Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

16 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Киристей нивондӕн идарддӕр дӕр аргъ кӕнтӕ

Киристей нивондӕн идарддӕр дӕр аргъ кӕнтӕ

«Адӕймаги Фурт... ӕрцудӕй, цӕмӕй... ӕ уод ратта берети балхӕнуни туххӕй» (МАР. 10:45).

18 ЗАР Киристей нивонди туххӕй боз уӕн

РАЗДЗУРД *

1, 2. Киристе цӕхуӕн нивонд ӕрхаста ӕма нӕ еци нивонд цӕмӕн багъудӕй?

АДАМ тӕрегъӕд ку искодта, уӕд ӕхе дӕр ӕма ӕ байзӕддӕгти дӕр ӕносон цардӕй фенӕхай кодта. Адамӕн хатиргӕнӕн н’ адтӕй, уомӕн ӕма ӕнхӕст адӕймаг адтӕй ӕма еци гъуддаг зонгӕ-зонгӕй бакодта. Гъема ин Хуцау мӕлӕти тӕрхон рахаста. Фал ӕ байзӕддӕгтӕй ба ци ес зӕгъӕн? Етӕ неци гӕнӕг адтӕнцӕ (Ром. 5:12, 14). Цума ести адтӕй бакӕнӕн, цӕмӕй сӕ еци тӕрхон ма баййафтайдӕ? Гъо. Адами тӕрегъӕди фӕсте Йеговӕ сабургай ӕргом кӕнун райдӕдта, Адами байзӕддӕгти тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй куд исуӕгъдӕ кӕндзӕй, уой (Райд. 3:15). Йеговӕ ӕ Фурти уӕлӕрвтӕй зӕнхӕмӕ рарвиста, цӕмӕй ӕ уод равардтайдӕ «берети балхӕнуни туххӕй» (Мар. 10:45; Иоан. 6:51).

2 Киристе цӕхуӕн нивонд ӕрхаста? Киристон-Грекъаг финстити еци нивондмӕ хауй, Адам ци фесафта, уобӕл ци аргъ бафедун гъудӕй, е (1 Кор. 15:22). Еци нивонд нӕ цӕмӕн багъудӕй? Уомӕн ӕма Закъонмӕ гӕсгӕ царди туххӕй цард раттун гъудӕй (Рац. 21:23, 24). Адам е ’нхӕст цард фесафта. Хуцауи Закъонмӕ гӕсгӕ ба гъудӕй раттун ӕнхӕст цард. Ӕма еци цард равардта Йесо (Ром. 5:17). Уотемӕй Йесо иссӕй, еци нивондбӕл ка ӕууӕндуй, уонӕн се ’гасемӕндӕр «Ӕносон фидӕ» (Ис. 9:6; Ром. 3:23, 24).

3. Иоанни 14:31 ӕма 15:13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо е ’нхӕст цард мах туххӕй цӕмӕн равардта?

3 Йесо ӕ цард рӕттунмӕ цӕттӕ адтӕй, уомӕн ӕма Йегови дӕр ӕма адӕни дӕр уарзта. (Бакӕсӕ Иоанни 14:31; 15:13.) Еци уарзондзийнади фӕрци ӕ Фидӕбӕл кӕронмӕ дӕр еузӕрдонӕй байзадӕй ӕма ин ӕ фӕндон исӕнхӕст кодта. Киристей нивонди фӕрци Йеговӕ адӕнӕн ратдзӕй, райдайӕни син ци цард раттунмӕ гъавта, уой. Аци статьяй базондзиан, Йеговӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕ Фурт уӕхӕн гъезӕмӕрттӕ бавзурстайдӕ. Удта ма цубуртӕй ӕркӕсдзиан, Библи ка финста, уонӕй сӕ еу Киристей нивондӕн куд аргъ кодта, уомӕ. Удта ма расагъӕс кӕндзиан, нӕ бон куд ӕй Йеговӕн ӕма Йесойӕн бавдесун, боз си ке ан, уой ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци нивондӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнӕн.

