49 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Ес ӕхе афонӕ» косунмӕ ӕма уолӕфунмӕ
«Цӕуӕнти хебарӕ рауӕнмӕ, цӕмӕй уоми еу минкъий уӕ фӕллад исуадзайтӕ» (МАР. 6:31).
143 ЗАР Лӕмбунӕг уӕн, лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн!
РАЗДЗУРД *
1. Абони беретӕ кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?
КӔМИ цӕрис, уоми адӕнӕн сӕ фулдӕр кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ? Берӕ бӕстити адӕн нур цӕйбӕрцӕ косунцӕ, уойбӕрцӕ раздӕр нӕ кустонцӕ. Ӕгӕр берӕ ка косуй, уонӕн арӕх сӕ бийнонтӕн дӕр рӕстӕг нӕбал фӕууй, удта бауолӕфунмӕ ӕма сӕ цардбӕл расагъӕс кӕнунмӕ дӕр (Еккл. 2:23). Еуӕй-еуетӕ ба косун ӕппундӕр нӕ уарзунцӕ ӕма рӕуӕнттӕ агорун райдайунцӕ (Ӕмб. 26:13, 14).
2, 3. Йеговӕ ӕма Йесо кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?
2 Фал Йеговӕ ӕма Йесо кустмӕ аци дуйней адӕни цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ. Йеговӕ кустуарзагӕ Хуцау ӕй. Ӕма Йесо дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕ Фидӕ нури уӕнгӕ дӕр хъиамӕт кӕнуй, ӕма ӕз дӕр хъиамӕт кӕнун» (Иоан. 5:17). Йеговӕ сфӕлдиста хъӕбӕр берӕ изӕдтӕ ӕма ӕнӕкӕрон Дун-дуйне. Расагъӕс кӕнӕ уонӕбӕл цӕйбӕрцӕ фӕхъхъиамӕт кодтайдӕ. Удта нӕ рӕсугъд зӕнхӕбӕл дӕр цӕйбӕрцӕ дессӕгтӕ сфӕлдиста. Псаломзаргӕнӕг раст загъта: «Куд берӕ ’нцӕ дӕ гъуддӕгтӕ, о Йеговӕ! Еугурӕйдӕр сӕ ’скодтай дӕ устур зундӕй. Зӕнхӕ нӕ зиннуй де ’сконд гъуддӕгтӕй» (Пс. 104:24).
3 Йесо дӕр ӕ Фиди хузӕн адтӕй. Хуцау «арв ку цӕттӕ кодта», уӕд ин Йесо ӕнхус кодта. Е адтӕй «ӕ фарсмӕ куд дӕсни косӕг», уотӕ (Ӕмб. 8:27–31). Фӕстӕдӕр зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд дӕр дессаги гъуддаги архайдта. Ӕхуӕдӕг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ин Хуцау ци куст баихӕс кодта, е ин хуӕруйнаги хузӕн адтӕй, ӕма е ’гас гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг адтӕй, Хуцау ӕй ке рарвиста, е (Иоан. 4:34; 5:36; 14:10).
4. Йеговӕ ӕма Йесо уолӕфтмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
4 Цума Йеговӕ ӕма Йесо уотӕ берӕ ке хъиамӕт кӕнунцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ уолӕфун нӕ гъӕуй? Нӕ, е уотӕ нӕй. Йеговӕ фӕллайгӕ нӕ кӕнуй. Мадта ’й ӕ фӕллад уадзун дӕр нӕ фӕгъгъӕуй. Ӕной Библи куд зӕгъуй, уомӕ Рац. 31:17). Фал, ӕвӕдзи, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йеговӕ еци рӕстӕг нецибал куста ӕма ӕ къохти хъиамӕтбӕл цийнӕ кодта. Йесо дӕр зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кӕнгӕй берӕ хъиамӕт кодта, фал уӕддӕр бауолӕфунмӕ ӕма е ’мбӕлтти хӕццӕ ракомидзаг кӕнунмӕ рӕстӕг иссеридӕ (Матф. 14:13; Лук. 7:34).
гӕсгӕ Йеговӕ арв ӕма зӕнхӕ ку сфӕлдиста, уӕд «уолӕфун райдӕдта» (5. Беретӕн зин ци фӕууй?
