Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Кадӕ кӕнӕ Йеговӕн ӕмбурди

Кадӕ кӕнӕ Йеговӕн ӕмбурди

«Ӕмбурди астӕу дӕ кадгин кӕндзӕн» (ПС. 22:22).

59 ЗАР Йаги кадгин кӕнӕ!

РАЗДЗУРД *

1. Давид Хуцаумӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта ӕма ’й е цӕмӕ разӕнгард кодта?

ПАДДЗАХ Давид ниффинста: «Йеговӕ ӕй устур Хуцау, е ӕй устур кади аккаг» (Пс. 145:3). Е Йегови уарзта, ӕма ’й еци уарзондзийнадӕ разӕнгард кодта Хуцауи «ӕмбурди астӕу» кадгин кӕнунмӕ (Пс. 22:22; 40:5). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ду дӕр уарзис Йегови ӕма дӕу бон дӕр ӕй Давиди хузӕн зӕгъун: «О Йеговӕ, нӕ фидӕ Израили Хуцау, табу дин уӕд ӕносӕй-ӕносмӕ» (1 Анз. 29:10–13).

2. а) Нӕ бон куд ӕй Йегови кадгин кӕнун? б) Еуӕй-еу киристӕнттӕ цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбӕлунцӕ ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Абони нӕ бон ци гъуддӕгтӕй ӕй Йегови кадгин кӕнун, уонӕй еу ӕй ӕмбурдти дзуапп дӕттун. Фал еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн е ӕцӕг фӕлварӕн исуй. Фӕффӕндуй сӕ дзуапп раттун, фал сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Цума син ци банхус кӕндзӕй? Алкӕмӕндӕр ни цӕхуӕн унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ нӕ дзуӕппитӕй кӕрӕдзей федар кӕнун? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ базонуни размӕ бал ӕркӕсӕн, цӕхуӕн цуппар гъуддагей туххӕй фӕддӕттӕн ӕмбурди дзуӕппитӕ, уомӕ.

ӔМБУРДТИ ДЗУӔППИТӔ ЦӔМӔН ФӔДДӔТТӔН

3–5. а) Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:15 гӕсгӕ ӕмбурдти дзуӕппитӕ цӕмӕн фӕддӕттӕн? б) Ӕгасӕйдӕр еу хузи дзуӕппитӕ гъӕуама дӕттӕн? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

3 Йеговӕ ни алкӕмӕндӕр равардта фадуат, цӕмӕй ӕй кадгин кӕнӕн (Пс. 119:108). Ӕмбурди ци дзуӕппитӕ фӕддӕттӕн, етӕ хаунцӕ «кади нивондмӕ», ӕма еци нивонд нӕ бӕсти неке ӕрхӕсдзӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:15.) Фал цума Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕй ӕгасемӕйдӕр еци еу хузи «кади нивӕндтӕ» агоруй? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ!

4 Йеговӕ ’й зонуй, еугурӕйдӕр фӕйнӕхузи ке ан ӕма фӕйнӕхузи уавӕрти ке цӕрӕн, ӕма ин ци нивӕндтӕ ӕй нӕ бон хӕссун уонӕн хъӕбӕр аргъ кӕнуй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Йеговӕ цӕхуӕн нивӕндтӕбӕл арази адтӕй, уой. Израилӕгти бон адтӕй нивонди фус кенӕ сӕгъӕ ӕрхӕссун. Фал мӕгур адӕймаги бон ба адтӕй ӕрхӕссун «дууӕ ӕхсинӕнги кенӕ дууӕ бӕдолӕ бӕлӕуи». Кӕд уой дӕр ӕ къох нӕ амудта, уӕдта ӕ бон адтӕй ӕрхӕссун «тӕккӕ хуӕздӕр инсад – ефи дӕсӕймаг хай» (Лев. 5:7, 11). Инсад асландӕр адтӕй, фал Йеговӕ уӕддӕр уӕхӕн нивондӕн аргъ кодта, ӕрмӕст еци инсад гъӕуама адтайдӕ «тӕккӕ хуӕздӕр».

