Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ, ӕма цӕрӕ!
«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕ Йеговӕбӕл ӕма дӕхе зундӕй нифсгун ма уо» (ӔМБ. 3:5).
1. Уодӕнцойнӕ ни алкедӕр цӕмӕн гъӕуй?
АЛКЕДӔР ни гъӕуй уодӕнцойнӕ. Ка ’й зонуй, нӕ цард идзаг ӕй маст, тухститӕ ӕма зиндзийнӕдтӕй. Кенӕ ба, ӕвӕдзи, гъезӕмарӕ кӕнӕн ӕнзтӕ нӕбӕл сӕ уӕзӕ ке ӕруагътонцӕ, цӕхуӕндӕр нези хӕццӕ ке тох кӕнӕн кенӕ ба ни кадӕр ке рамардӕй, уой туххӕй. Кадӕртӕ ба ни ӕфхуӕрд ӕййафунцӕ иннетӕй. Уомӕй уӕлдай ма ци адӕни астӕу цӕрӕн, етӕ бонӕй-бонмӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнунцӕ. Уӕхӕн уӕззау рӕстӕг ке ӕркодта, е ӕвдесуй, ӕцӕгӕйдӕр фӕстаг бӕнтти ке цӕрӕн ӕма нӕуӕг дуйне никки хӕстӕгдӕр ке иссӕй, уой (2 Тим. 3:1). Фал, ка ’й зонуй, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕмӕ рагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, нӕ зиндзийнӕдтӕ ба минкъийдӕр нӕ кӕнунцӕ. Цума нин уодӕнцойнӕ ци ӕрхӕсдзӕй?
2, 3. а) Аввакуми туххӕй ци зонӕн? б) Аввакуми киунугӕмӕ ӕркӕсун цӕмӕн гъӕуй?
2 Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп иссерӕн, уой туххӕй Ав. 2:2).
лӕмбунӕг ӕркӕсӕн Аввакуми киунугӕмӕ. Ном Аввакум, гӕнӕн ес, ӕма комкоммӕ нисан кӕна «хъӕбӕр нихъхъури кӕнун». Еци ном, Йеговӕ нин уодӕнцойнӕ куд дӕттуй, гъома нин цума хъури ракӕнуй, уомӕ амонуй кенӕ ба ибӕл мах куд федар хуӕцӕн, уомӕ. Кӕд Аввакуми царди туххӕй Библий берӕ финст нӕййес, уӕддӕр аци киунугӕ нифс хъӕбӕр федар кӕнуй. Аввакум Хуцауи хӕццӕ дзурдта ӕма имӕ цӕхуӕндӕр фарстатӕ лӕвардта. Йеговӕ ин сӕбӕл дзуапп равардта ӕма ’й баразӕнгард кодта, цӕмӕй еци дзубанди ниффинстайдӕ, уомӕн ӕма ’й зудта, махӕн дӕр пайда ке ӕрхӕсдзӕй, уой (3 Аци нифссаст пахампар ӕма Йегови астӕу ци дзубанди рауадӕй, уомӕй фулдӕр Аввакуми туххӕй Библий финст неци ес. Фал аци киунугӕ финст ӕрцудӕй «махӕн зунд байамонунмӕ, цӕмӕй нӕмӕ нӕ федардзийнади фӕрци ӕма, Финстадӕ ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уой фӕрци уа нифс» (Ром. 15:4). Цума ни Аввакуми киунугӕ алкӕмӕндӕр ци пайда ӕрхӕсдзӕй? Никки хуӕздӕр ӕй балӕдӕрдзиан, нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ци нисан кӕнуй, уой. Удта ма нин Аввакуми пахампарадӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕй, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр нӕ бон ке ӕй нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун.
ЙЕГОВӔМӔ КОВЕТӔ
4. Аввакумӕн ӕ нифс цӕмӕн басастӕй?
4 Бакӕсӕ Аввакум 1:2, 3. Аввакум цардӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕги. Ӕ алливарс адӕн адтӕнцӕ фудзӕрдӕ ӕма ӕнӕхатир, ӕма ин хъӕбӕр зин адтӕй уомӕ кӕсун. Кумӕфӕнди ма ракастайдӕ – алкӕмидӕр израилӕгтӕ кӕрӕдзебӕл хийнӕй цудӕнцӕ ӕма фудмиутӕ кодтонцӕ. Аввакум сагъӕс кодта: «Фуддзийнадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй? Йеговӕ ма аци уавӕрмӕ цӕйбӕрцӕ кӕсдзӕй?» Адӕн куд иссӕнцӕ, уомӕ кӕсгӕй хъӕбӕр бафӕлладӕй ӕма Йеговӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй ести бакодтайдӕ. Ка ’й зонуй, Аввакуммӕ уотӕ дӕр фӕккастӕй, цума Йеговӕ ӕ адӕнбӕл нӕбал тухсуй ӕма ин си нецибал уӕлдай ес. Дӕумӕ ба уӕхӕн сагъӕстӕ ескӕд фӕззинуй?
