Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

7 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Агоретӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ» ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕнтӕ

«Агоретӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ» ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕнтӕ

«Агоретӕ Йегови, зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр сӕрниллӕг адӕн ес... агоретӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ» (СОФ. 2:3).

80 ЗАР «Бафӕлварӕ ӕма базонӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Моисей цӕхуӕн адӕймаг адтӕй ӕма ин ци бантӕстӕй? б) Сӕрниллӕгдзийнадӕ нӕ уодигъӕди федар кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

«ЗӔНХӔБӔЛ... Моисеййи хузӕн сабур адӕймаг н’ адтӕй»,– финст ӕй Библий (Ним. 12:3). Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Моисей лӕмӕгъ, ӕнӕнифсхаст ӕма, федарӕй фӕллӕуун ка нӕ зудта, уӕхӕн адӕймаг адтӕй? Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма сӕрниллӕг адӕймаг гъе уӕхӕн фӕууй. Фал е раст гъуди нӕй. Моисей адтӕй федар ӕма нифсхаст лӕггадгӕнӕг. Йегови ӕнхуси фӕрци фараони дзурди нихмӕ рацудӕй, уой фӕсте ба ӕдзӕрӕг будури, еу 3 000 000 адӕймаги кӕми адтӕй, уӕхӕн адӕнихаттӕн разамунд лӕвардта ӕма син се знӕгти ниццӕгъдунмӕ банхус кодта.

2 Мах абони Моиссеййи хузӕн фӕлварӕнтӕ не ’взарӕн, фал уӕддӕр хатгай уӕхӕн адӕнбӕл исӕмбӕлӕн кенӕ уӕхӕн уавӕрти бахауӕн, ӕма сабур лӕуун ӕнцон нӕ фӕууй. Фал нӕ уӕддӕр фӕндуй, еци менеуӕг нӕ уодигъӕди федар кӕнун, уомӕн ӕма Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, «сабур адӕн ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ», зӕгъгӕ (Пс. 37:11). Ду ба дӕхе сӕрниллӕг адӕймагбӕл нимайис? Иннетӕ ба ди ци гъуди кӕнунцӕ? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп раттӕн, уой туххӕй бал ӕркӕсӕн, сӕрниллӕг адӕймаг цӕхуӕн гъӕуама уа, уомӕ.

СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔ ЦИ ӔЙ

3, 4. а) Сӕрниллӕгдзийнадӕ цӕй хӕццӕ ес рабарӕн? б) Цӕмӕй сӕрниллӕг уӕн, уой туххӕй ма нӕмӕ цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуама уа ӕма цӕмӕн?

3 Сӕрниллӕгдзийнадӕ * рабарӕн ес рӕсугъд хузи хӕццӕ. Цӕмӕй хузӕ рӕсугъд рауайа, уой туххӕй хузӕгӕнӕг аллихузи хуарӕнтӕй фӕппайда кӕнуй. Гъе уотӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ дӕр берӕ аллихузи менеугутӕй кӕнгӕ ’й, зӕгъӕн, фӕлмӕн уодигъӕдӕй, коммӕгӕсдзийнадӕй ӕма федар уодигъӕдӕй. Цӕмӕй Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнӕн, уой туххӕй нин аци менеугутӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕнцӕ?

4 Ӕрмӕстдӕр сӕрниллӕг адӕймаг фӕууй Хуцауӕн коммӕгӕс ӕма ин ӕ фӕндон фенхӕст кӕнуй. Уомӕй уӕлдай ма Йегови фӕндуй, цӕмӕй нин фӕлмӕн уодигъӕдӕ уа (Матф. 5:5; Гал. 5:23). Хуцауи фӕндон ку фенхӕст кӕнӕн, уӕд Сайтан мӕстӕй фицун райдайуй. Ӕма кӕд фӕййархайӕн, цӕмӕй сӕрниллӕг ӕма фӕлмӕн уӕн, уӕддӕр ни адӕн ба се ’сӕфт уинунцӕ, уомӕн ӕма дуйне Сайтани къохи ӕй (Иоан. 15:18, 19). Ӕма цӕмӕй Сайтани нихмӕ фӕллӕууӕн, уой туххӕй ба нӕ гъӕуй федар уодигъӕдӕ.