5 Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау абони дӕр ӕ гъуди нӕ раййивта. Ӕмбурди дзуапп ку фӕддӕттӕн, уӕд ни нӕ фӕййагоруй, цӕмӕй Аполлоси хузӕн дзурдарӕхст уӕн кенӕ апостол Павели хузӕн федар дзурд кӕнӕн (Гъуд. 18:24; 26:28). Йегови фӕндуй, цӕмӕй нӕ бон куд ӕй, уотӕ архайӕн хуарз дзуапп раттунмӕ. Нӕ бон ци нӕй, уой ни нӕ агоруй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн дууӕ листӕг ӕхцай ка ниггӕлста, еци мӕгур идӕдзӕ силгоймаги. Йеговӕ ин ӕ нисайнагӕн исаргъ кодта, уомӕн ӕма имӕ хуӕздӕрӕй ци адтӕй, уой равардта (Лук. 21:1–4).

Дзуӕппитӕ ку дӕттӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр пайда хӕсдзӕй (кӕсӕ 6 ӕма 7 абзацтӕ) *

6. а) Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25 гӕсгӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дзуӕппитӕ нин цӕхуӕн ӕнхус фӕуунцӕ? б) Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дзуӕппитӕн ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

6 Нӕ дзуӕппитӕй кӕрӕдзей федар кӕнӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25.) Алке зӕрдӕмӕ дӕр ни цӕуй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕйнӕхузи дзуӕппитӕмӕ игъосун. Зӕгъӕн, сувӕллӕнттӕ хумӕтӕг, фал зӕрдиаг дзуӕппитӕ ку раттунцӕ, уӕд сӕбӕл бацийнӕ кӕнӕн. Кенӕ ба ӕмбурдтӕмӕ ӕрӕги цӕун ка райдӕдта, е рӕстдзийнади туххӕй зир-зиргӕнгӕ гъӕлӕсӕй ку фӕддзоруй, уӕд ма нӕхе зӕрдӕ дӕр гупп-гупп кӕнунмӕ фӕййагайуй. Ӕфсӕрмигӕнагӕ ка ӕй кенӕ нин не ’взаг ӕрӕги ахур кӕнун ка райдӕдта, етӕ дӕр куд нифсгунӕй фӕдздзорунцӕ, уой фегъосгӕй си куд сӕрустур фӕууӕн (1 Фес. 2:2). Сӕ дзуӕппитӕн син ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? Нӕ бон син ӕй ӕмбурди фӕсте райарфӕ кӕнун, удта ма нӕхе бон дӕр ӕй дзуӕппитӕ дӕттун. Уотемӕй айдагъ нӕхуӕдтӕ нӕ бафедар уодзиан, фал ма иннети дӕр бафедар кӕндзиан (Ром. 1:11, 12).

7. Дзуӕппитӕ ку дӕттӕн, уӕд е нӕхецӕн цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй?

7 Дзуӕппитӕ дӕттун нӕхецӕн дӕр хӕссуй пайда (Ис. 48:17). Цума куд? Фиццаг: дзуапп раттун нӕ ку фӕндӕуа, уӕд нӕхе рагацау дзӕбӕх бацӕттӕ кӕндзиан. Хуарз ке фӕццӕттӕ кӕнӕн, уой фӕрци ба Хуцауи Дзурд хуӕздӕр лӕдӕрун райдайӕн. Ӕма ’й куд хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уотӕ ба си нӕ царди ӕнтӕстгундӕрӕй фӕппайда кӕнӕн. Дуккаг: дзуӕппитӕ дӕтгӕй нин ӕмбурдтӕ фулдӕр цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕнцӕ. Ӕртиккаг: цӕмӕй дзуапп бацӕттӕ кӕнай, уой туххӕй дӕ байархайун фӕгъгъӕуй, ӕма уой фӕрци ба еци гъудитӕ хуӕздӕр багъуди кӕндзӕнӕ.

8, 9. а) Малахий 3:16 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ нӕ дзуӕппитӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? б) Еуӕй-еуетӕн зин ци фӕууй?

8 Не ’ууӕндундзийнади туххӕй ку фӕдздзорӕн, уӕд Йегови зӕрдӕ фӕррохс кӕнӕн. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нӕ ке игъосуй ӕма ӕмбурдти дзуӕппитӕ дӕттунбӕл ке архайӕн, уомӕн дӕр ке аргъ кӕнуй. (Бакӕсӕ Малахи 3:16.) Ӕма ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнунбӕл ӕгас хъауритӕй ке архайӕн, уой туххӕй нин е дӕр арфӕ кӕнуй (Мал. 3:10).

