Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

3 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон куд ӕй дӕ зӕрдӕ багъӕуай кӕнун?

Дӕ бон куд ӕй дӕ зӕрдӕ багъӕуай кӕнун?

«Гъӕуайкӕнуйнаг ци ӕй, уонӕй тӕккӕ хъӕбӕрдӕр гъӕуай кӕнӕ дӕ зӕрдӕ» (ӔМБ. 4:23).

36 ЗАР Нӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕнӕн

РАЗДЗУРД *

1–3. а) Йеговӕ Соломони цӕмӕн уарзта ӕма ин куд райарфӕ кодта? б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

СОЛОМОН паддзах иссӕй, хуӕрзӕригон ма ку адтӕй, уӕд. Ӕма имӕ уӕд ӕ фуни Йеговӕ фӕззиндтӕй ӕма ин загъта: «Зӕгъӕ, ци дин раттон». Соломон ин дзуапп равардта: «Ӕз нурма сувӕллон дӕн. [...] Мадта раттӕ дӕ цагъарӕн коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй дӕ адӕнӕн тӕрхон кӕна» (1 Пад. 3:5–10). Куд бонзонгӕ разиндтӕй Соломон! Дессаг нӕй, Йеговӕ ’й уотӕ цӕмӕн уарзта, е! (2 Сам. 12:24). Хуцауӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй уӕхӕн курдиадӕ фегъосун, ӕма Соломонӕн равардта «зундгин ӕма лӕдӕргӕ зӕрдӕ» (1 Пад. 3:12).

2 Цалинмӕ Соломон еузӕрдон адтӕй, уӕдмӕти ’й Йеговӕ берӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин кодта. Уӕхӕн кадӕ имӕ ӕрхаудтӕй, ӕма «Израили Хуцау Йегови номбӕл хӕдзарӕ» искодта (1 Пад. 8:20). Хуцау ин ци зунд равардта, уой фӕрци ӕ кадӕ идӕрдтӕбӕл райгъустӕй. Ӕма Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци ци дзурдтӕ зӕгъидӕ, етӕ финст ӕрцудӕнцӕ Библий ӕртӕ киунугеми. Сӕ еу ӕй Ӕмбесӕндти киунугӕ.

3 Еци киунуги зӕрди кой цӕуй еу сӕдӕ хатти. Зӕгъӕн, Ӕмбесӕндти 4:23 финст ес: «Гъӕуайкӕнуйнаг ци ӕй, уонӕй тӕккӕ хъӕбӕрдӕр гъӕуай кӕнӕ дӕ зӕрдӕ». Цума аци стихи дзурд «зӕрдӕ» цӕмӕ амонуй? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан аци статьяй. Удта ма ӕркӕсдзиан ӕндӕр фарстатӕмӕ дӕр: Сайтан куд архайуй, цӕмӕй нин нӕ зӕрдӕ ӕхердӕмӕ расайа? Ӕма нӕ бон куд ӕй нӕхе багъӕуай кӕнун? Цӕмӕй Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй аци ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ зонун.

«ЗӔРДӔ» ЦӔМӔ АМОНУЙ?

4, 5. а) Псалом 51:6 нин куд куд ӕнхус кӕнуй дзурд «зӕрдӕ» цӕмӕ амонуй, уой балӕдӕрун? б) Ӕнӕнездзийнади туххӕй цӕветтонӕй куд зиннуй, нӕ «зӕрди» уавӕрмӕ кӕсун ӕхсидзгӕ ке ӕй, е?

4 Ӕмбесӕндти 4:23 дзурд «зӕрдӕ» хауй, адӕймаг ӕ хурфи цӕхуӕн ӕй, уомӕ. (Бакӕсӕ Псалом 51:6.) Ӕндӕр загъдӕй, «зӕрдӕ» амонуй адӕймагӕн ӕ арф гъудитӕмӕ, сагъӕстӕмӕ ӕма фӕндтӕмӕ. Бакастӕй куд зиннӕн, уомӕ нӕ, фал медӕгӕй цӕхуӕн ан, уомӕ.

