28 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Кӕрӕдзей хӕццӕ ерис ма кӕнтӕ, фал фарнӕмӕ тундзетӕ
«Ма исуӕн кадӕуарзагӕ ӕма кӕрӕдзей, ка хуӕздӕр ӕй, зӕгъгӕ, уобӕл ма ардауӕн, удта кӕрӕдземӕ соцъа ма кӕнӕн» (ГАЛ. 5:26).
101 ЗАР Еумӕ лӕггадӕ кӕнӕн
РАЗДЗУРД *
1. Адӕн кӕрӕдзей хӕццӕ ерис ке кӕнунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?
АЦИ дуйней берети фӕффӕндуй цийфӕнди амалӕй дӕр бавдесун, иннетӕй хуӕздӕр ке ’нцӕ. Зӕгъӕн, бизнесмен адӕни сӕртӕбӕл хӕтгӕ рацӕудзӕй, ӕхецӕн си ести пайда ку уина, уӕд. Спортсментӕ рамолуни туххӕй иннетӕн барӕй ести фудмиуӕ дӕр бакӕндзӕнцӕ. Хуарз университетмӕ бахауни туххӕй ба беретӕ экзаменти ести бамурхунцӕ. Фал Библи уӕхӕн миутӕ хонуй «тӕрегъӕдгун бауӕри гъуддӕгтӕ», ӕма киристон адӕймагбӕл нӕ федаунцӕ (Гал. 5:19–21). Фал цума Йегови лӕггадгӕнӕгӕн ба тӕссаг ӕй, ӕнӕбари хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти кӕрӕдзей хӕццӕ ерис кӕнунмӕ ку разӕнгард кӕна, уомӕй? Аци фарстабӕл ни алкедӕр гъӕуй расагъӕс кӕнун, цӕмӕй ӕмбурди нӕ еудзийнадӕ ӕма фарнӕ ма фехӕла.
2. Аци статьяй цӕбӕл дзурд цӕудзӕй?
2 Аци статьяй базондзиан, адӕймаги цӕхуӕн дууӕ менеуӕги фӕрразӕнгард кӕнунцӕ иннети хӕццӕ ерис кӕнунмӕ. Удта ма ӕркӕсдзиан, Йегови рагон лӕггадгӕнгутӕ сӕхе уӕхӕн миутӕй куд хизтонцӕ, уомӕ дӕр. Фал бал фиццаг расагъӕс кӕнӕн, Йеговӕн цӕй туххӕй лӕггадӕ кӕнӕн, уобӕл.
ЙЕГОВӔН ЦӔЙ ТУХХӔЙ ЛӔГГАДӔ КӔНӔН?
3. Нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ гъӕуама раттӕн?
3 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ гъӕуама нӕхемӕ еуварсӕй ракӕсӕн ӕма нӕхемӕ уӕхӕн фарстатӕ раттӕн: «Мӕхе туххӕй ци
гъуди кӕнун, е, иннети хӕццӕ рабаргӕй мин цӕйбӕрцӕ ӕнтӕсуй, уомӕй кӕнгӕ ’й? Ӕмбурди гъуддӕгти зингзӕрдӕй цӕмӕн архайун? Цӕмӕй бавдесон, кӕцидӕр хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕй сӕрӕндӕр ке дӕн? Ӕви мӕ ӕрмӕстдӕр фӕндуй Йеговӕн, хуӕздӕрӕй мӕмӕ ци ес, уой дӕттун?» Ӕркӕсӕн, Библий ци финст ес, уомӕ.4. Галатӕгтӕмӕ 6:3, 4 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕхе иннети хӕццӕ цӕмӕн гъӕуама ма барӕн?
4 Библи нин зӕгъуй, цӕмӕй нӕхе иннети хӕццӕ ма барӕн. (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:3, 4.) Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕхемӕ иннетӕй хуӕздӕр ку кӕсӕн, уӕд е сӕрбӕрзонддзийнадӕмӕ кӕнуй. Иннетӕ нӕмӕ нӕхецӕй хуӕздӕр ку кӕсонцӕ, уӕдта нӕ нифс сӕттуй. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр нӕхе иннети хӕццӕ барун зундбӕл дзорӕг нӕй (Ром. 12:3). Грецийӕй еу хуӕрӕ Катеринӕ * зӕгъуй: «Раздӕр хъӕбӕр арӕх мӕхе иннӕ хуӕрти хӕццӕ баринӕ. Етӕ мӕмӕ рӕсугъддӕр, зундгиндӕр ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги дӕснидӕр кастӕнцӕ. Уонӕмӕ кӕсгӕй мӕхемӕ нецӕййаг ӕркӕсинӕ». Мадта гъӕуама еу гъуддаг ма иронх кӕнӕн: Йеговӕ нӕ ӕхемӕ, рӕсугъд ӕма дзурдарӕхст ке ан, уой туххӕй не ’рбакодта, фал ин ӕ Фуртмӕ дӕр ӕма ӕхемӕ дӕр игъосунмӕ цӕттӕ ке адтан, уой туххӕй (Иоан. 6:44; 1 Кор. 1:26–31).
