31 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Нӕ нифс нӕ сӕттуй»
«Уомӕ гӕсгӕ нӕ нифс нӕ сӕттуй» (2 КОР. 4:16).
128 ЗАР Кӕронмӕ федар лӕууӕ
РАЗДЗУРД *
1. Павел киристӕнтти цӕмӕ разӕнгард кодта?
ӔГАС киристӕнттӕ дӕр царди надбӕл ледзунцӕ. Кадӕр нур райдӕдта, кадӕр ба рагӕй ледзуй. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр ни алкедӕр гъӕуй идарддӕр ледзун, цӕмӕй кӕронмӕ бахъӕртӕн. Ӕма нин еци гъуддаги устур ӕнхус уодзӕй, Павел филиппӕгтӕн ци унаффӕ равардта, е. Филиппти ӕнсувӕртӕй кадӕртӕ Йеговӕн рагӕй лӕггадӕ кодтонцӕ, удта царди надбӕл хуарз лигъдӕнцӕ, фал син Павел сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, идарддӕр дӕр сӕ фӕразонӕй ледзун ке гъӕуй. Павели фӕндадтӕй, цӕмӕй етӕ дӕр уой хузӕн ӕгас хъауритӕй архайдтайуонцӕ, цӕмӕй сӕ нисан сӕ къохи бафтудайдӕ (Фил. 3:14).
2. Павел филиппӕгтӕн ци унаффӕ равардта, е ӕ афонӕбӕл цӕмӕн адтӕй?
2 Павел филиппӕгтӕн ци унаффӕ равардта, е афойнадӕбӕл адтӕй. Македоний горӕт Филиппти ӕмбурд куддӕр фӕззиндтӕй, уотӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕфхуӕрд ӕййафун райдӕдтонцӕ. Павел ӕма Силӕ дӕр уӕхӕн уавӕри бахаудтӕнцӕ, сугъдӕг хъаури разамундӕй уордӕмӕ ку ниццудӕнцӕ, уӕд. Е адтӕй нӕ эри еу 50 анзи (Гъуд. 16:9). Уоми рамбалдӕнцӕ, лӕмбунӕг сӕмӕ ка байгъуста, уӕхӕн силгоймагбӕл, Лидийӕ, зӕгъгӕ, «ӕмӕ ин Йеговӕ ӕ зӕрдӕ райгон кодта» (Гъуд. 16:14). Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма Лидийӕ ӕхуӕдӕг дӕр, удта ма ӕ хӕдзари ка цардӕй, етӕ еугурӕйдӕр донаргъуд райстонцӕ. Фал Сайтан дӕр фунӕй нӕ кодта. Павел ӕма Сили ниййахӕстонцӕ, горӕти хецӕуттӕмӕ сӕ ӕрбакодтонцӕ ӕма сӕ фӕффудгин кодтонцӕ, горӕт ӕзмӕнтунцӕ, зӕгъгӕ. Удта сӕ фӕннадтонцӕ ӕма сӕ ахӕстдони багӕлстонцӕ, уой фӕсте ба сӕ горӕтӕй рарвистонцӕ (Гъуд. 16:16–40). Фал сӕ нифс нӕ басастӕй. Нӕуӕг ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ба куд адтӕнцӕ? Етӕ дӕр сӕ къохтӕ не ’руагътонцӕ. Павел ӕма Сили нифсхастдзийнадӕ уони дӕр хъӕбӕр бафедар кодта.
3. Павел ци зудта ӕма цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Павел ӕ къохтӕ нӕ уагъта (2 Кор. 4:16). Зудта ӕй, цӕмӕй кӕронмӕ дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайа, уой туххӕй ӕ нисан алкӕддӕр ӕ цӕстити рази ке гъӕуама уа. Павели цардӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Мах рӕстӕги еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕй ба куд зиннуй, зин уавӕрти дӕр федар фӕллӕуун ке ’нгъезуй, е? Удта нин ци нифс ес, е нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма уадзӕн?
ПАВЕЛИ ЦӔВЕТТОНӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН
4. Павелӕн зин уавӕрти дӕр Хуцауи гъуддаги архайун куд ӕнтӕстӕй?
