Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 49

Левити киунугӕ нӕ ахур кӕнуй, иннетӕн куд гъӕуама уӕн, уобӕл

Левити киунугӕ нӕ ахур кӕнуй, иннетӕн куд гъӕуама уӕн, уобӕл

«Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (ЛЕВ. 19:18).

109 ЗАР Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн

РАЗДЗУРД *

1, 2. Айразиккон статьяй цӕбӕл дзурдтан ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

 АЙРАЗИККОН статьяй ӕркастан, Левити 19 сӕри ци закъӕнттӕ ес, уонӕй цалдӕремӕ. Зӕгъӕн, 3 стихи Йеговӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ ниййергути нимадтайуонцӕ, ӕма ӕркастан, еци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй архайун. Нӕ бон ӕй нӕ ниййергутӕмӕ ӕхцайӕй фӕккӕсун, удта син сӕ нифс ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Еци стихи ма Йеговӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта сабатбони закъон дӕр. Ӕма нӕ кӕд еци закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, уӕддӕр, ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови гъуддӕгтӕн алкӕддӕр рӕстӕг хецӕн кӕнӕн. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд бӕрӕг уодзӕй, ӕгас хъауритӕй ке архайӕн, цӕмӕй уӕн сугъдӕг. Ӕма нӕ Левити 19:2, удта 1 Петури 1:15 финст дзурдтӕ дӕр уомӕ разӕнгард кӕнунцӕ.

2 Аци статьяй идарддӕр дӕр дзордзиан, Левити 19 сӕри ци гъудитӕ ес, уонӕбӕл. Мах ӕркӕсдзиан: нӕ бон куд ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ун, ести сахъат кӕмӕ ес, уонӕмӕ; кусти ӕма ӕхцай хӕццӕ баст гъуддӕгти нӕ бон куд ӕй рӕстӕй архайун ӕма маке сайун; удта цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, иннети ке уарзӕн, е. Гъӕйдӕ аци фарстатӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ сугъдӕг Хуцау Йегови фӕнзун.

ФӔЛМӔНЗӔРДӔ УО, ЕСТИ САХЪАТ КӔМӔ ЕС, УОНӔМӔ

Левити 19:14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ къурутӕ ӕма хъӕрӕутӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ гъӕуама дарӕн? (кӕсӕ 3–5 абзацтӕ) *

3, 4. Левити 19:14 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ къуру ӕма хъӕрӕу адӕнмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ гъӕуама дардтайуонцӕ?

3 Бакӕсӕ Левит 19:14. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ адӕн, ести сахъат кӕмӕ ес, уонӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уонцӕ. Зӕгъӕн, израилӕгтӕ къуру адӕймаги гъӕуама ма ӕлгъистайуонцӕ, гъома уӕхӕн адӕймагмӕ не ’нгъизтӕй ӕвзедун ӕма си лӕгъуз цидӕртӕ дзорун. Е хъӕбӕр ӕгадӕ гъуддаг адтайдӕ, уомӕн ӕма къуру адӕймаг не ’гъосуй, ци си дзорунцӕ уой, ӕма ӕ бон ӕ сӕрбӕл исдзорун дӕр нӕй.

4 Уомӕй уӕлдай ма Хуцауи адӕн гъӕуама хъӕрӕу адӕймаги рази къахкъуӕрӕн ма ӕвардтайуонцӕ. Еу киунуги финст ӕй, Хӕстӕг Хорискӕсӕни ести сахъат кӕмӕ адтӕй, уӕхӕн адӕни хъӕбӕр ке ӕфхуардтонцӕ. Зӕгъӕн, кадӕртӕ хъӕрӕу адӕймаги рази ести къахкъуӕрӕн райвӕриуонцӕ, цӕмӕй ӕ къах искъуӕра ӕма рахауа. Е сӕмӕ ходӕг кӕсидӕ. Фал уоми ходӕгӕй неци адтӕй. Аци закъони фӕрци ӕй израилӕгтӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, куд ӕхсидзгӕ ӕй къуру ӕма хъӕрӕу адӕнмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ун.

