25 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Ӕз мӕхуӕдӕг байагордзӕн мӕ фусти»
«Ӕз мӕхуӕдӕг байагордзӕн мӕ фусти ӕма сӕмӕ зелдзӕн» (ЙЕЗ. 34:11).
105 ЗАР «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ»
РАЗДЗУРД *
1. Йеговӕ мади хӕццӕ ӕхе цӕмӕн рабарста?
«УОМӔН гӕнӕн ес, ӕма мадӕ ӕ дзедзедай сувӕллони феронх кӕна?» Аци дзурдтӕ Йеговӕ ӕ адӕнӕн загъта пахампар Исаййи рӕстӕги. Удта ма загъта: «Е ӕй, гӕнӕн ес, ӕма феронх кӕна, фал дӕ ӕз нӕ феронх кӕндзӕн» (Ис. 49:15). Йеговӕ мади хӕццӕ ӕхе арӕх нӕ рабаруй, фал ами ба рабарста, уомӕн ӕма ’й фӕндадтӕй бавдесун, ӕ лӕггадгӕнгути куд берӕ уарзуй, уой. Берӕ мадтӕлтӕ исарази уодзӕнцӕ хуӕрӕ Жасмини дзурдти хӕццӕ: «Сувӕллони рӕвдаугӕй мадӕмӕ ци ӕнкъарӕнтӕ фӕззиннуй, уой нецӕй хӕццӕ ес рабарӕн. Ӕма еци ӕнкъарӕнтӕ нӕбал рандӕ унцӕ».
2. Йеговӕн куд фӕууй, ӕ сувӕллӕнттӕй си еске ку раидард уй, уӕд?
2 Йеговӕ ’й фӕууинуй, ӕ сувӕллӕнттӕй еске игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурдтӕмӕ ку нӕбал фӕццӕуй, уӕд. Расагъӕс кӕнӕ, куд зин ин фӕууй, алли анз дӕр ӕ лӕггадгӕнгутӕй мингӕйттӕ рӕстдзийнади ке ӕрлӕмӕгъ унцӕ, е *.
3. Йегови ци фӕндуй?
3 Ка ӕлӕмӕгъ ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ фӕстӕмӕ ӕмбурдмӕ раздӕхунцӕ, ӕма нин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй! Йегови фӕндуй, цӕмӕй си ка раидард ӕй, етӕ имӕ фӕстӕмӕ раздӕхонцӕ. Ӕма мах дӕр уотӕ фӕндуй (1 Пет. 2:25). Цума син нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? Аци фарстабӕл дзуапп базонуни размӕ бал ӕркӕсӕн, еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ цӕмӕн нӕбал фӕццӕунцӕ, уомӕ.
ЕУӔЙ-ЕУЕТӔ ЙЕГОВӔН ЦӔМӔН НӔБАЛ ФӔЛЛӔГГАДӔ КӔНУНЦӔ?
4. Еуӕй-еу киристӕнттӕбӕл сӕ куст куд рабӕрӕг уй?
4 Еуӕй-еу киристӕнттӕ сӕ кусти ранигъулунцӕ. Азийӕй еу ӕнсувӕр Хань * загъта: «Мӕ царди кустӕй уӕлдай нецибал адтӕй, ӕма е мӕхе фуд ӕй. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма гъӕздугдӕр ку уон, уӕд мин ӕнцондӕр уодзӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Гъема кустон ӕма кустон. Сабургай ӕмбурдтӕ цох кӕнун райдӕдтон, уой фӕсте ба сӕмӕ ӕппундӕр нӕбал цудтӕн. Куд ӕй балӕдӕрдтӕн, уотемӕй аци дуйней алцидӕр уотӕ конд ӕй, цӕмӕй сабургай Хуцауӕй раидард уӕн».
5. Еу хуӕрӕ ӕ зиндзийнӕдти туххӕй цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй?