5 Нӕ «зӕрдӕ» ци уавӕри ӕй, уомӕ нӕ гъос дарун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой цӕмӕй балӕдӕрӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн еу цӕветтонмӕ. Цӕмӕй ӕнӕнез уӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй пайда хуӕруйнӕгтӕ хуӕрун ӕма не ’уӕнгтӕ ’змӕлун кӕнун. Уотӕ нӕ «зӕрдӕ» дӕр цӕмӕй ӕнӕнез уа, уой туххӕй гъӕуй алли бон дӕр Библи ӕма Библибӕл арӕзт публикацитӕ кӕсун, удта бонӕй-бонмӕ ӕвдесун, Йеговӕбӕл ке ӕууӕндӕн, уой. Е ба бӕрӕг уодзӕй, ци базонӕн, уомӕй царди ку пайда кӕнӕн ӕма не ’ууӕндундзийнади туххӕй иннетӕн дӕр ку дзорӕн, уӕд (Ром. 10:8–10; Иак. 2:26). Фал ма ес еу фӕззелӕн дӕр. Еуӕй-еу незтӕ уайтагъд нӕ рабӕрӕг унцӕ, ӕма адӕймагмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума неци кӕнуй, фал ӕцӕгӕй ба нез медӕгӕй ӕ куст кӕнун райдайуй. Не ’ууӕндундзийнади хабар дӕр уотӕ ’й. Ка ’й зонуй, Йегови гъуддӕгти берӕ архайӕн ӕма нӕмӕ уотӕ кӕсуй, цума не ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй. Фал, гӕнӕн ес, ӕма лӕгъуз фӕндтӕ нӕ зӕрди едӕгтӕ уадзун райдайонцӕ (1 Кор. 10:12; Иак. 1:14, 15). Гъӕуама ’й ма иронх кӕнӕн, Сайтан уобӕл ке архайуй, цӕмӕй нӕ ӕ зундӕй фегъӕстӕ кӕна. Цума кутемӕй? Ӕма си нӕ бон куд ӕй нӕхе багъӕуай кӕнун?

САЙТАН НӔ Ӕ ЗУНДБӔЛ КУД АРАЗУЙ

6. Сайтанӕн ӕ нисан ци ӕй ӕма цӕхуӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнуй?

6 Сайтани фӕндуй, цӕмӕй уой хузӕн исуӕн – цӕмӕй Йегови уагӕвӕрдтӕ мацӕмӕ дарӕн ӕма айдагъ нӕхе сагъӕс кӕнӕн. Фал нин ӕ бон тухӕ кӕнун нӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕндӕрхузи архайуй. Зӕгъӕн, Сайтан архайуй, цӕмӕй нӕ алливарс уа, ӕ зундбӕл ка цӕуй, уӕхӕн адӕн (1 Иоан. 5:19). Ӕ зӕрдӕ даруй, нӕ рӕстӕг уӕхӕнтти хӕццӕ ӕрветун ке райдайдзиан, кӕд ӕй зонӕн, е нӕ зунд ӕма нӕ гъуддӕгтӕбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ ке рабӕрӕг уодзӕй, уой, уӕддӕр (1 Кор. 15:33). Еци скъӕппӕги бахаудтӕй паддзах Соломон. Адтӕй ин, ӕндӕр хуцӕуттӕн ка кувта, берӕ уӕхӕн уоститӕ, ӕма ин етӕ «сабургай ӕ зӕрдӕ Хуцауӕй раздахтонцӕ» (1 Пад. 11:3).

Нӕ зӕрдӕ Сайтани гъудитӕй куд багъӕуай кӕнӕн? (кӕсӕ 7 абзац) *

7. Сайтан ма ӕ зундахаст куд парахат кӕнуй ӕма нӕ лӕмбунӕг ун цӕмӕн гъӕуй?

