Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

51 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ ервӕзун кӕнуй, «нифссаст ка ӕй», уони

Йеговӕ ервӕзун кӕнуй, «нифссаст ка ӕй», уони

«Йеговӕ хӕстӕг ӕй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕмӕ, ӕма, нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй» (ПС. 34:18).

30 ЗАР Мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау, ме ’Мбал

РАЗДЗУРД *

1, 2. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

ӔВӔДЗИ, арӕх фӕссагъӕс кӕнӕн, адӕймаги цард куд «цубур ӕма мӕстӕйдзаг» ӕй, уобӕл (Иов 14:1). Мадта дессаг нӕй, хатгай нифссаст ке фӕууӕн, е. Рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй дӕр беретӕмӕ фӕззиннидӕ уӕхӕн гъудитӕ. Кедӕрти ма си рамӕлун дӕр фӕндадтӕй (1 Пад. 19:2–4; Иов 3:1–3, 11; 7:15, 16). Фал се ’гасдӕр сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардтонцӕ, ӕма сӕ Йеговӕ дӕр федар кодта. Еци хабӕрттӕ Библий мах туххӕй финст ӕрцудӕнцӕ, цӕмӕй нин нӕ нифс федар кӕнонцӕ ӕма си ахур кӕнӕн (Ром. 15:4).

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, фӕлварӕнти туххӕй ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уӕхӕн лӕггадгӕнгути хабӕрттӕмӕ. Дзурд цӕудзӕй Иосифбӕл, Ноемин ӕма ӕ киндзӕ Руфбӕл, 73 псалом ка ниффинста, еци левитбӕл ӕма апостол Петурбӕл. Йеговӕ син хъауритӕ куд лӕвардта? Сӕ царди хабӕрттӕй син цӕбӕл ахур кӕнӕн? Аци фарстатӕмӕ ку ӕркӕсӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, Йеговӕ, «зӕрдӕсаст ка ӕй», уонӕмӕ хӕстӕг ке ӕй, удта «нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун» ке кӕнуй (Пс. 34:18).

ИОСИФБӔЛ ХӔРАНӔЙ РАЦУДӔНЦӔ ӔМА ӔФХУӔРД БАЙЙАФТА

3, 4. Иосиф ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ибӕл цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕрцудӕй?

3 Иосифбӕл еу 17 анзи ку цудӕй, уӕд ин Хуцау дууӕ фуни фӕууинун кодта. Гъе уотемӕй Иосиф базудта, устур бунат ке ахӕсдзӕй ӕма ин ӕ бийнонтӕ кадӕ ке кӕндзӕнцӕ (Райд. 37:5–10). Фал минкъий фӕстӕдӕр ба ӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта. Е ’нсувӕртӕ ин кадӕ нӕ, фал ма ’й цагъайради дӕр рауӕйӕ кодтонцӕ. Гъе уотемӕй Египети равзурдӕй ӕма иссӕй цагъар фараони гъӕуайгӕнгути хестӕри хӕдзари (Райд. 37:21–28). Ӕрӕги дӕр ма ӕ фиди фарсмӕ адтӕй, нур ба, ӕцӕг Хуцауи зонгӕ дӕр ка нӕ кодта, уӕхӕн адӕни астӕу фестадӕй (Райд. 39:1).

4 Фал уобӕл Иосифи фӕлварӕнтӕ нӕ фӕцӕнцӕ. Потифари уосӕ ’й фӕффудгин кодта, тухмиуӕ мин бакӕнунмӕ гъавта, зӕгъгӕ. Гъема ӕ лӕг рамӕстгун ӕй ӕма Иосифи ахӕстдонӕмӕ багӕлста ӕма ибӕл хъадаматӕ бакӕнун кодта (Райд. 39:14–20; Пс. 105:17, 18). Расагъӕс кӕнӕ, еци ӕригон биццеуӕн куд зин адтайдӕ, уӕхӕн фудгъуддаги ’й ке фӕффудгин кодтонцӕ, е. Удта ци Хуцауӕн лӕггадӕ кодта, уобӕл дӕр адӕн цитӕ дзурдтайуонцӕ. Еци сагъӕстӕ ин, ӕвӕдзи, ӕнцойнӕ нӕ лӕвардтонцӕ.

