АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 35
Нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн аргъ кӕнтӕ
«Адӕймагӕн ӕ уорс сӕр ӕй рӕсугъд кадиходӕ» (ӔМБ. 16:31).
138 ЗАР «Уорс сӕр ӕй рӕсугъд кадиходӕ»
РАЗДЗУРД *
1, 2. а) Ӕмбесӕндти 16:31 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
АМЕРИКИ Штат Арканзаси парктӕй еуеми ӕнгъезуй алмазтӕ иссерун. Еуӕй-еуетӕ си къӕхти буни дӕр фӕуунцӕ. Фал ӕнӕуой дорти хузӕн ке фӕуунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, сӕ рӕзти ка рацӕуй, етӕ ’й лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнунцӕ, цӕхуӕн хӕзнабӕл райевгъудӕнцӕ, уой.
2 Хуцауӕн еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр гъе уӕхӕн алмазти хузӕн ӕнцӕ. Хъӕбӕр устур аргъ син ес. Хуцауи Дзурди финст ӕй, адӕймагӕн ӕ уорс сӕр ӕй рӕсугъд кадиходӕ, зӕгъгӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 16:31; 20:29.) Фал уой алке нӕ фӕллӕдӕруй. Мадта син аргъ кӕнун ку исахур уӕн, гъе уӕд ӕцӕг хӕзнатӕ иссердзиан. Гъӕйдӕ уой туххӕй ба ӕркӕсӕн ӕртӕ фарстайемӕ: 1) Йеговӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕзнатӕбӕл цӕмӕн нимайуй? 2) Ӕ организаций син цӕхуӕн бунат искодта? 3) Мах ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй естӕбӕл исахур уӕн?
КАРГУН ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН ЙЕГОВИ ЦӔСТИ УСТУР АРГЪ ЦӔМӔН ЕС?
3. Йеговӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕзнатӕбӕл цӕмӕн нимайуй? (Псалом 92:12–15).
3 Йеговӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕзнатӕбӕл нимайуй. Сӕ уодигъӕдӕ син хуарз зонуй ӕма син сӕ дессаги менеугутӕн аргъ кӕнуй. Е ’гас цард дӕр ин еузӕрдонӕй ка фӕллӕггадӕ кодта, етӕ ӕригӕнттӕн еститӕ ку фӕййамонунцӕ, уӕд ин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй (Иов 12:12; Ӕмб. 1:1–4). Сӕ федардзийнади туххӕй дӕр син Йеговӕ хъӕбӕр устур аргъ кӕнуй (Мал. 3:16). Кӕд сӕ цард ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр се ’ууӕндундзийнадӕ нӕ фӕккиудтӕй. Нур дӕр ма сӕ нифс гъе уотӕ федар ӕй, ӕма цӕхӕртӕ калунцӕ. Йеговӕ ма сӕ уарзуй, еци кари дӕр Паддзахади хабар ке игъосун кӕнунцӕ, уой туххӕй дӕр. (Бакӕсӕ Псалом 92:12–15.)
4. Нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нифс цӕхуӕн гъудитӕ гъӕуама дӕттонцӕ?
4 Нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ хуарзӕнхӕй, макӕд гурусхӕ кӕнтӕ, Йеговӕ ке некӕд байронх уодзӕй, ӕ номи туххӕй цидӕриддӕр искодтайтӕ, уой! (Дзиуит. 6:10). Зӕрдиагӕй ке игъосун кӕнтӕ, е нӕ уӕларвон Фидӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Уӕ царди берӕ аллихузи фӕлварӕнтӕ адтӕй, фал алцидӕр исфӕразтайтӕ. Алкӕддӕр Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цардайтӕ. Ӕмбурди гъуддӕгти дӕр архайдтайтӕ, удта иннети дӕр ахур кодтайтӕ. Йегови организаций ци ӕййивддзийнӕдтӕ цудӕй, уонӕмӕ алкӕддӕр раст цӕстӕй кастайтӕ, удта ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кодта, уонӕн дӕр ӕнхус кодтайтӕ. Йеговӕ уӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй, гъе уотӕ еузӕрдон ке айтӕ, уой туххӕй, ӕма уин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке уӕ нӕ ниууадздзӕй! (Пс. 37:28). Йеговӕ ма уин зӕгъуй: «Уӕ сӕртӕ ку исуорс уонцӕ, уӕд дӕр уин ӕз ӕнхус кӕндзӕн» (Ис. 46:4). Мадта уӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, ӕма уӕхӕн кари ке айтӕ, уой туххӕй уин Йеговӕ минкъийдӕр аргъ кӕнуй!