ХУЦАУ ЦӔМӔН БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ ЙЕСО УОТӔ ФӔГЪГЪЕЗӔМАРӔ КОДТАЙДӔ?

Расагъӕс кӕнӕ, Киристе ци гъезӕмӕрттӕ бавзурста, цӕмӕй нӕ нӕ тӕрегъӕдтӕй исуӕгъдӕ кодтайдӕ (кӕсӕ 4 абзац)

4. Йесо куд рамадӕй?

4 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ Йесой фӕстаг бон зӕнхӕбӕл. Ӕ бон адтӕй изӕдти ӕфсӕдтӕмӕ фӕдздзорун, цӕмӕй ӕй багъӕуай кодтайуонцӕ, фал уотӕ нӕ бакодта (Матф. 26:52–54; Иоан. 18:3; 19:1). Ромаг ӕфсӕддонтӕ Йесой ниййахӕстонцӕ ӕма ’й ехсӕй хъӕбӕр фӕннадтонцӕ. Уой фӕсте ба ин ӕ тогӕйдзаг сунтӕбӕл еци уӕззау гъӕдӕ ниввардтонцӕ ӕма ин ӕй ӕ мӕлӕти бунатмӕ хӕссун кодтонцӕ. Фал еу афони ӕ хъауритӕ фӕцӕнцӕ ӕма ӕ бон размӕ цӕун нӕбал адтӕй. Уӕд ромаг ӕфсӕддонтӕ, сӕ рӕзти ка цудӕй, еу уӕхӕн лӕгӕн еци гъӕдӕ фӕххӕссун кодтонцӕ (Матф. 27:32). Ӕ мӕлӕти бунатмӕ ку бахъӕрдтӕй, удта ин ӕ къохтӕ ӕма ӕ къӕхтӕ еци гъӕдӕбӕл зӕгӕлтӕй ниххудтонцӕ. Ӕма гъӕдӕ уӕлӕмӕ ку истонцӕ, уӕд ӕ бауӕри уӕзӕй ӕ къӕхтӕ ӕма ӕ къохтӕ ’скъунун райдӕдтонцӕ. Ӕ гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсгӕй ӕ мадӕн ӕ зӕрдӕ тонгӕ кодта. Е ’мбӕлттӕ дӕр сӕхецӕн бунат нӕ ирдтонцӕ, дзиуиттаг разамонгутӕ ба ибӕл худтӕнцӕ (Лук. 23:32–38; Иоан. 19:25). Йесойӕн ӕ гъезӕмӕрттӕ цалдӕр сахатти рахастонцӕ. Ӕ зӕрдӕ ма туххӕй куста ӕма ин зиндӕрӕй-зиндӕр уолӕфӕн адтӕй. Ӕ уод исесуни размӕ ма Йеговӕмӕ еу хатт искувта, уой фӕсте ба ӕ сӕр ӕруагъта ӕма рамардӕй (Мар. 15:37; Лук. 23:46; Иоан. 10:17, 18; 19:30). Ци хъӕбӕр ӕгадӕ ӕма гъезӕмайраг мӕлӕт ин бавзарун кодтонцӕ!

5. Йесойӕн мӕлӕтӕй зиндӕр ци адтӕй?

5 Йесо, куд ӕй рамардзӕнцӕ, уобӕл уотӕ хъӕбӕр нӕ маст кодта. Тӕккӕ хъӕбӕрдӕр маст кодта, цӕй туххӕй ӕй рамардзӕнцӕ, уобӕл. Йесой Хуцауи фауӕг исхудтонцӕ. Уомӕй ба уотӕ уадӕй, ӕма Хуцауи, удта ин ӕ ном ӕгадӕ кӕнуй (Матф. 26:64–66). Йесойӕн е хъӕбӕр зин адтӕй ӕма ӕ зӕрдӕ дардта ӕ Фидӕ ке нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй ибӕл уӕхӕн ходуйнаги ном исбада (Матф. 26:38, 39, 42). Цума Йеговӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕ Фурт гъе уотӕ фӕгъгъезӕмарӕ кодтайдӕ ӕма рамардайдӕ? Ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ.