7 Сайтан ма пайда кӕнуй кинотӕ ӕма телешоутӕй, цӕмӕй адӕни ӕ зундбӕл араза. Е ӕй лӕдӕруй, ести дессаг хабӕрттӕ уотид райерхӕфсунмӕ ке нӕ ’нцӕ, фал ма нин нӕ зундахастбӕл, не ’нкъарӕнтӕбӕл ӕма, нӕхе куд дарӕн, уобӕл дӕр ке бӕрӕг кӕнунцӕ. Киристе дӕр естӕбӕл исахур кӕнуни туххӕй радзоридӕ цӕхуӕндӕр хабар. Райсӕн хӕларзӕрдӕ самариаг лӕги хабар кенӕ ба исӕфт фурти хабар (Матф. 13:34; Лук. 10:29–37; 15:11–32). Фал Сайтани зундӕй гъӕстӕ ка ӕй, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕмӕ телешоути ку фӕккӕсӕн, уӕд махӕн дӕр тӕссаг фӕууй, сӕ зундӕй ке фегъӕстӕ уодзиан, уомӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еугур телешоутӕ ӕма кинотӕ тӕссаг кенӕ лӕгъуз исхонӕн нӕййес. Дзӕбӕх естӕмӕ ку бакӕсӕн, уӕд уолӕфгӕ дӕр бакӕнӕн ӕма ма естӕбӕл дӕр исахур уӕн. Фал уӕддӕр гъӕуама лӕмбунӕг ӕвзарӕн, цӕмӕ кӕсдзиан, уой. Нӕ бон ӕй нӕхемӕ уӕхӕн фарста раттун: «Аци кино кенӕ телешоу уӕхӕн зундбӕл нӕ аразуй, цума бауӕри монцти фӕдбӕл цӕун лӕгъуз нӕй?» (Гал. 5:19–21; Еф. 2:1–3). Кӕд гъо, уӕд си дӕхе еуварс дарӕ, хуӕцгӕ незӕй дӕхе куд еуварс дардтайсӕ, уотӕ, кенӕ ба Сайтани скъӕппӕги бахаудзӕнӕ.

8. Ниййергути бон куд ӕй сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй сӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕнонцӕ?

8 Ниййергутӕ, сумахбӕл уӕлдай ихӕс ес, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнтти багъӕуай кӕнайтӕ, уомӕн ӕма Сайтан архайуй, цӕмӕй син сӕ зӕрдитӕ фехала. Цӕмӕй уӕ сувӕллӕнтти ӕнӕуой незтӕй багъӕуай кӕнайтӕ, уой туххӕй, ӕвӕдзи, алцидӕр кӕнтӕ. Зӕгъӕн, уӕ хӕдзӕрттӕ кӕдзосӕй даретӕ ӕма уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, бийнонти ӕнӕнездзийнадӕн тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр уодзӕй, уомӕй. Раст уотӕ гъӕуама нӕ сувӕллӕнтти гъӕуай кӕнӕн, Сайтани зундӕй гъӕстӕ ка ӕй, уӕхӕн кинотӕй, телешоутӕй, гъӕститӕй ӕма сайттӕй. Уӕ сувӕллӕнтти зӕрдитӕ гъӕуай кӕнун уин Йеговӕ ӕхуӕдӕг баихӕс кодта (Ӕмб. 1:8; Еф. 6:1, 4). Мадта уӕ бийнонтӕн Библий уагӕвӕрдтӕбӕл арӕзт амундтӕ дӕттунӕй ӕфсӕрми макӕд кӕнтӕ. Минкъий сувӕллӕнттӕн зӕгъетӕ, цӕмӕ син ӕнгъезуй кӕсун, цӕмӕ ба – нӕ, удта цӕмӕн, уой дӕр син балӕдӕрун кӕнтӕ (Матф. 5:37). Кӕд уӕ сувӕллӕнттӕ фӕуустурдӕр ӕнцӕ, уӕдта сӕ ахур кӕнтӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой Библий уагӕвӕрдти фӕрци ӕртасун (Дзиуит. 5:14). Удта еу гъуддаг ма иронх кӕнтӕ: уӕ сувӕллӕнттӕ сумахмӕ игъосгӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур уодзӕнцӕ, фал уомӕй фулдӕр ба исахур уодзӕнцӕ уӕ гъуддӕгтӕмӕ кӕсгӕй (Дук. з. 6:6, 7; Ром. 2:21).

9. Сайтан нӕ цӕхуӕн зундбӕл аразуй ӕма е тӕссаг цӕмӕн ӕй?

9 Сайтан ма нин нӕ зӕрдӕмӕ куд гъавуй? Е архайуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнун райдайӕн, цума адӕни зундӕй цӕрун Хуцауи зундӕй цӕрунӕй хуӕздӕр ӕй (Кол. 2:8). Зӕгъӕн, Сайтан адӕни уӕхӕн зундбӕл исаразта, цӕмӕй сӕ царди сӕйраг нисан уа гъӕздугдзийнадӕ. Еци нисан кӕмӕндӕрти сӕ къохи бафтуйуй, кӕмӕндӕрти ба нӕ. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр е тӕссаг ӕй, уомӕн ӕма ӕхцай туххӕй беретӕ се ’нӕнездзийнадӕ, сӕ бийнонти цард ӕма син Хуцауи хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уой фесафунцӕ (1 Тим. 6:10). Мах нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ӕхцамӕ нӕ раст цӕстӕй кӕсунбӕл ке ахур кӕнуй, уой туххӕй (Еккл. 7:12; Лук. 12:15).

