26 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайӕ
«Хуцау уӕ... федар кӕнуй, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕма архайгӕ дӕр кӕнайтӕ» (ФИЛ. 2:13).
64 ЗАР Хумгӕрдӕни зӕрдиагӕй косӕн
РАЗДЗУРД *
1. Йеговӕ дӕу туххӕй ци искодта?
ЙЕГОВИ ӔВДЕСӔН кутемӕй исдӕ? Ка ’й зонуй, дӕ ниййергути фӕрци. Кенӕ ба дин хуарз хабар радзурдта де ’мкосӕг кенӕ де ’мкъласон, кенӕ ба дӕмӕ хӕдзарӕмӕ Ӕвдесӕнтӕй еске ӕрбацудӕй (Мар. 13:10). Уой фӕсте ба кадӕр берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ бахарз кодта, цӕмӕй Библий ахурӕдтӕ хуӕздӕр базудтайсӕ. Еци рӕстӕгмӕ Йегови бауарзтай ӕма ’й балӕдӕрдтӕ, е дӕр дӕ ке уарзуй. Йеговӕ дин рӕстдзийнади над бавдиста ӕма исдӕ Киристей ахуркӕнуйнаг, ӕма дӕуӕн дӕр нифс фӕззиндтӕй ӕносон цардӕй (Иоан. 6:44). Ӕвӕдзи, Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕ, кедӕр дӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнунмӕ ке баразӕнгард кодта, уой туххӕй.
2. Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?
2 Мадта нур рӕстдзийнадӕ зонӕн ӕма цӕуӕн, ӕносон цардмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл. Йеговӕ нин хъӕбӕр кадгин гъуддаг баихӕс кодта – иннетӕн дӕр еци надбӕл ӕрлӕуунмӕ ӕнхус кӕнун. Еуӕй-еуетӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнгӕй ӕппундӕр нӕ фӕттухсунцӕ, фал еске хӕццӕ Библи ахур кӕнунмӕ ба сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ гъуддаг уотӕ ’й, уӕд дин аци статьяй гъудитӕ устур ӕнхус уодзӕнцӕ. Мах радзордзиан, ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй, уобӕл. Удта ӕркӕсдзиан, еуӕй-еуетӕ адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнунмӕ сӕ нифс цӕмӕннӕ фӕххӕссунцӕ, ӕртӕ уӕхӕн гъуддагемӕ ӕма син ци банхус кӕндзӕй, уомӕ. Нур ба бал радзорӕн, айдагъ игъосунгӕнгутӕ нӕ, фал ма ахургӕнгутӕ дӕр цӕмӕн гъӕуама уӕн, уобӕл.
ЙЕСО НИН ИГЪОСУН КӔНУН ДӔР БАФӔДЗАХСТА ӔМА АХУР КӔНУН ДӔР
3. Хуарз хабар цӕмӕн игъосун кӕнӕн?
3 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ци куст баихӕс кодта, уомӕ Матф. 10:7; Лук. 8:1). Йесо ма син балӕдӕрун кодта, алкӕд сӕмӕ ке нӕ игъосдзӕнцӕ (Лук. 9:2–5). Удта ма син загъта, хуарз хабар ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр игъустгонд ке ӕрцӕудзӕй ӕма ’й еугур адӕнихӕттитӕ дӕр ке фегъосдзӕнцӕ (Матф. 24:14; Гъуд. 1:8). Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ гъӕуама хуарз хабар игъосун кодтайуонцӕ, ку неке сӕмӕ игъустайдӕ, уӕддӕр.
дууӕ гъуддаги хауй. Фиццаг: Йесо баихӕс кодта Паддзахади хабар игъосун кӕнун, ӕма син куд игъосун кӕнгӕ ’й, уой дӕр байамудта (4. Матфеййи 28:18–20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ игъосун кӕнунӕй уӕлдай ма цӕхуӕн гъуддаги гъӕуама архайӕн?