5. Аввакуми киунугӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
5 Цума Аввакуммӕ уӕхӕн сагъӕстӕ уой туххӕй фӕззиндтӕй, ӕма Йеговӕбӕл, удта ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл нӕбал ӕууӕндтӕй? Нӕ, уотӕ н’ адтӕй. Аввакум ӕ тухститӕ Йеговӕн ке дзурдта, уомӕй бӕрӕг ӕй, ӕ зӕрдӕ ибӕл ке дардта ӕма ӕ къохтӕ ке не ’руагъта. Аввакум сагъӕсти бафтудӕй. Нӕ ’й лӕдӕрдтӕй, Йеговӕ архайун цӕмӕннӕ райдайуй ӕма ин ӕ гъезӕмӕрттӕмӕ уойбӕрцӕ рӕстӕг цӕмӕн кӕсуй, уой. Йеговӕ Аввакуми баразӕнгард кодта ӕ сагъӕстӕ ниффинсун, ӕма уомӕй еу ӕхсидзгӕ цӕбӕлдӕр ахур кӕнӕн: гъӕуама ма тӕрсӕн, гурусхӕ цӕбӕл кӕнӕн ӕма цӕбӕл тухсӕн, уой Йеговӕн ӕргом дзорунмӕ. Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ ковӕн ӕма ин дзорӕн, нӕ зӕрди цидӕриддӕр ес, уой (Пс. 50:15; 62:8). Ӕмбесӕндти 3:5 финст дзурдтӕ нӕ разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй «нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарӕн ӕма нӕхе зундӕй нифсгун ма уӕн». Аввакум дӕр, ӕвӕдзи, аци дзурдтӕ зудта ӕма архайгӕ дӕр уотӕ кодта.
6. Ковун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
Пс. 65:2). Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд ӕй нӕхуӕдтӕ уиндзиан, Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд дӕттуй, уой. Удта ма ’й лӕдӕрдзиан, уодӕнцойнӕ ӕма нин разамунд куд дӕттуй, уой дӕр (Пс. 73:23, 24). Цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр нин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уавӕрмӕ уой цӕстӕй ракӕсӕн. Куд арӕхдӕр имӕ ковӕн, уотӕ хъӕбӕрдӕр бӕрӕг уодзӕй, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дарӕн, е.
6 Аввакум ӕ зӕрдӕ дардта Йеговӕбӕл – е ’Мбал ӕма ӕ Фидӕбӕл, ӕма архайдта, цӕмӕй имӕ никки хӕстӕгдӕр иссайдӕ. Аввакум ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл нӕ дардта, фал ӕ тухст сагъӕстӕ Йеговӕн дзурдта, ӕма нин уомӕй фӕнзуйнаг ӕй. Йеговӕ, кувдтитӕ ка игъосуй, еци Хуцау нин зӕгъуй, цӕмӕй ин дзорӕн, цидӕриддӕр нӕ тухсун кӕнуй ӕма гурусхӕ цӕбӕлдӕриддӕр кӕнӕн, уой (ЙЕГОВӔМӔ ИГЪОСӔ
7. Аввакум Йеговӕн ӕ тухститӕ ку радзурдта, уӕд Йеговӕ уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?
7 Бакӕсӕ Аввакум 1:5–7. Аввакум, ци ’й тухсун кодта, уой Йеговӕн ку радзурдта, уӕд, ӕвӕдзи, сагъӕс кодта, Йеговӕ ин ци зӕгъдзӕй, уобӕл. Куд уарзӕгой Фидӕ, уотӕ ин Йеговӕ ӕ дзурдти туххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, ӕ фур тухстӕй ке дзурдта. Удта ин фегъосун кодта, ӕ зӕрдӕ ибӕл ка исӕййивта, еци дзиуиттӕгтӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Фуддзийнадӕн тагъд кӕрон ке ’рцӕудзӕй, уой Йеговӕ кӕмӕн радзурдта, уонӕй Аввакум, ӕвӕдзи, фиццаг адтӕй.
8. Йегови дзуапп Аввакуммӕ ӕнахур цӕмӕн фӕккастайдӕ?