5, 6. а) Сайтан сӕрниллӕг адӕнӕй е ’сӕфт цӕмӕн уинуй? б) Идарддӕр цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

5 Сӕрниллӕг адӕймагӕй уӕлдай сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕ маст уорамун нӕ зонуй, удта Йеговӕмӕ дӕр нӕ фегъосуй. Сайтан дӕр ӕхе гъе уотӕ даруй. Е сӕрниллӕг адӕнӕй е ’сӕфт уинуй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма ин етӕ ӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕ, удта ӕ мӕнгӕттӕ ӕргом кӕнунцӕ. Ӕма Сайтан кудфӕнди ма архайа, уӕддӕр ӕ бон нӕй сӕрниллӕг адӕймаги уотӕ бакъуммӕ кӕнун, цӕмӕй Йеговӕн мабал лӕггадӕ кӕна (Иов 2:3–5).

6 Нӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ фӕлвӕрд кӕд ӕрцӕуй? Еци менеуӕг идарддӕр дӕр нӕ уодигъӕди федар кӕнун цӕмӕн гъӕуй? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн Моисеййи, ӕртӕ дзиуиттаг биццеуи ӕма Киристей хабармӕ.

НӔ СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔ ФӔЛВӔРД КӔД ӔРЦӔУЙ

7, 8. Моисей ӕхе куд бадардта, ӕ бартӕ ин ку нӕбал нимадтонцӕ, уӕд?

7 Бартӕ нин ку фӕззиннуй, уӕд. Бартӕ ке къохи фӕуунцӕ, еци адӕймагӕн хъӕбӕр зин фӕууй сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдесун, уӕлдайдӕр ба ӕ дӕлбарӕ ка ’нцӕ, етӕ ’й ку нӕ фӕннимайунцӕ кенӕ ин ӕ унаффитӕ ку нецӕмӕ фӕддарунцӕ, уӕд. Уӕхӕн уавӕри ескӕд адтӕ? Дӕ бийнонтӕй еске ӕхе уотӕ ку бадара, уӕд куд бакӕндзӕнӕ? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Моисей куд бакодта, уомӕ.

8 Йеговӕ Моисеййи исӕвардта израилӕгти разамонӕгӕй, удта ин баихӕс кодта ӕ адӕнӕн закъон ниффинсун. Бӕрӕг адтӕй, Моисеййӕн Йеговӕ ке ӕнхус кодта. Фал ин уотемӕй дӕр ӕ хуӕрӕ Мариам ӕма е ’нсувӕр Аарон уайдзӕфтӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, ӕхецӕн бийнойнагӕн ке равзурста, уой туххӕй. Ӕндӕр еске Моисеййи бунати рамӕстгун адтайдӕ ӕма сӕ бафхуардтайдӕ. Фал Моисей уотӕ нӕ бакодта. Ӕхебӕл фӕххуӕстӕй ӕма ма Йеговӕн дӕр лигъстӕ кодта, цӕмӕй Мариами исдзӕбӕх кодтайдӕ (Ним. 12:1–13). Цума уотӕ цӕмӕн бакодта?

Моисей Йеговӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй Мариами исдзӕбӕх кодтайдӕ (кӕсӕ 8 абзац)

9, 10. а) Йеговӕ Моисеййӕн ци балӕдӕрун кодта? б) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕма бийнонти хестӕртӕн Моисей цӕмӕй фӕнзуйнаг ӕй?