5. Ӕнсувӕр Хюни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
5 Удта ма дӕхемӕ уӕхӕн фарста раттӕ: «Иннетӕ мӕ фарнӕуарзагӕ адӕймагӕй зонунцӕ ӕви ӕрмӕстдӕр ӕхе гъуди размӕ ка тӕруй, уӕхӕн адӕймагӕй?» Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Хонсар Корейӕй еу ӕнсувӕр Хюн, ӕмбурди цӕхуӕндӕр ихӕстӕ кӕмӕн адтӕй, еци ӕнсувӕртӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсун райдӕдта, цума ӕ разӕй фӕуунмӕ гъавунцӕ. Хюн зӕгъуй: «Ӕнсувӕртӕ раст ци нӕ кодтонцӕ, ӕрмӕстдӕр уомӕ кастӕн, удта сӕ хӕццӕ нецӕбӕл арази кодтон». Цума е цӕмӕ ӕркодта? «Мӕн туххӕй ӕмбурди фарнӕ фехалдӕй»,– зӕгъуй Хюн. Фал ин е ’мбӕлттӕ банхус кодтонцӕ. Хюн ӕ цӕстингас раййивта ӕма нур хъӕбӕр дзӕбӕх хестӕр нӕлгоймаг ӕй. Кӕд ӕй ду дӕр балӕдӕрдтӕ, ӕмбурди фиццагидӕр дӕхе бавдесунбӕл ке архайис, уӕд еци фӕдӕй дӕхе раййевунбӕл байархайӕ, кенӕ ба уӕд ӕмбурди фарнӕ ихӕлгӕ кӕндзӕй.
КАДӔУАРЗАГӔ ӔМА СОЦЪАГӔНАГӔ МА ИСУО
6. Галатӕгтӕмӕ 5:26 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕймаг иннети хӕццӕ ерис кӕнун цӕмӕн райдайуй?
6 Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 5:26. Адӕймаг иннети хӕццӕ ерис кӕнун цӕй туххӕй райдайуй? Фиццагидӕр кадӕмондаг ке исуй, уой туххӕй. Кадӕмондаг адӕймаг ба фӕууй хеуарзон ӕма сӕрбӕрзонд. Дуккаги ба – исуй соцъагӕнагӕ. Соцъагӕнагӕ адӕймаг иннетӕмӕ ци ес, уомӕ айдагъ хицӕ нӕ фӕккӕнуй, фал мӕ ’й фӕффӕндуй, цӕмӕй си фенӕхай уонцӕ. Мадта, зӕгъӕн ес, ӕма соцъа кӕмӕ кӕнуй, еци адӕймагӕй е ’сӕфт уинуй. Уомӕ гӕсгӕ еци лӕгъуз менеуӕгӕй гъӕуама нӕхе гъӕуай кӕнӕн, хуӕцгӕ незӕй куд фӕгъгъӕуай кӕнӕн, уотӕ.
7. Кадӕуарзагӕ ӕма соцъагӕнагӕ ку уӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
7 Адӕймаг кадӕуарзагӕ ӕма соцъагӕнагӕ ку фӕууй, уӕд уой рабарӕн ес, хуӕдтӕхӕгӕн ӕ артаги листӕг бугътӕ куд бахаунцӕ, уой хӕццӕ. Еци хуӕдтӕхӕгӕн ӕ бон исуодзӕй истӕхун, фал ӕрбадунмӕ ку гъава, уӕдта куд гъӕуй, уотӕ нӕбал косдзӕй ӕма ниппурхӕ уодзӕй. Уотӕ киристон дӕр, ка ’й зонуй, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуй, фал кӕд кадӕуарзагӕ ӕма соцъагӕнагӕ ’й, уӕд е бӕллӕхмӕ ӕркӕндзӕй (Ӕмб. 16:18). Еу афони Йеговӕн нӕбал лӕггадӕ кӕндзӕй ӕма ӕхецӕн дӕр, удта иннетӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕй. Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй кадӕуарзагӕ ӕма соцъагӕнагӕ ма исуӕн?
8. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй кадӕуарзагӕ ма исуӕн?