5. Иосиф ӕ къохтӕ цӕй фӕрци не ’руагъта?

5 Иосифӕн ӕ уавӕр хуӕрзтӕй н’ адтӕй. Цума ӕ къохтӕ цӕй фӕрци не ’руагъта? Ӕ бон ци нӕй раййевун, уобӕл нӕ сагъӕс кодта, фал ӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл. Удта ин ци куст баихӕс кӕниуонцӕ, уой зӕрдиагӕй кодта. Ӕ царди ба алкӕддӕр фиццаг бунати адтӕй Йеговӕ. Ӕма ин уой туххӕй Йеговӕ е ’гас гъуддӕгтӕн дӕр арфӕ кодта (Райд. 39:21–23).

6. Иосифи куд федар кодтайуонцӕ, кӕддӕр ци фунтӕ фӕууидта, етӕ?

6 Уомӕй уӕлдай ма Иосифӕн, ӕвӕдзи, ӕ нифс федар кодтонцӕ, кӕддӕр ци дууӕ фуни фӕууидта, етӕ. Уонӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй ӕй, ӕвӕдзи, лӕдӕрдтӕй, ӕ уавӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй ӕма ӕ бийнонти ке фӕууиндзӕй. Ма ӕцӕгӕйдӕр хабар гъе уотӕ рауадӕй. Иосифбӕл еу 37 анзи ку цудӕй, уӕд ӕ фунтӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдтонцӕ (Райд. 37:7, 9, 10; 42:6, 9).

7. 1 Петури 5:10 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин фӕлварӕнти рӕстӕг ци банхус кӕндзӕй?

7 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Иосифи хабарӕй хуарз зиннуй, аци ӕнӕхатир дуйней нӕбӕл адӕн хӕранӕй дӕр ке цӕудзӕнцӕ. Гӕнӕн ес, ӕма нӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр фӕрресун кӕнонцӕ. Фал Йеговӕ нӕ «къӕдзӕх» ӕма «нӕ римӕхӕсӕн бунат» ку уа, уӕд нӕ нифс сӕттун нӕ бауадздзиан ӕма нӕ лӕггадӕ некӕд ниууадздзиан (Пс. 62:6, 7; бакӕсӕ 1 Петури 5:10). Йеговӕ Иосифӕн еци дууӕ фуни ку фӕууинун кодта, уӕд ибӕл еу 17 анземӕй фулдӕр нӕма цудайдӕ. Уомӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕригӕнттӕн дӕр аргъ ке кӕнуй. Абони берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Иосифи хузӕн Йеговӕбӕл федарӕй ӕууӕндунцӕ. Кадӕртӕ ба ма си ахӕстдӕнтти дӕр бадунцӕ, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ’нцӕ, уой туххӕй (Пс. 110:3).

ДУУӔ ЗӔРДӔРИСТ СИЛГОЙМАГИ

8. Ноемин ӕма Руфӕн сӕ цард куд рауадӕй?

