Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

20 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нур «цӕгаттаг паддзах» ка ӕй?

Нур «цӕгаттаг паддзах» ка ӕй?

«Ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй, ӕма ин неке банхус кӕндзӕй» (ДАН. 11:45).

95 ЗАР Рохс хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕнуй

РАЗДЗУРД *

1, 2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

АЦИ дуйнейӕн ӕ фӕстаг бӕнттӕ ке ’нцӕ, уой абони куд уинӕн, уотӕ некӕдма. Тагъд рӕстӕги Йеговӕ ӕма Йесо Киристе, Хуцауи Паддзахади нихмӕ ка цӕуй, еци хецауӕдти еугурейдӕр фесафдзӕнцӕ. Фал цалинмӕ еци хабар ӕрцӕуа, уӕдмӕ ба цӕгаттаг паддзах ӕма хонсайраг паддзах тох кӕндзӕнцӕ кӕрӕдзей нихмӕ дӕр ӕма Хуцауи адӕни нихмӕ дӕр.

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Данели 11:40–12:1 ци пахампарадӕ ес, уомӕ, ӕма базондзиан, нур цӕгаттаг паддзах ка ӕй, уой. Уомӕй уӕлдай ма радзордзиан, ци фӕлварӕнтӕ нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕй цӕмӕн гъӕуама ма тӕрсӕн, уобӕл.

ФӔЗЗИНДТӔЙ НӔУӔГ ЦӔГАТТАГ ПАДДЗАХ

3, 4. Нур цӕгаттаг паддзах ка ӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

3 1991-аг анзи Советон Цӕдес ку фехалдӕй, уӕд ӕ устур территоритӕбӕл Хуцауи адӕнӕн фӕззиндтӕй сӕребарӕдзийнадӕ. Данел еци рӕстӕги туххӕй загъта, «еу минкъий син банхус кӕндзӕнцӕ», зӕгъгӕ (Дан. 11:34). Уой фӕрци сӕ бон иссӕй сӕребарӕй игъосун кӕнун. Ӕма берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй раздӕри социалон бӕстити игъосунгӕнгути нимӕдзӕ исхизтӕй цалдӕр сӕдӕ минемӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма цӕгаттаг паддзах иссӕй Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ’нцӕ, еци бӕститӕ. Айразиккон статьяй куд дзурдтан, уомӕ гӕсгӕ цӕгаттаг паддзахи ӕма хонсайраг паддзахи базонӕн ес ӕртӕ гъуддагемӕй: 1) Етӕ фӕуунцӕ, Хуцауи адӕнӕй беретӕ кӕми цӕрунцӕ кенӕ карз ӕфхуӕрд кӕми ӕййафунцӕ, еци бӕстити хецауӕдтӕ; 2) сӕ гъуддӕгтӕй февдесунцӕ, Йегови ӕма ӕ адӕни знӕгтӕ ке ’нцӕ; 3) еци дууӕ паддзахи кӕрӕдзей хӕццӕ фӕттох кӕнунцӕ.

4 Уӕрӕсе ӕма ӕ фарс ка ӕй, еци бӕститӕ цӕгаттаг паддзах исхонӕн цӕмӕн ес? 1) Етӕ цӕунцӕ Хуцауи адӕни нихмӕ: игъосун кӕнуни гъуддаг нихгӕдтонцӕ, удта сӕ территорити ци сӕдӕгай мин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕруй, уони ӕфхуӕрунцӕ. 2) Уотӕ ке кӕнунцӕ, уомӕй ӕвдесунцӕ, Йеговӕй ӕма ин ӕ адӕнӕй се ’сӕфт ке уинунцӕ. 3) Етӕ тох кӕнунцӕ хонсайраг паддзахи, Великобритани ӕма Еугонд Штатти нихмӕ. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ’нцӕ, еци бӕститӕ цӕгаттаг паддзах ке ’нцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй, уомӕ.

ЦӔГАТТАГ ПАДДЗАХ ӔМА ХОНСАЙРАГ ПАДДЗАХ КӔРӔДЗЕЙ ХӔЦЦӔ ТОХ КӔНУНЦӔ

5. Данели 11:40–43 цӕхуӕн рӕстӕги кой цӕуй ӕма еци рӕстӕг ци хабӕрттӕ цӕудзӕй?