4 Дуккаг: Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта, цӕмӕй сӕмӕ ка игъоса, уони ахур кӕнонцӕ, цидӕриддӕр ниффӕдзахста, уой ӕнхӕст кӕнун. Кедӕрти гъудимӕ гӕсгӕ аци куст Йесо ӕрмӕстдӕр фиццаг ӕноси ахуркӕнуйнӕгтӕн бафӕдзахста. Фал е уотӕ нӕй. Йесо комкоммӕ загъта, ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг, «цалинмӕ аци цардӕвӕрди кӕрон не ’рцӕуа», уӕдмӕ ке цӕудзӕй, гъома абони уӕнгӕ дӕр. (Бакӕсӕ Матфеййи 28:18–20.) Аци дзурдтӕ, ӕвӕдзи, загъта, «фондзсӕдӕ ӕнсувӕремӕй фулдӕрмӕ ку фӕззиндтӕй», уӕд (1 Кор. 15:6). Удта Раргомади киунугӕй дӕр бӕрӕг ӕй, Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ иннетӕн Йегови туххӕй базонунмӕ ке гъӕуама ӕнхус кӕнонцӕ (Рарг. 22:17).
5. 1 Коринфӕгтӕмӕ 3:6–9 куд финст ӕй, уотемӕй апостол Павел игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг цӕй хӕццӕ рабарста?
5 Апостол Павел ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг рабарста хумтӕ итауни хӕццӕ. Еци цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, муггӕгтӕ айдагъ ниййаразун фагӕ ке нӕй. Ӕхе ӕма Аполлоси Павел рабарста будури косгути хӕццӕ, ӕма загъта: «Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта». Коринфӕгти ба исхудта, «Хуцау кӕмӕ зелуй, еци хумӕ». (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 3:6–9.) «Хуцауи ӕмкосгутӕ» ке ан, уомӕ гӕсгӕ муггӕгтӕ айдагъ аразгӕ нӕ кӕнӕн, фал ма сӕбӕл дон дӕр кӕнӕн, гъома айдагъ игъосун нӕ кӕнӕн, фал ма адӕни хӕццӕ Библи дӕр ахур кӕнӕн (Иоан. 4:35). Фал сӕ ирӕзун ба кӕнуй Хуцау. Е сӕ ӕхуӕдӕг ӕрбакӕнуй ӕхемӕ.
6. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн цӕми гъӕуама банхус кӕнӕн?
6 Мах агорӕн, ӕносон царди надбӕл цӕун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕни (Гъуд. 13:48). Ӕма цӕмӕй еци адӕн Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исуонцӕ, уой туххӕй син гъӕуама банхус кӕнӕн 1) рӕстдзийнадӕ балӕдӕрун, 2) сӕ зӕрдӕмӕ ’й райсун ӕма 3) уомӕ гӕсгӕ цӕрун (Иоан. 17:3; Кол. 2:6, 7; 1 Фес. 2:13). Ӕмбурди алке бон дӕр ӕй уӕхӕн ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕнхус кӕнун. Зӕгъӕн, ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕунцӕ, уӕд сӕбӕл зӕрдӕй бацийнӕ уӕн, удта фӕййархайӕн, цӕмӕй син фӕнзуйнаг уӕн, кӕрӕдзей куд уарзӕн, уомӕй (Иоан. 13:35). Адӕймаги хӕццӕ Библи ка фӕййахур кӕнуй, уой берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ин ӕ цард раййевунмӕ банхус кӕна (2 Кор. 10:4, 5). Цалинмӕ адӕймаг донаргъуд райсунмӕ исцӕттӕ уа, уӕдмӕ, ка ’й зонуй, берӕ мӕйтӕ рацӕудзӕй. Фал еци хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ уодзӕнцӕ.
РАЗӔНГАРД НӔ КӔНУЙ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ
7. Игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй?