4 Ӕркӕсӕн, Павел Филиппӕгтӕмӕ финстӕг ку финста, уӕд цӕхуӕн уавӕри адтӕй, уомӕ. Роми хӕдзари ахӕстӕй бадтӕй. Игъосун кӕнунмӕ ин берӕ фадуӕттӕ н’ адтӕй. Фал имӕ уӕддӕр ка цудӕй, уонӕн игъосун кодта, удта идард рауӕнти ци ӕмбурдтӕ адтӕй, уонӕмӕ финстӕгутӕ финста. Абони дӕр еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ бон хӕдзарӕй рацӕуӕн нӕ фӕууй, фал уӕддӕр алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови туххӕй радзоронцӕ, ка сӕмӕ ӕрбацӕуй, уонӕн. Уомӕй уӕлдай ма иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн радзорун ке хӕццӕ нӕ бантӕстӕй, уонӕмӕ финстӕгутӕ фӕффинсунцӕ.
5. Филиппӕгтӕмӕ 3:12–14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павелӕн ци ӕнхус кодта ӕ нисан ӕ цӕстити рази дарун?
5 Павел нӕ уагъта, цӕмӕй ин ӕ раздӕриккон рӕдудтитӕ кенӕ ӕнтӕстдзийнӕдтӕ къулумпий хуасӕ иссайуонцӕ. Е ӕй балӕдӕрун кодта, «фӕстегӕй ци байзадӕй», уой байронх кӕнун ке гъӕуй, цӕмӕй, «разӕй ци ес», уомӕ нӕ хъауритӕ исаразӕн. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 3:12–14.) Павелӕн къулумпий хуасӕ ци иссайдӕ? Зӕгъӕн, дзиуиттаг дини ин ци бантӕстӕй, е. Фал Павел уой нецӕбӕл нимадта (Фил. 3:3–8). Кенӕ раздӕр киристӕнтти карзӕй ке ӕфхуардта, уобӕл ке маст кодтайдӕ, е. Фал Павел нӕ уагъта, цӕмӕй ӕ раздӕриккон рӕдудтити туххӕй ӕхемӕ нийгъустайдӕ. Уомӕй уӕлдай ма ӕ бон адтӕй уотӕ расагъӕс кӕнун: «Йеговӕн фагӕ фӕллӕггадӕ кодтон, нур ба мӕ бауолӕфуни барӕ дӕр ес». Фал Павел уӕхӕн гъудитӕ ӕхемӕ хӕстӕгдӕр нӕ уагъта. Ӕ лӕггади ин берӕ бантӕстӕй, кӕд зиндзийнӕдтӕ дӕр баййафта, уӕддӕр. Зӕгъӕн, ахӕстдонӕмӕ дӕр бахауидӕ, ехсӕй дӕр ӕй фӕннӕмиуонцӕ, дортӕй марунмӕ дӕр ӕй гъавтонцӕ, ӕртӕ хатти уӕхӕн уавӕри дӕр бахаудтӕй, ӕма ци науӕбӕл цӕуидӕ, е ниппурхӕ уидӕ, удта стонг ӕма бӕгънӕг ци ӕй, уой дӕр зудта (2 Кор. 11:23–27). Кӕд Павелӕн царди берӕ бантӕстӕй, удта берӕ цидӕртӕ бавзурста, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, идарддӕр дӕр ӕй фӕразонӕй ледзун ке гъӕуй. Ӕма е махмӕ дӕр хауй.
6. «Фӕстегӕй ци байзадӕй», уомӕ ци хауй?
6 Павели цӕветтон нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй «фӕстегӕй ци байзадӕй», уой байронх кӕнӕн? Ка ’й зонуй, нӕхе хуӕрӕн, кӕддӕр ци рӕдудтитӕ кодтан, уой туххӕй. Кӕд уотӕ ’й, уӕд хуарз уайдӕ, Киристей нивонди туххӕй дзурд кӕми цӕуй, уӕхӕн ӕрмӕг рартасун. Уомӕй уӕлдай ма ци кӕсӕн, уобӕл арф ку сагъӕс кӕнӕн ӕма Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд сабургай еци ӕнӕгъӕугӕ сагъӕстӕй исуӕгъдӕ уодзиан. Ӕма, ка ’й зонуй, ӕппундӕр нӕбал маст кӕндзиан, Йеговӕ нин раги ке ниххатир кодта, еци тӕрегъӕдти туххӕй. Павели цӕветтонӕй ма никкидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн? Еуӕй-еуетӕ ни Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнуни туххӕй ӕхцагин куститӕ ниууагътонцӕ. Кӕд дӕу хабар дӕр уотӕ ’й, уӕд дӕ бон н’ адтайдӕ, «фӕстегӕй ци байзадӕй», уой байронх ун ӕма мацӕбӕл фӕсмон кӕнун? (Ним. 11:4–6; Еккл. 7:10). «Фӕстегӕй ци байзадӕй», уомӕ ма хаунцӕ, кӕддӕр нин нӕ лӕггади цитӕ бантӕстӕй кенӕ ци фӕлварӕнтӕн ниббухстан, етӕ дӕр. Йеговӕ нин куд арфӕ кодта ӕма нин куд ӕнхус кодта, уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фидӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Фал уотӕ ба некӕд сагъӕс кӕндзиан, ӕма Йеговӕн фагӕ фӕллӕггадӕ кодтан ӕма ни нур бауолӕфуни барӕ дӕр ес (1 Кор. 15:58).