5 Библи Хуцауи лӕггадгӕнгути разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй кустуарзагӕ уонцӕ. Зийнадӕгӕнагӕ гъӕуама ма уӕн (Ӕмб. 15:19). Ӕвӕдзи, ду дӕр косис ӕма дӕ бийнонтӕ дарис. Уомӕй уӕлдай ма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕй алкӕбӕл дӕр ес ихӕс – хуарз хабар игъосун кӕнун. Фал уолӕфун дӕр куд нӕ гъӕуй. Кӕд косгӕ кӕнис, уӕд дин, ӕвӕдзи, ӕнцон нӕ фӕууй игъосун кӕнунмӕ дӕр ӕма уолӕфунмӕ дӕр рӕстӕг иссерун. Куд ес базонӕн, косун цӕйбӕрцӕ гъӕуй ӕма уолӕфун цӕйбӕрцӕ гъӕуй, уой?
КОСУН ЦӔЙБӔРЦӔ ГЪӔУЙ ӔМА УОЛӔФУН ЦӔЙБӔРЦӔ ГЪӔУЙ?
6. Марки 6:30–34 ци финст ес, уомӕй куд зиннуй, Йесо куст ӕма уолӕфтмӕ раст цӕстӕй ке кастӕй?
6 Кустмӕ раст цӕстӕй кӕсун ӕхсидзгӕ ӕй. Паддзах Соломон Хуцауи разамундӕй ниффинста: «Ес ӕхе афонӕ... алли гъуддагӕн дӕр». Ес, дан, рӕстӕг аразунмӕ, амайунмӕ, кӕунмӕ, сагъӕс кӕнунмӕ, кафунмӕ ӕма уотӕ идарддӕр (Еккл. 3:1–8). Мадта адӕймаги косун дӕр гъӕуй ӕма уолӕфун дӕр. Ӕма Йесо аци дууӕ гъуддагемӕ раст цӕстӕй кастӕй. Еухатт апостолтӕ игъосун кӕнунӕй ӕрбаздахтӕнцӕ. «Ести ракомидзаг кӕнунмӕ дӕр [сӕ] нӕ евдалдӕй». Ӕма син Йесо дӕр загъта: «Цӕуӕнти хебарӕ рауӕнмӕ, цӕмӕй уоми еу минкъий уӕ фӕллад исуадзайтӕ». (Бакӕсӕ Марки 6:30–34.) Кӕд Йесойӕн ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн бауолӕфунмӕ алкӕд фадуат нӕ уидӕ, уӕддӕр ӕй Йесо зудта, уолӕфун сӕ ӕнӕмӕнгӕй ке гъудӕй, уой.
7. Сабатбони закъони туххӕй ци базондзиан, е нин куд банхус кӕндзӕй?
7 Алкедӕр ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕгъгъӕуй бауолӕфун кенӕ нӕ царди еститӕ раййевун. Е ӕнӕмӕнгӕ ке ӕй, е бӕрӕг ӕй, Хуцау рагидзаманти ӕ адӕнӕн сабатбони закъон ке равардта, уомӕй. Еци закъон сӕ алли къуӕре дӕр гъудӕй ӕнхӕст кӕнун. Кӕд мах Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, уӕддӕр си сабатбони закъонӕй ба цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Ци базондзиан, уой фӕрци нӕ бон уодзӕй расагъӕс кӕнун, кустмӕ ӕма уолӕфтмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн ӕви нӕ, уобӕл.
САБАТ – РӔСТӔГ УОЛӔФУНМӔ ӔМА ХУЦАУӔН КОВУНМӔ
8. Рацуди 31:12–15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ сабатбони закъон цӕмӕн ӕрцудӕй лӕвӕрд?
8 Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, Хуцау ӕхсӕз «бонемӕ» алцидӕр ку сфӕлдиста, уӕд уой фӕсте зӕнхӕбӕл ӕ куститӕ фӕцӕнцӕ (Райд. 2:2). Фал Йеговӕ кустуарзагӕ Хуцау ӕй, ӕма абони уӕнгӕ дӕр ӕндӕр гъуддӕгти «хъиамӕт кӕнуй» (Иоан. 5:17). Йеговӕ ӕвдӕймаг «бон» уолӕфун райдӕдта. Ӕма израилӕгтӕн дӕр бафӕдзахста, цӕмӕй алли ӕвдӕймаг бон дӕр уолӕфтайуонцӕ. Йеговӕ син загъта, зӕгъгӕ, сабатбони закъон ӕй «нисан мӕн ӕма сумах астӕу». Е адтӕй «уолӕфти бон... Йегови бон». (Бакӕсӕ Рацуд 31:12–15.) Еци бон косӕн некӕмӕн адтӕй, нӕдӕр сувӕллӕнттӕн, нӕдӕр цагъартӕн, нӕдӕр хӕдзари фонсӕн (Рац. 20:10). Уой фӕрци адӕнӕн сӕ бон адтӕй рӕстӕг рахецӕн кӕнун Хуцауи гъуддӕгтӕн.