5 Бакӕсӕ Данели 11:40–43. Аци пахампаради дзурд цӕуй кӕрони рӕстӕги туххӕй, удта дууӕ паддзахи кӕрӕдзей нихмӕ куд тох кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй. Данели пахампаради куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ кӕрони рӕстӕг хонсайраг паддзах тох кӕндзӕй цӕгаттаг паддзахи хӕццӕ (Дан. 11:40).

6. Дууӕ паддзахи кӕрӕдзей хӕццӕ ке тох кӕнунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

6 Цӕгаттаг ӕма хонсайраг паддзӕхтӕ абони уӕнгӕ дӕр тох кӕнунцӕ, фулдӕр бартӕ ке къохти уодзӕнцӕ, уобӕл. Зӕгъӕн, Советон Цӕдес ӕма, ӕ фарс ка адтӕнцӕ, етӕ Европӕн ӕ кӕцидӕр хай сӕ дӕлбарӕ бакодтонцӕ. Уӕд хонсайраг паддзах Европи иннӕ бӕстити хӕццӕ бадзубанди кодта, цӕмӕй се ’фсӕдтӕ байеу кодтайуонцӕ ӕма цӕгаттаг паддзахи нихмӕ фӕллӕудтайуонцӕ. Ӕма уӕд фӕззиндтӕй, абони НАТО ке хонунцӕ, еци организаци. Цӕгаттаг паддзах ӕма хонсайраг паддзах кӕрӕдзей хӕццӕ ерис кӕнунцӕ, кӕмӕ фулдӕр тохӕндзаума ӕма кӕмӕ устурдӕр ӕфсад уодзӕй, уобӕл, ӕма гъе уой туххӕй дуйне ӕхца калунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Африки, Азий ӕма Латинаг Америки ци тугъдтитӕ цудӕй, уонӕми цӕгаттаг паддзах рахуӕцидӕ, хонсайраг паддзах ке хӕццӕ тухта, уони фарс. Фӕстаг ӕнзти Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ’нцӕ, еци бӕститӕн сӕ барӕ никки фулдӕр бӕститӕбӕл цӕун райдӕдта. Етӕ ма хонсайраг паддзахи хӕццӕ тохунцӕ кибертугъдтити дӕр. Кӕрӕдзей фӕффудгин кӕнунцӕ, зианхӕссӕг компьютерон программитӕй ке пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй син сӕ хецауадӕн кенӕ экономикӕн зӕран ӕрхӕссонцӕ. Удта Данели пахампаради куд финст ӕй, уотӕ цӕгаттаг паддзах идарддӕр дӕр Хуцауи адӕни нихмӕ цӕуй (Дан. 11:41).

ЦӔГАТТАГ ПАДДЗАХ БАЦУДӔЙ «РӔСУГЪД БӔСТӔМӔ»

7. «Рӕсугъд бӕстӕ» ци ӕй?

7 Данели 11:41 финст ӕй, цӕгаттаг паддзах «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» ке бацӕудзӕй. Цума еци бӕстӕ ци ӕй? Рагидзаманти е адтӕй Израил, уомӕн ӕма нимад адтӕй «ӕгас зӕнхити федауцӕбӕл» (Йез. 20:6). Ӕгас зӕнхити федауцӕ ба адтӕй, Йеговӕн ка лӕггадӕ кодта, еци адӕн си ке цардӕй, уой туххӕй. Фал нӕ эри 33-аг анзи Фӕндзайӕймаг бони фӕсте «Рӕсугъд бӕстӕ» цӕхуӕндӕр бунат нӕбал адтӕй. Абони Йегови адӕн зӕнхӕбӕл алли рауӕнти цӕрунцӕ. Мах рӕстӕги «Рӕсугъд бӕстӕ» амонуй Хуцауи адӕни цардмӕ, удта се ’мбурдтӕмӕ ӕма сӕ игъосун кӕнуни гъуддагмӕ.

8. Цӕгаттаг паддзах «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куд бацӕуидӕ?

8 Фӕстаг бӕнтти рӕстӕг цӕгаттаг паддзах берӕ хӕттити бацудӕй «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Зӕгъӕн, цӕгаттаг паддзах нацистон Германи ку адтӕй, уӕд Хуцауи лӕггадгӕнгути ӕфхуардта ӕма сӕ мардта, уӕлдайдӕр ба Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг. Ӕма уотемӕй бацудӕй «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Дуккаг дуйнеуон тугъди фӕсте Советон Цӕдес цӕгаттаг паддзах ку иссӕй, уӕд е дӕр бацудӕй «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Е дӕр Хуцауи лӕггадгӕнгути ӕфхуардта, удта сӕ Сибирмӕ ӕрвиста.

