34 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Нӕ лӕггади ести ку раййева, уӕд дӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕндзиан
«Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой» (ДЗИУИТ. 6:10).
38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй
РАЗДЗУРД *
1–3. Ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн хатгай сӕ уавӕртӕ цӕмӕн раййевунцӕ?
«МИССИОНЕРТӔЙ фӕллӕггадӕ кодтан 21 анзи. Е дессаги рӕстӕг адтӕй,– зӕгъунцӕ Роберт ӕма Мери-Джо,– фал нӕ дууей ниййергутӕ дӕр исӕнӕхъаурӕ ’нцӕ ӕма сӕмӕ кӕсун гъудӕй. Кӕсгӕ сӕмӕ ке кодтан, е нин уаргъ н’ адтӕй, фал кӕми лӕггадӕ кодтан, уордиги цӕун ба нӕ нӕ фӕндадтӕй, уомӕн ӕма еци бунат хъӕбӕр бауарзтан».
2 «Не ’нӕнездзийнади туххӕй нин нӕ лӕггадӕ уадзгӕ ке ӕй, уой ку базудтан, уӕд нӕ цӕстисугтӕ нӕбал ниууорӕдтан,– зӕгъунцӕ Уильям ӕма Терри.– Ӕндӕр бӕсти лӕггадӕ кӕнун нӕ алкӕддӕр фӕндадтӕй, фал нур ба уомӕн гӕнӕн нӕбал адтӕй».
3 «Нӕ нихмӕцӕугутӕ нин нӕ филиал ӕхгӕнунмӕ ке гъавтонцӕ, уой зудтан,– зӕгъуй Алексей.– Фал ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ку рауадӕй ӕма не ’гасейдӕр Вефилӕй рацӕун ку багъудӕй, уӕдта ни е не ’руагӕс кодта».
4. Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
4 Уӕхӕн хабӕрттӕ радзорун ма мингай вефилӕгти ӕма ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгути бон ӕй *. Еци еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнцон н’ адтӕй, сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр ка цудӕй, еци лӕггадӕ ниууадзун. Цума нӕуӕг уавӕртӕбӕл цӕй фӕрци исахур уодзӕнцӕ? Удта син мах бон куд ӕй ӕнхус кӕнун? Аци фарстатӕбӕл ци дзуӕппитӕ базондзиан, етӕ не ’гасемӕндӕр банхус кӕндзӕнцӕ, нӕ царди ести ӕййивддзийнӕдтӕ ку ӕрцӕуа, уӕд.
НӔУӔГ УАВӔРТӔБӔЛ КУД ИСАХУР УОДЗИАН
5. Ӕ лӕггади ӕййивддзийнӕдтӕ кӕмӕн ӕрцӕуй, етӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?
5 Ӕнхӕстрӕстӕг кӕмифӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн, фӕнди Вефили, фӕнди ӕндӕр ескӕми, уӕддӕр си арӕхдӕр адӕнбӕл кенӕ ма сауӕнгӕ бунатбӕл дӕр хъӕбӕр исахур уӕн. Ӕма нин уордиги цӕугӕ ку рауайуй, уӕд нин хъӕбӕр зин фӕууй. Уомӕй уӕлдай ма нин, ке хӕццӕ ислимӕн ан, еци адӕни уадзун дӕр ӕнцон нӕ фӕууй. Нӕ зӕрдӕ дӕр сӕмӕ фӕдздзоруй, уӕлдайдӕр ба, нӕ нихмӕ кӕми цӕунцӕ, уӕхӕн бӕстӕй ку фӕццӕуӕн, уӕд (Матф. 10:23; 2 Кор. 11:28, 29). Уомӕй уӕлдай ма нӕ нӕуӕг бунатмӕ ку иснисан кӕнунцӕ, уӕд нин нӕуӕг ӕгъдӕуттӕбӕл ахур кӕнун дӕр ӕнцон нӕ фӕууй. Фӕстӕмӕ нӕ нӕхе бӕстӕмӕ ку рарветунцӕ, уӕддӕр нӕ цӕбӕлдӕрти нӕуӕгӕй ахур кӕнун фӕгъгъӕуй. «Нӕхе бӕсти ӕгъдӕуттӕ дӕр нин ӕцӕгӕлон иссӕнцӕ. Удта нӕхе ӕвзагбӕл игъосун кӕнун дӕр ахур нӕбал адтан,– зӕгъунцӕ, Роберт ӕма Мери-Джо.– Берӕ рӕстӕг ӕндӕр бӕсти ке лӕггадӕ кодтан, уой туххӕй нӕ райгурӕн бӕсти нӕхемӕ ӕрцӕуӕггӕгти хузӕн кастан». Фӕууй ма уотӕ дӕр, ӕма идарддӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун ӕ бон кӕмӕн нӕбал фӕууй кенӕ ӕндӕр рауӕнмӕ ке иснисан кӕнунцӕ, етӕ ӕхцайӕй батухсунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ катай кӕнун райдайунцӕ, идарддӕр куд кӕндзӕнцӕ, уобӕл. Кӕмӕндӕрти ба сӕ нифс дӕр басӕттуй ӕма сӕхемӕ нийгъосунцӕ. Цума син ци банхус кӕндзӕй?