9 Моисей Йеговӕн барӕ лӕвардта, цӕмӕй ӕй раст зундбӕл аразтайдӕ. Еу 40 анзи раздӕр, Моисей ма фараони бийнонтӕй ку адтӕй, уӕд ӕй сӕрниллӕг адӕймаг исхонӕн н’ адтӕй. Еухатт еу нӕлгоймагмӕ рамӕстгун ӕй, ӕма ’й ӕрбамардта, уомӕн ӕма, ӕ гъудимӕ гӕсгӕ, еци лӕг раст н’ адтӕй. Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма си Йеговӕ уой туххӕй арази уодзӕй. 40 анзей дӕргъи Йеговӕ Моисеййи ахур кодта, цӕмӕй ӕй балӕдӕрдтайдӕ, израилӕгти разамонӕг исунмӕ айдагъ нифсхастдзийнадӕ нӕ, фал ма сӕрниллӕгдзийнадӕ дӕр ке гъӕуй. Уой туххӕй ба ’й гъудӕй коммӕгӕсдзийнадӕ ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Гъема еци ахур дзӕгъӕли нӕ фӕцӕй – Моисей иссӕй хуарз разамонӕг (Рац. 2:11, 12; Гъуд. 7:21–30, 36)

10 Абони бийнонти хестӕртӕн ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Моисей фӕнзуйнаг ӕй. Ке дӕ нӕ нимайунцӕ, уой ку уинай, уӕд мӕстгун кӕнунмӕ тагъд ма кӕнӕ. Сӕрниллӕгӕй дӕхе рӕдудтитӕбӕл дӕр исарази уо (Еккл. 7:9, 20). Уӕхӕн уавӕрти куд архайун гъӕуй, уой туххӕй Йеговӕ ци разамунд дӕттуй, уомӕ игъосӕ. Удта иннетӕн алкӕддӕр дзуапп фӕлмӕнӕй дӕттӕ (Ӕмб. 15:1). Уотӕ ка архайуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма бийнонти хестӕртӕ Йегови зӕрдӕ рохс кӕнунцӕ, иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрунцӕ ӕма сӕ сӕрниллӕгдзийнадӕй иннетӕн фӕнзуйнаг ӕнцӕ.

11–13. Анани, Мисаил ӕма Азари нин цӕмӕй фӕнзуйнаг ӕнцӕ?

11 Нӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ, уӕд. Зӕнхон хецауӕдтӕ Йегови лӕггадгӕнгути алкӕддӕр ӕфхуардтонцӕ. Етӕ нӕ аллихузи «фудгъуддӕгти» фӕффудгин кӕнунцӕ, фал нӕмӕ ӕцӕгӕй ба мӕстгун кӕнунцӕ, фиццагидӕр уонӕмӕ нӕ, фал Хуцаумӕ ке игъосӕн, уой туххӕй (Гъуд. 5:29). Уомӕ гӕсгӕ нӕ ӕгадӕ бунати ниввӕрунцӕ, ахӕстдони дӕр нӕ исбадун кӕнунцӕ кенӕ ба нӕ сауӕнгӕ нӕмгӕ дӕр фӕккӕнунцӕ. Фал мах уӕддӕр нӕ маст нӕ есӕн ӕма, ци фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уонӕн Йегови фӕрци сӕрниллӕгӕй бухсӕн.

12 Ӕркӕсӕн, Вавилони уацари ка бахаудтӕй, еци ӕртӕ дзиуиттаг биццеуи, Анани, Мисаил ӕма Азарий хабармӕ *. Вавилони паддзах бардзурд равардта, цӕмӕй, ци устур сугъзӕрийнӕ гумери искодта, уомӕн бакувтайуонцӕ. Фал ин етӕ ба уӕзданӕй загътонцӕ, уотӕ ке нӕ бакӕндзӕнцӕ. Етӕ Хуцаубӕл сӕ зӕрдӕ не ’сӕййивтонцӕ, кӕд син содзгӕ пеци бахаунӕй тӕссаг адтӕй, уӕддӕр. Йеговӕ сӕ фӕййергъӕв кодта, фал уотӕ ке рауайдзӕй, уой ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕнцӕ. Еци ӕртӕ биццеуи мӕлӕтӕй дӕр нӕ фӕттарстӕнцӕ (Дан. 3:1, 8–28). Сӕ хабарӕй бӕрӕг ӕй сӕрниллӕг адӕн ӕцӕг нифсхаст ке ’нцӕ. Хецауӕдтӕ кудфӕнди ма архайонцӕ, цӕмӕй Йеговӕн мабал лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр мах идарддӕр дӕр, Йеговӕ ци зӕгъуй, уой кӕндзиан, уомӕн ӕма ӕрмӕстдӕр уобӕл ан еузӕрдон (Рац. 20:4, 5).