9. Ӕрӕги Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ’нцӕ, еци бӕститӕ «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куд бацудӕнцӕ?

9 Ӕрӕги бабӕй цӕгаттаг паддзах «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» бацудӕй. Кутемӕй? 2017-аг анзи Уӕрӕсе Йегови адӕни гъуддаг нихгӕдта, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ба кедӕрди ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма нин нӕ публикацитӕ, сауӕнгӕ ма «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» дӕр, банимадтонцӕ экстремистон литературӕбӕл. Уой фӕсте нин байстонцӕ нӕ филиал, нӕ Паддзахади залтӕ ӕма нӕ Конгрессти залтӕ. Еци хабӕртти фӕсте 2018-аг анзи Разамонӕг совет фегъосун кодта, Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ’нцӕ, еци бӕститӕ цӕгаттаг паддзах ке ’нцӕ. Фал Йегови адӕн карз ӕфхуӕрд ку феййафунцӕ, уӕддӕр хецауади нихмӕ некӕд фӕццӕунцӕ. Етӕ Библий унаффӕмӕ гӕсгӕ фӕкковунцӕ, «устур бунӕттӕ кадӕриддӕр ахӕссуй, уони туххӕй», уӕлдайдӕр ба хецауадӕ нӕ сӕребарӕдзийнади хӕццӕ баст унаффитӕ ку фӕххӕссунцӕ, уӕд (1 Тим. 2:1, 2).

ЦУМА ЦӔГАТТАГ ПАДДЗАХ ХОНСАЙРАГ ПАДДЗАХБӔЛ ФӔУУӔЛАХЕЗ УОДЗӔЙ?

10. Цӕгаттаг паддзах хонсайраг паддзахбӕл фӕууӕлахез уодзӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

10 Данели 11:40–45 финст пахампаради фулдӕр дзурд цӕуй цӕгаттаг паддзахи туххӕй. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма цӕгаттаг паддзах хонсайраг паддзахбӕл фӕууӕлахез уодзӕй? Нӕ, е уобӕл дзорӕг нӕй. Хонсайраг паддзах ма уодӕгас уодзӕй, Йеговӕ ӕма Йесо зӕнхон хецауӕдтӕ Армагеддони исафун ку райдайонцӕ, уӕд (Рарг. 19:20). Уотӕ ке уодзӕй, уой кӕцӕй зонӕн? Ӕркӕсӕн, Данели киунуги ӕма Раргомади ци пахампарӕдтӕ ес, уонӕмӕ.

Армагеддони тугъди «дор», гъома Хуцауи Паддзахадӕ, ниппурхӕ кӕндзӕй «устур гумери», гъома адӕни хецаудзийнадӕн кӕрон искӕндзӕй (кӕсӕ 11 абзац)

11. Данели 2:43–45 финст пахампарадӕй ци ес базонӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

11 Бакӕсӕ Данели 2:43–45. Пахампар Данел фӕууидта устур гумери. Еци гумерийӕн ӕ цуппар хаййи конд адтӕнцӕ аллихузи ӕфсӕйнагӕй ӕма амудтонцӕ, кӕрӕдзей ӕййевгӕ ка цудӕй, еци паддзахӕдтӕмӕ. Еци паддзахӕдти дӕлбарӕ ци бӕститӕ адтӕй, уонӕми Йегови лӕггадгӕнгутӕ берӕ цардӕй. Гумерийӕн ӕ къӕхтӕ, фадигъолтӕй дӕлӕмӕ конд ӕнцӕ ӕфсӕйнаг ӕма ӕргъӕй, ӕма амонунцӕ фӕстаг паддзахадӕмӕ – Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ. Аци пахампарадӕй бӕрӕг ӕй Англо-Америкаг паддзахадӕн кӕронмӕ дӕр ӕ бартӕ ӕ къохти ке уодзӕнцӕ, цалинмӕ Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхон хецауӕдтӕ пурхӕ кӕнун нӕ райдайа, уӕдмӕ.

