Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

51 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови цӕйбӕрцӕбӕл хуарз зонис?

Йегови цӕйбӕрцӕбӕл хуарз зонис?

«Дӕ ном дин ка зонуй, етӕ дӕбӕл сӕ зӕрдӕ дардзӕнцӕ, уомӕн ӕма ду, о Йеговӕ, некӕд ниууадздзӕнӕ, ка дӕ агоруй, уони» (ПС. 9:10).

56 ЗАР Рӕстдзийнадӕ хъӕбӕр бауарзӕ

РАЗДЗУРД *

1, 2. Анхелитой хабарӕй куд зиннуй, уотемӕй ни алкедӕр ци кӕнун гъӕуй?

БЕРЕТӔ ни Йегови Ӕвдесӕнти бийнонти исгъомбӕл ӕнцӕ. Кӕд ду дӕр уонӕмӕ хауис, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, лӕдӕрис, дӕ ниййергутӕ Йегови ке уарзунцӕ, е уобӕл дзорӕг ке нӕма ӕй, ӕма ’й ду дӕр бауарздзӕнӕ. Цӕмӕй Йегови ӕмбал исуай, уой туххӕй дӕхе гъӕуй архайун.

2 Ӕркӕсӕн ӕнсувӕр Анхелитой хабармӕ. Анхелито исгъомбӕл ӕй Йегови Ӕвдесӕнти бийнонти. Фал ма ирӕзгӕ кари ку адтӕй, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй Йеговӕмӕ зӕрдӕй ке нӕ хӕстӕг кодта. Анхелито зӕгъуй: «Ӕз Йеговӕн лӕггадӕ кодтон, мӕ бийнонтӕ ци кӕнунцӕ, уой кӕнун мӕ ке фӕндадтӕй, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй». Фал Анхелито ӕхецӕн загъта Библи фулдӕр ке кӕсдзӕй ӕма ибӕл лӕмбунӕгдӕр ке сагъӕс кӕндзӕй, удта Йеговӕмӕ дӕр арӕхдӕр ке ковдзӕй. Цума ин е ци пайда ӕрхаста? Анхелито зӕгъуй: «Ба ’й лӕдӕрдтӕн, цӕмӕй Йеговӕмӕ, нӕ хъазар Фидӕмӕ никки хӕстӕгдӕр исуон, уой туххӕй ӕй мӕхуӕдӕг ке гъӕуама базонон». Аци ӕнсувӕри хабармӕ гӕсгӕ ӕвзуруй уӕхӕн фарстатӕ: Йеговӕ ка ӕй, уой зонун ӕма ’й хуарз зонун цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ? Удта нӕ бон куд ӕй Йегови хуарз базонун?

3. Йеговӕ ка ӕй, уой зонун ӕма ’й хуарз зонун цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

3 Ка ’й зонуй нӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Йегови зонӕн, уомӕн ӕма ин зонӕн ӕ ном кенӕ ӕ гъуддӕгтӕ ӕма ӕ дзурдтӕй цидӕртӕ. Фал е уобӕл дзорӕн нӕма ӕй, ӕма Йегови хуарз зонӕн. Цӕмӕй Йегови ӕма ӕ дессаги менеугутӕ базонӕн, уой туххӕй рӕстӕг хецӕн кӕнун гъӕуй. Ӕрмӕстдӕр ӕй гъе уӕд балӕдӕрдзиан, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ ’й ци разӕнгард кодта, уой. Ӕма уой фӕрци нӕ бон уодзӕй базонун, нӕ сагъӕстӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕ Йегови зӕрдӕмӕ цӕунцӕ ӕви нӕ. Ӕма нӕмӕ Йеговӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой ку зонӕн, уӕд архайгӕ дӕр гъӕуама уотӕ кӕнӕн.

4. Библий ци ӕнӕнхӕст адӕни хабӕрттӕ финст ес, етӕ нин ци пайда ’нцӕ?

4 Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ ке фӕндуй, уой туххӕй нӕбӕл, ӕвӕдзи, еуӕй-еуетӕ ходгӕ дӕр кӕндзӕнцӕ. Ӕмбурдтӕмӕ цӕун ку райдайӕн, уӕдта, ӕвӕдзи, нӕ нихмӕ дӕр рацӕудзӕнцӕ. Фал нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕ некӕд ниууадздзӕй. Ӕма е федар бундор уодзӕй, Хуцауи хӕццӕ ӕносӕй-ӕносмӕ ка уодзӕй, еци лимӕндзийнадӕн. Цума ӕнӕнхӕст адӕймаги бон ӕй Хуцауи ӕмбал исун? Гъо! Ӕма е бӕрӕг ӕй Моисей ӕма паддзах Давиди хабарӕй. Мадта син ӕркӕсӕн сӕ хабӕрттӕмӕ ӕма расагъӕс кӕнӕн уӕхӕн фарстатӕбӕл: Йегови куд базудтонцӕ? Ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн?