8 Йеговӕ Аввакумӕн балӕдӕрун кодта, архайунмӕ цӕттӕ ке ӕй, ӕма халдейӕгти, гъома вавилойнӕгти къохӕй Иуди фудзӕрдӕ ӕма ӕнӕхатир цӕргути ке бафхуӕрдзӕй. Дзурдтӕ, «уӕ рӕстӕги», зӕгъгӕ, уобӕл дзорӕг адтӕнцӕ, ӕма Йеговӕ израилӕгтӕн Аввакуми рӕстӕг истӕрхон кӕндзӕй. Аввакум ӕй, ӕвӕдзи, ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕй, Йеговӕ ин уӕхӕн дзуапп ке ратдзӕй. Бӕрӕг адтӕй, израилӕгтӕ никки фулдӕр гъезӕмӕрттӕ ке бавзардзӕнцӕ, уомӕн ӕма вавилойнӕгтӕ хъӕбӕр ӕнӕхатир адтӕнцӕ, израилӕгтӕй берӕ фуддӕр. Израилӕгтӕ ма уӕддӕр Йегови закъӕнттӕ зудтонцӕ. Цума Йеговӕ ӕ адӕни бафхуӕрунмӕ вавилойнӕгти цӕмӕн равзурста? Ду ба Аввакуми бунати цӕбӕл расагъӕс кодтайсӕ?
9. Аввакуми цӕхуӕн фарстатӕ тухсун кодтайуонцӕ?
9 Бакӕсӕ Аввакум 1:12–14, 17. Кӕд ӕй Аввакум балӕдӕрдтӕй, Йеговӕ фудгӕнгути куд бафхуӕрдзӕй, уой, уӕддӕр берӕ цидӕртӕ ба кӕронмӕ нӕма лӕдӕрдтӕй. Фал Аввакум сӕрниллӕг адӕймаг адтӕй ӕма ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта. Е бӕрӕг ӕй, Йегови, «мӕ Къӕдзӕх», зӕгъгӕ, ке исхудта, уомӕй (Дук. з. 32:4; Ис. 26:4). Аввакум нӕ гурусхӕ кодта, Хуцау уарзӕгой ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй, ӕма имӕ фулдӕр фарстатӕ раттун дӕр уой туххӕй бандиудта. Зӕгъӕн: Йеговӕ цӕмӕн бауаддзӕй, цӕмӕй Иуди уавӕр фӕффуддӕр уа ӕма адӕн фулдӕр гъезӕмӕрттӕ бавзаронцӕ? Нур цӕмӕннӕ неци кӕнуй? Алцигъон Хуцау фуддзийнадӕмӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсуй? Йеговӕ «Сугъдӕг Хуцау» ку ӕй ӕма «ӕ цӕститӕ фуддзийнадӕмӕ кӕсунмӕ ӕгӕр кӕдзос [ку] ӕнцӕ».
10. Хатгай махмӕ дӕр Аввакуми хузӕн гъудитӕ цӕмӕн фӕззиннуй?
10 Хатгай махмӕ дӕр Аввакуми хузӕн гъудитӕ фӕззиннуй. Библи ку фӕккӕсӕн ӕма ’й ку фертасӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма фегъосӕн, Йеговӕ нин ци дзоруй, уомӕ. Уой фӕрци ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн ӕма нӕ нифс федардӕр кӕнуй. Уомӕй уӕлдай ма Йегови зӕрдӕвӕрдти туххӕй фулдӕр базонӕн, ӕ организаци нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй, уомӕ игъосгӕй. Фал уӕддӕр, ӕвӕдзи, фӕззӕгъӕн: «Ескӕд ма аци гъезӕмарӕ цард фӕууодзӕй?» Мадта ӕркӕсӕн, Аввакум идарддӕр куд бакодта ӕма нӕ е цӕбӕл ахур кӕнуй, уомӕ.
ЙЕГОВӔМӔ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСЕТӔ
11. Аввакуми идарддӕр куд фӕндадтӕй архайун?
11 Бакӕсӕ Аввакум 2:1. Аввакум Йегови хӕццӕ ке радзурдта, е ин ӕ зӕрдӕ ӕрсабур кодта. Уой фӕрци идарддӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕй, Йеговӕ архайун кӕд райдайдзӕй, уомӕ. Ӕма зӕгъгӕ дӕр уотӕ кодта: «Ӕнцад ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн бӕллӕхи бонмӕ» (Ав. 3:16). Хуцауи иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Йеговӕ гъуддагмӕ кӕд равналдзӕй, уомӕ. Ӕма нин сӕ хабӕрттӕ нӕ нифс федар кӕнунцӕ, уомӕн ӕма нин ӕвдесунцӕ, мах бон дӕр уотӕ архайун ке ӕй, уой (Мих. 7:7; Иак. 5:7, 8).