7 Игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй? Дууӕ гъуддаги. Фиццаг: Йегови ке уарзӕн, е. Еци гъуддаги зӕрдиагӕй ке архайӕн, уомӕй ӕвдесӕн, Хуцауи ке уарзӕн, уой (1 Иоан. 5:3). Расагъӕс кӕнӕ, Йегови ке уарзис, уой фӕрци дӕмӕ хъаурӕ разиндтӕй, ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнун райдӕдтай. Еци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун дин ӕнцон адтӕй? Ӕвӕдзи, нӕ. Фиццаг хатт кедӕр дуар ку бахуастай, уӕд, ӕвӕдзи, дӕ зӕрди гупп-гуппӕй нецибал игъустай, фал ӕй лӕдӕрдтӕ, игъосун кӕнун нин Киристе ке бафӕдзахста. Фал фӕстӕдӕр ба, ӕвӕдзи, райахур дӕ ӕма дин фенцондӕр ӕй. Йесо нин ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ке бафӕдзахста, уомӕ ба цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис? Еске хӕццӕ Библи ке ахур кӕндзӕнӕ, уобӕл ку расагъӕс кӕнис, уӕд тухсун нӕ райдайис? Кӕд гъо, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин хъаурӕ ратта ӕма адӕнӕн Библий ахури туххӕй дӕр дзорунмӕ ма тухсай. Йеговӕ дин ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги дӕр зингзӕрдӕй архайдзӕнӕ.
8. Марки 6:34 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ма нӕ иннетӕн рӕстдзийнадӕ амонунмӕ ци разӕнгард кӕнуй?
8 Дуккаг: иннетӕн рӕстдзийнадӕ амонунмӕ ма нӕ разӕнгард кӕнуй, адӕни ке уарзӕн, е. Еухатт Йесо ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕгас бон игъосун кодтонцӕ ӕма сӕ хебарӕ рауӕн бауолӕфун фӕндадтӕй. Фал кӕми гъӕуама бауолӕфтайуонцӕ, уоми ба сӕмӕ дуйне адӕн ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Гъема син Йесо ӕртӕрегъӕд кодта ӕма син «райдӕдта берӕ цидӕртӕ амонун». (Бакӕсӕ Марки 6:34.) Цума уотӕ цӕмӕн бакодта? Уомӕн ӕма ӕхе уони бунати райвардта. Йесо ӕй фӕууидта, цӕхуӕн зин уавӕри адтӕнцӕ, уой, ӕма ’й бафӕндадтӕй, банхус кӕнун. Абони дӕр адӕн уӕхӕн уавӕри ’нцӕ. Сӕ хъал цардмӕ син ма кӕсӕ. Етӕ ӕцӕгӕйдӕр ӕнцӕ ӕнӕфиййау фусти хузӕн. Апостол Павел финста, уӕхӕн адӕн ӕнӕ Хуцауӕй ке цӕрунцӕ ӕма син нифс ке нӕййес (Еф. 2:12). Зӕгъӕн ес, ӕма цӕунцӕ, исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл (Матф. 7:13). Мадта расагъӕс кӕнӕ, куд ӕхсидзгӕ син ӕй Хуцауи хабар фегъосун кӕнун. Уарзгӕ сӕ ке кӕнӕн ӕма син сӕ уавӕр ке лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ фӕндуй банхус кӕнун. Тӕккӕ хуӕздӕр ӕнхус ба уодзӕй, сӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун ку райдайӕн, уӕд.
9. Филиппӕгтӕмӕ 2:13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ дин Йеговӕ куд банхус кӕндзӕй?
9 Ка ’й зонуй, адӕймагӕн Библий ахури туххӕй зӕгъунмӕ дӕ нифс нӕ хӕссис, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрис, еци гъуддагӕн дӕ берӕ рӕстӕг ке гъӕудзӕй, удта дӕ дӕхе цӕттӕ кӕнун дӕр ке гъӕудзӕй. Кӕд дӕ е уорамуй, уӕд дӕ сагъӕстӕ Йеговӕн радзорӕ. Ӕнхус си ракорӕ, цӕмӕй дӕ бафӕндӕуа, Библи ке хӕццӕ ахур кӕндзӕнӕ, уӕхӕн адӕймаги иссерун. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:13.) Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ кувдтитӕ Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ ку уонцӕ, уӕд нӕ фегъосдзӕй (1 Иоан. 5:14, 15). Мадта дӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ дин ке банхус кӕндзӕй ӕма дӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ке бафӕнддзӕй.