9. Йесой рӕстӕги сабатбони закъон куд искарз кодтонцӕ?
9 Сабат Хуцауи адӕнӕн цийни бон адтӕй. Фал Йесой рӕстӕги дини разамонгутӕй беретӕ сабатбони закъон искарз кодтонцӕ. Мар. 2:23–27; 3:2–5). Фал Йеговӕ уотӕ нӕ сагъӕс кодта, ӕма Йесо уой балӕдӕрун кодта, игъосгӕ имӕ ка кодта, уонӕн.
Сауӕнгӕ ма ӕфсертӕ тонун дӕр нӕ уагътонцӕ. Удта, уони гъудимӕ гӕсгӕ еци бон сӕйгити дзӕбӕх кӕнун дӕр не ’нгъизтӕй (10. Матфеййи 12:9–12 ци ес базонӕн, Йесо сабати закъонмӕ ци цӕстӕй кастӕй, уой туххӕй?
10 Йесо ӕхуӕдӕг дӕр, удта ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕй дзиуиттаг ка адтӕй, етӕ дӕр сабатбони закъон ӕнхӕст кодтонцӕ, уомӕн ӕма адтӕнцӕ Моисеййи закъони дӕлбарӕ *. Фал син Йесо зӕгъгӕ дӕр кӕнидӕ, удта ’й гъуддагӕй дӕр ӕвдиста, сабатбони закъонмӕ раст цӕстӕй кӕсун ке гъӕуй ӕма сабати адӕнӕн хуарздзийнадӕ кӕнун ке ӕнгъезуй, уой. Е ӕргом загъта: «Сабати хуарздзийнадӕ кӕнӕн ес». (Бакӕсӕ Матфеййи 12:9–12.) Йесо уотӕ нӕ сагъӕс кодта, ӕма сабати иннетӕн ка фенхус кӕнуй, е сабатбони закъон ихалуй. Ӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг адтӕй, Йеговӕ еци бон фиццагидӕр цӕй туххӕй рахецӕн кодта, уой ке лӕдӕрдтӕй. Сабат Хуцауи адӕнӕн уолӕфӕн бон адтӕй, ӕма уой фӕрци сӕ бон адтӕй рӕстӕг Хуцауи гъуддӕгтӕн рахецӕн кӕнун. Йесо ци бийнонти исгъомбӕл ӕй, етӕ дӕр алли сабати Хуцауи гъуддӕгти архайдтонцӕ. Е бӕрӕг ӕй, Библий Йесой туххӕй ци финст ес, уомӕй: «Удта ӕрцудӕй Назаретмӕ, кӕми исгъомбӕл ӕй, уордӕмӕ. Ӕма куд ахур адтӕй, уотӕ бабӕй сабати бацудӕй ӕмбурдгӕнӕнмӕ ӕма ӕрлӕуудтӕй адӕни рази Финстадӕй бакӕсунмӕ» (Лукай 4:15–19).
КУСТМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ КӔСИС?
11. Кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсун гъӕуй, уомӕй Йесойӕн фӕнзуйнаг ка адтӕй?
11 Иосиф Йесой гъӕддӕсний кустбӕл ку ахур кодта, уӕд ин, ӕвӕдзи, лӕдӕрун кодта, Йеговӕ кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой (Матф. 13:55, 56). Йесо уидта, Иосиф ӕ устур бийнонтӕ даруни туххӕй куд хъиамӕт кодта, уой. Фӕстӕдӕр Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн уотӕ дӕр загъта: «Хъиамӕт ка кӕнуй, е уой аккаг ӕй, цӕмӕй ин ӕ хъиамӕтбӕл бафедонцӕ» (Лук. 10:7). Йесо ӕй зудта, уӕззау куст кӕнун ци ӕй, уой.
12. Библий кӕци стихтӕй бӕрӕг ӕй, косун ке гъӕуй, е?
