Кӕсгути фарстатӕ
Екклесиасти 5:8 айдагъ зӕнхон хецӕутти туххӕй дзурд цӕуй ӕви си Йегови кой дӕр ес?
Аци стихи финст ӕй: «Ескӕци бӕсти ку фӕууинай, ӕма мӕгурти ӕфхуӕрунцӕ, рӕстдзийнадӕ ӕма раст тӕрхон усхъуммӕ кӕнунцӕ, уӕд дӕмӕ е дессаг ма фӕккӕсӕд, уомӕн ӕма хецауи сӕрмӕ дӕр ес кадӕр, ӕма алке сӕрмӕ дӕр ес, ӕхецӕй уӕлдӕр ка ӕй, уӕхӕн» (Еккл. 5:8).
Фиццаг бакастӕй уотӕ зиннуй, цума аци стихи ӕрмӕстдӕр зӕнхон хецӕутти кой цӕуй. Фал ибӕл лӕмбунӕгдӕр ку расагъӕс кӕнӕн, уӕд си фӕууиндзиан, нифс ӕма хъауритӕ нин ка дӕттуй, еу уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуди Йегови туххӕй.
Екклесиасти 5:8 дзурд цӕуй, мӕгурти ка ӕфхуӕруй ӕма раст тӕрхон ка усхъуммӕ кӕнуй, уӕхӕн хецауи кой. Уӕхӕн хецауӕн дӕр ӕ сӕргъи ӕндӕр хецау фӕууй. Удта ма фӕууй, сӕ дууемӕй дӕр уӕлдӕр ка ӕй, уӕхӕн. Фал бӕлах уой медӕги ӕй, ӕма уони астӕу дӕр фӕууй ӕхцайӕй балхӕнӕн ке ес, уӕхӕн хецӕуттӕ, ӕма уони фудӕй хумӕтӕг адӕн гъезӕмарӕ фӕккӕнунцӕ.
Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр си Йеговӕ алкедӕр уинуй ӕма нин еци гъуди устур уодӕнцойнӕ хӕссуй. Нӕ бон ӕй Йеговӕй ӕнхус ракорун ӕма нӕ тухститӕ уой бӕрагӕ ниууадзун (Пс. 55:22; Фил. 4:6, 7). Мах федарӕй зонӕн еу гъуддаг: «Йегови цӕститӕ кӕсунцӕ ӕгас зӕнхӕмӕ дӕр, цӕмӕй, ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕ хӕццӕ кӕмӕн ӕй, уони туххӕй ӕ хъаурӕ равдеса» (2 Анз. 16:9).
Мадта Екклесиасти 5:8 дзурд цӕуй, зӕнхон хецауӕдтӕ цӕхуӕн фӕуунцӕ, уобӕл: алкӕмӕндӕр си ес, ӕ сӕргъи ка лӕууй, уӕхӕн хецау. Аци стих ма нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Йеговӕй уӕлдӕр ке неке ес, уой дӕр. Нур Йеговӕ ӕ уӕларвон Паддзахади фӕрци разамунд дӕттуй. Еци паддзахади сӕргъи ба исӕвардта ӕ Фурт Йесо Киристей. Алцигъон Хуцау алкедӕр уинуй, удта алкӕддӕр рӕстӕй фӕййархайуй, ӕма уотӕ зӕгъӕн ес ӕ Фуртӕй дӕр.