МОИСЕЙ УИДТА, «ФӔУУИНӔН КӔМӔН НӔЙЙЕС», ЕЦИ ХУЦАУИ

5. Моисей ци равзурста?

5 Моисей равзурста Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун. Еу 40 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд «фараони кизги фурти ном хӕссуни» бӕсти ӕ цард исбаста Хуцауи адӕни, израилӕгти хӕццӕ (Дзиуит. 11:24). Моисей устур бунат ниууагъта. Ӕма дзиуиттӕгти фарс ку ислӕудтӕй,– етӕ ба уӕд Египети цагъартӕ адтӕнцӕ,– уӕд ӕй лӕдӕрдтӕй фараони маст имӕ ке иссодздзӕй. Фараон ба хъӕбӕр хъаурӕгин хецау адтӕй ӕма ’й египетӕгтӕ хуцаубӕл нимадтонцӕ. Моисей дессаги ӕууӕндундзийнадӕ бавдиста! Е ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта. Ӕма уой фӕрци Йеговӕ ӕ хӕстӕг Ӕмбал адтӕй е ’гас царди дӕргъи дӕр (Ӕмб. 3:5).

6. Моисеййи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Цума си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн? Мах дӕр Моисеййи хузӕн гъӕуй равзарун, Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзиан ӕма ин ӕ адӕнмӕ ӕрбайеу уодзиан ӕви нӕ. Уой туххӕй нӕ нӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнун дӕр багъӕудзӕй, удта Йегови ка нӕ зонуй, етӕ нӕ нихмӕ ке рацӕудзӕнцӕ, уомӕй дӕр хизт нӕ ан. Фал нӕ уӕларвон Фидӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд нин ӕнӕмӕнгӕй ӕнхус кӕндзӕй.

7, 8. Моисей алкӕддӕр цӕбӕл архайдта?

7 Моисей алкӕддӕр Йегови менеугутӕ хуӕздӕр базонунбӕл архайдта ӕма ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кодта. Йеговӕ Моисеййӕн ку баихӕс кодта израилӕгти Египетӕй ракӕнун, уӕд Моисей еци гъуддагмӕ ӕ нифс нӕ хаста ӕма Йеговӕн цалдӕр хатти загъта ӕ бон ке не ’суодзӕй. Йеговӕ ин цӕхуӕн дзуапп равардта, уомӕй бавдиста тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй, удта Моисей цӕбӕл тухстӕй, уой дӕр лӕдӕрдтӕй ӕма ин банхус кодта (Рац. 4:10–16). Гъе уой фӕрци Моисеййи бон иссӕй фараонӕн Хуцауи карз тӕрхӕнттӕ фегъосун кӕнун. Уой фӕсте ба Йеговӕ израилӕгти ку фӕййервӕзун кодта ӕма фараони е фсади хӕццӕ Сурх денгизи буни ку фӕккодта, уӕд Моисей фӕууидта Йегови ӕнӕкӕрон хъаурӕ (Рац. 14:26–31; Пс. 136:15).

8 Моисей израилӕгти Египетӕй ку ракодта, уӕд адӕн хъур-хъур кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма сӕ зӕрдӕмӕ берӕ цидӕртӕ нӕбал цудӕй. Фал ӕй Моисей уидта, Йеговӕ куд фӕразон адтӕй, цагъайрадӕй ке исуӕгъдӕ кодта, еци адӕнмӕ (Пс. 78:40–43). Уомӕй уӕлдай ма фӕууидта Йегови дессаги сӕрниллӕгдзийнадӕ дӕр, уомӕн ӕма ин ку лигъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгти ма фесафтайдӕ, уӕд имӕ Йеговӕ байгъуста ӕма ӕ фӕндӕ раййивта (Рац. 32:9–14).

9. Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:27 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Моисей Йеговӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл хӕстӕг адтӕй?

9 Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд уой фӕсте Моисей Йеговӕмӕ хъӕбӕр бахӕстӕг ӕй, цума ӕ уӕларвон Фиди уингӕ кодта, уотӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:27.) Цӕйбӕрцӕбӕл хӕстӕг ӕмбӕлттӕ адтӕнцӕ, е бӕрӕг ӕй Библий финст дзурдтӕй: «Йеговӕ Моисеййи хӕццӕ дзурдта лӕгӕй-лӕгмӕ, дууӕ адӕймаги куд фӕдздзорунцӕ, уотӕ» (Рац. 33:11).

