Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

50 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мӕрдтӕ куд райгас уодзӕнцӕ?»

«Мӕрдтӕ куд райгас уодзӕнцӕ?»

«Мӕлӕт, кӕми ӕй дӕ уӕлахез? Мӕлӕт, кӕми ӕй дӕ маргӕй гъӕстӕ фат?» (1 КОР. 15:55).

141 ЗАР Цард ӕй хъазар лӕвар

РАЗДЗУРД *

1, 2. Исӕрст киристӕнттӕ куд игас кӕндзӕнцӕ, уой зонун алкедӕр цӕмӕн гъӕуй?

АБОНИ Йегови лӕггадгӕнгутӕй сӕ фулдӕрӕн зӕнхӕбӕл цӕруни нифс ес. Фал си кадӕртӕ ба Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ӕрцудӕнцӕ, ӕма уӕларвон цардмӕ райгас уодзӕнцӕ. Исӕрст киристӕнтти хъӕбӕр фӕндуй базонун, уӕлӕрвти сӕ цард цӕхуӕн уодзӕй, уой. Фал зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, етӕ дӕр гъӕуама еци хабӕрттӕ зононцӕ. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма уӕларвон райгасдзийнадӕ уонӕн дӕр берӕ арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй. Мадта нин фӕнди зӕнхон нифс уа, фӕнди – уӕларвон, уӕддӕр еци хабӕрттӕ гъӕуама зонӕн.

2 Фиццаг ӕноси ка цардӕй, еци киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй финстонцӕ уӕларвон нифси туххӕй. Сӕ еу адтӕй апостол Иоанн, ӕма уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Мах нур ан Хуцауи сувӕллӕнттӕ, фал федӕни цӕхуӕн исуодзиан, е нӕма раргом ӕй. Ӕрмӕстдӕр уой зонӕн, ӕма, ку раргом уа, уӕд уой хузӕн исуодзиан» (1 Иоан. 3:2). Аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма ’й исӕрст киристӕнттӕ нӕ зонунцӕ, уӕларвон цардмӕ ку райгас уонцӕ, уӕд цӕхуӕн исуодзӕнцӕ, уой. Фал сӕ хуӕрзеуӕг ку райсонцӕ, уӕдта Йегови сӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнцӕ. Исӕрст киристӕнттӕ уӕларвон цардмӕ куд игас кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй Библий алци финст нӕййес, фал апостол Павел ци ниффинста, уой фӕрци ӕй нӕ бон ӕй еу минкъий нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун. Киристе «ӕгас хецаудзийнӕдтӕ, хецауӕдти ӕма баргинти», удта «фӕстаг знаг – мӕлӕт» дӕр ку исафа, уӕд исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕ хӕццӕ уодзӕнцӕ. Фӕстагмӕ ба Йесо ӕма е ’мпаддзӕхтӕ алцидӕр, удта сӕхе дӕр Йегови дӕлбарӕ бакӕндзӕнцӕ (1 Кор. 15:24–28). Расагъӕс кӕнӕ, еци рӕстӕг еугурӕйдӕр куд цийнӕ кӕндзӕнцӕ, уобӕл. *

3. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:30–32 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павелӕн райгасдзийнади нифс куд ӕнхус кодта?

3 Павел райгасдзийнадӕбӕл ке ӕууӕндтӕй, уой фӕрци фӕлварӕнти рӕстӕг федар фӕллӕудтӕй. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:30–32.) Павел коринфӕгтӕмӕ ниффинста: «Ӕз алли бон дӕр кӕсун мӕлӕти цӕститӕмӕ... Ефеси гъӕддаг сирдти хӕццӕ... тох кодтон». Ка ’й зонуй, Павел ӕцӕгӕйдӕр сирдти хӕццӕ тох кодта Эфеси аренӕбӕл (2 Кор. 1:8; 4:10; 11:23). Кенӕ ба, ӕвӕдзи, ӕ нихмӕ ка цудӕй, еци дзиуиттӕгти ӕма иннӕ адӕни кой кодта (Гъуд. 19:26–34; 1 Кор. 16:9). Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр бӕрӕг ӕй, Павел тӕссаг уавӕрти ке уидӕ, фал ин уӕддӕр федӕнӕй федар нифс адтӕй (2 Кор. 4:16–18).