6. Йесо гъӕдӕбӕл цӕмӕн гъӕуама рамардайдӕ?

6 Фиццаг: Йесо гъӕуама гъӕдӕбӕл рамардайдӕ, цӕмӕй дзиуиттӕгти се ’лгъистӕй исуӕгъдӕ кодтайдӕ (Гал. 3:10, 13). Дзиуиттӕгтӕ ӕлгъист адтӕнцӕ, уомӕн ӕма дзурд равардтонцӕ Хуцауи Закъон ке ӕнхӕст кӕндзӕнцӕ, фал ӕй не ’сӕнхӕст кодтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Адами ӕнӕнхӕст байзӕддӕгтӕ дӕр адтӕнцӕ (Ром. 5:12). Хуцауи Закъонмӕ гӕсгӕ кӕцидӕр тӕрегъӕдтӕбӕл мӕлӕти тӕрхон рахӕссиуонцӕ ӕма адӕймагӕн ӕ мард гъӕдӕбӕл ниййауиндзиуонцӕ * (Дук. з. 21:22, 23; 27:26). Ӕма Йесо гъӕдӕбӕл ке рамардӕй, уой фӕрци дзиуиттӕгти се ’лгъистӕй исуӕгъдӕ кодта, ӕма син фадуат фӕззиндтӕй, цӕмӕй етӕ дӕр, ӕ нивонд ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уонӕй исхайгин уонцӕ.

7. Йеговӕ ма цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕ Фурт уотӕ фӕгъгъезӕмарӕ кодтайдӕ?

7 Дуккаг: Йесо гъӕуама Хестӕр саугин иссайдӕ, ӕма ’й Йеговӕ уомӕ цӕттӕ кодта. Йесо ӕхебӕл бавзурста, уӕззау фӕлварӕнти рӕстӕг Хуцаумӕ игъосун куд зин ӕй, уой. Гъе уотӕ зин ин адтӕй, ӕма «дзиназгӕй ӕма цӕстисугкалгӕй» Хуцаумӕ кувта. Йесо ӕхуӕдӕг уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ке бавзурста, уомӕ гӕсгӕ мах дӕр хуарз лӕдӕруй. Ӕма фӕлварӕнти ку бахауӕн, уӕд нин ӕ бон уодзӕй банхус кӕнун. Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, нӕ лӕмӕгъдзийнӕдтӕ нин ка лӕдӕруй, уӕхӕн Хестӕр саугин нин ке ес (Дзиуит. 2:17, 18; 4:14–16; 5:7–10).

8. Йесо ма уӕхӕн гъезӕмӕрттӕ никкидӕр цӕй туххӕй бавзурста?

8 Ӕртиккаг: Йесо ма уӕхӕн гъезӕмӕрттӕ бавзурста, цӕмӕй бавдистайдӕ, адӕймаги бон ке ӕй уӕззау фӕлварӕнти дӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун. Сайтан зӕгъуй, адӕн, дан, Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ, цӕмӕдӕр имӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уой туххӕй, уарзгӕ ’й ке кӕнунцӕ, уой туххӕй нӕ, фал, раст Адами хузӕн (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Йеговӕ нӕ дузӕрдуг кодта, ӕ Фурт ибӕл еузӕрдонӕй ке байзайдзӕй. Ӕма уомӕ гӕсгӕ бауагъта, цӕмӕй, адӕймагӕн ӕ бон бафӕразун цӕйбӕрцӕ ӕй, гъе уойбӕрцӕбӕл фӕлвӕрд ӕрцудайдӕ. Гъема Йесо Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй ӕма бавдиста, Сайтан сайгӕ ке кодта, уой.