5. Ести сахъат кӕмӕ ес, уонӕмӕ нӕ бон куд ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ун?

5 Киристе дӕр, ести сахъат кӕмӕ уидӕ, еци адӕнмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, аргъауӕг Иоаннӕн ци дзурдтӕ зӕгъун кодта, уони: «Хъӕрӕутӕ цӕстӕй уинунцӕ, къулухтӕ къулух цуд нӕбал кӕнунцӕ, хъотургинтӕ сӕ незӕй дзӕбӕх кӕнунцӕ, къурутӕ игъосунцӕ, мӕрдтӕ игас кӕнунцӕ» (Лук. 7:20–22). Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уони ка уидта, етӕ Хуцауи кадгин кодтонцӕ (Лук. 18:43). Ӕма абони дӕр киристӕнттӕ архайунцӕ, цӕмӕй ести сахъат кӕмӕ ес, уони уавӕр лӕдӕронцӕ ӕма сӕмӕ уонцӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, удта фӕразон. Кӕд нин Йеговӕ иннети дзӕбӕх кӕнунмӕ хъаурӕ нӕ равардта, уӕддӕр нин баихӕс кодта, цӕмӕй уӕхӕн адӕнӕн, удта рахӕсгӕ хузи хъӕрӕу ка ӕй, гъома нифси рохс кӕмӕ нӕ хъӕртуй, уонӕн хуарз хабар игъосун кӕнӕн (Лук. 4:18). Беретӕ ку фегъосунцӕ, тагъд рӕстӕги ӕгас адӕн дӕр ӕнӕнез ке уодзӕнцӕ, уӕд абони дӕр Хуцауи кадгин кӕнун райдайунцӕ.

КУСТИ ӔМА ӔХЦАЙ ХӔЦЦӔ БАСТ ГЪУДДӔГТИ РӔСТӔЙ АРХАЙӔ

6. Левити 19 сӕр нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Дӕс фӕдзӕхстемӕн сӕ гъуди цӕй медӕг ӕй, уой хуӕздӕр лӕдӕрӕн?

6 Левити 19 сӕри кӕцидӕр стихтӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Дӕс фӕдзӕхстемӕн сӕ гъуди цӕй медӕг ӕй, уой хуӕздӕр балӕдӕрӕн. Зӕгъӕн, ӕстӕймаг фӕдзӕхст ӕй уӕхӕн: «Ма радавӕ» (Рац. 20:15). Кадӕр зӕгъдзӕй: «Аци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун. Мӕн ци нӕй, уой некӕд райстон». Фал давун ӕндӕрхузи дӕр ӕнгъезуй.

7. Уӕйӕгӕнӕгӕн ӕ бон куд адтӕй ӕстӕймаг фӕдзӕхсти сӕрти рахезун?

7 Рагидзаманти уӕйӕгӕнӕг, ка ’й зонуй, гъуди кодтайдӕ: «Ӕз некӕмӕй неци давун». Фал цума ӕ кусти хӕццӕ баст гъуддӕгти алкӕддӕр рӕстӕй архайдта? Левити 19:35, 36 Йеговӕ загъта: «Хӕран тӕрхон ма кӕнтӕ, дӕргъӕ ӕма уӕзӕ баргӕй ма сайетӕ. Уӕ уӕзбарӕнтӕ, уӕ барӕн дортӕ, уӕ ефӕ ӕма уӕ гин уӕнтӕ раст». Ӕ уӕзбарӕнтӕ раст кӕмӕн нӕ барстонцӕ, еци уӕйӕгӕнӕг, зӕгъӕн ес, ӕма е ’лхӕнгутӕй давта, уомӕн ӕма сӕ сайгӕ кодта. Ӕма е бӕрӕг ӕй Левити 19 сӕри иннӕ стихтӕй дӕр. Уонӕмӕ дӕр ӕркӕсӕн.