5 Иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ба сӕ нифс басӕттуй зиндзийнӕдти рӕстӕг. Великобританийӕй еу хуӕрӕ Энн, фондз сувӕллоней мадӕ, зӕгъуй: «Мӕ биццеутӕй сӕ еу уӕззау нези хӕццӕ райгурдӕй, иннемӕ ба нервити нез фӕззиндтӕй. Мӕ кизгуттӕй ба еуей ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ. Еци хабӕрттӕй гъе уотӕ бадӕн, ӕма ӕмбурдтӕмӕ, удта игъосун кӕнунмӕ нӕбал цудтӕн». Эннбӕл ӕма ӕ бийнонтӕбӕл нӕ зӕрдӕ хъӕбӕр ресуй, удта ма уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ка ӕвзаруй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕр.
6. Киристон Колоссӕгтӕмӕ 3:13 финст уагӕвӕрд ку не ’нхӕст кӕна, уӕд Йеговӕй куд раидард уодзӕй?
6 Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:13. Ес ма, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке фӕрресун кодтонцӕ, уӕхӕнттӕ дӕр. Апостол Павел дӕр дзурдта, еуӕй-еухатт кӕрӕдзей зӕрдихудти ке цӕудзиан. Ка ’й зонуй нӕ кадӕр ӕнӕфудӕй бафхуардта. Уӕхӕн уавӕри лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма нӕ зӕрди маст ниббада ӕма Йегови адӕнӕй райеуварс уӕн. Хонсар Америкӕй еу ӕнсувӕр Паблобӕл дӕр уӕхӕн хабар ӕрцудӕй. Ке нӕ бакодта, уӕхӕн гъуддаги ’й фӕффудгин кодтонцӕ ӕма ’й ӕмбурди ӕ ихӕстӕй исистонцӕ. Цума уомӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Пабло зӕгъуй: «Хъӕбӕр исмӕстгун дӕн, ӕма гъе уой туххӕй сабургай ӕмбурдӕй идард кӕнун райдӕдтон».
7. Адӕймаги ӕ цӕсгон ку фӕххуӕруй, уӕд е хатгай цӕмӕ ӕркӕнуй?
7 Фӕууй уотӕ дӕр, ӕма, раздӕр уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, уӕхӕн киристони ӕ цӕсгон фӕххуӕруй ӕма ӕхе Хуцауи уарзти аккагбӕл нӕбал фӕннимайуй. Уӕхӕн киристон ӕ тӕрегъӕдбӕл ӕрфӕсмон кӕнуй, фал имӕ уӕддӕр уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ин Хуцауи адӕни астӕу бунат нӕбал ес. Ӕнсувӕр Франсиско дӕр уотӕ сагъӕс кодта. Е зӕгъуй: «Еухатт мин ӕнӕгъдаудзийнади туххӕй барадон комитет бауайдзӕф кодта. Фиццаг рӕстӕг ма ӕмбурдтӕмӕ цудтӕн, фал уой фӕсте ба мӕхемӕ нийгъустон ӕма мӕмӕ уотӕ кӕсун райдӕдта, цума уой аккаг нӕ дӕн, цӕмӕй Хуцауи лӕггадгӕнгути астӕу уон. Мӕ цӕсгон мӕ хуардта, ӕма мин Йеговӕ ке ниххатир кодта, е ми не ’руагӕс кодта. Гъе уотемӕй сабургай ӕмбурдӕй раидард дӕн». Ауӕхӕн уавӕрти ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис? Дӕ зӕрдӕ сӕбӕл ресуй? Йеговӕ ба сӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
ЙЕГОВӔ УАРЗУЙ Ӕ ЛӔГГАДГӔНГУТИ
8. Цума Йеговӕ феронх уй, ка ин лӕггадӕ кодта, уони? Ба ’й лӕдӕрун кӕна.