9 Ӕцӕгӕйдӕр, ӕмбурдти дзуӕппитӕ дӕттун берӕ пайда хӕссуй. Фал уӕддӕр еуӕй-еуетӕ къох исдарунмӕ сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Кӕд дӕумӕ дӕр уотӕ фӕууй, уӕд дӕ нифс ма басӕттӕд. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библийӕй нин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ, цӕветтонтӕ ӕма унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

НИФСГУНДӔР ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗӔНӔ

10. а) Беретӕ ни цӕмӕй фӕттӕрсунцӕ? б) Уӕхӕн цӕмӕйдӕрти ке фӕттӕрсӕн, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?

10 Дӕ къох исдарун дӕ ке гъӕудзӕй, уомӕн кӕд айдагъ ӕ сагъӕсӕй дӕр дӕ зӕрдӕ ӕндӕмӕ фӕггӕпп кӕнуй, уӕд ӕй зонӕ, еунӕг ду нӕ дӕ уӕхӕн. Зӕгъӕн ес, ӕма нӕ фулдӕр дзуапп раттунмӕ тӕрсгӕ фӕккӕнунцӕ. Фал цӕмӕй еци тас нӕ зӕрдӕй фӕссорӕн, уой туххӕй ӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, цӕмӕй тӕрсӕн, уой. Ка ’й зонуй, тӕрсис, дӕ гъуди ку фӕлледза ӕма ӕндӕр цидӕртӕ ку радзорай, уомӕй. Кенӕ ба тухсис, дӕ дзуапп иннети хузӕн хуарз ӕма рӕсугъд ке нӕ уодзӕй. Фал уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ке тухсис, е хуарз бӕрӕггӕнӕн ӕй. Е, сӕрниллӕг ке дӕ ӕма иннети дӕхецӕй уӕлдӕр ке нимайис, уобӕл дзорӕг ӕй. Ӕма уӕхӕн менеугутӕн ба Йеговӕ хъӕбӕр аргъ кӕнуй (Пс. 138:6; Фил. 2:3). Фал ма Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕй кадгин кӕнай ӕма дӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнай (1 Фес. 5:11). Йеговӕ дӕ уарзуй ӕма дин ӕнхус дӕр бакӕндзӕй, цӕмӕй нифсгундӕр уай.

11. Библийӕй нин цӕхуӕн гъудитӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

11 Ӕркӕсӕн еуӕй-еу гъудитӕмӕ Библийӕй. Библи зӕгъуй, алкедӕр ни арӕх ке рӕдуйуй, ци дзоруй ӕма куд дзоруй, уомӕй (Иак. 3:2). Йеговӕ ни ӕнхӕстдзийнадӕ нӕ агоруй, ӕма нӕ хуӕртӕ, удта ӕнсувӕртӕ дӕр уотӕ (Пс. 103:12–14). Етӕ ӕнцӕ нӕ бийнонтӕ, ӕма нӕ уарзунцӕ (Мар. 10:29, 30; Иоан. 13:35). Лӕдӕрунцӕ ’й, арӕх нӕ дзуӕппитӕ, куд нӕ фӕндадтӕй, уотӕ ке нӕ рауайунцӕ.

12, 13. Нееми ӕма Иони цӕветтонтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