12. Аввакуми хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
12 Аввакуми хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Фиццагидӕр гъӕуама алкӕддӕр Йеговӕмӕ ковӕн ӕма ин дзорӕн, цидӕриддӕр нӕ тухсун кӕнуй, уой. Дуккаг, гъӕуама игъосӕн, Йеговӕ нин ӕ Дзурд ӕма ӕ организаций фӕрци ци дзоруй, уомӕ. Ӕртиккаг, гъӕуама фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Йеговӕ гъуддагмӕ кӕд равналдзӕй, уомӕ ӕма ма гурусхӕ кӕнӕн, ӕ афони нӕ нӕ гъезӕмӕрттӕй ке фӕййервӕзун кӕндзӕй, уобӕл. Аввакуми ку фӕнзӕн, уӕд нӕ зӕрди фарнӕ кӕронмӕ дӕр багъӕуай кӕндзиан. Ци нифс нин ес, е ба нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕразон ӕма амондгун уӕн, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр (Ром. 12:12).
13. Йеговӕ Аввакуми куд бафедар кодта?
13 Бакӕсӕ Аввакум 2:3. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Аввакум Йеговӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уомӕй ин ӕ зӕрдӕ барохс кодта. Алцигъон Хуцау ӕй зудта, Аввакум цӕхуӕн гъезӕмӕрттӕ ӕвзаруй, уой, ӕма ин ӕ нифс бафедар кодта, удта ин зӕрдӕ байвардта, тагъд рӕстӕги ин ӕ фарстатӕбӕл дзуапп ке ратдзӕй. Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ Аввакумӕн загъта: «Фӕразон уо ӕма мӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ. Ӕз дин дӕ кувдтитӕбӕл ӕнӕмӕнгӕй исдзуапп кӕндзӕн, уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма ӕрӕгӕмӕ кӕнун, уӕддӕр». Йеговӕ ин ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, еци рӕстӕг нисангонд ке ӕй. Ӕма ’й баразӕнгард кодта, цӕмӕй имӕ идарддӕр дӕр ӕнгъӕлмӕ кастайдӕ. Ӕма ӕ пахампар нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй.
14. Зин рӕстӕгути дӕр куд гъӕуама архайӕн?
14 Мах дӕр гъӕуама Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕма нин ци дзоруй, уомӕ лӕмбунӕг игъосӕн. Уотемӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзиан ӕма нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Киристе нӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуцау «ци рӕстӕгутӕ Гъуд. 1:7). Гъӕуама ни иронх ма уа, гъуддагмӕ равналун кӕд гъӕуй, уой Йеговӕ хуӕздӕр ке зонуй. Мадта нӕ къохтӕ ма уадзӕн ӕма сӕрниллӕгӕй ӕма фӕразонӕй Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, удта нӕ рӕстӕгӕй дӕр раст пайда кӕнӕн ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги ӕгас хъауритӕй архайӕн (Мар. 13:35–37; Гал. 6:9).
ӕма афонтӕ иснисан кодта», ӕма нин ке нӕма раргом кодта, уонӕбӕл ӕгӕр берӕ ма сагъӕс кӕнӕн (ЙЕГОВӔ ЦАРД РАТДЗӔЙ, Ӕ ЗӔРДӔ ИБӔЛ КА ДАРУЙ, УОНӔН
15, 16. а) Аввакуми киунуги цӕхуӕн зӕрдӕвӕрд ес? б) Еци зӕрдӕвӕрд махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?
15 Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, рӕстгӕнӕг, «еузӕрдон ке ӕй, уой фӕрци» ке цӕрдзӕй ӕма зӕнхӕ «Йегови кади туххӕй зонундзийнӕдтӕй» ке байдзаг уодзӕй (Ав. 2:4, 14). Мадта фӕразон ка ӕй ӕма Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ ка даруй, уонӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй дессаги хуӕрзеуӕг – ӕносон цард.
16 Расагъӕс кӕнӕ, Аввакуми 2:4 ци финст ес, уобӕл. Павел ма еци дзурдтӕ ӕ финстӕгути ӕртӕ хатти ӕрхаста, ӕма уомӕй бӕрӕг ӕй, хумӕтӕг зӕрдӕвӕрд ке нӕй, е (Ром. 1:17; Гал. 3:11; Дзиуит. 10:38). Цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн ӕма ибӕл федарӕй ку ’ууӕндӕн, уӕд ӕнӕмӕнгӕй фӕууиндзиан, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уой. Йегови фӕндуй, цӕмӕй уӕхӕн уавӕрти не ’ргом ’здӕхт уа нӕ нифс ӕма нӕ федӕнмӕ.