8 Йеговӕ нӕ иронх кӕнуй, ка ин нӕбал лӕггадӕ кӕнуй ӕма ӕ адӕнӕй ка райеуварс ӕй, уони. Удта син сӕ хъиамӕттӕ дӕр нӕ иронх кӕнуй (Дзиуит. 6:10). Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути куд уарзуй ӕма сӕбӕл куд тухсуй, уой пахампар Исай хъӕбӕр рӕсугъд ниффинста: «Фиййау дзогӕ куд фӕххезуй, уотӕ хездзӕй ӕ дзогӕ. Уӕриккити ӕрбамбурд кӕндзӕй ӕма сӕ ӕ гъӕбеси хӕсдзӕй» (Ис. 40:11). Цума Устурдӕр Фиййау Йеговӕ ци цӕстӕй кӕсуй, ка радзӕгъӕл ӕй, еци уӕриккитӕмӕ? Йесо уой ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн уотӕ балӕдӕрун кодта: «Куд гъуди кӕнтӕ? Ескӕмӕ сӕдӕ фуси ку уа ӕма си еу ку радзӕгъӕл уа, уӕд науӕдзӕ фараст фуси хуӕнхти нӕ ниууадздзӕй ӕма еци фуси агорӕг нӕ рандӕ уодзӕй? Ӕмӕ ’й ку иссера, уӕд, зӕгъун уин, ка нӕ радзӕгъӕл ӕй, еци науӕдзӕ фараст фусемӕй ибӕл хъӕбӕрдӕр цийнӕ кӕндзӕй» (Матф. 18:12, 13).
9. Рагидзаманти хуарз фиййау цӕхуӕн адтӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
9 Цума Йегови фиййауи хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? Уомӕн ӕма рагидзаманти хуарз фиййау ӕ фустӕбӕл тухстӕй. Зӕгъӕн, еухатт Давид ӕхе домбайбӕл ниццавта ӕма ’й ниммардта, ӕ фустӕмӕ ин ке бавналдта, уой туххӕй. Иннӕ хатт ба гъе уотӕ арс дӕр ниммардта (1 Сам. 17:34, 35). Хуарз фиййауӕн сӕдӕ фусемӕй еунӕг дӕр ку фӕгъгъудайдӕ, уӕддӕр ӕй фӕууидтайдӕ (Иоан. 10:3, 14). Уӕхӕн фиййау ӕ 99 фуси ескӕми ӕдас бунати кенӕ ӕндӕр фиййауи бӕрагӕ фӕууагътайдӕ, ӕхуӕдӕг ба, ка фесавдӕй, еци фус агорӕг рандӕ адтайдӕ. Йесо аци цӕветтон ӕрхаста, цӕмӕй нин балӕдӕрун кодтайдӕ еу ӕхсидзгӕ гъуддаг: «Уотӕ мӕ уӕларвон Фиди дӕр нӕ фӕндуй, цӕмӕй аци минкъийтӕй еу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:14).
ЙЕГОВӔ АГОРУЙ, КА РАДЗӔГЪӔЛ ӔЙ, ЕЦИ УӔРИККИТИ
10. Йезекили 34:11–16 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?
10 Йеговӕ ни алкедӕр уарзуй, дзогӕй ка радзӕгъӕл ӕй, уони дӕр. Хуцау пахампар Йезекилӕн ниффинсун кодта, ка радзӕгъӕл ӕй, еци уӕриккити ке агордзӕй ӕма сӕ нӕуӕгӕй ӕхемӕ ке ӕрбахӕстӕг кӕндзӕй. Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, израилаг фиййауи хузӕн алцидӕр ке бакӕндзӕй, цӕмӕй ӕ уӕриккити иссера. (Бакӕсӕ Йезекили 34:11–16.) Фиццаг бал фиййау, ка фесавдӕй, еци уӕрикки байагоридӕ, ӕма уобӕл берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ дӕр бахарз кӕнидӕ. Уой фӕсте ба ’й дзогӕмӕ ӕрбахӕссидӕ. Уӕриккӕ цӕф кенӕ ӕнӕхъаурӕ ку уидӕ, уӕдта имӕ базелидӕ, ӕ цӕфтӕ ин бабӕттидӕ, хуӕруйнаг ин бадаридӕ ӕма ’й ӕ гъӕбеси хӕссидӕ. «Хуцауи дзогӕмӕ» ка кӕсуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, ӕмбурдӕй ка райеуварс ӕй, уони хӕццӕ гъӕуама уотӕ архайонцӕ (1 Пет. 5:2, 3). Етӕ уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти байагорунцӕ ӕма син банхус кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕмбурдмӕ раздӕхонцӕ ӕма нӕуӕгӕй Йегови ӕмбӕлттӕ исуонцӕ *.
11. Хуарз фиййау ци лӕдӕрдтӕй?
