Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

21 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Аци дуйней зундбӕл» дӕ зӕрдӕ ма дарӕ

«Аци дуйней зундбӕл» дӕ зӕрдӕ ма дарӕ

«Аци дуйней зунд хуцауи цӕсти ӕнӕзунддзийнадӕ ’й» (1 КОР. 3:19).

98 ЗАР Сугъдӕг Финстадӕ ӕй Хуцауӕй

РАЗДЗУРД *

1. Хуцауи Дзурд нин ци дӕттуй?

ЦИЙФӔНДИ гъуддаги фӕдбӕл дӕр нӕ бон ӕй унаффӕ рахӕссун, уомӕн ӕма Йеговӕ ӕй нӕ Кадгин Зундамонӕг (Ис. 30:20, 21). Ӕ Дзурд Библий ес берӕ зундгин унаффитӕ, ӕма си ку пайда кӕнӕн, уӕд «алцидӕр хуарз зондзиан» ӕма «алли хуарз гъуддагмӕ дӕр алцӕмӕйдӕр цӕттӕ» уодзиан (2 Тим. 3:17). Библий амундти фӕрци, «аци дуйней зундбӕл» хуӕст ка ӕй, уонӕй зундгиндӕр кӕнӕн (1 Кор. 3:19; Пс. 119:97–100).

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Идарддӕр ӕй куд фӕууиндзиан, уотемӕй аци дуйней зунд адӕни разӕнгард кӕнуй сӕ тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕ ӕфсадунмӕ. Уомӕ гӕсгӕ нин ӕнцон нӕ фӕууй аци дуйней зунд ӕма цардиуагӕй нӕхе еуварс дарун. Библи дзӕгъӕли нӕ зӕгъуй: «Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ зундгин дзубандитӕй ӕма хийнӕйдзаг, ревӕд ахурӕдтӕй маке расайа ӕма уӕ ма ӕрахӕсса» (Кол. 2:8). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, дууӕ рӕдуд гъудий адӕни царди сабургай куд ӕрфедар ӕнцӕ, уомӕ. Ӕма ’й фӕууиндзиан, аци дуйней зунд Хуцауи зунди размӕ ӕнӕзунддзийнадӕ цӕмӕн ӕй, уой.

АДӔН СЕ ’ГЪДАУ КУД ФЕСАФТОНЦӔ

3, 4. 20 ӕноси райдайӕни адӕн хуӕрзӕгъдаудзийнадӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун куд райдӕдтонцӕ?

3 20 ӕноси райдайӕни адӕн хуӕрзӕгъдаудзийнадӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ. Раздӕр адӕн уотӕ гъуди кодтонцӕ, ӕма секс ӕрмӕстдӕр лӕг ӕма уоси цардмӕ хауй, ӕма уобӕл ӕргом дзоргӕ дӕр нӕ кодтонцӕ. Фал фӕстӕдӕр адӕн се ’гъдау фесафтонцӕ ӕма ке куд фӕндадтӕй, уотӕ цардӕй.

4 1920 ӕнзти адӕни цардиуагӕ цӕхгӕрмӕ раййивта. Ӕртасгутӕ еу статьяй уотӕ ниффинстонцӕ: «Адӕн ӕгъдаумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун ке райдӕдтонцӕ, е алцӕмӕйдӕр бӕрӕг адтӕй – кинотӕй, пьеситӕй, зартӕй, киунугутӕй ӕма рекламӕй». Еци ӕнзти кӕфтитӕ иссӕнцӕ ӕнӕгъдаудӕр, хъӕппӕлтӕ ба – игондӕр. Ӕма Библий дӕр загъд адтӕй, фӕстаг бӕнтти адӕн ерхӕфсӕнтӕ ке уарздзӕнцӕ (2 Тим. 3:4).

Йегови адӕн ӕгъдаумӕ аци дуйней цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ (кӕсӕ 5 абзац) *

5. 1960 ӕнзти адӕн ӕгъдау исафун куд райдӕдтонцӕ?