12 Нур ба расагъӕс кӕнӕн, нифсхастдӕр унмӕ нин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн цӕветтонтӕбӕл Библийӕй. Ӕргъуди кӕнӕн Неемий. Е лӕггадӕ кодта хъаурӕгин паддзахи галауани. Йерусалим пурхӕй ке лӕууй, уой ку фегъуста, уӕд хъӕбӕр маст кӕнун райдӕдта (Неем. 1:1–4). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ куд истухстайдӕ, паддзах ӕй уотӕ ку бафарста, цӕбӕл ӕнкъард кӕнис, зӕгъгӕ, уӕд! Нееми цубуртӕй искувта ӕма паддзахӕн гъуддаг балӕдӕрун кодта. Цума гъуддаг идарддӕр куд рауадӕй? Паддзах Хуцауи адӕнӕн хъӕбӕр банхус кодта (Неем. 2:1–8). Нӕ бон ма ӕй Иони хабар дӕр нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун. Йеговӕ ин Ниневий цӕргутӕн тӕрхони хабар фегъосун кӕнун ку баихӕс кодта, уӕд уотӕ фӕттарстӕй, ӕма ледзӕги фӕцӕй бустӕги ӕндӕр ӕрдӕмӕ – Фарсисмӕ (Ионӕ 1:1–3). Фал Йегови фӕрци уӕддӕр ӕ ихӕс исӕнхӕст кодта, ӕма уой фӕрци ниневийӕгтӕ фӕййервазтӕнцӕ (Ионӕ 3:5–10). Неемий цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, дзуапп раттуни размӕ ковун куд ӕхсидзгӕ ’й, е. Иони цӕветтонӕй ба зиннуй, кӕд хъӕбӕр фӕттӕрсӕн, уӕддӕр нин Йеговӕ ке банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнӕн. Цума нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ ниневийӕгтӕй фуддӕр ӕнцӕ?

13 Цӕхуӕн унаффитӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ иннети нӕ дзуӕппитӕй федар кӕнун? Гъӕйдӕ си еуӕй-еуетӕмӕ ӕркӕсӕн.

14. Ӕмбурдтӕмӕ нӕхе дзӕбӕх цӕмӕн гъӕуама цӕттӕ кӕнӕн ӕма нӕ бон кӕд ӕй нӕхе цӕттӕ кӕнун?

14 Алли ӕмбурдмӕ дӕр дӕхе цӕттӕ кӕнӕ. Дӕхецӕн нисан ку исӕвӕрай, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ дзӕбӕх цӕттӕ кӕнай, уӕд дзуапп дӕттунмӕ нифсхастдӕр уодзӕнӕ (Ӕмб. 21:5). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алкедӕр ни еци еу рӕстӕг нӕ фӕццӕттӕ кӕнуй. Еу 80 анзи кӕбӕл цӕуй, еу уӕхӕн идӕдзӕ хуӕрӕ Элоизӕ Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги статьямӕ ӕхе цӕттӕ кӕнун райдайуй къуӕрей райдайӕни. Элоизӕ зӕгъуй: «Ӕмбурдмӕ мӕхе рагацау ку бацӕттӕ кӕнун, уӕд си фулдӕр цийнӕдзийнадӕ райсун». Иннӕ хуӕрӕ Джои ба ӕгас бон косуй, ӕма ӕхе бацӕттӕ кӕнунмӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнуй сабати. «Мӕхе ӕмбурди бонмӕ хӕстӕгдӕр ку бацӕттӕ кӕнун, уӕд мин ӕрмӕг нигъгъуди кӕнун ӕнцондӕр фӕууй». Джуниор лӕггадӕ кӕнуй хестӕр нӕлгоймагӕй ӕма пионерӕй, ӕма ин ӕмбурди берӕ ихӕстӕ ес. «Мӕнӕн ӕнцондӕр фӕууй ӕгас ӕрмӕг еу хаттӕн нӕ, фал цалдӕр боней дӕргъи цӕттӕ кӕнун»,– зӕгъуй Джуниор.

15. Дӕ бон куд ӕй ӕмбурдмӕ дзӕбӕх цӕттӕ кӕнун?

15 Дӕ бон куд ӕй дӕхе дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнун? Цӕттӕ кӕнуни размӕ бал Йеговӕмӕ исковӕ ӕма си сугъдӕг хъаурӕ ракорӕ (Лук. 11:13; 1 Иоан. 5:14). Уой фӕсте ба цалдӕр минуттей дӕргъи ӕркӕсӕ ӕрмӕгӕн ӕ сӕргонд, дӕлсӕргӕндтӕ, хузтӕ ӕма рамкитӕмӕ. Абзацтӕ кӕсун ку райдайай, уӕдта архайӕ, цӕмӕй Библийӕй фулдӕр стихтӕ бакӕсай. Дзуапп раттун дӕ кӕбӕл фӕндӕуа, еци гъудитӕбӕл ба уӕлдай лӕмбунӕгдӕр расагъӕс кӕнӕ. Дӕхе куд хуӕздӕр бацӕттӕ кӕнай, уотӕ дин ӕрмӕг фулдӕр пайда ӕрхӕсдзӕй ӕма дин дзуапп раттун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй (2 Кор. 9:6).