ЙЕГОВӔ НӔ КАРГУН ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН Ӕ ОРГАНИЗАЦИЙ УСТУР БУНАТ РАХЕЦӔН КОДТА
5. Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама даронцӕ?
5 Йегови организаций каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон берӕ цидӕртӕ ӕй кӕнун. Кӕд се ’уӕнгти уойбӕрцӕ хъаурӕ нӕбал ес, уӕддӕр фӕлтӕрдгун ӕнцӕ, уомӕн ӕма царди берӕ цидӕртӕ фӕууидтонцӕ. Абони дӕр ма Йеговӕн берӕ кӕмидӕрти агъаз уодзӕнцӕ. Е бӕрӕг ӕй, Йеговӕн рагидзаманти ка лӕггадӕ кодта ӕма ин абони ка лӕггадӕ кӕнуй, уони хабӕрттӕй.
6, 7. Йеговӕ ӕ каргун лӕггадгӕнгутӕй кӕмӕн райарфӕ кодта?
6 Рагидзаманти Йеговӕ ӕ каргун лӕггадгӕнгутӕн дӕр берӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнидӕ. Зӕгъӕн, Йеговӕ Моисеййи пахампарӕй ӕма израилӕгти разамонӕгӕй ку исӕвардта, уӕд ибӕл еу 80 анзи цудӕй. Данелӕн ба Йеговӕ баихӕс кодта ӕ номӕй дзорун, 90 анземӕй фулдӕр ибӕл ку цудӕй, уӕд. Апостол Иоанн дӕр еу еци кари адтӕй, Йеговӕ ин Раргомади киунугӕ ку ниффинсун кодта, уӕд.
Лук. 2:22, 25–35). Пахампар-уосӕ Аннӕ ба адтӕй идӕдзӕ силгоймаг. Ӕма ибӕл кӕд 84 анзи цудӕй, уӕддӕр «алкӕддӕр ковӕндони уидӕ». Ӕндӕр дзурдтӕй, Аннӕ еунӕг ӕмбурд дӕр некӕд фӕццох кодта. Йеговӕ уомӕн дӕр минкъий Йесой фӕууинун кодта. Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Симеон ӕма Аннӕ Йегови цӕсти хӕзнатӕ ке адтӕнцӕ (Лук. 2:36–38).
7 Библий еугур каргун лӕггадгӕнгути туххӕй уотӕ лӕмбунӕг финст нӕй. Фал Йеговӕ уонӕн дӕр минкъийдӕр аргъ нӕ кодта ӕма син сӕ еузӕрдондзийнади туххӕй райарфӕ кодта. Зӕгъӕн, Библий Симеони туххӕй ӕрмӕстдӕр еунӕг хатт финст ӕрцудӕй, «е адтӕй раст, Хуцаубӕл еузӕрдон адӕймаг», зӕгъгӕ. Фал ин Йеговӕ устур аргъ кодта ӕма ин минкъий Йесой фӕууинун кодта, удта ’й баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йесо ӕма Марийи туххӕй пахампарадӕ дӕр загътайдӕ (8, 9. Каргун идӕдзӕ хуӕртӕ иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?