5 1960 ӕнзти ба фулдӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ еумӕ бацӕриуонцӕ, сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ нӕ байеу кӕниуонцӕ, уотемӕй. Дууӕ нӕлгоймаги кенӕ дууӕ силгоймаги лӕг ӕма уоси цард ке кодтонцӕ, е ба дессаг некӕмӕбал кастӕй. Удта ма бийнонтӕ дӕр арӕх хецӕн кӕнун райдӕдтонцӕ. Аллихузи ерхӕфсӕнти ба ӕнӕгъдау миутӕ ӕргомӕй-ӕргомдӕр ӕвдесун райдӕдтонцӕ. Цума е цӕмӕ ӕркодта? Еу киунуги куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ уой туххӕй бийнонти цард ихӕлун райдӕдта, адӕн фулдӕр маст ӕвзарун райдӕдтонцӕ, сувӕллӕнтти еунӕгӕй ка гъомбӕл кӕнуй, уӕхӕн ниййергутӕ исберӕ ’нцӕ, удта порнографибӕл фулдӕр адӕн фӕццӕфстӕнцӕ. Ихӕлд цард беретӕ ке кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ аллихузи незтӕ рапарахат ӕнцӕ, зӕгъӕн, СПИД. Айдагъ уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, аци дуйней зунд ӕнӕзунддзийнадӕ ке ӕй (2 Пет. 2:19).

6. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма абони адӕн ӕнӕгъдаудзийнадӕмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, е Сайтанӕн ӕхцӕуӕн ӕй?

6 Сайтани дӕр е гъудӕй, цӕмӕй адӕн ӕнӕгъдаудзийнадӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсун райдӕдтайуонцӕ. Уомӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй кӕсун, адӕн Хуцауи лӕварӕй куд гириз кӕнунцӕ ӕма бийнонти цард куд ӕгадӕ кӕнунцӕ (Еф. 2:2). Зӕнӕг уадзун Хуцауи лӕвар ӕй. Фал адӕн сӕ ихӕлд миутӕй еци лӕварӕн ӕ аргъ дӕлӕмӕ кӕнунцӕ, уой хӕццӕ ба ма ӕносон царди нифсӕй дӕр сӕхе ӕнӕхай кӕнунцӕ (1 Кор. 6:9, 10).

БИБЛИЙ ӔГЪДАУИ ТУХХӔЙ ЦИ ФИНСТ ЕС

7, 8. Аци дуйнейӕй уӕлдай нӕ Библи сексмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ахур кӕнуй кӕсун?

7 Аци дуйней зундӕй ка цӕруй, етӕ Библий уагӕвӕрдтӕбӕл ходгӕ фӕккӕнунцӕ, зӕгъгӕ, дан, базӕронд ӕнцӕ. Кадӕртӕ си уотӕ дӕр фӕззӕгъунцӕ: «Хуцау нӕ бауӕри монцти хӕццӕ уой туххӕй сфӕлдиста, цӕмӕй нин уой фӕсте уотӕ загътайдӕ, уӕхебӕл хуӕцун зонетӕ, зӕгъгӕ?» Уотӕ сӕмӕ кӕсуй ӕма адӕймаг гъӕуама ӕнхӕст кӕна, ӕ зӕрдӕ цидӕриддӕр агоруй, уой. Фал Библи ӕндӕрхузи ахур кӕнуй. Адӕймаги ӕ ихӕлд фӕндти фӕдбӕл цӕун нӕ гъӕуй, удта ӕ бон ӕй сӕ хӕццӕ тох кӕнун дӕр (Кол. 3:5). Уомӕй уӕлдай ма цӕмӕй нӕлгоймаг ӕма силгоймагӕн сӕ бон адтайдӕ лӕг ӕма уоси цард кӕнун, уой туххӕй Йеговӕ бундор ӕрӕвардта бийнонти цардӕн (1 Кор. 7:8, 9). Лӕг ӕма уоси цард кӕнун ӕрмӕстдӕр лӕг ӕма уоси бон ӕй, ӕма сӕ уой туххӕй сӕ цӕсгон дӕр нӕ хуӕрдзӕй, удта фӕсмон дӕр нецӕбӕл кӕндзӕнцӕ.