Левити 19:11–13 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ иннети ка байхуӕрсуй, еци киристон цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕна? (кӕсӕ 8–10 абзацтӕ) *

8. Левити 19:11–13 финст дзурдтӕ израилӕгтӕн куд ӕнхус кодтонцӕ ӕстӕймаг фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун ӕма махӕн ци пайда ’нцӕ?

8 Бакӕсӕ Левит 19:11–13. 11 стих уӕхӕн дзурдтӕй идайуй: «Давгӕ ма кӕнтӕ». 13 стихи ба финст ӕй: «Сайдӕй макӕбӕл цотӕ». Аци стихтӕй бӕрӕг ӕй, кусти хӕццӕ баст гъуддӕгти еске ку сайай, уӕд е дӕр давунбӕл нимад ке ӕй. Ӕстӕймаг фӕдзӕхст израилӕгти давунӕй фӕдзахста, Левити киунугӕ ба син лӕдӕрун кодта, еци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайӕн куд ес, уой, удта сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй алли гъуддаги дӕр рӕстӕй архайдтайуонцӕ. Йеговӕ давунмӕ ӕма сайунмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уобӕл расагъӕс кӕнун махӕн дӕр пайда уодзӕй. Дӕхе бафӕрсӕ: «Левити 19:11–13 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ мӕ раййевун неци гъӕуй, уӕлдайдӕр ба кусти хӕццӕ баст гъуддӕгти?»

9. Левити 19:13 ци закъон ес, е ихуӕрст косгути куд гъӕуай кодта?

9 Косгути ка байхуӕрсуй, еци киристон ба ӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дара? Левити 19:13 финст ӕй: «Ихуӕрст косӕгӕн ӕ федуйнаг сӕумӕмӕ уӕхемӕ ма ниууадзетӕ». Израилӕгтӕн сӕ фулдӕр зӕнхикуст кодтонцӕ. Ӕма ихуӕрст косӕгӕн алли бони кӕрон дӕр гъудӕй ӕ федуйнаг дӕттун, кенӕ ба ӕ бийнонтӕ еци бон ци бахуардтайуонцӕ, е син н’ адтайдӕ. Йеговӕ ’й хуарз лӕдӕрдтӕй, ихуӕрст косӕг тухст уавӕри ке ӕй ӕма ӕ зӕрдӕ еци ӕхцабӕл ке даруй. Ӕма ӕ адӕнӕн дӕр еци фӕдзӕхст уомӕ гӕсгӕ равардта (Дук. з. 24:14, 15; Матф. 20:8).

10. Левити 19:13 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Абони беретӕ сӕ федуйнаг райсунцӕ алли бон нӕ, фал мӕйӕмӕ еу кенӕ дууӕ хатти. Фал, Левити 19:13 финст фӕдзӕхст ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е мах рӕстӕги дӕр пайда ӕй. Еуӕй-еу хецӕуттӕ ихуӕрст косӕги кустӕн ӕ аргъ дӕлӕмӕ ӕргӕлдзунцӕ, цӕмӕй еци ӕхца сӕхе дзиппи байзайа. Уомӕн ӕма ’й фӕззонунцӕ, куст ке нӕййес, уой туххӕй адӕн уобӕл дӕр ке исарази уодзӕнцӕ. Уотӕ ка кӕнуй, етӕ, зӕгъӕн ес, ӕма «ихуӕрст косӕгӕн ӕ федуйнаг сӕумӕмӕ сӕхемӕ ниууадзунцӕ». Фал киристон ке байхуӕрсуй, уони хӕццӕ гъӕуама алкӕддӕр рӕстӕй архайа. Нур ба ӕркӕсӕн Левити 19 сӕрӕй ӕндӕр гъудитӕмӕ.

«ИННЕТИ УАРЗӔ, ДӔХЕ КУД УАРЗИС УОТӔ»

11, 12. Киристе Левити 19:17, 18 финст дзурдтӕ цӕмӕн ӕрхаста?

