Сӕдӕ анзей размӕ: 1921 анз
«АЦИ АНЗ нӕмӕ цӕхуӕн куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?» – уӕхӕн фарста лӕвӕрд ӕрцудӕй 1921 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и. Дзуаппӕн ба си финст ӕрцудӕнцӕ Исаййи 61:1, 2 финст дзурдтӕ: «Йеговӕ мӕ байсарста, цӕмӕй сабур адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнон... цӕмӕй игъосун кӕнон Йегови хуарзӕнхи анзи туххӕй ӕма нӕ Хуцауи мастесӕн бони туххӕй» (Исай 61:1, 2). Аци дзурдтӕ Библиртасгутӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодтонцӕ, адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнун сӕ ихӕс ке ӕй.
НИФСХАСТ ИГЪОСУНГӔНГУТӔ
Цӕмӕй Библиртасгутӕ сӕ ихӕс ӕнхӕст кодтайуонцӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй нифсхастдзийнадӕ, уомӕн ӕма сӕ айдагъ сабур адӕнӕн хуарз хабар хӕссун нӕ гъудӕй, фал ма сӕ гъудӕй, фудгъуддӕгтӕ ка кодта, уонӕн дӕр игъосун кӕнун «Хуцауи мастесӕн бони туххӕй».
Канадӕй еу ӕнсувӕр Джон Хоскин адтӕй нифсхаст игъосунгӕнӕг. Еухатт уалдзӕги 1921 анзи, рамбалдӕй еу аргъауӕни саугинбӕл. Джон ин загъта: «Гъӕйдӕ сабурбӕл Библий туххӕй радзорӕн. Ӕма кӕцидӕр фарстатӕбӕл еу гъудимӕ ку не ’рцӕуӕн, уӕд сабурбӕл рахецӕн уодзиан». Фал сабурӕй нӕ рахецӕн ӕнцӕ. «Дууӕ минутти дӕр нӕ рацудӕй,– зӕгъуй ӕнсувӕр Хоскин,– ӕма мӕбӕл дуар гъе уӕхӕн гупп никкодта, ӕма загътон нуртӕккӕ ӕ ӕвгитӕ ӕрӕгъзӕлдзӕнцӕ».
Еци лӕг ибӕл нигъгъӕр кодта: «Цо, уӕртӕ еци хабӕрттӕ ӕнӕхуцау адӕнӕн дзорӕ!» Джон нецибал исдзурдта, фал ӕхенимӕр ба расагъӕс кодта: «Ма нур ба цума ке хӕццӕ дзурдтон?»
Фал лӕг уобӕл не ’рсабур ӕй. Ӕнсувӕр Хоскин куд радзурдта, уомӕ гӕсгӕ иннӕ бон ӕ аргъауӕни ӕрбацӕугутӕн загъта, Джони хузӕн мӕнгард адӕймаг, дан, нӕ горӕти некӕдма адтӕй ӕма, дан, ӕй багӕрах кӕнун гъӕуй. Фал не ’нсувӕр нӕ фӕттарстӕй. Джон радзурдта: «Е дессаги рӕстӕг адтӕй. Адӕн нӕмӕ дзӕбӕх игъустонцӕ. Кадӕртӕ мин уотӕ дӕр дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, дӕу Хуцау рарвиста, ӕма естӕбӕл ку батухсай, уӕд нин ӕй ӕрмӕстдӕр зӕгъгӕ кӕнӕ».
БИБЛИ ӔРТАСУНМӔ МАДЗӔЛТТӔ
Рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндадтӕй, уонӕн банхус кӕнуни туххӕй Библиртасгутӕ журнали «Сугъзӕрийнӕ ӕнос» * мухур кодтонцӕ аллихузи программитӕ. Зӕгъӕн, ниййергутӕн си устур ӕнхус адтӕй рубрикӕ «Ӕригон Библиртасгутӕ». Мадтӕлтӕ ӕма фидтӕлтӕ сӕ сувӕллӕнттӕмӕ уордиги фарстатӕ лӕвардтонцӕ, уой фӕсте ба син ӕнхус кодтонцӕ дзуӕппитӕ Библий иссерун. Еуӕй-еу фарстатӕ си хумӕтӕг адтӕнцӕ, зӕгъӕн: «Библий цал киунуги ес?» Иннетӕ ба син ӕнхус кодтонцӕ игъосун кӕнгӕй нифсгундӕр ун. Зӕгъӕн, уӕхӕн фарста си адтӕй: «Цума ӕцӕг киристӕнттӕй ӕфхуӕрд алкедӕр баййафдзӕй?»