16. Дӕ бон цӕхуӕн косӕндзаумӕуттӕй ӕй пайда кӕнун ӕма си куд фӕппайда кӕнис?

16 Гӕнӕн ку уа, уӕд пайда кӕнӕ, дӕу ӕвзагбӕл ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй. Йеговӕ нин ӕ организаций фӕрци равардта берӕ аллихузи косӕндзаумӕуттӕ, цӕмӕй нин ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнун ӕнцондӕр уа. Приложени «JW Library®»-й фӕрци нӕ бон ӕй телефонмӕ кенӕ планшетмӕ журнал рафинсун. Уой фӕрци нӕ бон ӕй ӕрмӕг цӕттӕ кӕнун (кенӕ уотид кӕсун ӕма игъосун) кӕмифӕнди ма уӕн ӕма цийфӕнди афон ма уа, уӕддӕр. Еуӕй-еуетӕ еци приложенийӕй фӕппайда кӕнунцӕ надбӕл кенӕ кусти рӕфтад афони кенӕ ба скъолай. Цӕхуӕндӕр фарстамӕ дӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсун ку фӕндӕуа, уӕдта дӕ бон ӕй испайда кӕнун электронон библиотекӕй кенӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги онлайн библиотекӕ»-й.

Дӕхе ӕмбурдмӕ кӕд фӕццӕттӕ кӕнис? (кӕсӕ 14–16 абзацтӕ) *

17. а) Цалдӕр дзуаппи цӕттӕ кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй? б)  Ци базудтай видеороликкӕй «Йегъовӕйы ӕмбал су. Дӕ дзуапп бацӕттӕ кӕн»?

17 Байархайӕ алли статьямӕ дӕр цалдӕр дзуаппи бацӕттӕ кӕнун. Цӕмӕн? Гӕнӕн ес, ӕма дӕу ци фарстабӕл фӕндӕуа дзуапп раттун, уобӕл иннетӕ дӕр сӕ къох исдаронцӕ, ӕма ӕнсувӕр дӕу нӕ, фал ӕндӕр еске бафӕрсдзӕй. Удта ма, ӕмбурд афойнадӕбӕл ке гъӕуама фӕууа, уой туххӕй ӕнсувӕрӕн ӕ бон нӕй алке бафӕрсун. Ӕма дӕ статьяй райдайӕни ку нӕ бафӕрсонцӕ, уӕддӕр дӕ нифс ма бассӕттӕд. Цалдӕр дзуаппи ку бацӕттӕ кӕнай, уӕд дин дзуапп раттунмӕ фулдӕр фадуӕттӕ уодзӕй. Дӕ бон ма ӕй бацӕттӕ кӕнун Библий стих кенӕ, дӕхе дзурдтӕй ке ратдзӕнӕ, уӕхӕн дзуапп *.

18. Цубур дзуӕппитӕ дӕттун хуарз цӕмӕн ӕй?

18 Цубур дзуӕппитӕ дӕттӕ. Цубур ӕма хумӕтӕг дзуӕппитӕ тӕккӕ хъӕбӕрдӕр федар кӕнунцӕ нифс. Мадта нисан исӕвӕрӕ гъе уӕхӕн дзуӕппитӕ дӕттун. Байархайӕ, цӕмӕй дин 30 сикъундемӕй фулдӕр ма уонцӕ (Ӕмб. 10:19; 15:23). Кӕд ӕмбурди берӕ ӕнзти дӕргъи дӕттис дзуӕппитӕ, уӕд дӕбӕл еу ӕхсидзгӕ ихӕс ес: гъӕуама иннетӕн уай фӕнзуйнаг, цубуртӕй ке дзуапп кӕнис, уомӕй. Даргъ ӕма зин дзуӕппитӕ ку дӕттай, уӕд, ка ’й зонуй, ескӕмӕ уотӕ фӕккӕсдзӕй, ӕма уой бон уотӕ некӕд исуодзӕй. Удта ма дзуӕппитӕ куд цубурдӕр уонцӕ, уотӕ фулдӕрей бон уодзӕй дзуапп раттун. Фарстабӕл фиццаг дзуапп гъӕуама уа цубур ӕма комкоммӕ. Абзацци еугур гъудитӕ радзорунбӕл ма архайӕ. Сӕйраг гъуди загъд ку уа, уӕд дӕ бон ӕй иннӕ гъудитӕмӕ дӕр де ’ргом раздахун. (Кӕсӕ рамкӕ « Цӕхуӕн дзуӕппитӕ ес дӕттӕн».)