12 Апостол Павел дӕр магоса н’ адтӕй. Ӕ сӕйраг куст адтӕй адӕнӕн Йесой туххӕй ӕма цӕбӕл ахур кодта, уой туххӕй дзорун. Фал Павел ӕхе фагӕ косгӕ дӕр кодта. Фессалоникӕгтӕ ’й зудтонцӕ, «ӕхсӕвӕй-бонӕй... ӕ хед калгӕй [ке] хъиамӕт» кодта, цӕмӕй маке батухсун кодтайдӕ (2 Фес. 3:8; Гъуд. 20:34, 35). Павел цатуртӕ худта ӕма, ӕвӕдзи, ӕ финстӕги фессалоникӕгтӕн дӕр уой кой кодта. Зӕгъӕн, Коринфи ку адтӕй, уӕд ӕрлӕудтӕй Акилӕ ӕма Прискиллӕмӕ. Етӕ дӕр «цатуртӕ... худтонцӕ», ӕма Павел дӕр «сӕ хӕццӕ куста». Уотӕ ке загъта, «ӕхсӕвӕй-бонӕй» кустон, зӕгъгӕ, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ӕрмӕстдӕр косгӕ кодта. Уолӕфгӕ дӕр кӕнидӕ. Зӕгъӕн, сабати нӕ куста. Еци бон дзиуиттӕгтӕн игъосун кӕнидӕ, уомӕн ӕма етӕ дӕр сабати нӕ кустонцӕ (Гъуд. 13:14–16, 42–44; 16:13; 18:1–4).
13. Павели цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
13 Павел нин хуарз цӕветтон ниууагъта. Кӕд ӕй косун гъудӕй, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта «табуйаг гъуддаги» – игъосун кодта «Хуцауи хуарз хабар» (Ром. 15:16; 2 Кор. 11:23). Павел иннети дӕр уомӕ разӕнгард кодта. Зӕгъӕн, Акилӕ ӕма Прискиллӕ адтӕнцӕ е ’мкосгутӕ «Йесо Киристей гъуддаги» (Ром. 12:11; 16:3). Коринфӕгтӕмӕ ба Павел ниффинста, зӕгъгӕ, «алкӕддӕр берӕ хъиамӕт кӕнтӕ Хецауи гъуддаги» (1 Кор. 15:58; 2 Кор. 9:8). Йеговӕ ма ин уӕхӕн дзурдтӕ дӕр ниффинсун кодта: «Косун ке нӕ фӕндуй, е хуӕргӕ дӕр ма кӕнӕд» (2 Фес. 3:10).
14. Иоанни 14:12 финст дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?
14 Аци фӕстаг бӕнтти хуарз хабар игъосун кӕнунӕй ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр куст нӕййес. Йесо загъта, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн, ӕхуӕдӕг ци искодта, уомӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ке бантӕсдзӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 14:12.) Йесо уой кой нӕ кодта, ӕма етӕ дӕр уой хузӕн дессӕгтӕ кӕндзӕнцӕ. Фал ӕй уотӕ зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ фулдӕр рауӕнти игъосун кӕндзӕнцӕ, фулдӕр адӕни ахур кӕндзӕнцӕ ӕма сӕ лӕггадӕ фулдӕр рӕстӕг рахӕсдзӕй.
15. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн ӕма цӕмӕн?
15 Кӕд ескӕми косис, уӕд расагъӕс кӕнӕ: «Мӕ кусти мӕ кустуарзагӕ адӕймагӕй зонунцӕ? Ци куст мин баихӕс кӕнунцӕ, уой афойнадӕбӕл ӕма куд гъӕуй, уотӕ бакӕнун?» Кӕд гъо, уӕд ӕй дӕ хецау дӕр уиндзӕй, ӕууӕнкӕ дӕбӕл ке ес, уой, удта, ка ’й зонуй, дӕумӕ кӕсгӕй де ’мкосгути дӕр бафӕнддзӕй хуарз хабармӕ байгъосун. Игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги куд архайис, уой туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Расагъӕс кӕнӕ аци фарстатӕбӕл: «Аци кусти зӕрдиагӕй ка архайуй, уӕхӕн адӕймагӕй мӕ зонунцӕ? Игъосун кӕнунмӕ мӕхе хуарз бацӕттӕ кӕнун? Хуарз ка байгъосуй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй афойнадӕбӕл бацӕун? Игъосун кӕнгӕй аллихузи фадуӕттӕй фӕппайда кӕнун?» Кӕд гъо, уӕд дин дӕ лӕггадӕ ӕнӕмӕнгӕй цийнӕ хӕсдзӕй.
УОЛӔФТМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ КӔСИС?
16. Йесо ӕма ӕ апостолтӕ уолӕфтмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ ӕма е куд хецӕн кӕнуй, абони беретӕ уомӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уомӕй?
16 Йесо лӕдӕрдтӕй, ӕхе дӕр ӕма ӕ апостолти дӕр еуӕй-еу хатт бауолӕфун ке фӕгъгъӕуй. Фал уӕди рӕстӕги беретӕ адтӕнцӕ, Йесо ӕ фӕсномуг хабари ци гъӕздуг лӕги кой кодта, уой хузӕн, ӕма абони дӕр беретӕ уӕхӕн ӕнцӕ. Еци лӕг ӕхецӕн загъта: «Хуӕрӕ, ниуазӕ, игъӕлдзӕгӕй ӕрветӕ дӕ бӕнттӕ» (Лук. 12:19; 2 Тим. 3:4). Уомӕн фиццаг бунати адтӕй уолӕфун ӕма зӕрдидзӕбӕхӕн цӕрун. Фал Йесойӕн ӕма ӕ апостолтӕн ба е сӕйраг н’ адтӕй.
17. Кустӕй ку рауӕгъдӕ уӕн, уӕд нӕ рӕстӕгӕй куд фӕппайда кӕнӕн?
17 Абони мах дӕр фӕндуй Йесой фӕнзун. Кустӕй ку рауӕгъдӕ уӕн, уӕд айдагъ уолӕфгӕ нӕ фӕккӕнӕн, фал ма хуарз гъуддӕгти дӕр фӕййархайӕн. Зӕгъӕн, игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурдтӕмӕ фӕццӕуӕн. Еци гъуддӕгтӕ махӕн хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ ӕма нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй идарддӕр дӕр еци табуйаг гъуддӕгти архайӕн (Дзиуит. 10:24, 25). Ескумӕ уолӕфунмӕ ку рандӕ уӕн, уӕд уоми дӕр ӕмбурдтӕмӕ фӕццӕуӕн, удта, кӕбӕл фембӕлӕн, уони хӕццӕ Библибӕл радзорунмӕ фадуӕттӕ фӕййагорӕн (2 Тим. 4:2).
18. Нӕ Паддзах Йесо Киристей ци фӕндуй?
18 Мах хъӕбӕр боз ан нӕ Паддзах Йесо Киристейӕй, нӕ бон ци ӕй, уомӕй фулдӕр ни ке нӕ агоруй, удта нин кустмӕ ӕма уолӕфтмӕ раст цӕстӕй кӕсунмӕ ке ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй (Дзиуит. 4:15). Йесой фӕндуй, цӕмӕй косгӕ дӕр кӕнӕн ӕма уолӕфгӕ дӕр. Удта ма ’й фӕндуй, цӕмӕй уодӕнцойнӕ ка хӕссуй, еци гъуддаги архайӕн, гъома ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕн. Иннӕ статьяй базондзиан, Йесо ци бакодта, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕди цагъайрадӕй иссӕребарӕ кодтайдӕ.
38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй
^ 5 абз. Библи нин ӕнхус кӕнуй кустмӕ дӕр ӕма уолӕфтмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, израилӕгтӕн сабатбони туххӕй ци закъон лӕвӕрд ӕрцудӕй, уомӕ. Уой фӕрци нӕ бон уодзӕй расагъӕс кӕнун, кустмӕ ӕма уолӕфтмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уобӕл.
^ 10 абз. Йесо ку рамардӕй ӕма ’й ку байвардтонцӕ, уӕд ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ гъӕуама «хуӕрздӕф кӕрдӕгутӕ ӕма хуӕрздӕф сойнитӕ» ӕрцӕттӕ кодтайуонцӕ, цӕмӕй ин ӕ мардмӕ базилдайуонцӕ. Фал сабатбони закъон ӕнхӕст кӕнун син уотӕ ӕхсидзгӕ адтӕй, ӕма, цалинмӕ сабат нӕ фӕцӕй, уӕдмӕ «неци кустонцӕ» (Лук. 23:55, 56).