6. Нӕ бон куд ӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун?
6 Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ (Иак. 4:8). Кутемӕй? Цидӕриддӕр дӕ тухсун кӕнуй, уой дзорӕ, «кувдтитӕ ка игъосуй, еци Хуцауӕн» (Пс. 65:2). Дӕ зӕрдӕ ин ӕргом кӕнӕ (Пс. 62:8). Йеговӕн «ӕ бон ӕй, ци си корӕн кенӕ ба ӕрмӕстдӕр гъуди цӕбӕл ракӕнӕн, уомӕй берӕ фулдӕр искӕнун» (Еф. 3:20). Цӕй туххӕй имӕ фӕкковӕн, айдагъ уой нин не ’скӕнуй, фал ма нин нӕ гъуддаг исаразуй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтан, уотӕ.
7. а) Цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? б) Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:10–12 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй?
7 Цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн, ӕма ци бакастан, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн. Раздӕр миссионерӕй ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн ӕнсувӕр загъта: «Уӕ бийнонти ахур куд уагътайтӕ, уотӕ ’й идарддӕр дӕр уадзетӕ, удта ӕмбурдтӕмӕ дӕр уӕхе цӕттӕ кӕнтӕ, Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:10–12.)
цума уӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ дӕр не ’рцудӕй, уотӕ». Уомӕй уӕлдай ма уӕ нӕуӕг ӕмбурди хӕццӕ дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайетӕ. Йеговӕ некӕд иронх кӕнуй, еузӕрдонӕй ин ка лӕггадӕ кӕнуй, уони, кӕд раздӕри бӕрцӕ лӕггадӕ кӕнун сӕ бон нӕбал ӕй, уӕддӕр. (Бакӕсӕ8. Хумӕтӕг цард кӕнунмӕ нин 1 Иоанни 2:15–17 финст дзурдтӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?
8 Хумӕтӕг цард кӕнтӕ. Сайтани дуйней адӕн, ӕхцайӕй ӕндӕр нецӕбӕл фӕссагъӕс кӕнунцӕ. Фал ма бауадзӕ, цӕмӕй аци царди сагъӕсти туххӕй дӕ лӕггадӕ ниууадзай (Матф. 13:22). Гӕнӕн ес, ӕма дин, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, еци адӕн кенӕ де ’мбӕлттӕ ӕма дӕ хеуӕнттӕ сӕ хуарз зӕрдӕй дзоронцӕ, дӕ царди сагъӕс бакӕнӕ ӕма фулдӕр ӕхца косун райдайӕ, зӕгъгӕ. Фал сӕ зундбӕл ма рацо. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 2:15–17.) Дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ. Е нин зӕрдӕ ӕвӕруй, «багъӕуагӕ сахат» нӕ ке нӕ ниууадздзӕй ӕма нин ке банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун, нӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнун ӕма цардамӕлттӕ кӕнун (Дзиуит. 4:16; 13:5, 6).
9. Ӕмбесӕндтӕ 22:3, 7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕнӕгъӕугӕ ӕфстӕуттӕй нӕхе цӕмӕн гъӕуама хезӕн, удта нин раст унаффӕ рахӕссунмӕ ци банхус кӕндзӕй?