КИРИСТЕЙ НИВОНДӔН УСТУР АРГЪ КА КОДТА, ЕЦИ АХУРКӔНУЙНАГ

9. Апостол Иоанн нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

9 Киристӕнттӕй беретӕ Йеговӕн рагӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ ӕма берӕ аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ. Фал Киристей нивондбӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой фӕрци ӕнцӕ федар ӕма идарддӕр дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайунцӕ. Ӕркӕсӕн, апостол Иоанни хабармӕ. Ӕвӕдзи, 60 анземӕй фулдӕр игъосун кодта Киристей ӕма, ци нивонд ӕрхаста, уой туххӕй. Еу 100 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ӕй Патмос сакъадахмӕ рарвистонцӕ. Ӕвӕдзи ’й Роми паддзахадӕ сӕ бӕстӕн хъӕбӕр тӕссаг адӕймагбӕл банимадта. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Хуцауи туххӕй дзурдта, удта Йесой туххӕй игъосун кодта (Рарг. 1:9). Иоанн е ’ууӕндундзийнадӕ ӕма ӕ федардзийнадӕй киристӕнттӕй алкӕмӕндӕр фӕнзуйнаг ӕй.

10. Иоанн Киристей нивондӕн аргъ ке кодта, е ӕ киунугутӕй куд зиннуй?

10 Иоанн ци киунугутӕ ниффинста, уонӕй бӕрӕг ӕй, Йесой берӕ ке уарзта ӕма ин ӕ нивондӕн хъӕбӕр устур аргъ ке кодта. Ӕ киунугути сӕдӕ хаттемӕй фулдӕр искодта Киристей кой ӕма, ӕ нивонд адӕнӕн ци пайда хӕссуй, уой кой. Зӕгъӕн, Иоанн ниффинста: «Кӕд еске тӕрегъӕд искодта, уӕдта нин Фиди рази ес ӕнхусгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Киристе» (1 Иоан. 2:1, 2). Ӕ киунугутӕй ма бӕрӕг ӕй, «Йесой туххӕй ӕвдесӕн» лӕуун куд ӕхсидзгӕ ’й, е (Рарг. 19:10). Мах бон ба куд бавдесун Киристей нивондӕн аргъ ке кӕнӕн?

НӔ БОН КУД ӔЙ БАВДЕСУН, КИРИСТЕЙ НИВОНДӔН АРГЪ КЕ КӔНӔН?

Киристей нивондӕн ӕцӕгӕйдӕр ку аргъ кӕнӕн, уӕд тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕй нӕхе гъӕуай кӕндзиан (кӕсӕ 11 абзац) *

11. Фӕррӕдуйунӕй нин тӕссаг ку уа, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?

11 Дӕ зӕрди ӕма дӕ бауӕри монцти хӕццӕ де ’гас хъауритӕй тох кӕнӕ. Киристей нивондӕн ӕцӕгӕйдӕр ку аргъ кӕнӕн, уӕд уотӕ некӕд сагъӕс кӕндзиан: «Мӕхе цӕбӕл гъезӕмарӕй марун? Ку фӕррӕдуйон, уӕддӕр уой фӕсте Хуцауӕй хатир ракордзӕн, ӕма мин ниххатир кӕндзӕй». Фал ӕндӕрхузи расагъӕс кӕндзиан: «Йеговӕ ӕма мин Йесо цӕйбӕрцӕ хуарздзийнӕдтӕ искодтонцӕ! Уой фӕсте ма ӕз уӕхӕн гъуддаг куд гъӕуама бакӕнон?» Мах Йеговӕй хъауритӕ кордзиан ӕма ин лигъстӕ кӕндзиан, цӕмӕй нӕ рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кӕна (Матф. 6:13).

12. Нӕ бон куд ӕй, 1 Иоанни 3:16–18 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ архайун?

