Кӕсгути фарстатӕ
Тӕрегъӕд ӕрцудӕй ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ Библимӕ гӕсгӕ тӕккӕ минкъийдӕр гъӕуй дууӕ ӕвдесӕни (Ним. 35:30; Дук. з. 17:6; 19:15; Матф. 18:16; 1 Тим. 5:19). Фал рагидзаманти нӕлгоймаг, федуд ка адтӕй, уӕхӕн кизгӕн «будури» тухмиуӕ ку бакодтайдӕ ӕма кизгӕ ку гъӕр кодтайдӕ, уӕд Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ кизгӕ хӕтундзийнади фудгин н’ адтӕй, нӕлгоймаг ба адтӕй. Фал кӕд еци хабарӕн ӕвдесӕн н’ адтӕй, уӕд нӕлгоймаг фудгинбӕл нимад цӕмӕн ӕрцӕуидӕ, кизгӕ ба – нӕ?
Дуккаг закъони 22:25–27 амундтӕ уой туххӕй лӕвӕрд не ’рцудӕнцӕ, цӕмӕй нӕлгоймаг фудгин ӕй ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кодтайуонцӕ, уомӕн ӕма ӕ фуд уотемӕй дӕр бӕрӕг адтӕй. Еци амундтӕ фиццагидӕр уой туххӕй лӕвӕрд адтӕнцӕ, цӕмӕй исбӕрӕг кодтайуонцӕ, кизгӕ фудгин ке н’ адтӕй, уой. Ӕркӕсӕн иннӕ стихтӕмӕ дӕр.
Дуккаг закъони 22:23, 24 финст ӕй, «горӕти» ка ӕрцудӕй, уӕхӕн хабар: нӕлгоймаг, федуд ка адтӕй, уӕхӕн кизги хӕццӕ ӕнӕгъдау миуӕ бакодта. Уӕхӕн нӕлгоймаг хӕтундзийнади фудгин адтӕй, уомӕн ӕма федуд кизгӕ киндзицуд кизгӕбӕл нимад адтӕй. Фал кизгӕй ба ци адтӕй зӕгъӕн? Библий финст ӕй, е «горӕти... нӕ гъӕр кодта», зӕгъгӕ. Гъӕр ку кодтайдӕ, уӕд ӕй еске фегъустайдӕ ӕма ин банхус кодтайдӕ. Фал гъӕр ке нӕ кодта, уомӕ гӕсгӕ е дӕр хӕтундзийнади фудгин адтӕй, ӕма уотемӕй сӕ дууӕ дӕр фудгинтӕбӕл нимад цудӕнцӕ.
Закъони идарддӕр дзурд цӕуй ӕндӕр уавӕрбӕл: «Фал нӕлгоймаг, федуд ка ӕй, уӕхӕн кизгӕбӕл будури ку исӕмбӕла ӕма ’й ку ӕрахӕсса ӕма ин тухмиуӕ ку бакӕна, уӕд тухмиуӕ ка бакодта, еци нӕлгоймаг гъӕуама рамӕла, кизгӕн ба маци бакӕнтӕ. Кизгӕ, мӕлӕти тӕрхон ке туххӕй ӕмбӕлуй, уӕхӕн тӕрегъӕд не ’скодта. Аци хабар ӕй, адӕймаг ескӕмӕ ӕ къох куд исеса ӕма ’й куд рамара, ӕ цард ин куд байса, уотӕ. Нӕлгоймаг ибӕл будури фембалдӕй. Федуд ка адтӕй, еци кизгӕ гъӕр кодта, фал ӕй ка фӕййервӕзун кодтайдӕ, уӕхӕн н’ адтӕй» (Дук. з. 22:25–27).
Уӕхӕн уавӕри тӕрхонгӕнгутӕ кизги фарс адтӕнцӕ, гъома, дан, е «гъӕр кодта, фал ӕй ка фӕййервӕзун кодтайдӕ, уӕхӕн н’ адтӕй». Уомӕ гӕсгӕ ’й хӕтундзийнади фудгин кӕнӕн н’ адтӕй. Фал нӕлгоймаги ба фудгинбӕл банимайиуонцӕ, уомӕн ӕма тухмиуӕ бакодта, федуд ка адтӕй, уӕхӕн кизгӕн.
Мадта аци закъони фиццагидӕр дзурд цӕуй, кизгӕ фудгин ӕй ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнун куд ӕнгъизтӕй, уобӕл. Нӕлгоймаг ци фудмиуӕ бакодта, уой кой ба си уӕлӕнгай цӕуй. Фал федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма тӕрхонгӕнгутӕ алцидӕр ке исбӕрӕг кӕниуонцӕ ӕма унаффӕ рахӕссиуонцӕ, Хуцау син ци разамунд лӕвардта, уомӕ гӕсгӕ (Дук. з. 13:14; 17:4; Рац. 20:14).