11 Иннетӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарӕн, уомӕ Хуцау цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй. Ӕма дзурд, лӕгъузӕй син маци кӕнай, айдагъ уобӕл нӕ цӕуй. Е бӕрӕг ӕй Левити 19:17, 18 финст дзурдтӕй. (Ба сӕ кӕсӕ.) Йеговӕ бӕлвурдӕй загъта: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ». Гъӕуама уотӕ архайӕн, кӕд нӕ фӕндуй, цӕмӕй ни Йеговӕ арази уа, уӕд.

12 Аци фӕдзӕхст куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой туххӕй Киристе дӕр дзурдта. Еу хатт ӕй еу фарисей бафарста, закъони фӕдзӕхститӕй, дан, тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр кӕци ӕй. Ӕма ин Киристе дӕр загъта: «Дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй ӕма ӕгас зундӕй». Дуккаг фӕдзӕхст цӕхуӕн ӕй, уой ба балӕдӕрун кодта Левити 19:18 финст дзурдтӕй: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Матф. 22:35–40). Иннети ке уарзӕн, уой нӕ бон ӕй аллихузти ӕвдесун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Левити 19 сӕри уой туххӕй ци финст ес, уомӕ.

13. Иосифи хабар нин куд ӕнхус кӕнуй, Левити 19:18 фӕдзӕхстӕн ӕ гъуди цӕй медӕг ӕй, уой хуӕздӕр лӕдӕрун?

13 Иннети ка уарзуй, уӕхӕн адӕймаг Левити 19:18 финст фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсуй. Финст си ӕй: «Дӕ маст ма есӕ ӕма дӕ адӕни фурттӕмӕ дӕ зӕрди маст ма хӕссӕ». Ӕвӕдзи, ду дӕр зонис, е ’мкъласонмӕ, е ’мкосӕгмӕ кенӕ ӕ хӕстӕгмӕ берӕ ӕнзти дӕргъи ӕ зӕрди маст ка хаста, уӕхӕн адӕймаги. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн Иосифи ӕнсувӕрти. Етӕ имӕ сӕ зӕрди маст хастонцӕ ӕма сӕ е фудгъуддагмӕ ӕркодта (Райд. 37:2–8, 25–28). Иосиф ба уони хузӕн нӕ разиндтӕй. Е ӕ зӕрди маст нӕ ниддардта. Фӕстӕдӕр бартӕ ӕ къохти ку бафтудӕнцӕ ӕма ин маст исесунмӕ фадуат ку фӕцӕй, уӕд дӕр уотӕ нӕ бакодта, фал сӕмӕ адтӕй фӕлмӕнзӕрдӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма архайдта, фӕстӕдӕр Левити 19:18 ци фӕдзӕхст финст ӕрцудӕй, уомӕ гӕсгӕ (Райд. 50:19–21).

14. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма Левити 19:18 финст закъон ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е мах рӕстӕги дӕр пайда ӕй?

14 Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, етӕ гъӕуама Иосифи фӕнзонцӕ. Иосиф, е ’нсувӕртӕй ӕ маст куд исеса, уобӕл нӕ сагъӕс кодта, фал син зӕрдӕй ниххатир кодта. Киристе дӕр адӕни ковунбӕл ку ахур кодта, уӕд загъта, иннетӕн ке гъӕуама хатир кӕнӕн (Матф. 6:9, 12). Апостол Павел дӕр уӕхӕн гъуди загъта: «Мӕ уарзон ӕнсувӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй есетӕ» (Ром. 12:19). Колоссӕгтӕмӕ 3:13 ба финст ӕй: «Еске уин естӕмӕй уӕ зӕрдӕ ку фӕхходун кӕна, уӕддӕр кӕрӕдземӕн бухсетӕ ӕма зӕрдӕй хатир кӕнтӕ». Мадта бӕрӕг ӕй, Йегови уагӕвӕрдтӕ не ’ййевунцӕ. Ӕма Левити 19:18 финст закъон ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е мах рӕстӕги дӕр пайда ӕй.