ӔНДӔР ЗИНДЗИЙНӔДТИ СӔРТИ БА КУД ХЕЗӔН?
10, 11. Еуӕй-еуетӕ Библий ахур уадзунмӕ сӕ нифс цӕмӕннӕ фӕххӕссунцӕ?
10 Мах хуарз лӕдӕрӕн, адӕнӕн Библий рӕстдзийнадӕ амонун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Фал нӕ уӕддӕр берӕ цидӕртӕ фӕхъхъор кӕнуй еци гъуддаги архайунмӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, ци нӕ фӕхъхъор кӕнуй ӕма нин ци банхус кӕндзӕй, уомӕ.
11 Нӕ уавӕртӕ. Берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕригон нӕбал ӕнцӕ, удта се ’нӕнездзийнадӕ дӕр хуӕздӕр гъӕуагӕ ӕй. Кӕд ду дӕр уонӕмӕ хауис, уӕд гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн, COVID-19 пандемийи рӕстӕг цӕбӕл исахур ан, уобӕл. Куд ӕй базудтан, уотемӕй адӕймаги хӕццӕ хъӕбӕр дзӕбӕх ӕнгъезуй Библи ахур кӕнун онлайн. Кенӕ ба фӕууй уотӕ, ӕма адӕймаги фӕффӕндуй Библи ахур кӕнун, фал мах ци рӕстӕг ӕрбацӕуӕн, еци рӕстӕг ба ин нӕ фӕууайуй. Зӕгъӕн, сӕумӕраги кенӕ ӕнафонӕ ба ин рауадайдӕ. Дӕ бон н’ адтайдӕ дӕ график еци адӕймаги уавӕртӕмӕ гӕсгӕ феййевун? Йесо дӕр Иоан. 3:1, 2).
Никодими ӕхсӕвӕ ахур кодта, уомӕн ӕма ’й еци рӕстӕг бафӕндадтӕй (12. Уотӕ нӕмӕ ку кӕсӕ, ӕма Библий ахур уадзунмӕ не ’сарӕхсдзиан, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?
12 Уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма Библий ахур уадзунмӕ не ’сарӕхсдзиан. Беретӕ уотӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ, ӕма еске естӕбӕл ахур кӕнуни размӕ бал гъӕуама ӕхуӕдӕг дзӕбӕх ӕ сӕр зонундзийнӕдтӕй байдзаг кӕна. Кӕд дӕумӕ дӕр уотӕ кӕсуй, уӕд макӕд иронх кӕнӕ ӕртӕ гъуддаги. Фиццаг: Йеговӕ загъта, дӕ бон ке ӕй иннети ахур кӕнун (2 Кор. 3:5). Дуккаг: еци гъуддаг нин баихӕс кодта Йесо – «еугур бартӕ уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр» ке къохи ’нцӕ, е (Матф. 28:18). Ӕртиккаг: дӕ бон ӕй алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дарун Йегови, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусбӕл. Ӕ рӕстӕги Йеговӕ Йесойӕн балӕдӕрун кодта, адӕни цӕбӕл гъӕуама ахур кодтайдӕ, уой. Ӕма абони уой махӕн дӕр лӕдӕрун кӕнуй (Иоан. 8:28; 12:49). Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй ӕнхус ракорун уӕ игъосун кӕнуни къуари цӕстӕдарӕгӕй кенӕ ба фӕлтӕрдгун игъосунгӕнгутӕй. Дӕ хӕццӕ сӕ Библий ахурмӕ райсисӕ, ӕма уой фӕрци ду дӕр дӕснидӕр кӕндзӕнӕ.
13. Цӕбӕл нӕ гъӕуй ахур кӕнун?