9 Ӕнӕгъӕугӕ ӕфстӕуттӕ ма есӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 22:3, 7.) Ӕндӕр рауӕнмӕ ка рандӕ уй, уони арӕх берӕ хӕрзтӕ кӕнун багъӕуй, ӕма уой туххӕй ӕфстӕутти дӕр ниллӕсунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ дӕ ӕнӕмӕнгӕй ка нӕ гъӕуй, уӕхӕн дзаумӕуттӕ балхӕнунмӕ кредит кенӕ ескӕмӕй ӕфстау ма есӕ. Ӕфстау цӕйбӕрцӕ райсай, уой ниллух кӕнун уӕлдай зин фӕууй, тухст ку уай, уӕд, зӕгъӕн, дӕ бийнонтӕй еске сӕйгӕ ку уа ӕма имӕ кӕсун ку гъӕуа, уӕд. Уӕхӕн уавӕри Хуцаумӕ ковӕ ӕма ин лигъстӕ кӕнӕ, цӕмӕй дин раст унаффӕ рахӕссунмӕ банхус кӕна. Ӕма дин Йеговӕ «дӕ зӕрдӕ ӕма дӕ зунд» багъӕуай кӕнунмӕ фарнӕ ратдзӕй, цӕмӕй дӕ бон уа сабурбӕл расагъӕс кӕнун ӕма раст унаффӕ рахӕссун (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7).
10. Нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссерунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?
10 Де ’мбӕлтти ӕма дӕ бийнонти хӕццӕ ӕнгом уо. Ци дӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй де ’мбӕлтти хӕццӕ ку дзорай, уӕлдайдӕр ба дӕу уавӕри ка адтӕй, уони хӕццӕ, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй (Еккл. 4:9, 10). Раздӕр кӕми лӕггадӕ кодтай, уоми дин ци ӕмбӕлттӕ адтӕй, етӕ идарддӕр дӕр де ’мбӕлттӕ уодзӕнцӕ. Фал дӕ нур нӕуӕг ӕмбӕлттӕ агорун дӕр гъӕуй. Иронх ди ма уӕд, цӕмӕй еске де ’мбал исуа, уой туххӕй дӕхуӕдӕг дӕр гъӕуама хуарз ӕмбал уай. Цума дин нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссерунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕбӕл цӕхуӕн дессаги цаутӕ ӕрцудӕй, уони иннетӕн дзорӕ, цӕмӕй ӕй уинонцӕ, дӕ лӕггадӕ дин цӕйбӕрцӕ цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, уой. Ӕвӕдзи, ӕмбурди алке нӕ лӕдӕрдзӕй, ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй, уой, фал кедӕрти ба дӕ хабӕрттӕ бафедар кӕндзӕнцӕ ӕма сӕ бафӕнддзӕй дӕ хӕццӕ лимӕн кӕнун. Ӕрмӕст лӕмбунӕг уо, цӕмӕй де ’нтӕстдзийнӕдти туххӕй ӕгӕр берӕ дзорун ма райдайай, удта айдагъ зиндзийнӕдти кой дӕр ма кӕнай.
11. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕ бийнонти цард идарддӕр дӕр амондгун уа?
Матф. 19:5, 6). Кенӕ ба уӕ кӕд, сувӕллон уин ке уодзӕй, уой туххӕй цӕун багъудӕй, уӕд ӕй уӕ сувӕллон зонӕт, цийфӕнди кадгин ихӕстӕй дӕр уин хъазардӕр ке ӕй. Лӕдӕрун ин кӕнтӕ, Хуцауи «лӕварбӕл» ӕй ке нимайетӕ (Пс. 127:3–5). Ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнгӕй уӕбӕл цӕхуӕн хабӕрттӕ цудӕй, уой дӕр ин дзоретӕ. Ка ’й зонуй, уой дӕр бафӕнддзӕй, Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун ӕма еци лӕггадӕ ци цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, уой бавзарун.