8 Абони дӕр берӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕригӕнттӕн сӕ цардӕй фӕнзуйнаг ӕнцӕ. Ӕркӕсӕн Лоис Дидури хабармӕ. 21 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд Канади сӕрмагонд пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Уой фӕсте ба ӕ сӕрихецау Джони хӕццӕ хъӕбӕр берӕ фӕллӕггадӕ кодта. Джон цӕуӕг цӕстӕдарӕг адтӕй. Фӕстӕдӕр ба 20 анземӕй фулдӕр Канади филиали лӕггадӕ кодтонцӕ. Лоисбӕл 58 анзи куд цудӕй, уӕд син загътонцӕ, Украинӕмӕ рарветуйнаг сӕ ке ’нцӕ, кӕд сӕ фӕндуй, уӕд. Еци кари алке ӕ нифс нӕ бахӕсдзӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ рандӕ ун, фал Лоис ӕма Джон ба цийнӕгӕнгӕй исарази ’нцӕ. Джони иснисан кодтонцӕ бунӕттон филиали комитетмӕ. Гъигагӕн, 7 анзей фӕсте рамардӕй, фал Лоис уӕддӕр Украини филиали байзадӕй ӕма идарддӕр лӕггадӕ кодта. Лоисбӕл цӕуй 81 анзи, ӕма ма нур дӕр филиали лӕггадӕ кӕнуй. Вефили бийнонтӕ ’й хъӕбӕр берӕ уарзунцӕ.
9 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Лоиси хузӕн хуӕртӕ Хуцауи адӕни астӕу уотӕ бӕрӕг нӕбал фӕуунцӕ, сӕ лӕгтӕ ма ӕгас ку адтӕнцӕ, уӕд куд адтӕй, уотӕ. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма сӕ Йеговӕ хӕзнатӕбӕл нӕбал нимайуй. Йеговӕ си хъӕбӕр боз ӕй, уойбӕрцӕ ӕнзти дӕргъи сӕ сӕрихецӕуттӕн ке ӕнхус кодтонцӕ, уой туххӕй ӕма ма ин нур дӕр еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой туххӕй дӕр (1 Тим. 5:3). Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн хуӕртӕ ӕригӕнттӕн дӕр хъӕбӕр устур ӕнхус ӕнцӕ.
10. Тони нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?
10 Хӕдзарӕй рацӕун ке бон нӕй ӕма кӕсун кӕмӕ гъӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр минкъийдӕр аргъ нӕ кӕнӕн. Ӕркӕсӕн Америки Еугонд Штаттӕй еу ӕнсувӕр Тоний хабармӕ. Нур Тони цӕруй зӕрӕндти хӕдзари. Донаргъуд райста 1942-аг анзи. Уӕд ибӕл цудӕй 20 анзи, ӕма ӕфсадмӕ цӕун ке не ’сарази ӕй, уой туххӕй ӕй ахӕстдони исбадун кодтонцӕ ӕма си дууӕ анзи ма ’рдӕг фӕббадтӕй. Тони ӕма ӕ бийнойнаг
Хильдӕ сӕ кизги ӕма сӕ биццеуи рӕстдзийнади исгъомбӕл кодтонцӕ. Еци рӕстӕг Тони ӕртӕ ӕмбурдеми лӕггадӕ кодта сӕрдареуӕггӕнӕг цӕстӕдарӕгӕй (уотӕ хундтӕнцӕ хестӕр нӕлгоймӕгти совети координатортӕ). Удта ма конгрессти цӕстӕдарӕг дӕр адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма ахӕстдони ӕмбурдтӕ дӕр уагъта ӕма си кедӕрти хӕццӕ Библи дӕр ахур кодта. Нур Тонибӕл цӕуй 98 анзи, ӕма ӕ къохтӕ уадзунмӕ нӕ гъавуй. Нур дӕр мӕ ӕмбурди, ӕ бон ци ӕй, уой кӕнуй.11. Кӕсун кӕмӕ гъӕуй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке нимайӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?