7. 1 Коринфӕгтӕмӕ 9:24–27 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй киристон надбӕл ледзгӕй хуӕрзеуӕг райсӕн? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
7 Павел Киристей дзурдтӕ, «уӕ бон куд ӕй, уотӕ архайетӕ», зӕгъгӕ, хуарз лӕдӕрдтӕй (Лук. 13:23, 24). Зудта ӕй, уой дӕр Киристей хузӕн кӕронмӕ дӕр е ’гас хъауритӕй архайун ке гъӕуй. Уомӕ гӕсгӕ киристон над рабарста ериси хӕццӕ. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 9:24–27.) Еристи ка фӕлледзуй, уомӕн ӕ нисан фӕууй кӕронмӕ бахъӕртун, фӕйнердӕмӕ ракӕс-бакӕс кӕнун нӕ, фал. Уӕхӕн еристӕ горӕти медӕг дӕр фӕццӕунцӕ. Горӕти ба, цӕстӕ ӕхемӕ ци ӕлвасуй, уӕхӕн цидӕртӕ берӕ фӕууй, зӕгъӕн, тукӕнтти рӕсугъд витринитӕ кенӕ ӕндӕр еститӕ. Цума уӕхӕн надбӕл ледзгӕй ерисгӕнӕг ӕрлӕудзӕй ӕма, ци уӕйӕ кӕнунцӕ, уомӕ ракӕс-бакӕс кӕнун райдайдзӕй? Ӕвӕдзи, нӕ, уомӕн ӕма ’й рамолун фӕндуй. Цардмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл ледзгӕй махӕн дӕр уӕлдай ракӕсӕ-бакӕсӕ кӕнӕн нӕййес. Павели хузӕн нӕ нисан нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, ӕма не ’гас хъауритӕй ку архайӕн, уӕд нӕ хуӕрзеуӕг райсдзиан.
ЗИНДЗИЙНӔДТИ РӔСТӔГ ДӔР ЙЕГОВӔН ЛӔГГАДӔ КӔНӔН
8. Нӕ цуд цӕй туххӕй фӕссабурдӕр уй?
8 Радзубанди кӕнӕн, нӕ цуд цӕй туххӕй фӕссабурдӕр уй, ӕртӕ уӕхӕн гъуддагебӕл: цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, е ку не ’сӕнхӕст уй, цӕхуӕндӕр нези хӕццӕ тох кӕнун нӕ ку багъӕуй кенӕ нӕ фӕлварӕнтӕ ку ниддаргъ унцӕ. Уӕхӕн уавӕрти ка бахаудтӕй, уони цӕветтонтӕ нин нӕ нифс бафедар кӕндзӕнцӕ (Фил. 3:17).
9. Цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, е ку не ’сӕнхӕст уй, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй?
9 Цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, е ку не ’сӕнхӕст уй. Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн. Пахампар Аввакум Йеговӕн ку лигъстӕ кодта, цӕмӕй Иуди ци лӕгъуз гъуддӕгтӕ цудӕй, уонӕн кӕрон искодтайдӕ, уӕд ин Йеговӕ ба загъта, идарддӕр дӕр «ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ», зӕгъгӕ (Ав. 2:3). Фал адӕймаг цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, е берӕ рӕстӕг ку нӕ фенхӕст кӕнуй, уӕд хатгай ӕ нифс дӕр басӕттуй. Сауӕнгӕ ма ӕхемӕ дӕр нийгъосуй (Ӕмб. 13:12). Гъе уӕхӕн хабар ӕрцудӕй, 20 ӕноси райдайӕни ка цардӕй, еци исӕрст киристӕнттӕй беретӕбӕл. Уотӕ сӕмӕ кастӕй ӕма сӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг 1914 анзи райсдзӕнцӕ. Фал уотӕ ку нӕ рауадӕй, удта беретӕ фӕффудӕнгъӕл ӕнцӕ. Цума син еци рӕстӕги ци банхус кодта?