11 Кӕд, кӕми лӕггадӕ кодтайтӕ, уордиги дӕ цардӕмбали ӕнӕнездзийнади туххӕй рандӕ айтӕ, уӕд ӕй ма фудгин кӕнӕ. Кӕд дӕхе ӕнӕнездзийнади туххӕй рандӕ айтӕ, уӕдта дӕхе ма хуӕрӕ, мӕ цардӕмбали фӕффудӕнгъӕл кодтон, зӕгъгӕ. Иронх ди ма уӕд, сумах айтӕ «еу бауӕр», ӕма Йегови рази кӕрӕдземӕн дзурд равардтайтӕ, цийфӕнди ма ӕрцӕуа, уӕддӕр кӕрӕдзей сагъӕс ке кӕндзиайтӕ (ИННЕТИ БОН КУД ӔЙ БАНХУС КӔНУН
12. а) Нӕ бон куд ӕй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕн идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ ӕнхус кӕнун? б) Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕуӕг уавӕртӕбӕл тагъддӕр исахур уонцӕ?
12 Берӕ ӕмбурдтӕ, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхуӕдтӕ дӕр, ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕн идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ, сӕ бон цӕмӕй фӕууй, уомӕй банхус кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, дзурдӕй сӕ бафедар кӕнунцӕ, ӕхцайӕй сӕмӕ фӕккӕсунцӕ кенӕ ба, кӕд идард ескӕми лӕггадӕ кӕнунцӕ, уӕд син сӕ бийнонтӕмӕ дӕр фӕккӕсунцӕ (Гал. 6:2). Кӕд уин уе ’мбурдмӕ ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕй еске иснисан кӕнонцӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма сӕ ихӕстӕ хуарз не ’нхӕст кодтонцӕ кенӕ ба цидӕр рӕдуд искодтонцӕ *. Уӕхӕн лӕггадгӕнгутӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй нӕуӕг уавӕртӕбӕл тагъддӕр исахур уонцӕ. Сумахмӕ ке ’нцӕ, е дин ӕхцӕуӕн ке ӕй, уой бавдесӕ. Куд хъиамӕт кӕнунцӕ, уой туххӕй сӕ растауӕ, кӕд се ’нӕнездзийнади туххӕй раздӕр сӕ бон цӕйбӕрцӕ адтӕй, уойбӕрцӕ нӕбал ӕй, уӕддӕр. Сӕ хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ уо. Етӕ царди берӕ цидӕртӕ фӕууидтонцӕ, ӕма си дӕ бон берӕ цӕбӕлдӕрти ӕй исахур ун.
13. Уе ’мбурдмӕ уин ке иснисан кодтонцӕ, уонӕн уӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?
13 Нӕуӕг рауӕнмӕ ка ӕрледзуй, уонӕн арӕх банхус кӕнун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй цӕрӕнбунат ӕма куст иссеронцӕ, машинӕ исамал кӕнонцӕ. Кенӕ син фӕгъгъӕуй байамонун, цӕхуӕн транспортбӕл ес цӕуӕн, уой ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгти банхус кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма син фӕгъгъӕуй байамонун, хъалон куд ӕма кумӕ федгӕ ’й, уой, удта страховкӕ искӕнун куд ӕнгъезуй, уой дӕр. Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕхсидзгӕ дӕр фӕууй, цӕмӕй сӕ лӕдӕрӕн. Ка ’й зонуй, ести нези хӕццӕ тох кӕнунцӕ кенӕ ба сӕ бийнонтӕй еске сӕйуй. Кенӕ ба син кадӕр рамардӕй ӕма уобӕл маст кӕнунцӕ *. Кенӕ ба, ӕвӕдзи, раздӕр кӕми лӕггадӕ кодтонцӕ, уоми син ци ӕмбӕлттӕ адтӕй, уонӕбӕл ӕрхун кӕнунцӕ, кӕд ӕй ӕргом нӕ дзорунцӕ, уӕддӕр. Арӕх уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти рӕстӕг фӕгъгъӕуй, цӕмӕй сӕхе кеми ӕрцӕуонцӕ.
14. Еу хуӕрӕн бунӕттон игъосунгӕнгутӕ куд банхус кодтонцӕ нӕуӕг уавӕртӕбӕл исахур ун?