11 Хуарз фиййау ӕй лӕдӕрдтӕй, уӕриккитӕ хатгай ке радзӕгъӕл унцӕ. Ӕма уотӕ ку рауаидӕ, уӕд сӕмӕ не ’смӕстгун уидӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕ куд ӕнхус кӕнидӕ, ка си раидард уидӕ, еци лӕггадгӕнгутӕн, ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.
12. Йеговӕ куд архайдта, Ионӕ имӕ ку нӕ байгъуста, уӕд?
12 Пахампар Ионӕ Йеговӕмӕ нӕ байгъуста ӕма Ниневимӕ нӕ рандӕ ’й. Фал ибӕл Йеговӕ уой туххӕй ӕ къох нӕ ракъуӕрдта. Хуарз фиййауи хузӕн ӕй Йеговӕ фӕййервӕзун кодта ӕма ’й бафедар кодта, цӕмӕй ин ци баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кодтайдӕ (Ионӕ 2:7; 3:1, 2). Фӕстӕдӕр ба ин Йеговӕ наси сифти фӕрци балӕдӕрун кодта, алли адӕймаги цард дӕр ин куд хъазар ӕй, уой (Ионӕ 4:10, 11). Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрбӕл хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ къох нӕ ракъуӕрунцӕ, фал уӕхӕн уавӕри цӕмӕн бахаудтӕй, уой балӕдӕрунбӕл байархайунцӕ. Уӕхӕн адӕймаг Йеговӕмӕ ку раздӕхуй, уӕд ин идарддӕр дӕр фӕлмӕнӕй фенхус кӕнунцӕ.
13. 73-аг псалом ка ниффинста, уой дзурдтӕмӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
13 73-аг псалом ка ниффинста, еци псаломзаргӕнӕгӕн ӕ нифс басастӕй, фудгӕнгутӕ куд хуарз цӕрунцӕ, уомӕ касгӕй. Уотӕ кӕсун дӕр ма имӕ райдӕдта, ӕма Хуцауӕн дзӕгъӕли лӕггадӕ кӕнуй (Пс. 73:12, 13, 16). Цума имӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Йеговӕ ин уой туххӕй уайдзӕф нӕ бакодта, фал ма ин ӕ сагъӕстӕ Библий дӕр ниффинсун кодта. Фӕстагмӕ ’й псаломзаргӕнӕг балӕдӕрдтӕй, Хуцауи хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕй хъазардӕр дуйнебӕл ке неци ес (Пс. 73:23, 24, 26, 28). Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй дӕр ескӕмӕ псаломзаргӕнӕги хузӕн сагъӕстӕ ку фӕззинна, уӕд ин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уайдзӕф кӕнунмӕ нӕ тагъд кӕндзӕнцӕ, фал имӕ уӕхӕн гъудитӕ цӕмӕн фӕззиндтӕй, уой балӕдӕрунбӕл байархайдзӕнцӕ. Ӕма ин ӕрмӕстдӕр уой фӕсте Библийӕй цӕхуӕндӕр стихтӕмӕ е ’ргом раздахдзӕнцӕ ӕма ’й бафедар кӕндзӕнцӕ.
14. Илийай ӕнхус цӕмӕн гъудӕй ӕма Йеговӕ ци бакодта?
14 Пахампар Илийа паддзахуосӕ Йезавелӕй ӕхе римахста (1 Пад. 19:1–3). Уотӕ ӕнгъӕл адтӕй, ӕма Йеговӕн уомӕй ӕндӕр пахампар нӕбал байзадӕй, ӕма ӕ лӕггадӕ дӕр дзӕгъӕли ӕй. Уотӕ нифссаст адтӕй, ӕма ӕхецӕн мӕлӕт курдта (1 Пад. 19:4, 10). Йеговӕ Илийайӕн уайдзӕф нӕ бакодта, фал ин загъта, еунӕгӕй ке нӕй, хъаурӕ ин ке дӕтдзӕй, удта ма имӕ разӕй берӕ куст ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Йеговӕ ӕ пахампармӕ лӕмбунӕг байгъуста, ӕма ин уой фӕсте нӕуӕг гъуддӕгтӕ баихӕс кодта (1 Пад. 19:11–16, 18). Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Не ’гасдӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕ ан ӕма кӕрӕдземӕ гъӕуама хӕларзӕрдӕ уӕн. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕмбунӕг байгъосдзӕнцӕ, хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕр син ӕ тухст сагъӕстӕ ку дзора, уӕд, сауӕнгӕ ма мӕстгунӕй ку дзора кенӕ имӕ уотӕ ку кӕса, ӕма Хуцауи хуарзӕнхи аккаг нӕй, уӕддӕр. Лӕмбунӕг имӕ ку байгъосонцӕ, уӕдта ин балӕдӕрун кӕндзӕнцӕ, Йеговӕ ин аргъ ке кӕнуй, уой.