10. Еу лӕг ӕма уосӕ куд архайдтонцӕ, цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, е ку не ’сӕнхӕст ӕй, уӕд?
10 Ӕркӕсӕн, еци рӕстӕги ка цардӕй, дууӕ уӕхӕн киристони хабармӕ. Ӕнсувӕр Ройал Спатс донаргъуд райста 20-анздзудӕй, 1908 анзи. Е ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, тагъд рӕстӕги ӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг ке райсдзӕй, уобӕл. 1911 анзи ба ӕ уарзон кизги, Перли, корунмӕ ку гъавта, уӕд ма уомӕн дӕр загъта: «Зонис ӕй дӕхуӕдӕг, 1914 анзи ци уодзӕй, уой. Мадта нӕ кӕд фӕндуй нӕ цард байеу кӕнун, уӕд гъӕуама фӕттагъддӕр кӕнӕн!» Цума сӕ къохтӕ ӕруагътонцӕ 1914 анзи уӕларвон нифсӕй ку не ’схайгин ӕнцӕ, уӕд? Нӕъ, уомӕн ӕма син Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун хуӕрзеуӕг райсунӕй сӕйрагдӕр адтӕй. Сӕ федар фӕндӕ адтӕй, идарддӕр дӕр киристон надбӕл фӕразонӕй ледзун. Ройал ӕма Перл берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй фӕллӕггадӕ кодтонцӕ, цалинмӕ сӕ зӕнхон цард нӕ фӕцӕй, уӕдмӕ. Ӕвӕдзи дӕ хъӕбӕр фӕндуй, Йеговӕ ӕ ном куд исрохс кӕндзӕй, ӕ бартӕ куд ӕрфедар кӕндзӕй ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куд исӕнхӕст кӕндзӕй, уой фӕууинун. Аци гъуддӕгтӕ ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст уодзӕнцӕ, сӕ рӕстӕг ку ’рхъӕрта, уӕд. Уӕдмӕти ба бал Хуцауӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн ӕма, цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, е ку не ’сӕнхӕст уй, уӕд нӕ нифс сӕттун ма уадзӕн ӕма нӕ цуд ма сабурдӕр кӕнӕн.
11, 12. Не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ку уа, уӕддӕр нӕ бон куд ӕй Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
11 Не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ку исуй. Цӕмӕй, ериси ка ледзуй, уомӕн ӕ нисан ӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй гъӕуама е ’нӕнездзийнадӕ хуарз уа. Фал киристон надбӕл ка ледзуй, уонӕн ба е ӕнӕмӕнгӕ нӕй. Е ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ кӕмӕн ӕй, уонӕн дӕр сӕ бон ӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун ӕма Йеговӕн, хуӕздӕрӕй сӕмӕ ци ес, уой дӕттун (2 Кор. 4:16). Зӕгъӕн, ӕнсувӕр Артур Секордбӕл * 88 анзи цудӕй ӕма уонӕй 55 анзи Вефили фӕллӕггадӕ кодта, ӕма фӕстагмӕ хъӕбӕр ӕрлӕмӕгъ ӕй. Еухатт, ка имӕ кастӕй, еци хуӕрӕ ин ӕ хуссӕни размӕ бацудӕй, цӕмӕй имӕ базилдайдӕ. Хуӕрӕ имӕ бакастӕй ӕма ин фӕлмӕнӕй загъта: «Ӕнсувӕр Секорд, аци къӕхтӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй берӕ фӕццудӕнцӕ». Ӕнсувӕр Секорд имӕ искастӕй, ба имӕ худтӕй ӕма загъта: «Уотӕ ’й. Фал нури уӕнгӕ ци искодтан, е уотӕ ӕхсидзгӕ нӕй. Ӕхсидзгӕдӕр ӕй, цӕмӕй нур Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн».