Уомӕй уӕлдай ма журнали рацӕуидӕ рубрикӕ, Библи арфдӕр ӕртасун ке фӕндадтӕй, уонӕн. Ци фарстатӕбӕл си дзурд цудӕй, етӕ ист адтӕнцӕ
«Финстадӕ ӕртасун»-и фиццаг томӕй. Дууӕ рубрики дӕр игъосунгӕнгутӕн берӕ пайда ӕрхастонцӕ. Фал 1921 анзӕй 21 декабри номерӕй фӕстӕмӕ еци рубрикитӕ журнали «Сугъзӕрийнӕ ӕнос» мухургонд нӕбал цудӕнцӕ. Цума цӕмӕннӕ?НӔУӔГ КИУНУГӔ
Разамунд ка лӕвардта, еци ӕнсувӕртӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй хуӕздӕр ке уайдӕ темитӕ фӕд-фӕди ӕртасун. Уомӕ гӕсгӕ 1921 анзи рауагътонцӕ киунугӕ «Хуцауи дууадӕстӕнон фӕндур». Адӕймаг киунугӕ ку райсидӕ, уӕд ӕй ниффинсиуонцӕ сӕрмагонд курсмӕ ӕма ӕхе бон адтӕй Библи ӕртасун. Уой фӕрци адӕймаг базонидӕ, Хуцауӕн адӕни туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес, уой. Цума ахур куд цудӕй?
Киунуги хӕццӕ адӕймагӕн раттиуонцӕ карточкӕ ӕма си финст адтӕй, кӕци фӕрстӕ ’й бакӕсун гъӕуй, уой. Къуӕрей фӕсте ба имӕ почтӕй ӕндӕр карточкӕ ӕрбацӕуидӕ ӕма си фӕууидӕ фарстатӕ, ке бакастӕй, еци ӕрмӕгмӕ. Фӕстагмӕ ба си финст адтӕй, иннӕ къуӕремӕ ’й кӕци фӕрстӕ гъӕудзӕй бакӕсун, е.
Еци курс гъӕуама рахастайдӕ 12 къуӕрей. Алли къуӕре дӕр адӕймагӕн Библиртасгутӕ нӕуӕг карточкӕ рарветиуонцӕ. Еци карточкитӕ финсун баихӕс кӕниуонцӕ, ӕмбурди каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн кенӕ, е ’нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ цӕун ке бон н’ адтӕй, уонӕн. Хуӕрӕ Анна Гарднер Милвейлӕй (штат Пенсильвани) радзурдта: «Мӕ хуӕрӕ Тейл инвалид адтӕй. Фал ин еци нӕуӕг киунуги фӕрци фадуат фӕззиндтӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ. Библи ка ахур кодта, уонӕн карточкитӕ фарстати хӕццӕ ферветидӕ». Адӕймаг еци курс ку фӕууидӕ, уӕдта имӕ еске рарветиуонцӕ, цӕмӕй ин Библи хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ банхус кодтайуонцӕ.
РАЗӔЙ МА НӔМӔ БЕРӔ КУСТ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУЙ
1921 анзи кӕрон ӕнсувӕр Джозеф Рутерфорд Библиртасгути къуӕрттӕмӕ се ’гасемӕдӕр рарвиста финстӕг. Финст си адтӕй: «Аци анз паддзахади хабар куд райгъустӕй ӕма куд берӕ адӕнӕн банхус кодта, уотӕ некӕдма». Удта ма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй идарддӕр дӕр гъе уотӕ зингзӕрдӕй архайдтайуонцӕ, ӕма ниффинста: «Берӕ куст ма нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Мадта иннети дӕр разӕнгард кӕнтӕ, цӕмӕй нӕмӕ еци кусти ӕрбайеу уонцӕ». Хабӕрттӕй куд зиннуй, уомӕ гӕсгӕ Библиртасгутӕ еци дзурдтӕмӕ байгъустонцӕ. 1922 анзи хуарз хабар никки зингзӕрдӕйдӕр игъосун кодтонцӕ.
^ 9 абз. 1937 анзи журнал «Сугъзӕрийнӕ ӕнос» хуннун райдӕдта «Уодӕнцойнӕ», 1946 анзи ба «Ӕригъал уотӕ!».