Ӕнӕуой лух тагъддӕр радзӕбӕх уодзӕй, ку имӕ не ’вналай, уӕд. Гъе уотӕ ди зӕрдирист дӕр тагъддӕр феронх уодзӕй, ӕдзох ибӕл ку нӕ сагъӕс кӕнай, уӕд. Байархайӕ, цӕмӕй зӕрдӕй ниххатир кӕнай (кӕсӕ 15 абзац) *

15. Хатир кӕнун цӕмӕн гъӕуй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.

15 Хатгай уотӕ рауайуй, ӕма кӕрӕдзей зӕрдӕ естӕмӕй фӕрресун кӕнӕн. Еци рист лухи хӕццӕ ӕнгъезуй рабарун. Еуӕй-еу лухтӕ цъӕрӕмухстӕй ӕндӕр нӕ фӕуунцӕ. Зӕгъӕн, хуӕруйнаг кӕнгӕй де ’нгулдзӕ минкъий фӕллух кодтай. Е дӕр ӕхцӕуӕн кӕцӕй фӕууй, фал ӕй еу къуар боней фӕсте гъуди дӕр нӕбал кӕндзӕнӕ. Гъе уотӕ зӕрдихудтӕ дӕр. Зӕгъӕн, де ’мбал ӕнӕргъудийӕй ести ку зӕгъа кенӕ ку бакӕна, уӕд ин ӕнцонтӕй ниххатир кӕндзӕнӕ. Фал алли хатт уотӕ нӕ фӕууй. Хъӕбӕр ку фӕллух уай, уӕд еци лух бабӕттун дӕр гъӕудзӕй кенӕ ба ма бахуйун дӕр. Арӕх имӕ ку ӕвналай кенӕ ма ’й къахгӕ дӕр ку кӕнай, уӕдта уомӕй дӕхецӕн фуддӕр кӕндзӕнӕ. Гъигагӕн, еуӕй-еу адӕн дӕр сӕ зӕрди рист гъе уотӕ фӕкъкъахунцӕ. Ци сӕбӕл ӕрцудӕй, уобӕл уӕд еуӕрдӕмӕ, уӕд иннердӕмӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ, ӕма еци рист исдзӕбӕх ун нӕ фӕууадзунцӕ. Уӕхӕн уавӕри хуӕздӕр уайдӕ Левити 19:18 финст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун.

16. Левити 19:33, 34 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кастайуонцӕ ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Йеговӕ ӕ адӕнӕн ку загъта, цӕмӕй иннети уарзонцӕ, уӕд айдагъ израилӕгти кой нӕ кодта, фал ма сӕ астӕу ка цардӕй, еци ӕндӕрбӕстӕгти кой дӕр. Еци фӕдзӕхст финст ӕй Левити 19:33, 34. (Ба сӕ кӕсӕ.) Израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕмӕ гъӕуама сӕхе бӕстӕгти цӕстӕй кастайуонцӕ ӕма сӕ сӕхе хузӕн уарзтайуонцӕ. Зӕгъӕн, хумгӕрдӕни фӕсте ци ӕфсертӕ байзаидӕ, уони ӕмбурд кӕнуни барӕ айдагъ израилӕгтӕн н’ адтӕй, фал ма ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр (Лев. 19:9, 10). Аци закъон ци уагӕвӕрдбӕл арӕзт ӕй, е киристӕнттӕмӕ дӕр хауй (Лук. 10:30–37). Мах рӕстӕги дӕр алкӕмидӕр берӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ ес, ӕма уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй сӕ нимайӕн, нӕлгоймӕгти дӕр, силгоймӕгти дӕр ӕма сувӕллӕнтти дӕр.