12 Ка ’й зонуй, Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнис, ӕма нур де ’нӕнездзийнади туххӕй раздӕр дӕ бон цӕйбӕрцӕ адтӕй, Дзиуит. 6:10). Иронх ди ма уӕд, Йегови ке уарзис, е, берӕ ин ке лӕггадӕ кӕнис, уомӕй бӕрӕг нӕ фӕууй, фал ин ци зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнис, удта дӕ уавӕри дӕ бон цӕйбӕрцӕ ӕй, уойбӕрцӕ ке кӕнис, уомӕй (Кол. 3:23). Йеговӕ ’й лӕдӕруй, нӕ бон цӕйбӕрцӕ ӕй, уой ӕма ни уомӕй фулдӕр нӕ агоруй (Мар. 12:43, 44).
уойбӕрцӕ нӕбал ӕй. Фал дӕ нифс ма сӕттӕд! Йеговӕ хъӕбӕр устур аргъ кӕнуй, ӕ номи туххӕй ин ци хъиамӕт бакодтай, уомӕн (13. Анатолий ӕма Лидийӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ ӕма нӕ сӕ хабар цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?
13 Фӕлварӕнтӕ ку ниддаргъ унцӕ. Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ берӕ ӕнзти дӕргъи ӕфхуӕрд ӕма зиндзийнӕдтӕ ӕййафтонцӕ. Ӕркӕсӕн ӕнсувӕр Анатолий Мельники хабармӕ *. 12 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ин ӕ фиди ниййахӕстонцӕ ӕма ’й Сибирмӕ рарвистонцӕ, Молдовий кӕми цардӕнцӕ, уордиги 7 000 километри идарддӕр. Анзи фӕсте ба ин ӕхе дӕр, ӕ мади дӕр, удта ӕ мади ниййергути дӕр уордӕмӕ рарвистонцӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма син ӕмбурдтӕмӕ цӕунмӕ фадуат фӕззиндтӕй. Цӕун ба сӕ гъудӕй ӕндӕр гъӕумӕ, 30 километрей бӕрцӕ, мети рагъбӕл ӕма къӕс-къӕс уазалти. Фӕстӕдӕр ӕнсувӕр Мельники ӕ бийнойнаг Лидийӕ ӕма ӕ анздзуд кизгӕй фӕххецӕн кодтонцӕ ӕма ’й ӕртӕ анземӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр Анатолий ӕма ӕ бийнонтӕ идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ. Нур Анатолийбӕл цӕуй 82 анзи ӕма лӕггадӕ кӕнуй Астӕуккаг Азий филиали комитети. Гъӕйдӕ мадта мах дӕр Анатолий ӕма Лидий хузӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн ӕма раздӕр куд федарӕй архайдтан, уотӕ федарӕй архайӕн (Гал. 6:9).
ДӔ НИФС ДӔ ЦӔСТИТИ РАЗИ УӔД
14. Цӕмӕй Павел ӕ хуӕрзеуӕгӕй исхайгин адтайдӕ, уой туххӕй куд архайдта?
14 Павел ӕй федарӕй зудта, ӕ надбӕл кӕронмӕ ке баледздзӕй ӕма ӕ нисан ӕ къохи ке бафтуйдзӕй. Исӕрст киристон ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй «Хуцауи хуӕрзеуӕгмӕ», гъома «уӕларвон цардмӕ». Фал ӕй лӕдӕрдтӕй, цӕмӕй еци хуӕрзеуӕгӕй исхайгин уа, уой туххӕй ӕй ӕгас хъауритӕй архайун ке гъӕуй (Фил. 3:14). Цӕмӕй филиппӕгтӕ сӕ нисан сӕ зӕрдӕбӕл дардтайуонцӕ, уой туххӕй Павел испайда кодта еу рабарстӕй.
15. Павел цӕхуӕн рабарстӕй испайда кодта, цӕмӕй филиппӕгтӕн балӕдӕрун кодтайдӕ, сӕ нисанмӕ сӕ «ӕгас хъауритӕй» тундзун ке гъудӕй, уой?