13 Ахур кӕбӕл нӕма ан, уӕхӕн косӕндзаумӕуттӕ ӕма мадзӕлттӕ. Адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй ци мадзӕлттӕй пайда кодтан, етӕ раййивтонцӕ. Нур сӕ хӕццӕ ахур кӕнӕн киунугӕбӕл «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Удта нӕхе дӕр ӕндӕрхузи цӕттӕ кӕнун райдӕдтан. Нур абзацтӕ кӕсунбӕл уойбӕрцӕ рӕстӕг нӕбал фӕццӕуй – фулдӕр дзубанди фӕккӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма видеороликтӕй, удта нӕ сайти ӕма нӕ приложений ӕрмӕгӕй дӕр арӕхдӕр фӕппайда кӕнӕн. Кӕд аци ӕрмӕгӕй пайда кӕнун нӕма базудтай, уӕд ескӕмӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна. Нӕуӕг дзабуртӕ дӕр фиццаг ӕнгом фӕббадунцӕ, фал уой фӕсте ба райвӕзунцӕ ӕма сӕбӕл къах райахур уй. Гъе уотӕ ӕй нӕ нӕуӕг мадзӕлтти хабар дӕр. Фал сӕбӕл Йегови фӕрци, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци дӕр райахур уодзиан ӕма нин Библий ахур уадзун фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕй. Еу пионер куд загъта, уотемӕй аци мадзӕлтти фӕрци ахур кӕнун нӕхе зӕрдӕмӕ дӕр ӕма ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уони зӕрдӕмӕ дӕр хъӕбӕрдӕр цӕуй.
14. Адӕн нӕмӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн, удта 1 Коринфӕгтӕмӕ 3:6, 7 цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуди ес?
14 Адӕн нӕмӕ ку нӕ фегъосунцӕ. Ка ’й зонуй, кӕми цӕрис, уоми адӕн хуарз хабармӕ нӕ игъосунцӕ кенӕ ба ма нӕ нихмӕ дӕр цӕунцӕ. Уӕхӕн уавӕри нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ӕруадзӕн? Иронх ди ма уӕд, аци дуйней алцидӕр хъӕбӕр тагъд ӕййевуй, уой хӕццӕ ба ма адӕни уавӕртӕ дӕр. Гӕнӕн ес, ӕма раздӕр ка нӕ игъуста, е нӕмӕ нур байгъоса (Матф. 5:3). Фӕууй уотӕ дӕр, ӕма нин нӕ литературӕ ка некӕд иста, етӕ Библи ахур кӕнунбӕл исарази унцӕ. Мах ӕй зонӕн, хуми хецау Йеговӕ ке ӕй (Матф. 9:38). Е нин зӕгъуй, цӕмӕй муггӕгтӕ аразӕн ӕма сӕбӕл дон ӕвгӕнӕн, ирӕзун ба сӕ ӕхуӕдӕг кӕндзӕй (1 Кор. 3:6, 7). Кӕд нин Библи ахур кӕнунбӕл неке арази кӕнуй, уӕддӕр ӕй зонӕн, Йеговӕ нин нӕ хъиамӕттӕн ке аргъ кӕнуй, не ’нтӕстдзийнӕдтӕн нӕ, фал *.
АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУНИ ГЪУДДАГ ДИН ЦИЙНӔ ХӔССӔД
15. Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, адӕймаг Библи ахур кӕнун ке райдайуй ӕма ӕ цард рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке фӕййаразуй, уомӕ?
15 Адӕймаг рӕстдзийнадӕ ӕ зӕрдӕмӕ ку райсуй ӕма иннетӕн дӕр уой туххӕй дзорун Ӕмб. 23:15, 16). Удта ӕ адӕн куд зингзӕрдӕй архайунцӕ, уомӕ кӕсгӕй дӕр ӕ зӕрдӕ барохс уй. Зӕгъӕн, 2020 лӕггади анзи, пандемийи рӕстӕг Библи ахур кодтан 7 705 765 адӕймагей хӕццӕ, донаргъуд ба райстонцӕ 241 994 адӕймаги. Ӕма нур еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхуӕдтӕ дӕр Библий ахуртӕ уадздзӕнцӕ, ӕма уотемӕй ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайдзӕнцӕ (Лук. 6:40). Мах ӕй федарӕй зонӕн, еци гъуддаги ке архайӕн, е Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ке ӕй.