13 Нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд ку ’рцӕуй, уӕд нӕ бон куд ӕй Анани, Мисаил ӕма Азарий фӕнзун? Гъӕуама уӕн сӕрниллӕг ӕма нӕбӕл Йеговӕ ке батухсдзӕй, уобӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн (Пс. 118:6, 7). Ести «фудракӕндти» нӕ ка фудгин кӕнуй, уонӕн «сабурӕй ӕмӕ уӕзданӕй» дзуапп дӕттӕн (1 Пет. 3:15). Фал нӕ уарзӕгой Фидӕ Йегови ниууадзунбӕл мах некӕд исарази уодзиан.

Нӕ хӕццӕ карзӕй ку дзоронцӕ, уӕддӕр нӕхе уӕзданӕй дардзиан (кӕсӕ 13 абзац)

14, 15. а) Тухст адӕймаг хатгай ӕхе куд фӕддаруй? б) Исаййи 53:7, 10 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма ’й Йесойӕй хуӕздӕр неке бавдиста, фӕлварӕнти рӕстӕг сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдесун куд гъӕуй, уой?

14 Естӕбӕл хъӕбӕр ку фӕттухсӕн, уӕд. Адӕймаг берӕ цӕйдӕрти туххӕй фӕттухсуй. Скъоладзаутӕ фӕттухсунцӕ, экзаменмӕ цӕттӕ кӕнун сӕ ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Иннетӕ ба – цӕхуӕндӕр куст син ку баихӕс кӕнунцӕ, уӕд. Кадӕртӕ ба истухсунцӕ, операци сӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй кенӕ сӕ дохтирмӕ цӕун ке гъӕуй, уобӕл айдагъ сагъӕс ку ракӕнунцӕ, уӕд. Тухст ку фӕууӕн, уӕд сӕрниллӕг ун ӕнцон нӕй. Гӕнӕн ес, ӕма раздӕр гъуди дӕр ци не ’ркодтаййанӕ, уӕхӕн цӕмӕдӕрти исмӕстгун уӕн. Ка ’й зонуй, иннетӕмӕ уазал цӕстӕй ракӕсӕн кенӕ син еститӕ никкалӕн. Кӕд, тухст уавӕр ци ӕй, е дин ӕнӕзонгӕ нӕй, уӕд Йесо Киристей хабарбӕл расагъӕс кӕнӕ.