15 Павел филиппӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, сӕ бӕстӕ уӕлӕрвти ке ӕй, гъома уӕлӕрвти ке цӕрдзӕнцӕ (Фил. 3:20). Цума сӕ уой иронх кӕнун цӕмӕннӕ гъудӕй? Еци дзамани адӕн бӕлдтӕнцӕ, цӕмӕй ромӕгтӕбӕл нимад ӕрцудайуонцӕ *. Фал исӕрст киристӕнттӕ адтӕнцӕ, берӕ хуӕздӕр ка ӕй, уӕхӕн хецауади дӕлбарӕ, ӕма син е берӕ фулдӕр хуарздзийнӕдтӕ ӕрхастайдӕ. Мадта уӕларвон хецауади хӕццӕ рабаргӕй, Роми бӕстаг исун неци адтӕй. Ӕма уомӕ гӕсгӕ Павел филиппӕгтӕн загъта: «Уотӕ цӕретӕ, уӕ цард Киристей туххӕй хуарз хабари аккаг куд уа». Аци стихи дзурдбаст «уотӕ цӕретӕ» нисан кӕнуй, «бӕсти цӕрӕгӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ цӕрун» (Фил. 1:27). Абони исӕрст киристӕнттӕ сӕ нисанмӕ, гъома уӕларвон цардмӕ, ӕгас хъауритӕй тундзунцӕ, ӕма уомӕй ӕнцӕ фӕнзуйнаг.
16. Фӕнди нин уӕларвон нифс уа, фӕнди – зӕнхон, уӕддӕр, Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ци гъӕуама кӕнӕн?
16 Фӕнди нин уӕларвон нифс уа, фӕнди – зӕнхон, уӕддӕр гъӕуама нӕ нисанмӕ тундзӕн ӕма макӕд фӕсмон кӕнӕн, фӕстегӕй ци ниууагътан, уобӕл. Удта цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ лӕггадӕ ма уадзӕн (Фил. 3:16). Ка ’й зонуй, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕмӕ берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнгъӕлмӕ кӕсис. Ӕвӕдзи дӕбӕл ӕнзтӕ дӕр сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, ӕма дӕмӕ раздӕри бӕрцӕ хъаурӕ нӕбал ес. Кенӕ ба берӕ ӕнзти дӕргъи зиндзийнӕдтӕ ӕма ӕфхуӕрд ӕййафис. Цийфӕнди уавӕри ма уайтӕ, уӕддӕр «мӕтӕ мацӕбӕл кӕнтӕ», фал Хуцауӕн лигъстӕ кӕнтӕ, цӕмӕй уин ратта, ӕнгъӕл дӕр ке нӕ уайтӕ, уӕхӕн фарнӕ. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.)
17. Иннӕ статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
17 Ериси ка фӕлледзуй, е кӕронмӕ хӕстӕгдӕргӕнгӕ ку фӕццӕуй, уӕд е ’цӕг бӕнтти ледзун райдайуй. Уотӕ махӕн дӕр нӕ над фӕуунтӕбӕл ӕй, ӕма гъӕуама нӕ нисан алкӕддӕр нӕ цӕстити рази уа. Нӕ уавӕртӕ ӕма не ’нӕнездзийнадӕ куд амонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайдзиан, цӕмӕй Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнӕн ӕма нӕмӕ ци дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн. Цӕмӕй раст надбӕл ледзӕн ӕма нӕ хъауритӕ дзӕгъӕли ма исафӕн, уой туххӕй ба цума ци кӕнун гъӕуй? Иннӕ статьяй радзубанди кӕндзиан, царди сӕйрагдӕр ци ӕй, уобӕл, ӕма нӕ бон куд ӕй, «ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнун» (Фил. 1:9, 10).
79 ЗАР Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ
^ 5 абз. Ка ’й зонуй, Йеговӕн рагӕй лӕггадӕ кӕнӕн, фал нӕ уӕддӕр фӕндуй идарддӕр дӕр ӕнтӕстгундӕр ӕма фӕлтӕрдгундӕр кӕнун. Апостол Павел киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ къохтӕ ма ӕруагътайуонцӕ. Филиппӕгтӕмӕ ке ниффинста, еци финстӕг мах дӕр разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй царди надбӕл ледзгӕй ма ӕрлӕууӕн. Аци статьяй базондзиан, Павел Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй ке ниффинста, еци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ архайун нӕ бон куд ӕй, уой.
^ 11 абз. Артур Секорди биографи иссерӕн ес журнали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 1965 анз, 15 июнь, 380–382 фӕрстӕ (англ.).
^ 13 абз. Кӕсӕ Анатолий Мельники биографи статьяй «С детства научен любить Бога», 2004 анзи 22 октябри «Пробудитесь!».
^ 15 абз. Горӕт Филипптӕ Роми дӕлбарӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ цӕргутӕн адтӕй, ромӕгтӕн ци бартӕ адтӕй, уонӕй кӕцидӕртӕ. Мадта Филиппти ӕнсувӕртӕ Павели цӕветтон хуарз балӕдӕрдтайуонцӕ.