ку райдайуй, уӕд Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй (16. Цӕхуӕн нисан нӕ бон ӕй исӕвӕрун?
16 Ӕнцон нӕй адӕймагӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарза ӕма Киристей ахуркӕнуйнаг исуа. Фал нӕ нӕ уӕларвон Фидӕ ӕнӕ ӕнхусӕй нӕ ниууаддзӕй. Гъӕйдӕ мадта нӕхецӕн нисан исӕвӕрӕн, уӕддӕр еу адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайун. Игъосун кӕнгӕй Библий ахури туххӕй зӕгъунмӕ алли фадуатӕй дӕр ку пайда кӕнай, уӕд дин ци бантӕсдзӕй, е дӕхемӕ дӕр дессаг фӕккӕсдзӕй. Йеговӕ дин дӕ хъиамӕттӕн ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй!
17. Адӕни хӕццӕ Библи ку ахур кӕнӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр ци пайда ӕрхӕсдзӕй?
17 Адӕнӕн хуарз хабар ке игъосун кӕнӕн ӕма сӕ ке ахур кӕнӕн, е хъӕбӕр устур кадӕ ӕй. Еци гъуддаги архайгӕй ӕцӕгӕйдӕр амондгун ан. Апостол Павел Фессалоники беретӕн банхус кодта Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исунмӕ, ӕма загъта: «Нӕ Хецау Йесо ку ’рцӕуа, уӕд ӕ рази ка уодзӕй нӕ нифс, нӕ цийнӕ, нӕ кадӕ ӕма, сӕрустур кӕмӕй ан, етӕ? Сумах нӕ уодзиайтӕ? Гъо, сумах айтӕ нӕ кадӕ ӕма нӕ цийнӕ» (1 Фес. 2:19, 20; Гъуд. 17:1–4). Берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ арази ’нцӕ Павели дзурдти хӕццӕ. Еу хуӕрӕ Стефӕни ӕма ӕ сӕрихецау рӕстдзийнади надбӕл ӕрлӕуунмӕ беретӕн банхус кодтонцӕ. Ӕма Стефӕни зӕгъуй: «Адӕймагӕн ӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ ку банхус кӕнай, уӕд уомӕй устурдӕр цийнӕ нӕййес».
57 ЗАР Игъосун кӕнӕн аллихузи адӕнӕн
^ 5 абз. Йеговӕ ма нин хуарз хабар игъосун кӕнунӕй уӕлдай баихӕс кодта адӕни ахур кӕнун. Ахур ба сӕ кӕнӕн Киристей фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл. Адӕни ахур кӕнунмӕ нӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна? Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн ӕма нӕ бон куд ӕй сӕ сӕрти хезун? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн аци фарстатӕмӕ.
^ 14 абз. Алке бон дӕр ни куд ӕй ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги ӕнхус кӕнун, уой туххӕй кӕсӕ 2021 анзи, мартъий «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статья «Ӕмбурди бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй донаргъуд райсонцӕ?».
^ 53 абз. ХУЗӔ. Библий ахури фӕрци нӕлгоймаг ӕ цард раййивта. Йегови ку нӕма зудта, уӕд имӕ ӕ цард дзӕгъӕли кастӕй. Уой фӕсте ба ин Йегови Ӕвдесӕнтӕ загътонцӕ, сӕ бон ке ӕй ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун, ӕма исарази ӕй. Библи ахур кӕнгӕй ци базудта, е ӕй баразӕнгард кодта ӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма ӕхуӕдӕг дӕр райдӕдта ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайун. Фӕстагмӕ ба ӕгасӕйдӕр нӕуӕг дуйней цардбӕл цийнӕ кӕнунцӕ.