8 Цӕмӕй кадӕуарзагӕ ма исуӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн апостол Павели дзурдтӕ: «Ма уотӕ хӕлхъойгӕнагӕ ӕма кадӕуарзагӕ, фал уотӕ сӕрниллӕг ӕма иннети уӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕретӕ» (Фил. 2:3). Иннети нӕхецӕй уӕлдӕр ку ӕвӕрӕн, уӕд, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ махӕй дӕснидӕр ка ӕй, уони хӕццӕ ерис кӕнун нӕ райдайдзиан, фал син ци ’нтӕсуй, уобӕл цийнӕ кӕндзиан, уӕлдайдӕр ба сӕ искурдиӕдтӕй Йегови кадӕн ку пайда кӕнонцӕ, уӕд. Иннердиги ба уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайонцӕ, ӕма нӕмӕ ци хуарз менеугутӕ ес, уони ку уинонцӕ, уӕд ни уотемӕй ӕмбурди фарнӕбӕл алкедӕр архайдзӕй.
9. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй соцъагӕнагӕ ма исуӕн?
9 Цӕмӕй соцъагӕнагӕ ма исуӕн, уой туххӕй гъӕуама бонзонгӕ уӕн, гъома лӕдӕрӕн, алци нӕ бон ке нӕй. Бонзонгӕ адӕймаг уобӕл некӕд архайдзӕй, цӕмӕй бавдеса, иннетӕй хуӕздӕр ке ӕй, фал иннетӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уиндзӕй ӕма си ахур кӕндзӕй. Зӕгъӕн, уе ’мбурди ес, ӕ радзубандитӕ дзӕбӕх кӕмӕн фӕууайунцӕ, уӕхӕн ӕнсувӕр. Дӕ бон ӕй еци ӕнсувӕри бафӕрсун, куд сӕ цӕттӕ кӕнуй, уобӕл. Хуӕруйнаг кӕнунмӕ дӕсни ка ӕй, уӕхӕн хуӕрӕн ба дӕ бон ӕй зӕгъун, цӕмӕй дӕуӕн дӕр еститӕ райамона. Кенӕ ба дин кӕд ӕмбӕлттӕ иссерун зин ӕй, уӕд берӕ ӕмбӕлттӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри бафӕрсӕ, уотӕ ӕнцонтӕй ӕмбӕлттӕ куд райеруй, уобӕл. Уотӕ ку архайӕн, уӕд соцъа кӕнунӕй нӕхе багъӕуай кӕндзиан ӕма ма естӕбӕлти дӕр исахур уодзиан.
БИБЛИЙ ХАБӔРТТӔЙ АХУР КӔНӔН
10. Гедеон цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй?
10 Ӕркӕсӕн, Гедеон ӕма Ефреми муггаги лӕгти астӕу ци хабар рауадӕй, уомӕ. Гедеон Манассий муггагӕй адтӕй. Е ’фсади 300 ӕфсӕддонемӕй ӕндӕр н’ адтӕй, уотемӕй Тӕрх. 8:1).
Йегови фӕрци се знӕгти ниддӕрӕн кодтонцӕ. Сӕ бунати ӕндӕр еске, ӕвӕдзи, ӕхемӕ ниццайдӕ. Фал тугъдӕй куддӕр ӕрӕздахтӕнцӕ, уотӕ сӕмӕ Ефреми лӕгтӕ фӕззиндтӕнцӕ, ӕма син райарфӕ кӕнуни бӕсти сӕ хӕццӕ хилӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, ӕнӕ махӕй, дан, тохунмӕ цӕмӕн рандӕ айтӕ. Сӕ муггаг цӕмӕй искадгин адтайдӕ, уобӕл уотӕ хъӕбӕр тухстӕнцӕ, ӕма байронх ӕнцӕ, еци тугъди Гедеон Йегови ном ке искадгин кодта ӕма ин ӕ адӕни ке фӕййервӕзун кодта (11. Гедеон ефремӕгти хӕццӕ куд радзурдта?
11 Гедеон син сӕрниллӕгӕй загъта: «Сумах хӕццӕ рабаргӕй ӕз ци бакодтон?» Уой фӕсте ба син сӕ зӕрди ӕрӕфтудта, Йегови фӕрци сӕхуӕдтӕ ци тугъди фӕууӕлахез ӕнцӕ, уой. Уой фӕсте ефремӕгтӕ ӕрсабур ӕнцӕ (Тӕрх. 8:2, 3). Гедеон сӕ хӕццӕ хъӕбӕр уӕзданӕй радзурдта, ӕма уой фӕрци Хуцауи адӕни астӕу фарнӕ багъӕуай кодта.