НӔ БОН КУД ӔЙ НӔ ЗӔРДӔ БАГЪӔУАЙ КӔНУН

Уӕ зӕрдитӕн «гъӕуайгӕнгутӕ» ӕма «дуаргӕстӕ» уотӕ – фунӕй ма кӕнтӕ ӕма ’й гъӕуай кӕнтӕ, лӕгъузӕрдӕмӕ ибӕл цидӕриддӕр фӕббӕрӕг уодзӕй, уомӕй (кӕсӕ 10 ӕма 11 абзацтӕ) *

10, 11. а) Нӕ зӕрдӕ багъӕуай кӕнуни туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? б) Рагидзаманти гъӕуайгӕнӕгӕн ӕ куст ци адтӕй ӕма не ’фсарӕ гъӕуайгӕнӕги хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?

10 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ багъӕуай кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуй афойнадӕбӕл исбӕрӕг кӕнун, тӕссаг ин цӕмӕй уодзӕй, уой ӕма си нӕхе бахезун. Ӕмбесӕндти 4:23 дзурдбаст «гъӕуай кӕнун» нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, гъӕуайгӕнӕг ци куст кӕнидӕ, уой. Паддзах Соломони дзаман горӕти фарсбӕл лӕудтӕнцӕ гъӕуайгӕнгутӕ, ӕма знӕгтӕ горӕтмӕ ку ’рбахӕстӕг уиуонцӕ, уӕд фӕдеси гъӕр никкӕниуонцӕ. Аци цӕветтон нин лӕдӕрун кӕнуй, цӕмӕй нӕ Сайтан ӕ зундбӕл ма ракӕна, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, уой.

11 Рагидзаманти гъӕуайгӕнгутӕ ӕмгуст кодтонцӕ дуаргӕсти хӕццӕ (2 Сам. 18:24–26). Ӕма горӕтмӕ знаг ку ’рбахӕстӕг уидӕ, уӕд колдуӕрттӕ нихгӕниуонцӕ (Неем. 7:1–3). Не ’фсарӕ * Библимӕ гӕсгӕ ку ахур кӕнӕн, уӕд нӕ гъӕуайгӕнӕги хузӕн гъӕуай кӕндзӕй, Сайтан нин нӕ зӕрдӕмӕ, гъома нӕ гъудитӕ, нӕ фӕндтӕ ӕма не ’нкъарӕнтӕмӕ ку гъава, уӕд. Мадта не ’фсарӕн ӕ «фӕдеси гъӕр» ку райгъуса, уӕд нӕ зӕрди колдуӕрттӕ ӕвӕстиатӕй нихгӕнӕн.

12, 13. Тӕссаг ма нин цӕмӕй ӕй ӕма нӕ бон куд ӕй нӕхе багъӕуай кӕнун?

12 Расагъӕс кӕнӕн, Сайтани зундӕй нӕ бон куд ӕй нӕхе багъӕуай кӕнун, уобӕл. Зӕгъӕн, Йеговӕ нин зӕгъуй: «Хӕтунӕн ӕма [уӕмӕ] алли цъумур гъуддагӕн... ӕ кой дӕр ма уӕд» (Еф. 5:3). Не ’мкосгутӕ кенӕ ӕмкъласонтӕ ихӕлд гъуддӕгтӕбӕл дзорун ку райдайонцӕ, уӕд нӕхе куд бадардзиан? Мах ӕй зонӕн, «ӕнӕхуцау гъуддӕгтӕй ӕма зӕнхон монцтӕй идард ледзун» ке гъӕуй (Тит. 2:12). Нӕ «гъӕуайгӕнӕг», гъома не ’фсарӕ нӕ фӕдзӕхсдзӕй (Ром. 2:15). Фал имӕ мах байгъосдзиан? Ка ’й зонуй нӕ бафӕнддзӕй, не ’мкосгутӕ кенӕ ӕмкъласонтӕ ци дзорунцӕ, уомӕ байгъосун кенӕ, ци хузтӕ ӕвдесунцӕ, уонӕмӕ бакӕсун. Уӕд нӕ афойнадӕбӕл гъӕудзӕй «колдуӕрттӕ нихгӕнун» – дзурд ӕндӕр естӕмӕ раздахун кенӕ ба рандӕ ун.