8 Иуди стонгдзаман ке ӕркодта, уой туххӕй Ноемин ӕ бийнонти хӕццӕ сӕ хӕдзарӕ ниууагътонцӕ ӕма Моави ӕрцардӕнцӕ. Уоми Ноемини сӕрихецау Елимелех фӕззиан ӕй, ӕма дууӕ фурти Махлон ӕма Хилеони хӕццӕ байзадӕй. Рӕстӕг рацудӕй ӕма ӕ фурттӕ моаваг кизгутти Руф ӕма Орфи ракурдтонцӕ. Дӕс анзей фӕсте ба Махлон ӕма Хилеон дӕр рамардӕнцӕ, сӕ фӕсте зӕнӕг нӕ ниууагътонцӕ, уотемӕй (Руф 1:1–5). Расагъӕс кӕнӕ, еци ӕртӕ силгоймаги цӕхуӕн маст бавзурстонцӕ. Руф ӕма Орфи бон адтӕй нӕуӕгӕй киндзи ӕрцӕун. Фал ма уӕд Ноемини хӕццӕ ка байзадайдӕ? Ноемин гъе уотӕ рист адтӕй ӕма ма уотӕ дӕр загъта: «Ма мӕ хонетӕ Ноемин. Хонетӕ мӕ Марӕ, уомӕн ӕма мин Алцигъон устур мӕститӕ бавзарун кодта». Гъема Ноемин исфӕндӕ кодта фӕстӕмӕ Вифлееммӕ раздӕхун, ӕма Руф дӕр ӕ хӕццӕ рацудӕй (Руф 1:7, 18–20).

Хуцау Ноемин ӕма Руфӕн банхус кодта, ӕма дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй (кӕсӕ 8–13 абзацтӕ) *

9. Руфи 1:16, 17, 22 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Руф Ноеминбӕл куд батухстӕй?

9 Цума Ноеминӕн еци уӕззау рӕстӕги ци ӕнхус кодта? Йеговӕ дӕр ӕма ’й Руф дӕр берӕ ке уарзтонцӕ, е. Еци уарзт бӕрӕг адтӕй, Руф е ’фсийни ке нӕ ниууагъта, уомӕй. (Бакӕсӕ Руф 1:16, 17, 22.) Вифлееми ку цардӕнцӕ, уӕд Руф будури куста ӕма ӕхе, удта Ноемини фагӕ хъӕбӕрхуар ӕмбурд кодта. Уотемӕй Руф адӕни астӕу ӕхецӕн хуарз ном искодта (Руф 3:11; 4:15).

10. Йеговӕ Руф ӕма Ноемини хузӕн мӕгур адӕнбӕл ке тухстӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

10 Йеговӕ ӕ адӕнӕн ци закъон равардта, уомӕй бӕрӕг адтӕй, Руф ӕма Ноемини хузӕн мӕгур адӕнбӕл ке тухстӕй. Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ сӕ хумтӕ кӕрдгӕй гъӕуама мӕгуртӕн дӕр ести фӕууагътайуонцӕ (Лев. 19:9, 10). Уой фӕрци мӕгуртӕн сӕ бон адтӕй, ци ӕфсертӕ си байзайидӕ, уони ӕмбурд кӕнун, ӕма сӕ мӕгургор хӕтун нӕ гъӕуидӕ.

11, 12. Вооз Ноемин ӕма Руфи нӕуӕгӕй куд исамондгун кодта?

11 Руф хъӕбӕрхуар кӕми ӕмбурд кодта, еци зӕнхитӕ адтӕнцӕ еу гъӕздуг лӕг Воози. Воозмӕ хъӕбӕр дессаг фӕккастӕй, Руф е ’фсийни куд уарзта ӕма ибӕл куд тухстӕй, е. Гъема син сӕ бийнонти есбон еугурӕйдӕр балхӕдта, Руф ба ӕ бийнойнаг иссӕй (Руф 4:9–13). Руф ӕма Воозӕн фурт райгурдӕй ӕма ’й исхудтонцӕ Овид. Овид ба адтӕй паддзах Давиди фидифидӕ (Руф 4:17).

12 Расагъӕс кӕнӕ, Ноемин куд цийнӕ кодтайдӕ, минкъий Овиди ӕ къохтӕмӕ ку райста, уӕд. Йеговӕн кунӕг нӕ арфитӕ кодта! Фал ма Ноемин ӕма Руфмӕ никки устурдӕр цийнӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Ку райгас уонцӕ, уӕд ӕй базондзӕнцӕ, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ Овиди хӕдзарвӕндагӕй ке рацудӕй.