10. Цӕмӕй Йегови хуарз базонӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

10 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цӕмӕй Йегови хуарз базонӕн, уой туххӕй ин айдагъ ӕ менеугутӕ базонун фагӕ нӕй. Гъӕуама ин ӕ фӕндон дӕр ӕнхӕст кӕнӕн. Абони Йегови фӕндон уой медӕги ӕй, цӕмӕй «аллихузи адӕн, рӕстдзийнадӕ ци ӕй, уой базононцӕ ӕма фӕййервӕзонцӕ» (1 Тим. 2:3, 4). Еци фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ ба еу мадзал ӕй адӕнӕн Йегови туххӕй дзорун.

11. Иннети ахур кӕнгӕй нӕхуӕдтӕ Йегови хуӕздӕр куд базонӕн?

11 Арӕх иннети ахур кӕнгӕй нӕхуӕдтӕ дӕр Йегови хуӕздӕр базонӕн. Зӕгъӕн, Йеговӕ нин ку банхус кӕнуй, рӕстзӕрдӕ адӕни иссерунмӕ, уӕд ӕй нӕхе цӕститӕй фӕууинӕн, куд тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ӕй, уой (Иоан. 6:44; Гъуд. 13:48). Библи ке хӕццӕ фӕййахур кӕнӕн, етӕ сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ку ниууадзунцӕ ӕма сӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевун ку райдайунцӕ, уӕдта фӕууинӕн, Хуцауи Дзурдӕн ци устур хъаурӕ ес ӕма куд архайуй, уой (Кол. 3:9, 10). Уомӕй уӕлдай ма ’й ку фӕууинӕн, Хуцау нӕ территорий адӕнӕн цӕйбӕрцӕ фадуӕттӕ дӕттуй, цӕмӕй ӕй базононцӕ ӕма фӕййервӕзонцӕ, уӕд ӕй балӕдӕрӕн, цӕхӕуӕн фӕразон ӕй, уой (Ром. 10:13–15).

12. Рацуди 33:13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Моисей Йеговӕй ци курдта ӕма цӕмӕн?

12 Моисей устур аргъ кодта, Йегови хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ адтӕй, уомӕн. Моисей Йегови хъаури фӕрци берӕ дессаги гъуддӕгтӕ кӕнидӕ. Фал уой фӕсте дӕр Йеговӕй сӕрниллӕгӕй коридӕ, цӕмӕй ин банхус кодтайдӕ, цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой никки хуӕздӕр базонунмӕ. (Бакӕсӕ Рацуд 33:13.) Моисейбӕл 80 анземӕй фулдӕр цудӕй, фал ӕй уӕддӕр лӕдӕрдтӕй ӕ уарзӕгой Фиди туххӕй ма ’й берӕ цидӕртӕ базонун ке гъӕуй.

13. Хуцауи хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

13 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Кӕд Йеговӕн рагӕй лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр гъӕуама аргъ кӕнӕн ӕ хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн. Ӕма ин аргъ ке кӕнӕн, е ба бӕрӕг уодзӕй ковгӕ имӕ ку кӕнӕн, уӕд.

14. Хуцаумӕ ке фӕкковӕн, уой фӕрци ӕй хуӕздӕр кутемӕй базонӕн?

14 Дууӕ адӕймаги кӕрӕдзей хӕццӕ арӕх ку фӕдздзубандитӕ кӕнунцӕ, уӕд ислимӕн унцӕ. Мадта Хуцаумӕ арӕх ковӕ ӕма имӕ уотемӕй хӕстӕгдӕр кӕнӕ. Удта ин дӕ зӕрди ци ес, уой дзорунмӕ дӕр ма ’фсӕрми кӕнӕ (Еф. 6:18). Турки ка цӕруй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Кристӕ зӕгъуй: «Йеговӕн мӕ сагъӕстӕ ку радзорун ӕма мин куд банхус кӕнуй, уой ку фӕууинун, уӕд ӕй никки хъӕбӕрдӕр бауарзун. Удта ибӕл уой фӕрци мӕ зӕрдӕ дӕр хъӕбӕрдӕр фӕддарун. Ӕз ӕй уинун, мӕ кувдтитӕбӕл мин дзуапп куд дӕттуй, уой ӕма ’й уой фӕрци лӕдӕрун, Йеговӕ мӕ Фидӕ ӕма ме ’Мбал ке ӕй».

ЙЕГОВИ ЗӔРДӔН АДГИН КА АДТӔЙ, УӔХӔН АДӔЙМАГ

15. Йеговӕ паддзах Давиди туххӕй ци загъта?

15 Паддзах Давид райгурдӕй, Йеговӕн ка кувта, уӕхӕн адӕни астӕу. Фал Давид Йеговӕн, ӕ бийнонтӕ ин ке лӕггадӕ кодтонцӕ, уой туххӕй нӕ лӕггадӕ кодта. Е ӕхуӕдӕг архайдта, цӕмӕй Йегови ӕмбал иссайдӕ ӕма ’й Йеговӕ дӕр берӕ уарзта. Йеговӕ ма Давиди, ӕ «зӕрдӕн адгин ка ӕй... уӕхӕн адӕймаг» дӕр исхудта (Гъуд. 13:22). Цума Давид Йеговӕмӕ уотӕ цӕй фӕрци бахӕстӕг ӕй?

16. Давид сфӕлдистадӕмӕ кӕсгӕй Йегови туххӕй ци базудта?

16 Давид Йегови базудта е сфӕлдистадӕмӕ кӕсгӕй. Давид ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ӕ фиди фустӕ хезидӕ ӕма будури берӕ рӕстӕг ӕрвиста. Ӕма, ӕвӕдзи, гъе уӕд райдӕдта, Йеговӕ цитӕ сфӕлдиста, уонӕбӕл сагъӕс кӕнун. Зӕгъӕн, ӕхсӕвӕ стъалутӕй идзаг арвмӕ ку искӕсидӕ, уӕд си айдагъ стъалутӕ нӕ уидта, фал сӕ ка искодта, еци Хуцауи менеугутӕ дӕр. Уомӕ гӕсгӕ Давид ниффинста: «Уӕлӕрвтӕ игъосун кӕнунцӕ Хуцауи кадӕ, ӕ къохти хъиамӕти туххӕй дзоруй арв» (Пс. 19:1, 2). Адӕймаг куд дессаги конд ӕй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнидӕ, уӕдта дес кодта Йегови дессаги зундбӕл (Пс. 139:14). Йегови гъуддӕгтӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй ӕй Давид лӕдӕрдтӕй, адӕймаг Хуцауи рази куд неци ӕй, уой (Пс. 139:6).

17. Йеговӕ цитӕ сфӕлдиста, уонӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕ бон ци ӕй базонун?

17 Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йеговӕ цитӕ сфӕлдиста, уомӕ дӕ гъос дарӕ. Кӕсӕ ци дессаги дуйне искодта, уомӕ ӕма дӕ е деси ӕфтауӕд. Зӕгъӕн, сагъӕс кӕнӕ дӕ бон ци ӕй Йегови туххӕй базонун зайӕгойтӕмӕ, цӕрӕгойтӕмӕ ӕма адӕнмӕ кӕсгӕй (Ром. 1:20). Ӕма ’й уой фӕрци бонӕй-бонмӕ хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ.

18. Псалом 18 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Давид ци лӕдӕрдтӕй?

18 Давид ӕй лӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ин ке ӕнхус кӕнуй. Зӕгъӕн, Давид ӕ фиди фустӕ домбаййи ӕма арси дзӕмбутӕй ку фӕййервӕзун кодта, уӕд ӕй лӕдӕрдтӕй, еци сирдтӕ рамарунмӕ ин хъаурӕ Йеговӕ ке равардта. Голиафбӕл ку фӕууӕлахез ӕй, уӕд дӕр Йегови къох фӕууидта (1 Сам. 17:37). Соцъагӕнагӕ паддзах Саулӕй ку райервазтӕй, уӕд дӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ’й ке багъӕуай кодта (Пс. 18, раздзурд). Сӕрбӕрзонд адӕймаг уӕхӕн хабӕртти фӕсте ӕхемӕ ниццайдӕ. Фал Давид сӕрниллӕг адӕймаг адтӕй ӕма ’й лӕдӕртӕй, Йеговӕ ин ке ӕнхус кодта (Пс. 138:6).

19. Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

19 Цӕбӕл си ахур кӕнӕн? Гъӕуама Йеговӕй айдагъ ӕнхус ма агорӕн, фал ма ’й гъӕуама уинӕн, кӕд ӕма нин куд банхус кӕнуй, уой дӕр. Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, нӕ бон алци ке нӕй, уой, ӕма нин Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, уой уиндзиан. Уой ӕхебӕл бавзурста Фиджийӕй еу ӕнсувӕр, Айзек. Е Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнуй, ӕма зӕгъуй: «Мӕ цардмӕ фӕстӕмӕ ку ракӕсун, уӕд ӕй фӕууинун, Библи ахур кӕнун ку райдӕдтон уӕдӕй-ардӕмӕ мин Йеговӕ куд ӕнхус кодта, уой. Ӕма имӕ уой фӕрци хъӕбӕр бахӕстӕг дӕн».

20. Давид Йегови ӕмбал цӕй фӕрци адтӕй ӕма мах дӕр куд гъӕуама архайӕн?

20 Давид фӕнзта Йегови. Йеговӕ нӕ уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй ӕй нӕ бон фӕнзун уа (Райд. 1:26). Ӕма нин е хуӕздӕр уайдзӕй, ӕ менеугутӕ базонунбӕл ин ку архайӕн, уӕд. Давид ӕ уӕларвон Фиди хуарз базудта ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй, иннетӕн куд адтӕй, уомӕй Йегови фӕнзун. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Давид Вирсавий хӕццӕ ку фӕррӕдудӕй, уой фӕсте ба ин ӕ лӕги ку рамарун кодта, уӕд Йегови рази устур тӕрегъӕд искодта (2 Сам. 11:1–4, 15). Фал ин Йеговӕ ниххатир кодта, уомӕн ӕма Давид ӕхуӕдӕг дӕр Йегови хузӕн хатиргӕнагӕ адтӕй. Давидӕн Йеговӕ ӕ хӕстӕг Ӕмбал ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ иссӕй, израилӕгтӕ берӕ ке бауарзтонцӕ, еци паддзӕхтӕй сӕ еу. Удта Йеговӕ иннӕ паддзӕхтӕн дӕр дӕнцӕгӕн Давиди хаста (1 Пад. 15:11; 2 Пад. 14:1–3).

21. Ефесӕгтӕмӕ 4:24 ӕма 5:1 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи ку фӕнзӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

21 Цӕбӕл си ахур кӕнӕн? Гъӕуама Хуцауи фӕнзӕн. Е нин пайда ке хӕсдзӕй, уомӕй уӕлдай ма Йегови дӕр хуӕздӕр базондзиан. Нӕ уодигъӕдӕбӕл архайгӕй Йегови ку фӕнзӕн, уӕд ӕй ӕвдесдзиан ӕ сувӕллӕнттӕ ке ан. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:24; 5:1.)

ЙЕГОВИ ХУӔЗДӔР БАЗОНУНБӔЛ ИДАРДДӔР ДӔР АРХАЙӔН

22, 23. Йегови туххӕй ци базудтан, уомӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

22 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Йегови ӕнгъезуй базонун е сфӕлдистадӕмӕ кӕсгӕй ӕма ӕ Дзурд Библи ахур кӕнгӕй. Еци дессаги киунуги хъӕбӕр берӕ ес фӕнзуйнаг нин ка ӕй, уӕхӕн еузӕрдон лӕггадгӕнгути цӕветтонтӕ. Моисей ӕма Давид дӕр уонӕмӕ хаунцӕ. Йеговӕ ӕхецӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой бакодта. Нур ба мах дӕр гъӕуама байархайӕн, цӕмӕй Йегови никки хуӕздӕр базонӕн.

23 Уотӕ некӕд уодзӕй, цӕмӕй Йегови туххӕй нӕуӕгӕй ци базонӕн, е мабал уа (Еккл. 3:11). Фал цӕйбӕрцӕ базудтан, е сӕйраг нӕй. Гъӕуама ци зонӕн, уомӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕн. Уотӕ ку кӕнӕн, удта ма нӕ уарзӕгой Фиди дӕр ку фӕнзӕн, уӕд имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан (Иак. 4:8). Йеговӕ нин ӕ Дзурди зӕрдӕ ӕвӕруй, ка ’й агоруй, уони ке некӕд ниууадздзӕй.

80 ЗАР «Бафӕлварӕ ӕма базонӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»

^ 5 абз. Хуцау ке ес, уобӕл абони беретӕ ӕууӕндунцӕ, фал ӕцӕгӕй цӕхуӕн ӕй, уой ба нӕ зонунцӕ. Йегови зонун ци нисан кӕнуй? Йегови хӕццӕ федар лимӕндзийнадӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й, е Моисей ӕма паддзах Давиди хабарӕй куд зиннуй? Аци фарстатӕбӕл дзуапп базондзиан аци статьяй.