19. Дӕ бон ци ӕй бакӕнун, дзуапп раттун дӕ ку фӕндӕуа, уӕд?

19 Ӕрмӕг ка уаддзӕй, еци ӕнсувӕрӕн зӕгъӕ, кӕци фарстабӕл дӕ фӕндуй дзуапп раттун. Хуӕздӕр уодзӕй, уой туххӕй ин ӕмбурди размӕ ку зӕгъай. Ӕнсувӕр фарста куддӕр ратта, уотӕ дӕ къох дзӕбӕх исдарӕ, цӕмӕй дӕ фӕууина.

20. Ӕмбурдтӕ, ӕмбӕлттӕ кӕми ӕрӕмбурд унцӕ, уӕхӕн бабадти хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?

20 Ӕмбурдтӕ рабарӕн ес, хуарз ӕмбӕлттӕ кӕми ӕрӕмбурд унцӕ, уӕхӕн бабадти хӕццӕ. Зӕгъӕн, кадӕр фӕндӕ кӕнуй, физонӕг искӕнун ӕма дӕуӕн дӕр баихӕс кодтонцӕ ести хумӕтӕг хуӕруйнаг ӕрцӕттӕ кӕнун. Ӕвӕдзи, тухсгӕ дӕр кӕндзӕнӕ, фал байархайдзӕнӕ, цӕмӕй алке зӕрдӕмӕ дӕр ка фӕццӕудзӕй, уӕхӕн хуӕруйнаг искӕнай. Уотӕ не ’мбурдти дӕр Йеговӕ ӕй рӕдау хӕдзари хецауи хузӕн – нӕ рази нин идзаг фингтӕ ӕрӕвӕруй (Пс. 23:5; Матф. 24:45). Ӕма ин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, мах дӕр ревӕд къохӕй ку не ’рбацӕуӕн ӕма нӕмӕ хуӕздӕрӕй ци ес, уой ин ку ’рбахӕссӕн. Гъӕйдӕ мадта архайӕн, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ нӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕн ӕма нӕ къохтӕ арӕхдӕр есӕн. Ӕма гъе уӕд Йегови фингӕй айдагъ нӕхе не ’фсаддзиан, фал ма иннетӕн дӕр хай кӕндзиан.

2 ЗАР Йеговӕ ӕй дӕ ном

^ 5 абз. Псаломзаргӕнӕг Давиди хузӕн ни алкедӕр фӕндуй Йегови кадгин кӕнун, уомӕн ӕма ’й уарзӕн. Нӕ уарзт бавдесунмӕ нин хуарз фадуат фӕууй ӕмбурдти рӕстӕг. Фал еуӕй-еу киристӕнттӕн зин фӕууй ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕттун, уомӕн ӕма сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр уотӕ фӕууй, уӕд дин аци статья устур ӕнхус уодзӕй балӕдӕрунмӕ, дӕ нифс цӕмӕннӕ хӕссис, уой, удта дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕннифсгундӕр уай.

^ 17 абз. Сайти jw.org бакӕсӕ видеороликмӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су. Дӕ дзуапп бацӕттӕ кӕн». (Кӕсӕ БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > СЫВӔЛЛӔТТӔ.)

^ 63 абз. ХУЗӔ. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги статья ӕвзаргӕй цийнӕгӕнгӕй дзуӕппитӕ дӕттунцӕ.

^ 65 абз. ХУЗӔ. Ӕмбурди дзуӕппитӕ ка лӕвардта, уонӕй еуӕй-еуетӕ. Кӕд си алкӕмӕндӕр ӕхе уавӕртӕ фӕууй, уӕддӕр си алкедӕр рӕстӕг рахецӕн кӕнуй, цӕмӕй ӕмбурдмӕ ӕхе бацӕттӕ кӕна.