8 Аци дуйнейӕй уӕлдай нӕ Библи ахур кӕнуй сексмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Уоми ӕргом финст ӕй, е адӕймагӕн цийнӕ ке хӕссуй (Ӕмб. 5:18, 19). Фал нӕ уӕддӕр Библи разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ни алкедӕр зона «ӕ бауӕри рохтӕбӕл хуӕцун, кӕдзос ӕма ин кадгин куд уа, цӕмӕй, Хуцауи ка нӕ зонуй, еци адӕни хузӕн ӕнӕфсесӕй цъумур монцти фӕдбӕл ма цӕуа» (1 Фес. 4:4, 5).

9. а) 20 ӕноси райдайӕни Йеговӕ ӕ адӕни ӕ Дзурдмӕ гӕсгӕ цӕрунмӕ куд разӕнгард кодта? б) 1 Иоанни 2:15, 16 цӕхуӕн зундгин дзурдтӕ финст ес? в) Ромӕгтӕмӕ 1:24–27 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕхе цӕмӕй гъӕуама хезӕн?

9 20 ӕноси райдайӕни «се ’фсарӕ еугур исӕфт» кӕмӕн фӕцӕй, еци адӕни зундбӕл Хуцауи адӕн цӕун нӕ райдӕдтонцӕ (Еф. 4:19). Етӕ федар хуӕстӕнцӕ Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕбӕл. 1926 анзи 15 маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» финст адтӕй: «Нӕлгоймӕгтӕн ӕма силгоймӕгтӕн сӕ сагъӕстӕ гъӕуама уонцӕ кӕдзос ӕма сӕхе ӕгъдаугин дард кӕнонцӕ». Аци дуйней адӕн кудфӕнди ма гъуди кодтайуонцӕ, уӕддӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕ цардӕнцӕ Хуцауи Дзурдмӕ гӕсгӕ *. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 2:15, 16.) Библи нин ке ес, уой туххӕй Хуцауӕй хъӕбӕр боз ан! Уомӕй уӕлдай ма устур аргъ кӕнӕн, Йеговӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ афойнадӕбӕл ке дӕттуй, еци хуӕруйнагӕн, уомӕн ӕма уой фӕрци нӕхе гъӕуай кӕнӕн аци дуйней ихӕлд зундахастӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:24–27.)

АДӔН СӔХЕМӔ ӔНДӔР ЦӔСТӔЙ КӔСУН КУД РАЙДӔДТОНЦӔ

10, 11. Фӕстаг бӕнтти адӕн цӕхуӕн уодзӕнцӕ, уой туххӕй Библий ци финст ес?

10 Библий финст адтӕй, фӕстаг бӕнтти адӕн «хеуарзон» ке уодзӕнцӕ (2 Тим. 3:1, 2). Мадта дессаг дӕр нӕй, дуйне адӕни уӕхӕн зундбӕл ке аразуй. Еу энциклопедий куд финст адтӕй, уомӕ гӕсгӕ 1970 ӕнзти хъӕбӕр рапарахат ӕнцӕ, зӕрдидзӕбӕхӕн цард кӕнуни туххӕй унаффитӕ кӕми адтӕй, уӕхӕн киунугутӕ. Еци киунугутӕ разӕнгард кодтонцӕ, цӕмӕй адӕймаг ӕхе хуӕздӕр базона, ӕхе, цӕхуӕн ӕй, уӕхӕнӕй бауарза ӕма ӕхецӕй сӕрустур уа. Сӕ еуеми финст адтӕй: «Зӕнхӕбӕл тӕккӕ рӕсугъддӕр, тӕккӕ зундгиндӕр ӕма тӕккӕ аккагдӕр адӕймагӕн зӕгъӕ, берӕ ’й ке уарзис. Еци адӕймаг дӕхуӕдӕг дӕ». Еци киунугӕн ӕ сӕйраг гъуди уӕхӕн ӕй, ӕма адӕймаг гъӕуама, ӕхецӕн куд хуӕздӕр ӕй, уобӕл сагъӕс кӕна ӕма имӕ раст куд кӕсуй, уотӕ архайа.