Бийнонтӕ идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ, кӕд сӕ бӕсти нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕй, уӕддӕр (кӕсӕ 4 абзац)

4. Райгасдзийнади нифс абони киристӕнтти куд федар кӕнуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл).

4 Мах хъӕбӕр лӕгъуз рӕстӕг цӕрӕн. Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ арӕх фудгӕнгути къохти бахаунцӕ. Еуӕй-еуетӕ ба цӕрунцӕ, тугъд кӕми цӕуй, уӕхӕн бунӕтти. Кӕцидӕр бӕстити ба нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕрцудӕй, ӕма нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕн тӕссаг ӕй, ахӕстдӕнтти сӕ ке исбадун кӕндзӕнцӕ кенӕ ба ма сӕ маргӕ дӕр ке ракӕндзӕнцӕ, уомӕй. Фал уӕддӕр Йеговӕн нифсгунӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ. Етӕ ’й федарӕй зонунцӕ, маргӕ сӕ ку ракӕнонцӕ, уӕддӕр сӕ Йеговӕ ке райгас кӕндзӕй.

5. Уомӕн куд ес гӕнӕн, цӕмӕй киристон райгасдзийнадӕ ке уодзӕй, уобӕл гурусхӕ кӕнун райдайа?

5 Павел е ’нсувӕртӕмӕ ниффинста, цӕхуӕн сагъӕстӕй сӕхе гъӕуама хезонцӕ, уой: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уодзӕнцӕ, уӕд „хуӕрӕн ӕма ниуазӕн,– уӕддӕр исон рамӕлдзиан“». Ами Павел, ӕвӕдзи, Исаййи 22:13 финст дзурдтӕ ӕрхаста. Уӕди рӕстӕги дӕр израилӕгтӕ Хуцауи байронх ӕнцӕ, ӕма ӕрмӕстдӕр сӕхе царди сагъӕс кодтонцӕ. Етӕ дӕр, ӕвӕдзи, абони адӕн куд фӕззӕгъунцӕ, «еунӕг хатт цӕрӕн», зӕгъгӕ, уотӕ дзурдтонцӕ. Фал ӕй мах Библийӕй зонӕн, е сӕ хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркодта, уой (2 Анз. 36:15–20).

6. Райгасдзийнадӕбӕл ке ӕууӕндӕн, уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн ӕмбӕлттӕ гъӕуама ӕвзарӕн?

6 Ке хӕццӕ лимӕн кӕнӕн, уомӕ дӕр гъӕуама лӕмбунӕг кӕсӕн. Цума цӕмӕн? Павел коринфӕгти фӕдзахста, цӕмӕй ма лимӕн кодтайуонцӕ, исонибонбӕл ка нӕ сагъӕс кодта ӕма райгасдзийнадӕбӕл ка не ’ууӕндтӕй, уони хӕццӕ. Мадта мах дӕр гъӕуама уӕхӕн адӕни хӕццӕ ма лимӕн кӕнӕн, уомӕн ӕма нӕ е хуарзӕй нецӕмӕ ӕркӕндзӕй. Нӕ хуарз ӕгъдӕуттӕ дӕр ма фехалдзиан кенӕ ба ма тӕрегъӕд дӕр искӕндзиан. Уомӕ гӕсгӕ Павел киристӕнтти разӕнгард кодта: «Райгъал уотӕ ӕма рӕстӕй архайетӕ ӕма тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕ мабал кӕнтӕ» (1 Кор. 15:33, 34).

ЦӔХУӔН БАУӔРТИ РАЙГАС УОДЗӔНЦӔ?

7. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:35–38 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ кадӕртӕ райгасдзийнади туххӕй цӕхуӕн фарстатӕ лӕвардтонцӕ?

7 Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:35–38. Кедӕрти уотӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй киристӕнттӕ райгасдзийнадӕбӕл фӕггурусхӕ адтайуонцӕ, ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ рафӕрсиуонцӕ: «Мӕрдтӕ куд райгас уодзӕнцӕ? Цӕхуӕн бауӕр син уодзӕй?» Аци фарстатӕбӕл Павел ци дзуапп равардта, уобӕл махӕн дӕр хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун. Абони дӕр адӕнмӕ берӕ алли хузи гъудитӕ ес, мӕлӕти фӕсте ци фӕууй, уой туххӕй. Фал цума Библи ба ци зӕгъуй?

Павел нӕмуг ӕма зайӕгоййи хӕццӕ ци цӕветтон ӕрхаста, уомӕй балӕдӕрун кодта, Хуцауи бон ке ӕй адӕймагӕн цийфӕнди бауӕр дӕр раттун (кӕсӕ 8 абзац)

8. Адӕймаг уӕларвон цардмӕ куд райгас уй, уой цӕхуӕн цӕветтон ӕвдесуй?

8 Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕ бауӕр бамбуйуй. Фал нецӕмӕй Дун-дуйне ка сфӕлдиста, еци Хуцауӕн адӕймаги райгас кӕнун устур гъуддаг нӕй! (Райд. 1:1; 2:7). Павел нӕмуги туххӕй ци цӕветтон ӕрхаста, уой фӕрци балӕдӕрун кодта, цӕмӕй Хуцау адӕймаги райгас кӕна, уой туххӕй ӕй ӕ раздӕриккон бауӕр нӕ гъӕуй. Нӕмуг зӕнхи ку ниххауй, уӕд исирӕзуй ӕма си ци исирӕзуй, е нӕмуги хузӕн нӕбал фӕууй. Мадта ’й Павел бавдиста, Хуцауи бон ке ӕй адӕймагӕн раттун, «цӕхуӕн ӕй фӕндуй, уӕхӕн бауӕр».

9. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:39–41 Павел цӕй туххӕй финста?

9 Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:39–41. Павел финсуй, Йеговӕ берӕ аллихузи дессӕгтӕ ке искодта, зӕгъӕн, цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕма кӕсӕлгитӕ. Уонӕн ӕгасемӕндӕр сӕ бауӕртӕ кӕрӕдземӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнунцӕ. Павел ма загъта, мӕйӕ дӕр хори хузӕн ке нӕй, удта стъалутӕ дӕр кӕрӕдземӕй хъӕбӕр ке хецӕн кӕнунцӕ. Ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ ес хъӕбӕр устур сурх стъалутӕ, удта хъӕбӕр минкъий уорс стъалутӕ дӕр, удта ма нӕ хори хузӕн бортӕ ка ’нцӕ, уӕхӕнттӕ дӕр. Павел ма ниффинста, уӕларвон бауӕртӕ ке ес ӕма зӕнхон бауӕртӕ дӕр. Цума ’й уомӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Зӕнхӕбӕл ка цӕруй, уонӕн сӕ бауӕртӕ тог ӕма стӕгӕй конд ӕнцӕ, уӕлӕрвти ка ӕй, уонӕн ба ӕнӕуингӕ бауӕртӕ ес.

10. Уӕлӕрвтӕмӕ ка райгас уодзӕй, уонӕн цӕхуӕн бауӕртӕ уодзӕй?

10 Ӕркӕсӕн, Павел идарддӕр ци финсуй, уомӕ: «Уотӕ ӕй мӕрдти райгаси хабар дӕр. Итуд ӕрцӕуй ӕмбуйгӕ бауӕри, райгас уй ӕнӕмбуйгӕ бауӕр». Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕ бауӕр бамбуйуй ӕма фӕстӕмӕ сикъит фестуй (Райд. 3:19). Мадта уомӕн куд ес гӕнӕн, цӕмӕй адӕймаг ӕнӕмбуйгӕ бауӕри райгас уа? Илийа, Елисей ӕма Йесо ке райгас кодтонцӕ, уони кой нӕ кӕнуй Павел, етӕ зӕнхӕбӕл райгас ӕнцӕ. Ами Павел дзоруй, Хуцау уӕлӕрвтӕмӕ ке райгас кӕндзӕй ӕма «уӕларвон бауӕр» кӕмӕн ратдзӕй, уони туххӕй (1 Кор. 15:42–44).

11, 12. Йесо ку райгас ӕй, уӕд цӕхуӕн иссӕй ӕма исӕрст киристӕнттӕ цӕхуӕн исунцӕ?

11 Киристе зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ин адтӕй, тог ӕма стӕгӕй конд бауӕр. Фал ку райгас ӕй, удта «иссӕй царддӕттӕг уӕларвон уодгоймаг» ӕма фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕмӕ раздахтӕй. Гъе уотӕ исӕрст киристӕнттӕ дӕр ку райгас уонцӕ, уӕд син уодзӕй уӕларвон бауӕртӕ. Павел уой туххӕй загъта: «Сикъитӕй конд ка адтӕй, уой хузӕн куд ан, уотӕ уодзиан, уӕлӕрвтӕмӕ ка раздахтӕй, уой хузӕн дӕр» (1 Кор. 15:45–49).

12 Гъӕуама ни иронх ма: Йесо ку райгас ӕй, уӕд ин адӕймаги бауӕр нӕбал адтӕй. Цӕмӕннӕ, уой туххӕй ба Павел загъта: «Тог ӕма стӕгӕй конд адӕймагӕн ӕ бон нӕй Хуцауи паддзахадӕ бунӕн райсун» (1 Кор. 15:50). Мадта апостолтӕ ӕма иннӕ исӕрст киристӕнттӕ дӕр тог ӕма стӕгӕй конд бауӕрти нӕ райгас ӕнцӕ. Цума игас кӕнун ба кӕд райдӕдтонцӕ? Павел ӕй балӕдӕрун кодта, еци хабар сӕ мӕлӕти хуӕдфӕсте ке не ’рцӕудзӕй, фал рӕстӕг ке гъӕуама рацӕуа. Коринфӕгтӕмӕ ӕ фиццаг финстӕг ку ниффинста, уӕд Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕй кадӕртӕ ӕгас нӕбал адтӕнцӕ, зӕгъӕн, апостол Иаков (Гъуд. 12:1, 2). Иннӕ апостолтӕ ӕма исӕрститӕ ба ма ӕгас адтӕнцӕ (1 Кор. 15:6).

МӔЛӔТ ИСӔФТ ӔРЦӔУДЗӔЙ

13. Киристей ӕрцуд цӕхуӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй?

13 Йесо дӕр ӕма Павел дӕр дзурдтонцӕ еу ӕхсидзгӕ рӕстӕги туххӕй. Е ӕй Киристей ӕрцуди рӕстӕг. Еци рӕстӕг, дан, ӕгас зӕнхӕбӕл цӕудзӕнцӕ аллихузи лӕгъуз хабӕрттӕ: тугъдтитӕ, зӕнхинкъуститӕ, незтӕ ӕма ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Ӕма уинӕн, аци пахампарадӕ 1914 анзи ӕнхӕст кӕнун ке райдӕдта. Уомӕй уӕлдай ма Йесо загъта, еци рӕстӕг Хуцауи Паддзахади хуарз хабар «ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр» игъустгонд ке ӕрцӕудзӕй (Матф. 24:3, 7–14). Павел ба ниффинста, «Хецауи ӕрцуди» рӕстӕг Хуцау ке райгас кӕндзӕй, ка рамардӕй, еци исӕрст киристӕнтти (1 Фес. 4:14–16; 1 Кор. 15:23).

14. «Хецауи ӕрцуди» рӕстӕг ка рамӕлуй, еци исӕрст киристӕнттӕ ци баунцӕ?

14 Абони исӕрст киристӕнттӕй ка рамӕлуй, етӕ еци фӕдбӕл уӕлӕрвтӕмӕ райгас унцӕ. Е бӕрӕг ӕй Павели дзурдтӕй: «Не ’гасӕй мӕрдфунӕй нӕ кӕндзиан, фал не ’гасдӕр феййевдзиан ӕвеппайди, цӕстифӕнникъулдмӕ, фӕстаг уадиндзӕ ку ниууаса, уӕд» (1 Кор. 15:51, 52). Расагъӕс кӕнӕ, Павели дзурдтӕ мах рӕстӕги ӕнхӕст кӕнунцӕ! Киристей ӕнсувӕртӕ ку райгас унцӕ, уӕд хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнунцӕ, уомӕн ӕма ’й фӕззонунцӕ, алкӕддӕр сӕ Хецауи хӕццӕ ке уодзӕнцӕ (1 Фес. 4:17).

«Цӕстифӕнникъулдмӕ» ка раййевдзӕй, етӕ Киристей хӕццӕ зӕнхӕ фудгӕнгутӕй искӕдзос кӕндзӕнцӕ (кӕсӕ 15 абзац)

15. Уӕлӕрвти исӕрст киристӕнттӕмӕ цӕхуӕн куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

15 Уӕлӕрвтӕмӕ ка райгас уа, еци исӕрст киристӕнттӕмӕ цӕхуӕн куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Йесо син загъта: «Уӕлахез ка кӕнуй ӕма, ӕз ци бафӕдзахстон, уой кӕронмӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, уой ӕз адӕнихӕттитӕн хецауӕй исӕвӕрдзӕн,– мӕн мӕ Фидӕ куд исӕвардта, уотӕ,– ӕма сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй ӕздахдзӕн, ӕма ӕргъӕй конд дзаумати хузӕн ниппурхӕ уодзӕнцӕ» (Рарг. 2:26, 27). Киристей хӕццӕ исӕрститӕ ӕгас адӕнӕн дӕр разамунд дӕтдзӕнцӕ ӕма сӕ «ӕздахдзӕнцӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй» (Рарг. 19:11–15).

16. Беретӕ мӕлӕтбӕл куд фӕууӕлахез уодзӕнцӕ?

16 Исӕрст киристӕнттӕ мӕлӕтбӕл фӕууӕлахез уодзӕнцӕ (1 Кор. 15:54–57). Ку райгас уонцӕ, уӕд сӕ бон уодзӕй Армагеддони тугъди рӕстӕг зӕнхӕ фуддзийнадӕй искӕдзос кӕнун. Зӕнхон нифс кӕмӕн ес, етӕ ба «устур бӕллӕхи сӕрти рахездзӕнцӕ» (Рарг. 7:14). Етӕ цӕрдзӕнцӕ нӕуӕг дуйней, ӕма ’й сӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнцӕ, мӕлӕт исӕфт куд ӕрцӕудзӕй, уой – миллиардгай адӕн фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзӕнцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, еци хабар алкӕмӕндӕр цӕйбӕрцӕ цийнӕ ӕрхӕсдзӕй! (Гъуд. 24:15). Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ка байзайа, етӕ мӕлӕтбӕл фӕууӕлахез уодзӕнцӕ, ӕма цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ.

17. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:58 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ абони куд гъӕуама архайӕн?

17 Павел коринфӕгтӕмӕ райгасдзийнади туххӕй ци ниффинста, уой ке зонӕн, уой туххӕй ни алкедӕр гъӕуама боз уа. Гъӕйдӕ мадта архайӕн, ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ: «Алкӕддӕр берӕ хъиамӕт кӕнтӕ Хецауи гъуддаги». (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:58.) Аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, ци дессаги федӕн нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой нӕхе цӕститӕй ке фӕууиндзиан. Еци цард куд дессаг уодзӕй, уой абони кӕронмӕ лӕдӕргӕ дӕр нӕма кӕнӕн. Фал еци рӕстӕг ку ’рцӕуа, уӕд ӕй балӕдӕрдзиан, «Хецауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ке нӕ ’нцӕ».

140 ЗАР Мӕнӕ ӕносон цард!

^ 5 абз. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15 сӕри ма финст ӕй, мӕрдтӕ куд игас кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй дӕр. Кӕд Павели дзурдтӕ фиццагидӕр исӕрст киристӕнттӕмӕ хаунцӕ, уӕддӕр еци гъудитӕ, зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, уонӕн дӕр хуарз адтайдӕ зонун. Аци статьяй фӕрци ’й базондзиан, райгасдзийнадӕбӕл ке ӕууӕндӕн, е нин царди куд ӕнхус кӕнуй, уой.

^ 2 абз. Павел 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:29 ци дзурдтӕ ниффинста, уонӕбӕл ма дзурд цӕуй аци журнали рубрики «Кӕсгути фарстатӕ».