17. Аввакуми киунуги цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуди ес?
17 Фӕстаг бӕнтти ка цӕруй, уонӕн Аввакуми киунуги ес еу ӕхсидзгӕ гъуди. Йеговӕ ӕносон цардӕй зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕ зӕрдӕ ибӕл ка даруй, еци рӕстгӕнгутӕн ӕгасемӕндӕр. Мадта идарддӕр дӕр архайӕн, цӕмӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн ӕма цӕбӕлфӕнди ма тухсӕн, уӕддӕр. Йеговӕ Аввакумӕн ци загъта, уой фӕрци ’й мах дӕр зонӕн, ке нин ӕнхус кӕндзӕй ӕма нӕ ке багъӕуай кӕндзӕй, уой. Йеговӕ нин фӕлмӕнӕй зӕгъуй, цӕмӕй ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, ӕгас зӕнхӕ дӕр ӕ Паддзахади дӕлбарӕ кӕд исуодзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Уӕд зӕнхӕ байдзаг уодзӕй амондгун ӕма фарнӕуарзагӕ адӕнӕй (Матф. 5:5; Дзиуит. 10:36–39).
ЙЕГОВӔБӔЛ УӔ ЗӔРДӔ ДАРЕТӔ ӔМА ЦИЙНӔ КӔНТӔ
18. Йегови дзурдтӕ Аввакумӕн куд банхус кодтонцӕ?
18 Бакӕсӕ Аввакум 3:16–19. Йегови дзурдтӕ Аввакуми зӕрди устур фӕд ниууагътонцӕ. Аввакум сагъӕс кодта, Йеговӕ рагидзаманти ӕ адӕнӕн ци дессаги гъуддӕгтӕ искодта, уонӕбӕл. Уой фӕрци е ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр иссӕй. Нур ӕй зудта, тагъд Йеговӕ архайун ке райдайдзӕй, уой. Ӕма ма ’й кӕд цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг бабухсун гъудӕй, уӕддӕр ин е ӕ нифс федар кодта. Аввакум нецӕбӕл бал гурусхӕ кодта ӕма федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ’й ке багъӕуай кӕндзӕй, уобӕл ӕма е ӕ дзурдтӕй дӕр бӕрӕг ӕй. Еуӕй-еу Библи ӕртасгути гъудимӕ гӕсгӕ 18 стих комкоммӕ ӕнгъезуй уотӕ ратӕлмац кӕнун: «Ӕз гӕппитӕ кӕндзӕн ӕма кафдзӕн, мӕ ервӕзунгӕнӕг Хуцау ке ӕй, уобӕл цийнӕ кӕнгӕй». Аци гъудитӕ нин нӕ нифс хъӕбӕр федар кӕнунцӕ. Йеговӕ нин дессаги федӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕруй ӕма алцидӕр кӕнуй, цӕмӕй еци зӕрдӕвӕрдтӕ исӕнхӕст уонцӕ.
19. Нӕ бон куд ӕй Аввакуми хузӕн уодӕнцойнӕ иссерун?
19 Аввакуми киунугӕ нӕ фиццагидӕр уобӕл ахур кӕнуй, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн (Ав. 2:4). Ӕма цӕмӕй нӕ бон уа уотӕ архайун, уой туххӕй ба имӕ гъӕуама хӕстӕгдӕр кӕнӕн. Гъӕуй нӕ 1) алкӕддӕр Йеговӕмӕ ковун ӕма нӕ ци тухсун кӕнуй, удта цӕбӕл гурусхӕ кӕнӕн, уой ин дзорун; 2) лӕмбунӕг игъосун, Йеговӕ нин ӕ Дзурди ци дзоруй, уомӕ ӕма нин ӕ организаций фӕрци ци разамунд дӕттуй, уомӕ гӕсгӕ архайун; 3) гъӕуй нӕ еузӕрдон ун ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, уомӕ. Пахампар Аввакум дӕр уотӕ архайдта. Кӕд райдайӕни хъӕбӕр нифссаст адтӕй, уӕддӕр ӕ киунугӕ ци дзурдтӕй фӕууй, уомӕй бӕрӕг ӕй, ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл ке дардта, ӕма цийнӕ ке кодта. Мах дӕр Аввакуми ку фӕнзӕн, уӕд иссердзиан уодӕнцойнӕ, раст нӕ цума нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕ ӕхемӕ ӕрбалхъивта, уотӕ! Уӕхӕн дессаги уодӕнцойнӕ ма аци фуддуйней кӕми иссердзиан?