11 Е дин дӕ зӕрдӕбӕл неци ӕфтауй? Сайтан дӕр Еви уомӕ разӕнгард кодта. Загъта ин, Хуцауи хузӕн, дан, уодзӕнӕ ӕма, дан ӕй дӕхуӕдӕг зондзӕнӕ, «хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой» (Райд. 3:5). Абони дӕр адӕн уӕхӕн сӕрбӕрзонд ӕнцӕ. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма син унаффӕгӕнӕг гъӕуама маке уа, сауӕнгӕ ма Хуцау дӕр. Ӕма е бӕрӕг ӕй, бийнонти цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ, уомӕй.

Киристон фиццагидӕр иннети сагъӕс фӕккӕнуй, уӕлдайдӕр ба ӕ цардӕмбали сагъӕс (кӕсӕ 12 абзац) *

12. Аци дуйне бийнонти цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?

12 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕ гъӕуама кӕрӕдзей нимайонцӕ ӕма, кӕрӕдземӕн ци дзурд равардтонцӕ, уой ма иронх кӕнонцӕ. Еци дзурдмӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕ баст ӕрцӕунцӕ, ратонӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн тӕгтӕй. Райдайӕни 2:24 финст ӕй: «Адӕймаг ниууадздзӕй ӕ мадӕ ма ӕ фиди ӕма байеу уодзӕй ӕ уоси хӕццӕ, ӕма дууемӕй уодзӕнцӕ еу бауӕр». Фал аци дуйне ба хуӕст ӕй ӕндӕр гъудибӕл – фиццагидӕр гъӕуама дӕхе сагъӕс кӕнай. Еу киунуги финст ӕй: «Хатгай киндзӕхсӕвӕрти, сиахс ӕма киндзӕ кӕрӕдземӕн дзурд ку фӕддӕттунцӕ, уӕд уотӕ нӕбал фӕззӕгъунцӕ, „цалинмӕ нӕ мӕлӕт рахецӕн кӕна“, зӕгъгӕ, фал, дан, „цалинмӕ нӕ уарзондзийнадӕ цӕра“». Адӕн бийнонти цардмӕ уӕхӕн уӕлӕнгай цӕстӕй ке кӕсунцӕ, уой туххӕй хъӕбӕр берӕ бийнонтӕ рахецӕн унцӕ ӕма фенамонд унцӕ. Мадта аци дуйнейӕн бийнонти цардмӕ ци цӕстингас ес, уой зундгин исхонӕн нӕййес.

13. Сӕрбӕрзонд адӕн Хуцауӕн ӕнадӕ цӕмӕн ӕнцӕ?

13 Библи зӕгъуй: «Йеговӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнадӕ ’й» (Ӕмб. 16:5). Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма уӕхӕн адӕймаг ӕхецӕй ӕндӕр неке фӕууарзуй ӕма Сайтани хузӕн сӕрбӕрзонд исуй. Расагъӕс кӕнӕ, Сайтанмӕ уотӕ кастӕй, ӕма ин Йесо баковдзӕй,– Хуцауӕн уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр цидӕриддӕр ес, уой сфӕлдесунмӕ ка ӕнхус кодта, е (Матф. 4:8, 9; Кол. 1:15, 16). Сайтани хузӕн сӕрбӕрзонд адӕн Хуцауи цӕсти куд ӕнӕзунд ӕнцӕ!

НӔХЕМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ ГЪӔУАМА КӔСӔН, УОЙ ТУХХӔЙ БИБЛИ ЦИ ЗӔГЪУЙ

14. Ромӕгтӕмӕ 12:3 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун?

14 Библи нӕ ахур кӕнуй нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун. Ӕма си куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕймаг ӕхе ку уарза, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Йесо загъта: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Матф. 19:19). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕхемӕ гъӕуама иннетӕй хуӕздӕр кӕсӕн. Библи зӕгъуй: «Ма уотӕ хӕлхъойгӕнагӕ ӕма кадӕуарзагӕ, фал уотӕ сӕрниллӕг ӕма иннети уӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕретӕ» (Фил. 2:3; бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:3).

15. Нӕхемӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уой туххӕй Библий ци унаффитӕ ес, уони тӕккӕ хуӕздӕр исхонӕн цӕмӕн ӕнгъезуй?