12 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзетӕ. Не ’мкиристӕнтти ку уарзӕн, уӕд уомӕй ӕвдесдзиан, Киристей нивонди туххӕй боз ке ан. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Йесо ӕ цард айдагъ мах туххӕй нӕ равардта, фал ма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй дӕр. Ӕма сӕбӕл кӕд ӕ цард равардта, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин хъӕбӕр хъазар ӕнцӕ. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:16–18.) Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, е берӕ гъуддӕгтӕй фӕууй бӕрӕг (Еф. 4:29, 31–5:2). Зӕгъӕн, сӕйгӕ ку фӕккӕнунцӕ кенӕ сӕбӕл ести бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд сӕ фарсмӕ балӕууӕн ӕма син банхус кӕнӕн. Фал си нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуа, удта нӕ уарзондзийнадӕ цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

13. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хатир кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

13 Еуӕй-еухатт ӕнцон нӕ фӕууй хуӕрӕн кенӕ ӕнсувӕрӕн ниххатир кӕнун (Лев. 19:18). Ӕма нин уӕд банхус кӕндзӕй мӕнӕ аци унаффӕ: «Еске уин естӕмӕй уӕ зӕрдӕ ку фӕхходун кӕна, уӕддӕр кӕрӕдземӕн бухсетӕ ӕма зӕрдӕй хатир кӕнтӕ. Йеговӕ уин зӕрдӕй куд ниххатир кодта, сумах дӕр гъӕуама кӕрӕдземӕн уотӕ хатир кӕнайтӕ» (Кол. 3:13). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку фӕххатир кӕнӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фидӕн бавдесӕн, Киристей нивондӕн ӕцӕгӕйдӕр ке аргъ кӕнӕн, уой. Фал нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци лӕварӕн никки устурдӕр аргъ кӕнӕн?

ЦИ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ, ЦӔМӔЙ КИРИСТЕЙ НИВОНДӔН НИККИ УСТУРДӔР АРГЪ КӔНӔН?

14. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Киристей нивондӕн никки устурдӕр аргъ кӕнӕн?

14 Йеговӕн Киристей нивонди туххӕй арфӕ кӕнӕ. Индийӕй еу 83-анздзуд хуӕрӕ Джоаннӕ загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ Киристей нивонди туххӕй Йеговӕн алли бон дӕр арфӕ кӕнун фӕгъгъӕуй». Нӕ кувдтити гъӕуама Йеговӕн дзорӕн, бони дӕргъи кӕми фӕррӕдудан, уой, ӕма си хатир корӕн. Кӕд уӕззау тӕрегъӕд искодтан, уӕдта нӕ хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхус багъӕудзӕй. Еци ӕнсувӕртӕ нӕмӕ байгъосдзӕнцӕ ӕма нин Хуцауи Дзурдӕй унаффӕ ратдзӕнцӕ. Удта нӕ хӕццӕ Йеговӕмӕ исковдзӕнцӕ, цӕмӕй нин Киристей нивонди фӕрци ниххатир кӕна ӕма имӕ нӕуӕгӕй бахӕстӕг уӕн (Иак. 5:14–16).

15. Киристей нивонди туххӕй фулдӕр базонун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

15 Киристей нивондбӕл сагъӕс кӕнӕ. 73 анзи кӕбӕл цӕуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Раджамани зӕгъуй: «Киристе куд фӕгъгъезӕмарӕ кодта, уой туххӕй ку фӕккӕсун, уӕд мӕ зӕрдӕ исхъурмӕ уй». Дӕуӕн дӕр, ӕвӕдзи, зин фӕууй, Хуцауи Фурт ци гъезӕмӕрттӕ бавзурста, уобӕл сагъӕс кӕнун. Фал Киристей нивондбӕл куд арӕхдӕр сагъӕс кӕнай, уотӕ ин ӕхе дӕр ӕма Йегови дӕр хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ. Хуарз уайдӕ, рӕстӕг рахецӕн кӕнун ӕма еци хабӕрттӕ лӕмбунӕгдӕр рартасун кенӕ сӕбӕл бийнонти ахури рӕстӕг радзорун.