12. Ефремӕгтӕ ӕма Гедеони хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
12 Ефремӕгти хабарӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаг ӕ кадӕ ӕма ӕ бартӕбӕл ӕгӕр ку тухса, уӕд си байронх уодзӕй, сӕйрагдӕр Йегови ном кадгин кӕнун ке ӕй, е. Гедеон ба хуарз цӕветтон ниууагъта бийнонти хестӕртӕн ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн. Еске зӕрдӕ дӕбӕл ку рахода, уӕд уавӕрмӕ еци адӕймаги цӕстӕй ракӕсунбӕл байархайӕ. Адӕймагӕн ци бантӕстӕй, уой туххӕй ӕй растауӕ. Удта сӕрниллӕг уо, уӕлдайдӕр ба, ӕ зӕрдӕ цӕбӕл рахудтайдӕ, уӕхӕнӕй ке неци ракодтай, уой ку зонай, уӕд. Раст ке адтӕ, уой бавдесунӕй ӕхсидзгӕдӕр ӕй фарнӕ багъӕуай кӕнун.
13. Аннӕ цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй ӕма ӕхе куд бадардта?
13 Нур ба расагъӕс кӕнӕн Анни хабарбӕл. Аннӕ адтӕй еу левит Елкани уосӕ. Елканӕн ма дуккаг уосӕ дӕр адтӕй. Хундтӕй Феннанӕ. Елканӕ Анни фулдӕр уарзта, фал сувӕллӕнттӕ ба ӕрмӕстдӕр Феннанӕн адтӕй. Уой туххӕй Феннанӕ Анни мӕстӕймарӕ кодта. Аннӕ ба «цӕстисугӕй ӕхе ӕхснадта ӕма хуӕргӕ дӕр неци кодта» (1 Сам. 1:2, 6, 7). Фал уӕддӕр Библий уӕхӕн финст некӕми ес, ӕма Аннӕ Феннанӕн фудӕнӕн миутӕ кодта. Аннӕ ӕ рист ӕма ӕ маст Йеговӕн радзурдта ӕма ӕхе уобӕл бафӕдзахста. Цума уой фӕсте Феннанӕ ӕрсабур ӕй? Библий уой туххӕй неци ес финст. Фал Аннӕн ӕ зӕрдӕ ӕрсабур ӕй ӕма еци гъуддаги туххӕй нӕбал маст кодта (1 Сам. 1:10, 18).
14. Анни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
14 Анни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Еске ди ӕхе ку уӕлдӕр кӕна, уӕд ӕй зонӕ, хабар идарддӕр куд уодзӕй, е дӕуӕй кӕнгӕ ’й. Ӕ хӕццӕ ерис кӕнун ма райдайӕ, удта ин ӕ лӕгъуздзийнадӕбӕл лӕгъуздзийнадӕй ма федӕ, фал дӕ бон ци ӕй, уой бакӕнӕ, цӕмӕй фарнӕ багъӕуай кӕнай (Ром. ). Адӕймаг ӕппун ку нӕ раййева, уӕддӕр дӕуӕн ба дӕ зӕрдӕ сабур уодзӕй. 12:17–21
15. Аполлос ӕма Павелмӕ ӕмхузӕнӕй ци адтӕй?
15 Фӕстагмӕ ба ма ӕркӕсӕн Аполлос ӕма Павели хабармӕ. Сӕ дууӕ дӕр Финстадӕ хуарз зудтонцӕ, удта дессаги ахургӕнгутӕбӕл нимад адтӕнцӕ. Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ исунмӕ дӕр беретӕн банхус кодтонцӕ. Фал кӕрӕдзей хӕццӕ ба ерис некӕд кодтонцӕ.
16. Аполлос цӕхуӕн адӕймаг адтӕй?
16 Аполлос райгурдӕй Александрийи, берӕ ахургӕндтӕ кӕми цардӕй, уӕхӕн горӕти. Аполлос Финстадӕ хуарз зудта ӕма дзурдарӕхст адтӕй (Гъуд. 18:24). Коринфи ку лӕггадӕ кодта, уӕд еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕргом фӕззӕгъиуонцӕ, Павелӕй ӕма иннӕ ӕнсувӕртӕй дӕр ӕй фулдӕр ке уарзунцӕ (1 Кор. 1:12, 13). Цума Аполлос ӕхемӕ ниццӕй? Гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн. Аполлос Коринфӕй ку рандӕ ’й уӕд ин Павел хъӕбӕр лигъстӕ кодта, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздахтайдӕ (1 Кор. 16:12). Ӕмбурди еудзийнадӕ ку ихалдтайдӕ, уӕд ин Павел уотӕ нӕ лигъстӕ кодтайдӕ. Мадта бӕрӕг ӕй, Аполлос ӕ искурдиӕдтӕй раст ке пайда кодта. Е адӕнӕн Хуцауи туххӕй дзурдта ӕма ӕнсувӕрти федар кодта. Удта сӕрниллӕг ке адтӕй, е дӕр бӕрӕг ӕй. Зӕгъӕн, Акиллӕ ӕма ин Прискиллӕ «Хуцауи над бӕлвурддӕр [ку] балӕдӕрун кодтонцӕ», уӕд, уой ӕхецӕн ӕфхуӕрдбӕл нӕ банимадта (Гъуд. 18:24–28).