13 Лӕгъуз сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕмӕ нӕ ка разӕнгард кӕнуй, еци адӕни зундахасти нихмӕ федар фӕллӕуунмӕ нӕ нифсхастдзийнадӕ куд нӕ гъӕуй. Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма ’й Йеговӕ зонуй, ӕнцон нин ке нӕй. Ӕма нин ӕнӕмӕнгӕй хъауритӕ ӕма зунд ратдзӕй, цӕмӕй Сайтани зунди нихмӕ федар лӕууӕн (2 Анз. 16:9; Ис. 40:29; Иак. 1:5). Фал ма нӕ никкидӕр ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнӕн?

КЪӔРЦГЪОС УОТӔ

14, 15. а) Нӕ зӕрдӕ цӕмӕн гъӕуама игон кӕнӕн ӕма уомӕн гӕнӕн куд ес? б) Библи кӕсун нин фулдӕр пайда кӕд хӕсдзӕй, уой туххӕй Ӕмбесӕндти 4:20–22 ци финст ес? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Библи кӕсгӕй сагъӕс кӕнун куд ӕнгъезуй».)

14 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ багъӕуай кӕнӕн, уой туххӕй ӕй гъӕуй нихгӕнун, цӕмӕй имӕ лӕгъузӕй маци цӕуа. Фал айдагъ е фагӕ нӕй. Гъӕуама ӕй игон дӕр кӕнӕн, цӕмӕй имӕ хуарздзийнадӕ цӕуа. Нӕуӕгӕй раздӕхӕн гъӕуайгӕнгути цӕветтонмӕ. Горӕтмӕ знаг ку ӕрбахӕстӕг уидӕ, уӕд дуаргӕс колдуӕрттӕ нихгӕнидӕ, фал хуӕруйнаг ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзаумӕуттӕ ку ӕрбаласиуонцӕ, уӕдта сӕ райгон кӕнидӕ. Колдуӕрттӕ алкӕддӕр ӕхгӕдӕй ку дардтайуонцӕ, уӕд горӕти адӕн стонгӕй рамардайуонцӕ. Уотӕ мах дӕр гъӕуама нӕ зӕрдӕ райгон кӕнӕн, цӕмӕй ӕй Хуцауи гъудитӕй идзаг кӕнӕн.

15 Библий финст ес Йегови гъудитӕ, ӕма ’й ку фӕккӕсӕн, уӕд аллихатт дӕр еци гъудитӕ нӕ сагъӕстӕбӕл, не ’нкъарӕнтӕбӕл ӕма нӕ гъуддӕгтӕбӕл фӕббӕрӕг унцӕ. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Библи кӕсун никки фулдӕр пайда хӕсса? Фиццагидӕр Йеговӕмӕ ковун. Еу хуӕрӕ загъта: «Библи бакӕсуни размӕ алкӕддӕр Йеговӕмӕ исковун, цӕмӕй мин банхус кӕна фӕууинун, ӕ Дзурди „ци дессӕгтӕ ес“, уони» (Пс. 119:18). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама, ци бакастан, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн. Мадта Йеговӕмӕ ку ковӕн, Библи ку кӕсӕн ӕма ци бакастан, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд Хуцауи гъудитӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф бахездзӕнцӕ ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕ ӕма ӕ закъӕнттӕ уарздзиан. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 4:20–22; Пс. 119:97).

16. Нӕ интернет-телеуинунадӕ беретӕн куд ӕнхус кӕнуй?

16 Хуцауи гъудитӕ ма нӕ зӕрдӕмӕ багъарунцӕ, нӕ интернет-телеуинунадӕмӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд. Еу лӕг ӕма уосӕ зӕгъунцӕ: «Алли мӕйӕ дӕр ка рацӕуй, еци программитӕ ӕнцӕ дзуапп нӕ кувдтитӕбӕл! Естӕбӕл ку фӕттухсӕн кенӕ ку фенкъард кӕнӕн, уӕд нин нӕ нифс бафедар кӕнунцӕ. Ци зартӕ си фӕууй, уонӕмӕ фегъосӕн, ӕфснайгӕ кенӕ хуӕруйнаг ку фӕккӕнӕн кенӕ ба уотид чай ку фӕццумӕн, уӕд». Еци программити фӕрци мах бон дӕр ӕй нӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕнун ӕма нӕхе ахур кӕнун, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнун, Сайтани гъудитӕй ба нӕхе еуварс дарун.