13. Ноемин ӕма Руфи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Арӕх фӕлварӕнти рӕстӕг нӕ нифс басӕттуй ма нӕ къохтӕ ӕруадзӕн. Уотӕ дӕр ма нӕмӕ фӕккӕсуй, ӕма нин нецибал банхус кӕндзӕй. Уӕхӕн уавӕрти гъӕуама не ’гас зӕрдӕ дӕр нӕ уӕларвон Фидӕбӕл дарӕн, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй нӕхе ма еуварс кӕнӕн. Йеговӕ нӕ алкӕд нӕ зиндзийнӕдтӕй не ’суӕгъдӕ кӕнуй, зӕгъӕн, Ноеминӕн дӕр ӕ лӕг ӕма ӕ фуртти нӕ райгас кодта. Фал нин арӕх хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци банхус кӕнуй (Ӕмб. 17:17).

Ӕ ЛӔГГАДӔ НИУУАДЗУНМӔ КА ГЪАВТА, ЕЦИ ЛЕВИТ

73 псалом ка ниффинста, еци левит минкъийтӕбӕл ӕма Йеговӕй нӕ райеуварс ӕй, Хуцау нимади дӕр кӕмӕ н’ адтӕй, еци фудгӕнгути цардмӕ ке рахицӕ кодта, уой туххӕй. Гӕнӕн ес, ӕма махбӕл дӕр уӕхӕн хабар ӕрцӕуа (кӕсӕ 14–16 абзацтӕ)

14. Еу левитӕн ӕ нифс цӕмӕн басастӕй?

14 73 псалом ка ниффинста, еци левит лӕггадӕ кодта Йегови хӕдзари. Кӕд уӕхӕн кадгин бунати лӕггадӕ кодта, уӕддӕр еухатт ӕ нифс басастӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма фудгӕнгутӕмӕ ӕма сӕрбӕрзонд адӕнмӕ хицӕ кӕнун райдӕдта. Сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕмӕ син нӕ рахицӕ кодта, фал ци ӕнӕмӕтӕ цард кодтонцӕ, уомӕ (Пс. 73:2–9, 11–14). Фиццаг бакастӕй ӕппундӕр неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ. Ӕма сӕ цардмӕ кӕсгӕй псаломзаргӕнӕг расагъӕс кодта: «Мадта ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕли кӕдзос кодтон, дзӕгъӕли ӕхснадтон мӕ къохтӕ ӕнӕхийнӕдзийнади». Берӕ ’й нӕбал гъудӕй ӕма Йеговӕй райеуварс адтайдӕ.

15. Псаломи 73:16–19, 22–25 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ еу левит ӕхе кеми цӕй фӕрци ӕрцудӕй?

15 Бакӕсӕ Псалом 73:16–19, 22–25. Еци левит «Хуцауи кадгин ковӕндонӕмӕ» бацудӕй. Уоми Йегови лӕггадгӕнгути астӕу ӕхебӕл ӕрсагъӕс кодта, удта цӕбӕл тухстӕй, уой Йеговӕн радзурдта ӕма ӕхе кеми ӕрцудӕй. Ба ’й лӕдӕрдтӕй, раст ке нӕ сагъӕс кодта ӕма минкъийтӕбӕл исӕфти нӕдмӕ ке нӕ рахизтӕй. Левит гъуддагмӕ Йегови цӕстӕй ракастӕй ӕма фудгӕнгутӕмӕ нӕбал хицӕ кодта. Уотемӕй ӕ зӕрдӕ нӕуӕгӕй фарнӕ ӕма цийнӕй байдзаг ӕй ӕма Йеговӕн загъта: «Зӕнхӕбӕл [мин] дӕуӕй уӕлдай ӕндӕр цийнӕ нӕййес».

16. Левити хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Мах гъӕуама макӕд хицӕ кӕнӕн, ӕнӕмӕтӕ цард ка кӕнуй, еци фудгӕнгутӕмӕ. Уӕхӕн цард син берӕ нӕ рахӕсдзӕй (Еккл. 8:12, 13). Хицӕ сӕмӕ ку кӕнӕн, уӕд нӕ нифс басӕтдзӕй ӕма ма Йеговӕй дӕр раидард уодзиан. Мадта ’й ку балӕдӕрӕн, кӕмидӕр сӕмӕ хицӕ кӕнун ке райдӕдтан, уӕд мах дӕр гъӕуама левити хузӕн архайӕн. Гъӕуама нӕ уӕларвон Фиди унаффитӕмӕ игъосӕн ӕма ин ӕ фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, уонӕбӕл нӕхе бӕттӕн. Ӕгасемӕй фулдӕр Йегови ку уарзӕн, уӕд ӕцӕгӕйдӕр амондгун уодзиан, удта, «ӕцӕг цардмӕ» ка кӕнуй, еци надӕй некӕд рахездзиан (1 Тим. 6:19).

АПОСТОЛ ПЕТУР ӔХЕЦӔЙ БАФӔЛЛАДӔЙ

Петур нифссаст ку адтӕй, уӕд ин ци банхус кодта, удта идарддӕр дӕр Йеговӕн куд лӕггадӕ кодта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд махӕн дӕр нӕ нифс бафедар уодзӕй ӕма ма иннети федар кӕнун дӕр нӕ бон уодзӕй (кӕсӕ 17–19 абзацтӕ)

17. Петурӕн ӕ нифс цӕй туххӕй басастайдӕ?

17 Апостол Петур хъӕбӕр цӕрдӕг лӕг адтӕй, фал еуӕй-еухатт ба ӕ дзурдтӕ ӕ разӕй фӕууиуонцӕ ӕма ибӕл хъӕбӕр рафӕсмон кӕнидӕ. Зӕгъӕн, Йесо апостолтӕн ку радзурдта, цӕхуӕн мӕлӕт имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой, уӕд ин Петур ба уотӕ фӕккодта: «Дӕхецӕн батӕрегъӕд кӕнӕ, Хецау. Уӕхӕн хабар дӕбӕл макӕд ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:21–23). Йесо ин уой туххӕй бауайдзӕф кодта. Иннӕ хатт ба ӕфсӕддонтӕ Йесой ниййахӕссунмӕ ку ’рбацудӕнцӕ, уӕд Петур ӕ хъӕма фелваста ӕма хестӕр саугини цагъарӕн ӕ гъос рахаун кодта (Иоан. 18:10, 11). Йесо бабӕй ин нӕуӕгӕй бауайдзӕф кодта. Ӕртиккаг хатт ба Петур Йесойӕн ӕхе растудта: «Се ’гасдӕр дӕ ку ниууадзонцӕ, уӕддӕр дӕ ӕз ба некӕд ниууадздзӕн!» (Матф. 26:33). Куд зиннуй, уотемӕй Петур ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл ӕгӕр дардта. Фал фӕстӕдӕр ба адӕнӕй фӕттарстӕй ӕма Йесойӕй ӕртӕ хатти загъта, нӕ ’й зонун, зӕгъгӕ. Петур уобӕл гъе уотӕ рафӕсмон кодта ӕма хъӕбӕр никкудтӕй (Матф. 26:69–75). Ӕвӕдзи имӕ уотӕ кастӕй ӕма ин Йесо некӕдбал ниххатир кӕндзӕй.

18. Йесо Петурӕн ӕ нифс куд бафедар кодта?