ӔМБУРДТӔМӔ КА НӔБАЛ ЦӔУЙ, ЕЦИ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ ГЪӔУАМА КӔСӔН?
15. Иоанни 6:39 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо ӕ Фиди уӕриккитӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?
15 Ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Ӕркӕсӕн, Киристе куд архайдта, уомӕ. Е ӕй зудта, Йеговӕн ӕ уӕриккитӕ куд хъазар ӕнцӕ, ӕма ӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой кодта, цӕмӕй Израили адӕни, «исӕфт фустӕй уӕлдай ка н’ адтӕй», уони Хуцаумӕ раздахтайдӕ (Матф. 15:24; Лук. 19:9, 10). Уомӕй уӕлдай ма Йесо, куд хуарз фиййау, уотӕ, е ’гас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй Йегови уӕриккитӕй еу дӕр ма фесӕфа. (Бакӕсӕ Иоанни 6:39.)
16, 17. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсонцӕ, Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, уонӕн сӕ ӕнхус кӕнун ке гъӕуй, уомӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Йеговӕй ка райеуварс ӕй, етӕ ци зӕгъунцӕ?».)
16 Апостол Павел Эфеси ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгти разӕнгард кодта, цӕмӕй Киристей фӕнзтайуонцӕ ӕма син загъта: «Лӕмӕгътӕн... гъӕуама ӕнхус кӕнайтӕ. Ӕма гъӕуама уӕ зӕрдӕбӕл дарайтӕ Хецау Йесой дзурдтӕ, уомӕн ӕма е ӕхуӕдӕг загъта: „Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй“» (Гъуд. 20:17, 35). Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл ӕхсидзгӕ ихӕс ке ес – Хуцауи адӕнбӕл тухсун. Испанийӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Сальвадор зӕгъуй: «Йеговӕ, ка радзӕгъӕл ӕй, еци уӕриккитӕбӕл куд тухсуй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнун, уӕд мӕ фӕффӕндуй, мӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнун, цӕмӕй син банхус кӕнон. Ӕма Йегови дӕр уотӕ фӕндуй».
17 Аци статьяй ке кой цудӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕгасемӕндӕр банхус кодтонцӕ Йеговӕмӕ раздӕхун. Фал ма берӕ ес, Йеговӕй ка раидард ӕй ӕма имӕ раздӕхун ке фӕндуй, уӕхӕнттӕ. Иннӕ статьяй базондзиан, нӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун, уой.
139 ЗАР Кӕсай, нӕуӕг дуйне!
^ 5 абз. Йеговӕн берӕ ӕнзтӕ еузӕрдонӕй ка фӕллӕггадӕ кодта, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хатгай ӕмбурдӕй цӕмӕн рандӕ унцӕ? Хуцау сӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн аци фарстатӕмӕ ӕма радзорӕн, рагидзаманти Йеговӕ куд ӕнхус кодта, ка си райеуварс уидӕ, еци лӕггадгӕнгутӕн ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн.
^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, етӕ ӕнцӕ, ӕхсӕз мӕйей дӕргъи кенӕ фулдӕр игъосун кӕнуни хигъд ка нӕ равардта, еци игъосунгӕнгутӕ. Ӕма кӕд ӕрлӕмӕгъ ӕнцӕ, уӕддӕр ма сӕ нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл нимайӕн ӕма сӕ уарзӕн.
^ 4 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.
^ 10 абз. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй, ка ’рлӕмӕгъ ӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун, уой туххӕй ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.