15 Аци дуйней зундгинбӕл нимад ка ӕй, уонӕмӕ ходӕг кӕсуй, адӕймаг ӕхемӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕса, уой туххӕй Библий ци финст ес, е. Уони гъудимӕ гӕсгӕ фулдӕр иннети сагъӕс ку кӕнай, уӕд дӕмӕ лӕмӕгъ адӕймаги цӕстӕй кӕсдзӕнцӕ ӕма ди, сӕхе куд фӕндуй, уотӕ пайда кӕндзӕнцӕ. Фал Сайтани дуйне адӕни уӕхӕн зундбӕл ке аразуй, е цӕмӕ ӕркодта? Куд дӕмӕ кӕсуй, айдагъ ӕхе сагъӕс ка кӕнуй, еци адӕн амондгун ӕнцӕ? Сӕ бийнонти цардӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ син ес? Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма Хуцаумӕ хӕстӕг ӕнцӕ? Аци фарстатӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй цӕхуӕн гъудимӕ ӕрцудтӕ? Ци хуӕздӕр ӕй: аци дуйней зундӕй архайун ӕви Хуцауи Дзурди зундӕй?

16, 17. Йеговӕй боз цӕй туххӕй ан ӕма цӕмӕн?

16 Библий унаффитӕмӕ игъосуни бӕсти аци дуйней зундгинти унаффитӕмӕ ка фегъосуй, уой ӕнгъезуй рабарун, идарддӕр ин кумӕ цӕугӕ ’й, уобӕл, ка фӕдздзӕгъӕл ӕй, уӕхӕн бӕлццони ка фӕрсуй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ. Киристе, ӕ рӕстӕги ци «зундгинтӕ» цардӕй, уони туххӕй загъта: «Етӕ ӕнцӕ хъӕрӕу разамонгутӕ. Ӕма хъӕрӕу хъӕрӕуи ку хона, уӕд дууемӕй дӕр къагъди ниххаудзӕнцӕ» (Матф. 15:14). Ӕцӕгӕйдӕр, аци дуйней зунд Хуцауи цӕсти ӕнӕзунддзийнадӕй ӕндӕр неци ӕй.

Йегови лӕггадгӕнгутӕн ӕхцӕуӕн фӕууй, Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи куд фӕллӕггадӕ кодтонцӕ, уой ӕргъуди кӕнун (кӕсӕ 17 абзац) *

17 Хуцауи Дзурди ци унаффитӕ ес, етӕ алкӕддӕр уодзӕнцӕ «ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ, раст зундбӕл аразунмӕ» (2 Тим. 3:16). Мах Хуцауӕй хъӕбӕр боз ан, ӕ организаций фӕрци нӕ аци дуйней зундбӕл цӕунӕй ке фӕдзӕхсуй (Еф. 4:14). Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин ци ӕрмӕг дӕттуй, уой фӕрци нӕмӕ ес хъауритӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун. Хуцауи Дзурд нин нӕ цард ке аразуй, е махӕн устур кадӕ ӕй!

54 ЗАР «Мӕнӕ над»

^ 5 абз. Аци статьяй фӕрци ма еу хатт дӕр фӕууиндзиан, тӕккӕ зундгиндӕр унаффитӕ Йеговӕ ке дӕттуй, уой. Удта ма фӕууиндзиан, аци дуйней зунд адӕни цӕмӕ ’ркодта, уой дӕр ӕма Хуцауи унаффитӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, етӕ цӕхуӕн амондгун цард кӕнунцӕ, уой.

^ 50 абз. ХУЗӔ. Аци хузтӕбӕл ӕвдист ӕй Ӕвдесӕнти еу бийнонти цард аллихузи рӕстӕгути. Игъосун кӕнунцӕ 1960 ӕнзти кӕрон.

^ 52 абз. ХУЗӔ. 1980 ӕнзти лӕг ӕ сӕйгӕ уосӕмӕ кӕсуй, сӕ фарсмӕ ба сӕ кизгӕ.

^ 54 абз. ХУЗӔ. Нӕ рӕстӕги еци лӕг ӕма уосӕ, ка син исустур ӕй, еци кизгӕн, ӕ лӕгӕн ӕма сӕ биццеуӕн дзорунцӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй сӕбӕл цӕхуӕн дессаги хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уой.