СУГЪДӔГ АДӔНӔН СӔ СӔЙРАГ ИХӔС

17, 18. а) Левити 19:2 ӕма 1 Петури 1:15 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ? б) Петури дзурдтӕмӕ гӕсгӕ цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддаги гъӕуама архайӕн?

17 Левити 19:2 ӕма нӕ 1 Петури 1:15 финст дзурдтӕ разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй уӕн сугъдӕг. Ӕма Левити 19 сӕри ӕндӕр стихтӕй дӕр фӕууидтан, нӕ бон куд ӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун. Аци дууӕ статьяй Левити 19 сӕри ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕй ӕдеугурӕй цалдӕремӕ ӕркастан *. Кӕд аци закъӕнттӕ израилӕгтӕн лӕвӕрд адтӕнцӕ, уӕддӕр Киристон Грекъаг Финститӕй бӕрӕг ӕй, Йегови ке фӕндуй, цӕмӕй, еци закъӕнттӕ ци уагӕвӕрдтӕбӕл арӕзт ӕнцӕ, уонӕй пайда кӕнӕн. Фал ма апостол Петур еу гъуддаги кой дӕр искодта.

18 Йегови лӕггадгӕнгутӕ ци гъуддӕгти архайунцӕ, уонӕй Петур еу рахецӕн кодта. Киристӕнтти баразӕнгард кодта, цӕмӕй уонцӕ сугъдӕг. Фал син уой размӕ ба загъта: «Уӕ зунд ӕгасӕйдӕр исаразетӕ ӕгас хъауритӕй архайунмӕ» (1 Пет. 1:13, 15). Петур цӕй кой кодта? Киристей исӕрст ӕнсувӕртӕ гъӕуама алкӕмидӕр Йегови дессаги менеугути туххӕй игъосун кодтайуонцӕ (1 Пет. 2:9). Абони ба еци гъуддаг ӕгас киристӕнттӕ дӕр ӕнхӕст кӕнунцӕ. Ӕма уомӕй аккагдӕр гъуддаг нӕййес. Йеговӕ нин игъосун кӕнун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ке баихӕс кодта, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн. Ӕма уомӕ гӕсгӕ еци гъуддагӕн нӕ хъауритӕ не ’вгъау кӕнӕн ӕма си зингзӕрдӕй архайӕн (Мар. 13:10). Мадта Левити 19 сӕри ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд ӕй ӕвдесдзиан, Йегови ӕма иннети ке уарзӕн, удта нӕ алли гъуддаги дӕр сугъдӕг ун ке фӕндуй!

111 ЗАР Нӕ цийнӕ

^ 5 абз. Абони киристӕнтти Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, фал си ци гъудитӕ ес, етӕ ба нин уӕддӕр пайда уодзӕнцӕ. Ци уагӕвӕрдтӕ си ес, етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй иннети уарзӕн ӕма Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Аци статьяй дӕр ӕркӕсдзиан, Левити 19 сӕри ци гъудитӕ ес, уонӕй цалдӕремӕ.

^ 17 абз. Аци статьяй, Левити 19 сӕри ци стихтӕ ес, уонӕн се ’гасебӕл нӕ радзурдтан. Иннӕ стихти ба дзурд цӕуй, ке нӕййес гъолон миутӕ кӕнӕн, фудкой кӕнӕн, тог хуӕрӕн, дӕсни фӕрсӕн, хинттӕ кӕнӕн ӕма хӕтӕн (Лев. 19:15, 16, 26–29, 31). (Кӕсӕ аци журнали «Кӕсгути фарстатӕ».)

^ 52 абз. ХУЗӔ. Еу ӕнсувӕр къуру ӕнсувӕрӕн ӕнхус кӕнуй дохтири хӕццӕ радзорунмӕ.

^ 54 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕр ихуӕрст косӕгӕн е ’хца федуй.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ е ’нгулдзӕ еу минкъий фӕллух кодта, фал ӕй е неци уотӕ тухсун кӕнуй. Фал лух хъӕбӕрдӕр ку уа, уӕдта бухсун зиндӕр фӕууй.