11 Кӕсун кӕмӕ гъӕуй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке нимайӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ син фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа игъосун кӕнуни гъуддаги архайун, ӕмбурдтӕмӕ цӕун, кенӕ ба программӕмӕ игъосун. Мах бон дӕр ӕй уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бабӕрӕг кӕнун кенӕ сӕмӕ видеосвязӕй радзорун. Уӕлдай фулдӕр ӕнхус ба фӕгъгъӕуй, не ’мбурди территорий ка нӕ фӕццӕруй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти, зӕгъӕн, зӕрӕндти хӕдзари кенӕ Ӕвдесӕн ка нӕй, еци хеуӕнттӕмӕ ка фӕццӕруй, уони. Еуӕй-еу каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ сӕхе туххӕй дзорунмӕ, фал син нӕ рӕстӕг ӕма нӕ хъауритӕ ку не ’вгъау кӕнӕн, удта Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй цӕхуӕн ӕнзтӕ рарвистонцӕ, уонӕбӕл сӕ ку фӕрсӕн, уӕд си нӕхуӕдтӕ дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти исахур уодзиан.
12. Хуарз цӕмӕн ӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базонун?
12 Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр ку базонӕн, уӕд нӕмӕ, ӕвӕдзи, дессаг фӕккӕсдзӕй, уал анзей дӕргъи Йеговӕбӕл куд ӕновуд адтӕнцӕ, е. Зӕгъӕн, хуӕрӕ Харриетт донаргъуд райста 1920-аг ӕнзти, ӕма дӕсгай ӕнзти дӕргъи ӕхе ӕмбурди фӕллӕггадӕ кодта, штат Нью-Джерсий (АЕШ). Фал уой фӕсте ба ӕ кизги хӕццӕ цӕрун райдӕдта. Ӕ нӕуӕг ӕмбурди ӕнсувӕртӕ рӕстӕг рахецӕн кодтонцӕ, цӕмӕй ӕ хӕццӕ радзубандитӕ кодтайуонцӕ, ӕма ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, Харриетт се ’мбурдӕн ӕцӕг хӕзна ке ӕй. Донаргъуди фӕсте ибӕл цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕрцудӕй, е сӕмӕ хъӕбӕр дессаг фӕккастӕй. Игъосун кӕнунмӕ цӕугӕй алкӕддӕр ӕ хӕццӕ ӕ дӕндӕгтӕхснӕн щёткӕ райсидӕ, уомӕн ӕма ’й цийфӕнди рӕстӕг дӕр ахӕстдони исбадун кодтайуонцӕ. Ӕма ’й ӕцӕгӕйдӕр 1933-аг анзи ахӕстдони дууӕ хатти исбадун кодтонцӕ ӕма дууӕ хатти дӕр си къуӕре фӕббадтӕй. Ӕ сӕрихецау Ӕвдесӕн н’ адтӕй, фал ин уӕддӕр хъӕбӕр ӕнхус кодта, удта сувӕллӕнттӕмӕ дӕр кастӕй, цалинмӕ Харриетт ахӕстдони бадтӕй, уӕдмӕ. Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Харриетти хузӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хъӕбӕр устур аргъ гъӕуама кӕнӕн!
13. Йеговӕ ӕ каргун лӕггадгӕнгутӕн цӕхуӕн бунат искодта?
13 Йеговӕ ӕ каргун лӕггадгӕнгутӕн ӕ организаций устур бунат рахецӕн кодта. Етӕ сӕ царди еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕууидтонцӕ, Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд куд лӕвардта ӕма син сӕхецӕн дӕр куд ӕнхус кодта, уой. Ӕнӕрӕдуйгӕ дӕр н’ адтӕнцӕ, фал сӕ рӕдудтитӕбӕл ахур кодтонцӕ. Мадта гъӕуама уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ахур кӕнӕн, уомӕн ӕма уонӕй цӕуй «зунди сауӕдонӕ» (Ӕмб. 18:4). Мадта сӕ хуӕздӕр ку бафӕсмӕрӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ дӕр бафедар кӕндзиан ӕма си берӕ цӕбӕлдӕрти исахур уодзиан.
ХӔЗНАТӔБӔЛ МА РАЙЕВГЪУЙЕТӔ!