15 Киристе хъӕбӕр тухстӕй, ӕ мӕлӕтмӕ ма цалдӕр мӕйи ку байзадӕй, уӕд. Зудта ӕй, цӕхуӕн гъезӕмӕрттӕ ӕма имӕ мӕлӕт ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой (Иоан. 3:14, 15; Гал. 3:13). Ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дӕр ӕй загъта, хъӕбӕр ке тухсуй (Лук. 12:50). Ӕ мӕлӕтмӕ цалдӕр бони ку байзадӕй, уӕдта загъта, «мӕ уод катай кӕнуй», зӕгъгӕ. Фал уӕддӕр ӕ кувдӕй бӕрӕг ӕй, сӕрниллӕг ӕма ӕ Фидӕн коммӕгӕс ке адтӕй, е. Йесо кувта: «Мӕ Фидӕ, фӕййервӕзун мӕ кӕнӕ, аци сахат мӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕй. Уогӕ, ӕз цӕугӕ дӕр аци фӕлварӕни туххӕй ӕркодтон. Мӕ Фидӕ, искадгин кӕнӕ дӕ ном» (Иоан. 12:27, 28). Рӕстӕг ку ’рхъӕрдтӕй, уӕд Йесо нӕ фӕттарстӕй ӕма ӕхе Хуцауи знӕгти къохмӕ равардта, цӕмӕй ӕй гъезӕмайраг ӕма ӕгадӕ мард ракодтайуонцӕ. Кӕд ӕ уод хъӕбӕр катай кодта ӕма хъӕбӕр тухстӕй, уӕддӕр сӕрниллӕгӕй Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кодта. Йесойӕй хуӕздӕр ӕй неке бавдиста, фӕлварӕнти рӕстӕг сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдесун куд гъӕуй, уой! (Бакӕсӕ Исаййи 53:7, 10.)

Киристе бавдиста, сӕрниллӕг адӕймаг цӕхуӕн гъӕуама уа, уой (кӕсӕ 16 ӕма 17 абзацтӕ) *

16, 17. а) Киристей ӕмбӕлттӕ ин ӕ сӕрниллӕгдзийнадӕн фӕлварӕн куд иссӕнцӕ? б) Нӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун?

16 Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр ба ма Йесойӕн фӕлварӕн иссӕй, е ’мбӕлттӕ сӕхе куд бадардтонцӕ, е. Расагъӕс кӕнӕ, Йесо куд тухстайдӕ, уобӕл. Гъудӕй ӕй ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр федар фӕллӕун. Миллиардгай адӕни цард уой къохти адтӕй (Ром. 5:18, 19). Фал сӕйрагдӕр ба, ӕхе куд бадардтайдӕ, уомӕй кӕнгӕ адтӕй, ӕ уӕларвон Фиди ном исрохс кӕндзӕй ӕви нӕ, е (Иов 2:4). Ӕма нур ӕ апостолти хӕццӕ фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр кӕнуй. Ӕма гъе уӕд дӕр искарз ӕнцӕ, ка си уӕлдӕр уодзӕй, уобӕл. Йесо син уой разӕй дӕр ӕма еци изӕр минкъий раздӕр дӕр балӕдӕрун кодта, уотӕ сагъӕс кӕнун раст ке нӕй. Ӕма аци хатт дӕр сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй радзурдта ӕма син ӕй балӕдӕрун кодта, цӕхуӕн зундбӕл гъӕуама хуӕст уонцӕ, уой. Уой фӕсте ба сӕ ӕстаугӕ дӕр ракодта, ӕ фарсмӕ ке адтӕнцӕ, уой туххӕй (Лук. 22:24–28; Иоан. 13:1–5, 12–15).

17 Ду ба уӕхӕн уавӕри куд бакодтайсӕ? Дӕ бон ӕй Киристей фӕнзун ӕма тухст уавӕри дӕр хебӕл хуӕцун. Хуцауи Дзурди финст ес: «Кӕрӕдземӕн бухсетӕ» (Кол. 3:13). Аци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун нин ӕнцондӕр уодзӕй, нӕхуӕдтӕ дӕр нӕ миутӕй ӕма нӕ дзурдтӕй хатгай иннети зӕрдихудти ке бацӕуӕн, уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд (Ӕмб. 12:18; Иак. 3:2, 5). Удта иннети сӕ хуарз менеугути туххӕй ӕстаун дӕр ма иронх кӕнтӕ (Еф. 4:29).

СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔБӔЛ ИДАРДДӔР ДӔР ЦӔМӔН ГЪӔУАМА АРХАЙӔН

18. Йеговӕ сӕрниллӕг адӕнӕн унаффитӕ хӕссунмӕ куд ӕнхус кӕнуй ӕма махӕй ци кӕнгӕ ’й?