14 Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ ку цӕуай ӕма син, куд лӕггадӕ кӕнис, уомӕй фӕнзуйнаг ку уай, уӕд нӕуӕг уавӕртӕбӕл тагъддӕр исахур уодзӕнцӕ. «Раздӕр кӕми лӕггадӕ кодтон, уоми алли бон дӕр Библий ахуртӕ уагътон,– зӕгъуй, берӕ ӕнзти дӕргъи ӕндӕр бӕсти ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хуӕрӕ,– фал ӕндӕр рауӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕд мин уоми ба Библийӕй дууӕ дзурди бакӕсун кенӕ видеоролик бавдесун дӕр нӕ уадӕй. Фал мӕ бунӕттон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ хӕццӕ райсиуонцӕ, нӕуӕгӕй бацӕун кӕмӕ гъудӕй, уонӕмӕ, удта Библий ахуртӕмӕ дӕр. Еци зингзӕрдӕ ӕма нифсхаст игъосунгӕнгутӕ адӕни хӕццӕ Библи куд ӕнтӕстгунӕй ахур кодтонцӕ, уомӕ кӕсгӕй еци территоримӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтон. Удта адӕни хӕццӕ дзубанди райдайунмӕ дӕр фӕддӕснидӕр дӕн. Гъе уотемӕй мӕ зӕрди нӕуӕгӕй цийнӕдзийнадӕ фӕззиндтӕй».
ИДАРДДӔР ДӔР ДӔ БОН ЦИ ӔЙ, УОЙ КӔНӔ
15. Кӕд дӕ ӕндӕр рауӕнмӕ иснисан кодтонцӕ, уӕд дӕ бон цӕй фӕрци ӕй уоми дӕр ӕнтӕстгунӕй лӕггадӕ кӕнун?
15 Нӕуӕг бунати дӕ бон берӕ цидӕртӕ уодзӕй искӕнун. Дӕ нӕуӕг уавӕрмӕ уотӕ ма кӕсӕ, цума фӕстӕмӕ къахдзӕф ракодтай. Йеговӕ дин дӕ цард куд аразуй, уой уинӕ ӕма идарддӕр дӕр игъосун кӕнӕ. Фиццаг ӕноси еузӕрдон киристӕнттӕ дин фӕнзуйнаг уӕнтӕ. Цийфӕнди ма ӕрцудайдӕ, уӕддӕр «еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ цудӕнцӕ ӕма игъосун кодтонцӕ хуарз хабар» (Гъуд. 8:1, 4). Дӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ уодзӕнцӕ. Зӕгъӕн, еу бӕстӕй ке ратардтонцӕ, еци пионертӕ, хӕстӕгдӕр сӕмӕ ка адтӕй, еци бӕстӕмӕ рандӕ ’нцӕ. Уотӕ рауадӕй, ӕма уоми дӕр гъудӕй, пионертӕ ци ӕвзагбӕл дзурдтонцӕ, еци ӕвзагбӕл игъосунгӕнгути ӕнхус. Гъема си цалдӕр мӕйи фӕсте еци ӕвзагбӕл фӕззиндтӕнцӕ, дзӕбӕх ка ирӕзтӕй, уӕхӕн къуӕрттӕ.
16. Нӕуӕг рауӕн дин цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй?
16 Библий финст ӕй: «Йеговӕ ци цийнӕдзийнадӕ дӕттуй, е ӕй федар мӕсуг» (Неем. 8:10). Нӕ цийнӕдзийнадӕ, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕй кӕнгӕ гъӕуама уа, кӕми лӕггадӕ кӕнӕн, уомӕй нӕ, фал, кӕд еци лӕггадӕ нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй, уӕддӕр. Мадта цӕмӕй нӕ цийнӕдзийнадӕ ма исӕфа, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн ӕма ин идарддӕр дӕр ӕ зунд, ӕ разамунд ӕма е ’нхусбӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн. Иронх ди ма уӕд, раздӕр кӕми лӕггадӕ кодтай, уоми дӕр дӕ зӕрдӕмӕ цудӕй, адӕнӕн ӕнхус кӕнун дӕ ке фӕндадтӕй, уой туххӕй. Мадта нӕуӕг рауӕн дӕр ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕ, ӕма дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ лӕггадӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕун райдайа (Еккл. 7:10).
17. Кӕмифӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?
17 Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, Йеговӕн ӕносмӕ ке лӕггадӕ кӕндзиан, нур ци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнӕн, етӕ ба рӕстӕгмӕ ке ’нцӕ. Нӕуӕг дуйней ни алкӕмӕндӕр нӕ ихӕстӕ ӕййевгӕ кӕндзӕнцӕ. Статьяй райдайӕни ке кой кодтан, еци Алексей загъта, ӕ лӕггади ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, етӕ ’й, нӕуӕг дуйней ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕудзӕй, уомӕ ке цӕттӕ кӕнунцӕ. «Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, удта нӕуӕг дуйне ке уодзӕй, уой нурмӕти дӕр куд нӕ зудтон. Фал нур Йеговӕ ӕй мӕ цӕстити рази ӕма никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун, нӕуӕг дуйне къӕсӕрбӕл ке ӕй»,– загъта Алексей (Гъуд. 2:25). Мадта кӕмифӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн ӕма цийфӕнди ихӕстӕ ма ӕнхӕст кӕнӕн, уӕддӕр гъӕуама идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕн. Е нӕ некӕд ниууаддзӕй ӕма нин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин кӕмифӕнди дӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнӕн (Ис. 41:13).
90 ЗАР Кӕрӕдзей федар кӕнӕн
^ 5 абз. Ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хатгай сӕ бон нӕбал фӕууй идарддӕр лӕггадӕ кӕнун кенӕ ба сӕ ӕндӕр ескумӕ иснисан кӕнунцӕ, кенӕ син сӕ барӕ ӕндӕр ихӕстӕ бакӕнунцӕ. Аци статьяй базондзиан, уой туххӕй цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, удта син ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕуӕг уавӕртӕбӕл исахур уонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма радзордзиан, иннетӕн сӕ бон куд ӕй еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ нифс бафедар кӕнун ӕма син ӕнхус кӕнун. Удта базондзиан, Библий уагӕвӕрдтӕ не ’гасемӕндӕр куд банхус кӕндзӕнцӕ, нӕ царди ести ӕййивддзийнӕдтӕ ку ӕрцӕуа, уӕд.
^ 4 абз. Уӕхӕн хабар ма ӕрцӕуй, бӕрнон ӕнсувӕртӕй беретӕбӕл, сӕ карӕмӕ гӕсгӕ сӕ сӕ ихӕстӕ ӕригондӕр ӕнсувӕртӕн раттун ку багъӕуй, уӕд. Кӕсӕ 2018 анзи сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Нӕ ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕ уын уӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй аргъ кӕны», удта 2018 анзи октябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Дӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнӕ, дӕ цард кудфӕнди ма раййева, уӕддӕр».
^ 12 абз. Уой размӕ кӕми лӕггадӕ кодтонцӕ, еци ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама, куд тагъддӕр, уотӕ хуӕздӕр, рекомендаци рарветонцӕ, кумӕ сӕ иснисан кодтонцӕ, еци ӕмбурдмӕ, цӕмӕй сӕ бон уа идарддӕр пионертӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕй кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй лӕггадӕ кӕнун.
^ 57 абз. ХУЗӔ. Лӕг ӕма уосӕ миссионертӕй лӕггадӕ кодтонцӕ, фал сӕ багъудӕй еци лӕггадӕ ниууадзун ӕма бӕстӕй рандӕ ун. Ӕма се ’мбурдӕн зӕрдӕхъурмитӕ кӕнгӕй хуӕрзбон зӕгъунцӕ.
^ 59 абз. ХУЗӔ. Еци лӕг ӕма уосӕ сӕ райгурӕн бӕстӕмӕ раздахтӕнцӕ ӕма Йеговӕмӕ ковунцӕ, цӕмӕй син нӕуӕг уавӕрти банхус кӕна.
^ 61 абз. ХУЗӔ. Йегови фӕрци нӕуӕгӕй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ. Миссионертӕй лӕггадӕ кӕнгӕй ци ӕвзаг исахур кодтонцӕ, еци ӕвзагбӕл сӕ нӕуӕг ӕмбурди территорий ӕрледзӕггӕгтӕн игъосун кӕнунцӕ.