12. Сирдӕн ӕ ӕвдӕймаг сӕр кӕмӕ амонуй ӕма уой зонун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

12 Апостол Иоанн дӕр ниффинста, кӕрӕдзей ӕййевгӕ ка цудӕй ӕма Хуцауи адӕн берӕ кӕми цардӕй, еци дуйнеуон паддзахӕдти туххӕй. Ӕ пахампаради еци паддзахӕдтӕмӕ амонуй, авд сӕри кӕбӕл адтӕй, еци сирд. Сирдӕн ӕ ӕвдӕймаг сӕр ӕй Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ. Аци хабӕрттӕ зонун ӕхсидзгӕ ӕй, уомӕн ӕма уӕхӕн финст некӕмибал ес, ӕма ма сирдбӕл никкидӕр сӕр фӕззиндтӕй. Киристе ӕ уӕларвон ӕфсӕдти хӕццӕ еци сирди исафунмӕ ку рацӕуа, уӕд дӕр ма ӕвдӕймаг сӕр дуйнеуон паддзахадӕ уодзӕй * (Рарг. 13:1, 2; 17:13, 14).

ТАГЪД РӔСТӔГИ ЦӔГАТТАГ ПАДДЗАХ ЦИ БАКӔНДЗӔЙ?

13, 14. «Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гог» кӕмӕ амонуй ӕма, Хуцауи адӕни нихмӕ цӕмӕн рацӕудзӕй, уой туххӕй ци ес зӕгъӕн?

13 Йезекили киунуги фӕрци ба нӕ бон ӕй базонун, цӕгаттаг паддзахӕн ӕма хонсайраг паддзахӕн се ’сӕфт ку ’рцӕуа, уӕд уой размӕ ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой. Куд зиннуй, уотемӕй Йезекили 38:10–23, Данели 2:43–45; 11:44–12:1 ӕма Раргомади 16:13–16, 21 ци пахампарӕдтӕ ес, уонӕми еци еу хабӕртти кой цӕуй. Ӕма кӕд ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й, уӕд мӕнӕ ци гъӕуама ӕрцӕуа.

14 Устур бӕллӕх ку райдайа, уомӕй еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте «ӕгас дуйней паддзӕхтӕ» байеу уодзӕнцӕ ӕма си рауайдзӕй зӕнхон хецауӕдти цӕдес (Рарг. 16:13, 14; 19:19). Библи еци хецауӕдти цӕдес хонуй, «Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гог» (Йез. 38:2). Етӕ Хуцауи адӕнбӕл сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ. Уотӕ цӕмӕн бакӕндзӕнцӕ? Уомӕн ӕма апостол Иоанн куд загъта, уомӕ гӕсгӕ еци рӕстӕги Хуцауи знӕгтӕбӕл «хъӕбӕр устур ех» ниууардзӕй. Еци ех, ӕвӕдзи, амонуй Йегови адӕн ке игъосун кӕндзӕнцӕ, еци тӕрхони хабармӕ. Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гог, ӕвӕдзи, еци хабармӕ рамӕстгун уодзӕй ӕма Хуцауи адӕни нихмӕ рацӕудзӕй, цӕмӕй сӕ зӕнхи цъарӕй фесафа (Рарг. 16:21).

15, 16. а) Данели 11:44, 45 цӕхуӕн хабӕртти туххӕй финст ӕй? б) Цӕгаттаг паддзах ӕма ма Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гогмӕ никкидӕр ка хауй, еци паддзахӕдтӕ ци бауодзӕнцӕ?

15 Ӕвӕдзи, Данели 11:44, 45 дӕр еци хабӕртти кой цӕуй, гъома Хуцауи адӕн цӕхуӕндӕр карз хабар ке игъосун кӕндзӕнцӕ ӕма Хуцауи знӕгтӕ сӕ нихмӕ ке рацӕудзӕнцӕ. (Ба сӕ кӕсӕ.) Данел загъта: «Хорискӕсӕнӕй ӕма цӕгатӕй уӕхӕн хабӕрттӕ ӕригъусдзӕй, ӕма [цӕгаттаг паддзах] катаййи бацӕудзӕй. Ӕма мӕстӕй содзгӕй рацӕудзӕй, цӕмӕй берети пурхӕ кӕна ӕма сӕ исӕфти хай кӕна». Ами дзурд «беретӕ», ӕвӕдзи, амонуй Йегови адӕнмӕ. Ӕма Данел, ӕвӕдзи, Гог фӕстаг хатт Хуцауи адӕни нихмӕ ке рацӕудзӕй, уой туххӕй дзоруй *.