18 Раст унаффитӕ хӕсдзиан. Цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун нӕ ку багъӕуа, уӕд нин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, ӕрмӕст сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, «сабур адӕнӕн сӕ лигъстӕ» ке игъосдзӕй (Пс. 10:17). Удта нӕмӕ айдагъ игъосгӕ нӕ бакӕндзӕй. Библий финст ӕй: «Е сабур адӕнӕн банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕ тӕрхӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕронцӕ, сабур адӕни исахур кӕндзӕй ӕ нӕдтӕбӕл цӕун» (Пс. 25:9). Йеговӕ нӕ ӕ нӕдтӕбӕл цӕун ахур кӕнуй Библий, удта нин Ӕууӕнкгун цагъар цидӕриддӕр дӕттуй, уой фӕрци. Уомӕ хауй Библибӕл арӕзт литературӕ, видеороликтӕ ӕма ӕмбурдтӕ (Матф. 24:45–47) *. Фал махӕй ба ци кӕнгӕ ’й? Гъӕуама сӕрниллӕгӕй исарази уӕн, Йегови ӕнхус нӕ ӕнӕмӕнгӕй ке гъӕуй. Удта нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй нӕхе ӕфсадӕн ӕма ци базонӕн, уой ӕнхӕст кӕнӕн.

19–21. Моисей Кадеси цӕхуӕн рӕдуд искодта ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

19 Рӕдуд къахдзӕфтӕй нӕхе багъӕуай кӕндзиан. Моисеййи хабар нӕуӕгӕй ӕргъуди кӕнӕн. Е дӕсгай ӕнзти дӕргъи сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдиста ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кодта. Фал 40 анземӕ ка ниддаргъ ӕй, еци зин балци фӕуунтӕбӕл ку адтӕй, уӕд Моисей бахаудтӕй, сӕрниллӕгдзийнадӕ бавдесун ин кӕми нӕбал рауадӕй, уӕхӕн уавӕри. Тӕккӕ еци рӕстӕг рамардӕй ӕ хуӕрӕ, ӕвӕдзи ин Египети ӕ цард ка фӕййервӕзун кодта, е, ӕма ’й Кадеси байвардтонцӕ. Израилӕгтӕ дӕр бабӕй хъур-хъур кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма «Моисеййи хӕццӕ хилӕ кодтонцӕ», дон син ке нӕ фагӕ кодта, уобӕл. Кӕд Моисей Йегови фӕрци берӕ дессӕгтӕ искодта, удта берӕ ӕнзти дӕргъи израилӕгтӕн разамонӕг адтӕй, уӕддӕр ибӕл дугъ-дугъ кӕнун райдӕдтонцӕ. Етӕ сӕхе Моисейбӕл ниццавтонцӕ, цума син дон ке нӕ фагӕ кодта, е уой фуд адтӕй, уотӕ (Ним. 20:1–5, 9–11).

20 Гъема Моисей ӕ фурмӕстӕй ӕхебӕл нӕбал фӕххуӕстӕй. Йеговӕ ин куд загъта, уотӕ нӕ бакодта, ӕма къӕдзӕхмӕ исдзоруни бӕсти рамӕстгун ӕй ӕма адӕнӕн загъта, нуртӕккӕ ци дессаг фӕууиндзӕнцӕ, уой ӕхуӕдӕг ке искӕндзӕй. Уой фӕсте ба къӕдзӕх дууӕ хатти ниццавта, ӕма си дон рагулф кодта. Сӕрбӕрзонддзийнадӕ ке бавдиста ӕма ӕ масти фӕдбӕл ке рацудӕй, уой туххӕй хъӕбӕр устур рӕдуд искодта (Пс. 106:32, 33). Аци уавӕри Моисей сӕрниллӕг нӕ разиндтӕй ӕма зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ нӕбал бацудӕй (Ним. 20:12).

21 Аци хабар нӕ берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнуй. Гъӕуама сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл алкӕддӕр архайӕн. Еу минкъий дӕр нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ку бадарӕн, уӕд нӕбӕл уайтагъддӕр нӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕ фӕхъхъӕбӕрдӕр уодзӕй, ӕма гъе уӕд, ци нӕ гъӕуй, уой зӕгъдзиан кенӕ ести ӕнӕзунд миуӕ бакӕндзиан. Уомӕй уӕлдай ма адӕймаг тухст ку фӕууй, уӕд ин берӕ зиндӕр фӕууй ӕхебӕл хуӕцун, ӕма уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн уавӕрти сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр гъӕуама архайӕн.

22, 23. а) Идарддӕр дӕр сӕрниллӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн? б) Софоний 2:3 финст дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

22 Нӕ цард багъӕуай кӕндзиан. Тагъд рӕстӕги Йеговӕ фудгӕнгути фесафдзӕй, сабур ӕма сӕрниллӕг адӕн ба байзайдзӕнцӕ. Ӕма гъе уӕд зӕнхӕбӕл уодзӕй ӕцӕг фарнӕ (Пс. 37:10, 11). Ду ба еци адӕни астӕу уодзӕнӕ? Гъо, Йегови пахампар Софони ци дзурдтӕ ниффинста, уонӕмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд. (Бакӕсӕ Софони 2:3.)

23 Цума Софоний 2:3 уотӕ финст цӕмӕн ӕй, «кӕд Йегови содзгӕ масти бон римӕхсӕн иссериайтӕ», зӕгъгӕ? Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Йегови бон нӕй фӕййервӕзун кӕнун, ка ’й уарзуй ӕма ин ӕ зӕрдӕ ка рохс кӕнуй, уони. Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ нӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй ӕви нӕ, е нӕхецӕй кӕнгӕ ке ӕй. Йегови содзгӕ масти бон нӕ цард багъӕуай кӕнун ӕма ӕносмӕ цӕрун нӕ бон уодзӕй, сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕнунбӕл абони ку архайӕн, уӕд.

120 ЗАР Киристей хузӕн фӕлмӕн уодигъӕди хецау уотӕ

^ 5 абз. Сӕрниллӕгдзийнадӕ адӕймаг ӕ мади губунӕй нӕ рахӕссуй. Цӕмӕй нӕмӕ еци менеуӕг уа, уой туххӕй ибӕл архайун гъӕуй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, фарнӕуарзагӕ адӕни хӕццӕ сӕрниллӕг ун ӕнцон ӕй, фал сӕрбӕрзонд адӕнбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕдта нӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуй. Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл архайунмӕ нӕ ци хъор кӕнуй ӕма нӕ бон куд ӕй еци менеуӕг нӕ уодигъӕди ниффедар кӕнун.

^ 3 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Сабур, кенӕ сӕрниллӕг адӕймаг иннетӕмӕ хӕларзӕрдӕ фӕууй, ӕма ’й къахгӕ ку фӕккӕнунцӕ, уӕддӕр ӕхебӕл хуӕцун фӕззонуй. Уӕхӕн адӕймаг ӕ сӕр бӕрзӕндти нӕ хӕссуй, удта ӕхе иннетӕй уӕлдӕр нӕ нимайуй. Йегови сӕрниллӕгдзийнадӕ ба бӕрӕг ӕй, Дун-дуйней Хецау уогӕй дӕр иннети ке уарзуй ӕма сӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй, уомӕй.

^ 12 абз. Вавилони син равардтонцӕ ӕндӕр нӕмттӕ – Седрах, Мисах ӕма Авденаго (Дан. 1:7).

^ 18 абз. Кӕсӕ 2011 анзи 15 апрели «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс».

^ 59 абз. ХУЗӔ. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн фӕлмӕнӕй лӕдӕрун кӕнуй, ка си уӕлдӕр ӕй, уобӕл ке буцӕу кӕнунцӕ, е раст ке нӕй.