18 Фал, Петур нӕ бауагъта, цӕмӕй ӕхецӕй ке бафӕлладӕй, уой туххӕй ӕ лӕггадӕ ниууагътайдӕ. Гъо, фӕррӕдудӕй, фал рӕстдзийнадӕ нӕ ниууагъта. Идарддӕр дӕр иннӕ апостолти хӕццӕ Йеговӕн лӕггадӕ кодта (Иоан. 21:1–3; Гъуд. 1:15, 16). Цума ин ци банхус кодта? Петур ӕ зӕрдӕбӕл дардта Йесой дзурдтӕ: «Ӕз зӕрдиагӕй кувтон дӕу туххӕй, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ ма фесафай. Ӕма ку ’рфӕсмон кӕнай, уӕд де ’нсувӕрти бафедар кӕнӕ». Йеговӕ ӕ Фурти зӕрдиаг кувд исӕнхӕст кодта. Фӕстӕдӕр Йесо Петурмӕ ку фӕззиндтӕй уӕд ӕй, ӕвӕдзи, хъӕбӕр бафедар кодта (Лук. 22:32; 24:33, 34; 1 Кор. 15:5). Уой фӕсте ма Йесо иннӕ апостолтӕмӕ дӕр фӕззиндтӕй, ӕгас ӕхсӕвӕ кӕсалгӕ ку ахӕстонцӕ ӕма ку неци ниййахӕстонцӕ, уӕд. Еци ӕхсӕвӕ дӕр Петурӕн фадуат фӕцӕй, цӕмӕй Йесойӕн загътайдӕ, куд ӕй уарзуй, уой. Йесо ӕ хъазар ӕмбалӕн ниххатир кодта ӕма ма ин никки фулдӕр гъуддӕгтӕ дӕр баихӕс кодта (Иоан. 21:15–17).

19. Псаломи 103:13, 14 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ рӕдудтитӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕн?

19 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йесо Петурмӕ хъӕбӕр хӕларзӕрдӕ адтӕй. Мах ба ’й зонӕн, Йесо алли гъуддаги дӕр ӕ Фиди хузӕн ке ӕй. Мадта ести рӕдуд ку искӕнӕн, уӕд уотӕ гъӕуама ма сагъӕс кӕнӕн, ӕма нин Йеговӕ некӕд ниххатир кӕндзӕй. Е Сайтани фӕндуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнӕн. Гъӕйдӕ мадта нӕхемӕ дӕр, удта ка фӕррӕдуйуй, уонӕмӕ дӕр нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уарзӕгой Фиди цӕстӕй кӕсӕн. (Бакӕсӕ Псалом 103:13, 14.)

20. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

20 Иосиф, Ноемин, Руф, 73 псалом ка ниффинста, еци левит ӕма апостол Петури хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ «зӕрдӕсаст ка ӕй», уонӕмӕ хӕстӕг ке ӕй (Пс. 34:18). Хатгай цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти туххӕй нӕ нифс басӕттуй, фал нин еци зиндзийнӕдти рӕстӕг Йеговӕ ку банхус кӕнуй, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр исуй (1 Пет. 1:6, 7). Рагидзаманти ка цардӕй, еци лӕггадгӕнгутӕй ма никкидӕр адтӕй, ӕ рӕдудтити туххӕй кенӕ ӕндӕр зиндзийнӕдти туххӕй ӕ нифс кӕмӕн басӕттидӕ, уӕхӕнттӕ. Уонӕн дӕр Йеговӕ куд ӕнхус кӕнидӕ, уобӕл ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

7 ЗАР Йеговӕ ӕй нӕ хъаурӕ

^ 5 абз. Иосиф, Ноемин, Руф, 73 псалом ка ниффинста, еци левит ӕма апостол Петур аллихузи фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ. Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, Йеговӕ сӕ куд федар кодта, уобӕл, удта еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй ӕма Йеговӕн ӕхецӕй дӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн, уобӕл.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Ноемин маст кӕнуй, ӕ дууӕ фурти дӕр ке рамардӕнцӕ, уобӕл. Руф ӕма Орфӕ дӕр ӕ хӕццӕ кӕунцӕ. Фӕстӕдӕр Ноемин ӕма Руф минкъий Овидбӕл цийнӕ кӕнунцӕ, ӕма Вооз дӕр сӕ хӕццӕ.