16 Цӕгаттаг паддзах ӕма иннӕ паддзӕхтӕ Хуцауи адӕнбӕл сӕхе ку ниццӕвонцӕ, уӕд уомӕй Хуцауи хъӕбӕр исмӕстгун кӕндзӕнцӕ, ӕма райдайдзӕй Армагеддон (Рарг. 16:14, 16). Ӕма уӕд цӕгаттаг паддзах, удта ма Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гогмӕ никкидӕр ка хауй, еци паддзахӕдтӕн дӕр сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй ӕма син «неке банхус кӕндзӕй» (Дан. 11:45).

Армагеддони тугъди Йесо Киристе ӕма ӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ Сайтани дуйне фесафдзӕнцӕ ӕма Хуцауи адӕни фӕййервӕзун кӕндзӕнцӕ (кӕсӕ 17 абзац)

17. Данели 12:1 ке туххӕй финст ӕй, еци «номдзуд къниаз» Михаил ка ӕй? Нур куд архайуй ӕма тагъд рӕстӕги ци бакӕндзӕй?

17 Бакӕсӕ Данели 12:1. Аци стихӕй фулдӕр базонӕн ес, цӕгаттаг паддзах ӕма ӕ фарс ка ӕй, етӕ исӕфт куд ӕрцӕудзӕнцӕ, удта мах куд фӕййервӕздзиан, уой туххӕй. Михаил ӕй Йесо Киристей ӕндӕр ном. Кӕдӕй 1914-аг анзи Хуцауи Паддзахади Паддзах иссӕй, уӕдӕй нурмӕ Хуцауи адӕни «сӕрбӕл... хуӕцуй». Тагъд рӕстӕги ба «исистдзӕй», гъома Армагеддони е знӕгти фесафдзӕй. Еци тугъдӕй фӕууодзӕй «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг». Данел загъта, кӕдӕй адӕн фӕззиндтӕнцӕ, уӕдӕй уӕхӕн уӕззау рӕстӕг некӕдма адтӕй, зӕгъгӕ. Иоанни пахампаради ба еци рӕстӕг хуннуй «устур бӕллӕх» (Рарг. 6:2; 7:14).

ДӔ НОМ «КИУНУГИ» ФИНСТ ӔРЦӔУДЗӔЙ?

18. Федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?

18 Данел дӕр ӕма Иоанн дӕр ниффинстонцӕ, устур бӕллӕхи Йеговӕ ӕма Йесо сӕ лӕггадгӕнгути ке фӕййервӕзун кӕндзӕнцӕ. Мадта гъӕуама ма тӕрсӕн, федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕй. Данел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ фӕййервӕздзӕнцӕ, сӕ нӕмттӕ «киунуги... финст» кӕмӕн уонцӕ, етӕ (Дан. 12:1). Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ еци киунуги финст ӕрцӕуонцӕ? Гъӕуама нӕ цардӕй бӕрӕг уа, Йесобӕл, Хуцауи Уӕриккӕбӕл, ке ӕууӕндӕн (Иоан. 1:29). Гъӕуама нӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнӕн ӕма донаргъуд райсӕн (1 Пет. 3:21). Удта гъӕуама, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй иннетӕн Йегови базонунмӕ ӕнхус кӕнӕн, ӕма уотемӕй ӕвдесӕн, Хуцауи Паддзахади фарс ке лӕууӕн.

19. Нуртӕккӕ ци гъӕуама кӕнӕн ӕма цӕмӕн?

19 Нуртӕккӕ еци рӕстӕг ӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн. Мӕнӕ гъе нур гъӕуама ӕвдесӕн, Хуцауи Паддзахади фарс ке ан, уой. Уотемӕй нӕ бон уодзӕй фӕййервӕзун, Хуцауи Паддзахадӕ цӕгаттаг паддзахи ӕма хонсайраг паддзахи исафун ку райдайа, уӕд.

149 ЗАР Уӕлахези зар

^ 5 абз. Нур «цӕгаттаг паддзах» ка ӕй ӕма ӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй? Аци фарстатӕбӕл дзуапп ку базонӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уодзӕй, удта цӕттӕ уодзиан, устур бӕллӕхи рӕстӕг нӕмӕ ци фӕлварӕнтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕмӕ.