41 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ бон куд ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун? (1-аг хай)
«Сумах айтӕ Киристей финстӕг, финсгӕ ба уӕ никкодтан мах нӕ лӕггади фӕрци» (2 КОР. 3:3).
78 ЗАР «Хуцауи дзурд амонӕн»
РАЗДЗУРД *
1. 2 Коринфӕгтӕмӕ 3:1–3 финст дзурдтӕй куд зиннуй, адӕймаги донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун нӕхецӕн устур кадӕбӕл ке нимайӕн?
ӔХЦӔУӔН дин нӕ фӕууй, уе ’мбурдӕй еске донаргъуд ку райсуй, уӕд? Ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй (Матф. 28:19). Ӕма кӕд еци адӕймаги хӕццӕ дӕхуӕдӕг ахур кодтай Библи, уӕдта, ӕвӕдзи, дӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй (1 Фес. 2:19, 20). Донаргъуд ка райсуй, еци адӕймаги исхонӕн фӕууй «ӕстауӕн финстӕг», ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, айдагъ уомӕн нӕ, фал ӕгас ӕмбурдӕн дӕр, уомӕн ӕма уомӕй рабӕрӕг уй, адӕймагӕн зӕрдиагӕй ке ӕнхус кодтонцӕ. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 3:1–3.)
2. а) Цӕхуӕн ӕхсидзгӕ фарстамӕ нӕ гъӕуй ӕркӕсун ӕма цӕмӕн? б) Библий ахур ци ӕй? (Кӕсӕ феппайуйнаг.)
2 Фӕстаг цуппар анзей дӕргъи ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр рӕстӕмбес нимадӕй уагътан 10 000 000 Библий ахури *. Уонӕй еу 280 000 адӕймаги алли анз дӕр донаргъуд райсиуонцӕ. Фал донаргъуд ка нӕма райста, еци милиуангай адӕнӕн ба куд банхус кӕнӕн? Цалинмӕ ма Йеговӕ аци дуйнейӕн бухсуй, уӕдмӕти ма син ес фадуат, цӕмӕй Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исуонцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ӕгас хъауритӕй дӕр архайӕн, цӕмӕй син донаргъуд тагъддӕр райсунмӕ банхус кӕнӕн. Рӕстӕг берӕ нӕбал байзадӕй! (1 Кор. 7:29а; 1 Пет. 4:7).
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Абони ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни куст куд ӕхсидзгӕ ’й, уотӕ некӕдма. Уомӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет алли бӕстити филиалти бафарста, Библи ка ахур кӕнуй, уони донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнунмӕ ма цӕхуӕн мадзӕлттӕ ес, уобӕл. Аци ӕма иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ бон цӕбӕл ӕй исахур ун фӕлтӕрдгун пионертӕй, миссионертӕй ӕма районон цӕстӕдаргутӕй * (Ӕмб. 11:14; 15:22). Удта базондзиан, ахуркӕнуйнагӕн ӕхе бон дӕр ӕма ӕ хӕццӕ ка ахур кӕнуй, уой бон дӕр ци ӕй кӕнун, цӕмӕй сӕ ахур фулдӕр пайда хӕсса. Аци статьяй радзордзиан, цӕхуӕн фондз унаффей фӕрци нӕ бон ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн банхус кӕнун, цӕмӕй донаргъуд райсонцӕ.
БИБЛИЙ АХУР АЛЛИ КЪУӔРЕ ДӔР УАДЗЕТӔ
4. Библи дуармӕ ахур кӕнгӕй ци гъӕуама лӕдӕрӕн?
4 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ адӕймаги хӕццӕ Библи ӕ дуармӕ фӕййахур кӕнунцӕ. Ӕной е хуарз мадзал ӕй, цӕмӕй адӕймаги фулдӕр базонунмӕ баразӕнгард кӕнӕн. Фал уӕхӕн Библий ахуртӕ арӕхдӕр фӕуунцӕ цубур, удта сӕ алли къуӕре уадзун дӕр нӕ фӕууайуй. Ӕма цӕмӕй адӕймаги никки фулдӕр базонун бафӕндӕуа, уой туххӕй си ӕ телефони номер ракорунцӕ, ӕма имӕ ӕндӕр бӕнтти дӕр радзорунцӕ кенӕ имӕ Библийӕй ести цубур гъудитӕ рафинсунцӕ. Фал уӕхӕн цубур дзубандитӕ мӕйгӕйттӕ дӕр рахӕссунцӕ, бӕстон Библий ахурмӕ ба не ’ркӕнунцӕ. Цума адӕймаг Хуцаумӕ ӕрбахӕстӕг уодзӕй ӕма донаргъуд райсдзӕй, Библий ахурӕн фагӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ ку нӕ дӕтта, уӕд? Ӕвӕдзи, нӕ.
5. Лукай 14:27–33 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕнтӕстгунӕй ахур кӕнун?
5 Еухатт Киристе дууӕ цӕветтоней фӕрци балӕдӕрун кодта, ци кӕнун гъӕуй, ӕ ахуркӕнуйнаг исун ке фӕндуй, уони. Еу цӕветтон адтӕй, мӕсуг исамайун ке фӕндадтӕй, уӕхӕн адӕймаги туххӕй, иннӕ ба – тугъдмӕ цӕуйнаг ка адтӕй, уӕхӕн паддзахи туххӕй. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ мӕсугамайӕг бал гъӕуама ӕрбада ӕма ӕ хӕрзтӕ дзӕбӕх банимайа, цӕмӕй ӕй балӕдӕра, е ’скӕнуни фагӕ имӕ ес ӕви нӕ, уой. Паддзахи дӕр гъӕуй ӕрбадун ӕма иннети хӕццӕ раунаффӕ кӕнун, е ’фсади хӕццӕ е знӕгтӕн ести бакӕнун ӕ бон исуодзӕй ӕви нӕ. (Бакӕсӕ Лукай 14:27–33.) Гъе уотӕ, Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг исун ке фӕндуй, е дӕр гъӕуама расагъӕс кӕна, уой туххӕй ӕй ци кӕнун гъӕудзӕй, уобӕл. Ӕма ин еци гъуддаги нӕ бон уодзӕй банхус кӕнун, ку ’й разӕнгард кӕнӕн Библи алли къуӕре дӕр ахур кӕнун. Кутемӕй?
6. Дӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой ӕууӕндундзийнадӕ тагъддӕр ирӕза?
6 Фиццаг бал бавзарӕ, дуармӕ ци рӕстӕг фӕййахур кӕнтӕ, уой минкъий фӕффулдӕр кӕнун. Ка ’й зонуй дин уайдзӕй алли фембӕлди дӕр еу нӕ, фал цалдӕр Библий стихи дӕр равзарун. Фулдӕр рӕстӕг ке дзоретӕ, уобӕл адӕймаг ку райахур уа, удта ’й рафӕрсӕ, уӕ бон кӕми адтайдӕ ӕрбадун, цӕмӕй ахур раидарддӕр кӕнайтӕ. Ци дзуапп дин искӕна, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, ахурмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, е. Цӕмӕй адӕймаги ӕууӕндундзийнадӕ тагъддӕр ирӕза, уой туххӕй ӕй бафӕрсӕ, къуӕремӕ ’й дууӕ хатти нӕ фӕндадтайдӕ ахур кӕнун. Фал кудфӕнди ма уа, уӕддӕр айдагъ е фагӕ нӕй, цӕмӕй адӕймаги донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнай.
АЛЛИ БИБЛИЙ АХУРМӔ ДӔР ДӔХЕ ЦӔТТӔ КӔНӔ
7. Библий ахурмӕ дӕхе куд гъӕуама цӕттӕ кӕнай?
7 Кӕд еске хӕццӕ Библи ахур кӕнис, уӕд алли ахурмӕ дӕр гъӕуама дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнай. Фиццаг бал ӕрмӕг ӕгасӕйдӕр бакӕсӕ, удта си ци стихтӕ уа, уони дӕр. Сӕйраг гъудитӕ си исбӕрӕг кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ урокки сӕргондбӕл, дӕлсӕргӕндтӕбӕл, фарстатӕбӕл, «бакӕсӕ» финст кӕми ес, еци стихтӕбӕл, хузтӕбӕл, ӕма теми хӕццӕ баст ка ӕй, еци видеороликтӕбӕл. Уой фӕсте ба расагъӕс кӕнӕ, аци темӕ ахуркӕнуйнагӕн куд хуӕздӕр балӕдӕрун кӕнай, уобӕл, цӕмӕй си царди пайда кӕна (Неем. 8:8; Ӕмб. 15:28а).
8. Павел Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10 ке ниффинста, еци дзурдтӕ нӕ ковуни туххӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
8 Цӕттӕ кӕнгӕй дӕ ахуркӕнуйнаги туххӕй Йеговӕмӕ ковӕ. Корӕ си, цӕмӕй дин банхус кӕна адӕймаги зӕрдӕмӕ над иссерун. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10.) Рагацау расагъӕс кӕнӕ, зин балӕдӕрӕн ин ци уодзӕй кенӕ ба цӕбӕл нӕ арази кӕндзӕй. Дӕ гъудий дарӕ, дӕ нисан ӕй адӕймаги донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун.
9. Дӕ бон куд ӕй адӕймагӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Библий ахурмӕ ӕхе цӕттӕ кӕна?
9 Библий ахур ӕдзох ку уадзӕн, уӕд, ӕвӕдзи, ахуркӕнуйнаг фулдӕр аргъ кӕнун райдайдзӕй Йеговӕ ӕма Йесо уой туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн, ӕма ’й никки фулдӕр базонун бафӕнддзӕй (Матф. 5:3, 6). Цӕмӕй уӕ ахур фулдӕр пайда хӕсса, уой туххӕй ахуркӕнуйнагӕн ӕ гъудитӕ ӕгасӕйдӕр гъӕуама уонцӕ, ци ӕрмӕг ахур кӕнтӕ, уобӕл. Уомӕ гӕсгӕ ин лӕдӕрун кӕнӕ, рагацау цӕттӕ кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой, зӕгъӕн, ӕрмӕг бакӕсун ӕма, уомӕ куд хауй, уобӕл расагъӕс кӕнун. Еци гъуддаги ин дӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? Еу сӕргонд еумӕ бацӕттӕ кӕнтӕ, цӕмӕй ӕй фӕууина, е куд кӕнгӕ ’й, уой *. Абзаци фарстабӕл дзуапп куд агоргӕ ’й, уой ин бавдесӕ, ӕма ин зӕгъӕ, сӕйраг дзурдтӕ ку баханхӕ кӕна, уӕд ин дзуапп ӕргъуди кӕнун ӕнцондӕр ке уодзӕй. Удта ма ин зӕгъӕ, цӕмӕй ӕхе дзурдтӕй дзора. Уотемӕй ӕй балӕдӕрдзӕнӕ, ӕрмӕг хуарз балӕдӕрдтӕй ӕви нӕ, уой. Никкидӕр ма ’й дӕ бон цӕмӕ ӕй разӕнгард кӕнун?
АДӔЙМАГИ АХУР КӔНӔ, ЦӔМӔЙ АЛЛИ БОН ДӔР ЙЕГОВИ ХӔЦЦӔ ДЗОРА
10. Библи алли бон дӕр кӕсун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Цӕмӕй Библи кӕсун фулдӕр пайда хӕсса, уой туххӕй ци гъӕуй?
10 Адӕймаг алли къуӕре дӕр нӕ хӕццӕ ке ахур кӕнуй, уомӕй уӕлдай ма ’й гъӕуй алли бон дӕр Йегови хӕццӕ дзорун ӕма имӕ игъосун. Кутемӕй? Цӕмӕй имӕ игъоса, уой тухӕй ӕй гъӕуй алли бон дӕр Библи кӕсун (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:1–3). Дӕ ахуркӕнуйнагӕн бавдесӕ, куд пайда кӕнгӕй «Библи кӕсуни график»-ӕй сайти jw.org *. Цӕмӕй ин, ци кӕсуй, е пайда хӕсса, уой туххӕй ӕй сагъӕс кӕнунмӕ разӕнгард кӕнӕ, зӕгъӕн, Йегови туххӕй си ци финст ес, уобӕл кенӕ, ци кӕсуй, уомӕй царди куд ӕнгъезуй пайда кӕнун, уобӕл (Гъуд. 17:11; Иак. 1:25).
11. Нӕ бон куд ӕй ахуркӕнуйнаги раст ковунбӕл исахур кӕнун ӕма ин Йегови хӕццӕ арӕх дзорун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
11 Дӕ ахуркӕнуйнаги Йегови хӕццӕ дзорунмӕ разӕнгард кӕнӕ, гъома имӕ цӕмӕй алли бон дӕр кова. Ахури размӕ, удта ахури фӕсте дӕр зӕрдиагӕй Йеговӕмӕ раковисӕ, удта кувди медӕг ахуркӕнуйнаги кой дӕр искӕнисӕ. Дӕ кувдтитӕмӕ игъосгӕй ӕй адӕймаг дӕр балӕдӕрдзӕй Йеговӕмӕ Йесо Киристей номӕй ковун ке гъӕуй, удта зӕрдибунӕй ковун дӕр исахур уодзӕй (Матф. 6:9; Иоан. 15:16). Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕмӕ куд бахӕстӕг уодзӕй, алли бон дӕр ӕ хӕццӕ ку дзора, гъома имӕ ку кова, удта имӕ алли бон дӕр ку игъоса, гъома Библи ку кӕса (Иак. 4:8). Уотемӕй е ’уундундзийнадӕ бафедар уодзӕй, ӕма еу афони ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕндзӕй ӕма донаргъуд райсдзӕй.
АХУРКӔНУЙНАГӔН ӔНХУС КӔНӔ, ЦӔМӔЙ ЙЕГОВИ ӔМБАЛ ИСУА
12. Нӕ бон куд ӕй ахуркӕнуйнагӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови хӕццӕ балимӕн уа?
12 Адӕймаг Библий ци базонуй, е айдагъ ӕ зундмӕ гъӕуама ма гъара, фал ӕ зӕрдӕмӕ дӕр. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕ нӕ зӕрдӕ фӕрразӕнгард кӕнуй, ци базонӕн, уомӕй царди пайда кӕнунмӕ. Йесо рӕстдзийнадӕ хумӕтӕг дзурдтӕй лӕдӕрун кодта, ӕма ’й адӕн хуарз лӕдӕрдтӕнцӕ. Фал ӕ фӕдбӕл ба рацӕуиуонцӕ, ӕ дзурдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ ке багъариуонцӕ, уой туххӕй (Лук. 24:15, 27, 32). Адӕймаг ӕй гъӕуама фӕууина, Йегови хӕццӕ ӕцӕгӕйдӕр ке ес лимӕн кӕнӕн, удта ӕ Фидӕ, ӕ Хуцау ӕма е ’Мбал ке ӕй (Пс. 25:4, 5). Ахури рӕстӕг ин Йегови дессаги менеугутӕмӕ е ’ргом раздахисӕ (Рац. 34:5, 6; 1 Пет. 5:6, 7). Ӕнхус ин кӕнӕ, цӕмӕй Йегови уарзондзийнадӕн ӕма фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕн аргъ кӕнун базона. Йесо дӕр загъта, «фиццаг ӕма тӕккӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» ке ӕй Йегови ӕгас зӕрдӕй уарзун (Матф. 22:37, 38). Гъема ин ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй еци уарзт ӕ зӕрди ирӕзун райдайа.
13. Нӕ бон куд ӕй ахуркӕнуйнагӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови хуӕздӕр базона?
13 Ахуркӕнуйнагӕн радзорӕ, дӕхуӕдӕг Йегови цӕмӕн уарзис, уой. Уотемӕй дӕр ин ӕнхус кӕндзӕнӕ Йегови бауарзун ӕмӕ имӕ хӕстӕг кӕнун (Пс. 73:28). Зӕгъӕн, ци ӕрмӕг цотӕ, уоми кенӕ ба Библий ести дзӕбӕх гъуди ку иссерай, Йегови уарзондзийнади, зунди, рӕстдзийнади ӕма хъаури туххӕй, уӕд ӕй уомӕн дӕр радзорӕ. Уадзӕ ма ’й е дӕр фӕууинӕд, нӕ уӕларвон Фиди берӕ цӕйдӕрти туххӕй ке уарзис. Фал ма ’й донаргъуд райсунмӕ никкидӕр ци гъӕуй кӕнун?
АХУРКӔНУЙНАГИ ӔМБУРДТӔМӔ ЦӔУНМӔ РАЗӔНГАРД КӔНӔ
14. Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25 ӕмбурдти туххӕй ци финст ес?
14 Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, етӕ донаргъуд райсонцӕ. Ӕма син еци гъуддаги банхус кӕндзиан, ӕмбурдтӕмӕ цӕунмӕ сӕ ку разӕнгард кӕнӕн, уӕд. Ӕмбурдтӕмӕ цӕун раздӕр ка райдайуй, е къахдзӕфтӕ дӕр тагъддӕр фӕккӕнуй (Пс. 111:1). Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн балӕдӕрун кӕнунцӕ, ӕмбурди ци базононцӕ, уой Библи ахур кӕнгӕй ке нӕ базондзӕнцӕ. Адӕймагӕн бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25 ӕма ин балӕдӕрун кӕнӕ, ӕмбурдтӕ ин ци пайда хӕсдзӕнцӕ, уой. (Ба сӕ кӕсӕ.) Ба ин ӕвдесӕ видеоролик «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци » фӕууй? *. Адӕймагӕн банхус кӕнӕ, цӕмӕй ин ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕхсидзгӕ исуа.
15. Нӕ бон куд ӕй, ахуркӕнуйнаги баразӕнгард кӕнун, цӕмӕй алли ӕмбурдмӕ дӕр цӕун райдайа?
15 Кӕд адӕймаг ӕмбурдтӕмӕ нӕма цӕуй кенӕ ескӕд еу хатт ӕрбацӕуй, уӕд ӕй нӕ бон куд ӕй разӕнгард кӕнун, цӕмӕй алли ӕмбурдмӕ дӕр цӕун райдайа? Зӕрдиагӕй ин радзорӕ, фӕстаг ӕмбурди цӕхуӕн гъудитӕ фегъустай, уой. Дӕ зӕрдӕмӕ си куд цӕуй, уой ку фӕууина, уӕд, ка ’й зонуй, уой дӕр бафӕнддзӕй ӕрбацӕун. Ӕмбурди ке цотӕ, еци «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» кенӕ «Косӕн тъетрад» ин раттӕ. Ба ин ӕвдесӕ, иннӕ фембӕлди дзурд цӕбӕл цӕудзӕй, уой ӕма ’й рафӕрсӕ, фулдӕр ӕй кӕци хаймӕ фӕндадтайдӕ байгъосун. Ӕ фиццаг ӕрбацуди ӕмбурди ци фӕууина ӕма ци фегъоса, е хъӕбӕр хецӕн кӕндзӕй, ӕндӕр динти фембӕлдти ци фӕууидтайдӕ ӕма ци фегъустайдӕ, уомӕй (1 Кор. 14:24, 25). Базонгӕ уодзӕй, ӕ бон фӕнзун ке уодзӕй, удта ин къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ ка ӕнхус кӕндзӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ.
16. Нӕ бон куд ӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун? Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
16 Мадта нӕ бон куд ӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун? Ӕнхус ин кӕнӕ, цӕмӕй ӕй лӕдӕра, Библи ахур кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Разӕнгард ӕй кӕнӕ, алли къуӕре дӕр ахур кӕнунмӕ, удта алли ахурмӕ дӕр ӕхе цӕттӕ кӕнунмӕ. Уомӕй уӕлдай ма ’й разӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕна, ӕ хӕццӕ алли бон дӕр дзора, удта имӕ игъоса ӕма алли ӕмбурдмӕ дӕр цӕуа. (Кӕсӕ рамкӕ « Ахуркӕнуйнаги бон куд ӕй ӕхе донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун?».) Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун нӕ бон куд ӕй, уой фӕдбӕл ма ес никкидӕр фондз унаффи. Уонӕбӕл ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
76 ЗАР Ӕхцӕуӕн дин нӕй?
^ 5 абз. Еске ахур кӕнун нисан кӕнуй, адӕймагӕн, ду ци зонис, уой амонун кенӕ нӕуӕг цидӕртӕ лӕдӕрун кӕнун. 2020 анзи стих, Матфеййи 28:19, нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, куд ӕхсидзгӕ ’й адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнун ӕма син ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ исуонцӕ ӕма донаргъуд райсонцӕ. Аци ӕма иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй, еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй, уобӕл.
^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Адӕймаги хӕццӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Библибӕл ку дзорай ӕма Библи ахур кӕнунмӕ нӕ сӕйраг публикацитӕй ескӕцимӕй ку пайда кӕнай, уӕд е ӕй Библий ахур. Библий ахур куд цӕуй, уой адӕймагӕн ку бавдесай, ӕма ма уой фӕсте тӕккӕ минкъийдӕр дууӕ ахури ку рауадзай ӕма ’й идарддӕр ахур кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд еци Библий ахур дӕ бон ӕй хигъди фӕббӕрӕг кӕнун.
^ 3 абз. Аци статьяти ци унаффитӕ ес, уонӕй кӕцидӕртӕ ист ӕнцӕ, статьятӕй, «Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн ӕнхус кӕнӕн се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ», «Нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг»-и сифӕй 2004 анзи июлӕй 2005 анзи маймӕ (урус.).
^ 9 абз. Приложений JW Library® кӕсӕ видеороликмӕ «Помогай изучающему готовиться». Иссерӕн ӕй ес уруссагау. Кӕсӕ МУЛЬТИМЕДИЯ > НАШИ ВСТРЕЧИ И СЛУЖЕНИЕ > СОВЕРШЕНСТВУЕМ НАВЫКИ.
^ 10 абз. Кӕсӕ БИБЛИОТЕКӔ > КИУНУГУТӔ ӔМА БРОШЮРИТӔ.
^ 14 абз. Приложений JW Library® кӕсӕ МУЛЬТИМЕДИ > НЕ ’МБУРДТӔ ӔМА НӔ ЛӔГГАДӔ > УСТУР ӔНХУС НӔ ЛӔГГАДИ.