Йесо дзол ӕма сӕнӕ райста ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бавдиста, сӕ бон куд ӕй, адӕни туххӕй ци нивонд ӕрхаста, уой имисун (кӕсӕ 16 абзац)

16. Киристей нивонди туххӕй иннетӕн ку фӕдздзорӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр цӕхуӕн пайда ӕрхӕссуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

16 Иннетӕн дзорӕ Киристей нивонди туххӕй. Адӕнӕн Киристей нивонди туххӕй ку фӕдздзорӕн, уӕд ин нӕхуӕдтӕ дӕр никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдайӕн. Ес нӕмӕ хъӕбӕр хуарз публикацитӕ ӕма видеороликтӕ, ӕма уони фӕрци нӕ бон ӕй адӕнӕн лӕдӕрун кӕнун, Йесо цӕмӕн рамардӕй, уой. Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй испайда кӕнун брошюри «Хуарз хабар Хуцауӕй!» 4 сӕрӕй «Йесо Киристе ка ӕй?», кенӕ ба киунуги «Библийӕй ци ес базонӕн?» 5 сӕрӕй «Киристей нивонд – Хуцауи устурдӕр лӕвар». Уомӕй уӕлдай ма алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ку ӕрбацӕуӕн, удта иннети дӕр ку фӕххонӕн, уӕд уой фӕрци дӕр Киристей нивондӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдайӕн. Нӕ бон иннетӕн Хуцауи Фурти туххӕй дзорун ке ӕй, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн!

17. Киристей нивонд Хуцауи устурдӕр лӕвар цӕмӕн ӕй?

17 Ӕцӕгӕйдӕр, гъӕуама Киристей нивондӕн устур аргъ кӕнӕн. Уой фӕрци нӕ бон ӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун, кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр. Йесой нивонди фӕрци ма Сайтани гъуддӕгтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕй (1 Иоан. 3:8). Удта адӕни цард исуодзӕй, Йегови райдайӕнӕй куд фӕндадтӕй, уотӕ. Ӕгас зӕнхӕ дӕр нӕуӕгӕй исуодзӕй дзенет. Ӕ алли цӕрӕг дӕр Йегови уарздзӕй ӕма ин лӕггадӕ кӕндзӕй. Гъӕйдӕ мадта алли бон гъе уотӕ цӕрӕн, цӕмӕй ӕй Йеговӕ уина, ӕ устурдӕр лӕварӕн ин хъӕбӕр ке аргъ кӕнӕн!

20 ЗАР Дӕ хъазар Фурти равардтай

^ 5 абз. Цума Йесо гъезӕмайраг мӕлӕт цӕмӕн бавзурста? Дзуапп базондзиан аци статьяй, ӕма нин е банхус кӕндзӕй Киристей нивондӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун.

^ 6 абз. Мӕлӕти тӕрхон кӕмӕн рахӕссиуонцӕ, уонӕн ромӕгтӕ сӕ къохтӕ ӕма сӕ къӕхтӕ гъӕдӕбӕл зӕгӕлтӕй худтонцӕ кенӕ ба сӕ бабӕттиуонцӕ. Ӕма Йеговӕ бауагъта, цӕмӕй ин ӕ Фурти дӕр гъе уотемӕй рамардтайуонцӕ.

^ 55 абз. ХУЗӔ. Ӕртӕ киристони сӕхе рӕдудӕй гъӕуай кӕнунцӕ. Фиццаг ӕнӕгъдау хузӕй ӕхе рахадта, дуккаг тамаку исдумун нӕ бакумдта, ӕртиккаг ба гӕртан нӕ райста.