ!

^ 18 абз. Профессор Марвин Пейт куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ берӕ ахургӕндтӕ Йесой загъд «абони», зӕгъгӕ, уотӕ лӕдӕрунцӕ ӕма ци бон рамардӕй, еци бон равзурдӕй дзенети, гъома еци 24 сахаттей медӕг. Фал Пейт куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн гъуди, Библий ӕндӕр скъуддзӕгти хӕццӕ нӕ бадуй, зӕгъӕн, уотӕ финст кӕми ес, ӕма Йесо ӕ мӕлӕти фӕсте ингӕни адтӕй, уой фӕсте ба уӕларвмӕ иссудӕй (Матф. 12:40; Гъуд. 2:31; Ром. 10:7).