17, 18. а) 1 Паддзӕхти 8:61 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ Йеговӕ цӕбӕл ахур кӕнуй, уомӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд ци ’вдесӕн? б) Паддзах Езекий хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? в) Псалом 139:23, 24 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕй туххӕй ӕй ковун?

17 Аллихатт дӕр раст куд ӕй, уотӕ ку фӕййархайӕн, ӕма е ци пайда хӕссуй, уой ку фӕууинӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр фӕккӕнуй (Иак. 1:2, 3). Е нин ӕхцӕуӕн куд нӕй, уомӕн ӕма ни Йеговӕ сӕрустур фӕууй ӕма нӕ ӕ сувӕллӕнттӕ фӕххонуй. Уой зонгӕй ба нӕ никки хъӕбӕрдӕр ӕрфӕндуй, ӕхцӕуӕн ин ци ӕй, уой кӕнун (Ӕмб. 27:11). Фӕлварӕнти рӕстӕг алли хатт дӕр нӕ бон фӕууй бавдесун, нӕ хӕларзӕрдӕ Фидӕ Йеговӕн «уазалзӕрдӕй» ке нӕ лӕггадӕ кӕнӕн (Пс. 119:113). Мах ӕй ӕгас зӕрдӕй уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй алкӕддӕр ӕ фӕдзӕхститӕ, удта ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун. (Бакӕсӕ 1 Паддзӕхти 8:61.)

18 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, рӕдуйгӕ дӕр кӕндзиан, уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст ан. Фал нӕ зӕрдӕбӕл дардзиан Езекий хабар. Е дӕр рӕдуйгӕ кодта, фал ӕ рӕдудтитӕбӕл ӕрфӕсмон кодта ӕма Йеговӕн «ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр» равардта (Ис. 38:3–6; 2 Анз. 29:1, 2; 32:25, 26). Мадта Сайтанӕн ӕппундӕр фадуат ма дӕттӕн, цӕмӕй нӕ ӕ зундахастӕй фегъӕстӕ кӕна. Хуцаумӕ ковӕн, цӕмӕй нин «коммӕгӕс зӕрдӕ» ратта (1 Пад. 3:9; бакӕсӕ Псалом 139:23, 24). Фал еузӕрдонӕй байзайдзиан ӕви нӕ, е кӕнгӕ ’й, нӕ зӕрдӕ куд гъӕуай кӕнӕн, уомӕй.

54 ЗАР «Мӕнӕ над»

^ 5 абз. Цума Йеговӕбӕл еузӕрдон уодзиан ӕви Сайтанӕн нӕхе басайун бауадздзиан ӕма Хуцауӕй райеуварс уодзиан? Е кӕнгӕ ’й, цӕхуӕн зин фӕлварӕни бахауӕн, уомӕй нӕ, фал нӕ зӕрдӕ куд гъӕуай кӕнӕн, уомӕй. Аци статьяй дзуаппитӕ базондзиан уӕхӕн ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл: Библий дзурд «зӕрдӕ» цӕмӕ амонуй? Сайтан куд архайуй, цӕмӕй нин нӕ зӕрдӕ ӕхердӕмӕ расайа? Ӕма нӕ бон куд ӕй нӕхе багъӕуай кӕнун?

^ 11 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Йеговӕ нӕ уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй нӕ бон уа лӕдӕрун, нӕ гъудитӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ, уой. Уӕхӕн искурдиадӕ Библи хонуй ӕфсарӕ (Ром. 2:15; 9:1). Библимӕ гӕсгӕ ахургонд ӕфсарӕ нин фӕййамонуй, нӕ зундахаст, нӕ дзубанди ӕма нӕ гъуддӕгтӕ Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ, уой.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Донаргъуд ӕнсувӕр теливизормӕ кӕсуй ӕма си ӕнӕгъдау цидӕртӕ равдистонцӕ. Нур ӕй гъӕуй, куд бакӕндзӕй, уой ниллух кӕнун.

^ 58 абз. ХУЗӔ. Гъӕуайгӕнӕг фӕууидта, горӕтмӕ знаг ке ӕрбахӕстӕг кӕнуй, ӕма дуаргӕстӕмӕ фӕххабар кодта, цӕмӕй горӕти колдуар нихгӕнонцӕ.