17. Павел ӕмбурди фарнӕбӕл куд архайдта?
17 Павел ӕй хуарз зудта, Аполлосӕн цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ бантӕстӕй, уой, ӕма ’й 1 Кор. 3:3–6).
хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ фулдӕр ке уарзтонцӕ, е ин гъулӕг н’ адтӕй. Павел адтӕй сӕрниллӕг, бонзонгӕ ӕма лӕдӕргӕ адӕймаг. Коринфи киристӕнттӕй кадӕртӕ уотӕ ку дзурдтонцӕ, «ӕз Павели ахуркӕнуйнаг дӕн», зӕгъгӕ, уӕд уой туххӕй ӕхемӕ нӕ ниццӕй, фал син се ’ргом раздахта Йеговӕ ӕма Йесо Киристемӕ (18. Павел ӕма Аполлоси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (1 Коринфӕгтӕмӕ 4:6, 7).
18 Апполос ӕма Павели хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Кӕд Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ма рӕстдзийнадӕ базонунмӕ дӕр беретӕн банхус кодтан, уӕддӕр ӕй лӕдӕрӕн, е нин Йегови фӕрци ке ’нтӕсуй. Удта нин Йегови организаций куд фулдӕр ихӕстӕ уа, уотӕ нин фулдӕр фадуӕттӕ уодзӕй ӕмбурди фарнӕ ӕма еудзийнадӕбӕл архайунмӕ. Мах хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй хъӕбӕр боз ан, уотӕ ке архайунцӕ, уой туххӕй. Етӕ ӕмбурд ахур кӕнунцӕ, Хуцауи Дзурди ци финст ес, уобӕл, удта иннетӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Киристей фӕдбӕл цӕуонцӕ ӕма имӕ игъосонцӕ. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 4:6, 7.)
19. Алке бон дӕр ни ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Кӕрӕдзей ерис кӕнунмӕ ма разӕнгард кӕнтӕ».)
19 Хуцау ни алкедӕр аллихузи искурдиӕдтӕй исхайгин кодта, ӕма си гъӕуама пайда кӕнӕн «иннетӕн балӕггадӕ кӕнунмӕ» (1 Пет. 4:10). Ка ’й зонуй, кӕмӕдӕр уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕ хуарз гъуддӕгтӕ ӕмбурди некӕми бӕрӕг кӕнунцӕ. Фал ди иронх ма уӕд, рӕсугъд хъӕппӕл берӕ листӕг сунккитӕй худ фӕууй. Уотӕ махӕн дӕр нӕ хуарз гъуддӕгтӕ, цийфӕнди минкъий ма уонцӕ, уӕддӕр ӕмбурди еудзийнадӕн агъаз уодзӕнцӕ. Алкедӕр ни гъӕуама ӕхебӕл архайа ӕма иннети хӕццӕ ерис ма кӕна. Гъӕйдӕ мадта нӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй ӕмбурди алкӕддӕр фарнӕ ӕма еудзийнадӕ уа (Еф. 4:3).
80 ЗАР «Ба ’й ӕвзаретӕ ӕма ’й фӕууинетӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»
^ 5 абз. Фарфорӕй конд вазӕбӕл листӕг фӕсхъитӕ ку уа, уӕд еу афони ниппурхӕ уодзӕй. Уотӕ ӕмбурди дӕр еске ӕхе иннетӕй уӕлдӕр ку ӕвӕра, уӕд си фарнӕ фехӕлдзӕй ӕма нин зиндӕр уодзӕй Йеговӕн еумӕйагӕй лӕггадӕ кӕнун. Аци статьяй базондзиан, нӕхе иннетӕй уӕлдӕр ӕвӕрун тӕссаг цӕмӕн ӕй ӕма махӕй ци кӕнгӕ ’й, цӕмӕй ӕмбурди фарнӕ уа.
^ 4 абз. Нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.