Кӕсгути фарстатӕ
Ӕмбесӕндти 24:16 финст ӕй: «Рӕстгӕнӕг авд хатти ку рахауа, уӕддӕр исистдзӕй». Цума аци стихтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма адӕймаги бон ӕй еу хаттӕй иннӕ хатмӕ тӕрегъӕдтӕ кӕнун, Хуцау ин ке ниххатир кӕндзӕй, уой нифсӕй?
Аци стихӕн ӕ гъуди уӕхӕн нӕй. Ами дзурд «рахаун» нисан кӕнуй «зинтӕ ӕма фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлун», дзурд «исистун» ба – «сӕ сӕрти рахезун».
Гъӕйдӕ стихӕн ӕ контекстмӕ ӕркӕсӕн: «Рӕстгӕнӕги хӕдзари рази фудгӕнӕги хузӕн ма ниббадӕ, ӕ къона ин ма ихалӕ, уомӕн ӕма рӕстгӕнӕг авд хатти ку рахауа, уӕддӕр исистдзӕй, фудгӕнгутӕ ба бӕллӕхи рӕстӕг фӕккеудзӕнцӕ. Де знаг ку рахауа, уӕд цийнӕ ма кӕнӕ, ӕма ӕ къах ку бакъуӕра, уӕд дӕ зӕрдӕ фурцийнӕй ма ирайӕд» (Ӕмб. 24:15–17).
Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма аци стихи дзурд цӕуй, ка рӕдуйуй, фал удта ка ӕрфӕсмон кӕнуй ӕма нӕуӕгӕй Хуцауи хуарзӕнхӕй ка исхайгин уй, уӕхӕн адӕймаги туххӕй. Дууӕ бритайнаг саугини куд загътонцӕ, уомӕ гӕсгӕ «раздӕр дӕр, удта нӕ рӕстӕги дӕр динамонгутӕ аци стих гъе уотӕ лӕдӕрун кодтонцӕ». Ӕма, дан, гъе уой туххӕй беретӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма «хуарз адӕймаги бон ӕй рахаун, гъома уӕззау тӕрегъӕд искӕнун... фал Хуцауи идарддӕр уарзун ӕма исистун, гъома ӕ гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнун». Уӕхӕн дзурдтӕ берети зӕрдӕмӕ фӕццудайуонцӕ, уӕлдайдӕр ба тӕрегъӕди ӕнцонтӕй ка бафтуйуй, уони зӕрдӕмӕ. Адӕймаги бон ӕй ӕхе рӕститӕ кӕнун, зӕгъгӕ, цӕйбӕрцӕфӕнди ма рӕдуйон, уӕддӕр мин Хуцау хатир кӕндзӕй.
Фал 16 стихӕн ӕ гъуди ӕндӕр ӕй.
16 ӕма 17 стихти ци дзиуиттаг дзурд ес, уой арӕхдӕр ратӕлмац кӕнунцӕ дзурдтӕй «хаун» кенӕ «рахаун». Арӕх аци дзурд комкоммӕ хаунмӕ фӕййамонуй, зӕгъӕн: гал надбӕл рахаудтӕй, кадӕр хӕдзари сӕрӕй рахаудтӕй, дор зӕнхӕмӕ ӕрхаудтӕй (Дук. з. 22:4, 8; Амос 9:9). Фал ма аци дзурдтӕй арӕх испайда кӕнунцӕ рахӕсгӕ хузи дӕр, зӕгъӕн: «Йеговӕ федар кӕнуй адӕймаги къахдзӕфтӕ, ӕма ин ӕ царди надмӕ кӕсгӕй цийнӕ кӕнуй. Ку фӕккеуа, уӕд дӕр нӕ рахаудзӕй, уомӕн ӕма ин Йеговӕ хуӕцуй ӕ къохбӕл» (Пс. 37:23, 24; Ӕмб. 11:5; 13:17; 17:20).
Ӕркӕсӕн, еу профессор Эдвард Пламптре ци загъта, уомӕ: «Аци дзиуиттаг дзурд [„хаун“] тӕрегъӕд кӕнунмӕ некӕд фӕййамонуй». Ӕндӕр ахургонд ба 16 стихи туххӕй уотӕ загъта: «Хуцауи адӕнӕн зиан ракӕнунмӕ ка гъавуй, уонӕн неци рауайдзӕй, уомӕн ӕма рӕстгӕнгутӕ фӕййервӕздзӕнцӕ, фудгӕнгутӕ ба исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ!»
Мадта бӕрӕг ӕй, Ӕмбесӕндти 24:16 миуӕвдесӕг «рахаун» тӕрегъӕдмӕ ке нӕ амонуй, фал зиндзийнӕдтӕмӕ. Гӕнӕн ес, ӕма аци фуддуйней цӕргӕй рӕстгӕнӕг хъӕбӕр фӕссӕйгӕ уа кенӕ хецауадӕй ӕ дини туххӕй ӕфхуӕрд баййафа кенӕ ба ӕндӕр ести мӕститӕ дӕр бавзара. Фал уӕддӕр ӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Хуцау ин цийфӕнди фӕлварӕни сӕрти дӕр рахезунмӕ ке банхус кӕндзӕй. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма «Йеговӕ ӕнхус кӕнуй, ка рахауй, уонӕн, исхуӕцуй, ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уонӕбӕл» (Пс. 41:1–3; 145:14–19).
Рӕстгӕнӕгӕн зин фӕууй, иннетӕ куд ухери кӕнунцӕ, уомӕ кӕсун. Фал ӕй уӕддӕр фӕззонуй, «хуарз уодзӕй, ӕцӕг Хуцауӕй ка тӕрсуй, уонӕн, уомӕн ӕма етӕ тӕрсунцӕ Хуцауӕй», ӕма ин еци гъуди уодӕнцойнӕ хӕссуй (Еккл. 8:11–13; Иов 31:3–6; Пс. 27:5, 6).