14. Дуккаг закъони 32:7 финст дзурдтӕ ӕригӕнтти цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
14 Каргун хуӕртӕмӕ дӕхуӕдӕг фиццаг бацӕуисӕ ӕма сӕ хӕццӕ естӕбӕлти радзубандитӕ кӕнисӕ. (Бакӕсӕ Дуккаг закъон 32:7.) Кӕд цӕстӕй уотӕ дзӕбӕх нӕбал фӕууинунцӕ ӕма раздӕри хузӕн цӕрдӕг дӕр нӕбал фӕуунцӕ, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ ба ӕригон ӕй, удта Йегови рази сӕхецӕн хуарз ном искодтонцӕ (Еккл. 7:1). Иронх ди ма уӕд: Йеговӕ сӕ хӕзнатӕбӕл нимайуй, ӕма син мах дӕр гъӕуама аргъ кӕнӕн. Ӕ рӕстӕги Елисей дӕр пахампар Илийай ниууадзун нӕ бакумдта, фӕстаг хатт ма еумӕ ку адтӕнцӕ, уӕд. Ӕртӕ хатти ин загъта, «нӕ дӕ ниууадздзӕн», зӕгъгӕ (2 Пад. 2:2, 4, 6).
15. Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕбӕлти ӕнгъезуй рафӕрсун?
15 Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уӕзданӕй рафӕрсиайтӕ сӕ царди хабӕрттӕбӕл (Ӕмб. 1:5; 20:5; 1 Тим. 5:1, 2). Зӕгъӕн, дӕ бон сӕ ӕй рафӕрсун: «Рӕстдзийнадӕ ке иссирдтай, уой куд балӕдӕрдтӕ? Йегови къох дӕ царди цӕхуӕн уавӕрти фӕууидтай? Берӕ ӕнзти дӕргъи цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ дин ци ӕнхус кодта?» (1 Тим. 6:6–8). Уой фӕсте ба сӕмӕ лӕмбунӕг байгъосӕ.
16. Ӕригӕнттӕ ӕма каргунтӕ рӕстӕг еумӕ ку ферветунцӕ, уӕд син е ци пайда ӕрхӕссуй?
16 Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕригӕнтти хӕццӕ рӕстӕг ку ферветунцӕ, уӕд е сӕ дууетӕн дӕр пайда ӕрхӕссуй (Ром. 1:12). Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уой фӕрци фӕууинунцӕ, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕбӕл алкӕддӕр куд фӕттухсуй, уой. Каргунтӕн ба ӕхцӕуӕн фӕууй, иннетӕ сӕ ке уарзунцӕ ӕма син ке аргъ кӕнунцӕ, е. Уомӕй уӕлдай ма син ӕхцӕуӕн фӕууй, Йеговӕ син сӕ еузӕрдондзийнади туххӕй куд арфӕ кодта, еци хабӕрттӕ дзорун.
17. Анзӕй-анзмӕ нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ рӕсугъддӕргӕнгӕ цӕмӕн фӕццӕунцӕ?
17 Анзӕй-анзмӕ адӕймаг ӕригондӕргӕнгӕ нӕ фӕццӕуй, фал еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Йегови цӕсти анзӕй-анзмӕ рӕсугъддӕргӕнгӕ фӕццӕунцӕ (1 Фес. 1:2, 3). Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци сӕ уодигъӕди берӕ рӕсугъд менеугутӕ исирӕзун кодтонцӕ. Ӕма сӕ хуӕздӕр базонунбӕл ку архайӕн, удта си ку ахур кӕнӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, цӕхуӕн хӕзнатӕ ’нцӕ ӕма цӕхуӕн кади аккаг ӕнцӕ, уой!
18. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
18 Ӕригӕнттӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку аргъ кӕнонцӕ, уӕд ӕмбурд федардӕр кӕндзӕй. Фал каргунтӕ дӕр гъӕуама ӕригӕнттӕн аргъ кӕнун зононцӕ. Еци гъуддаги син ци банхус кӕндзӕй, уобӕл ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!
^ 5 абз. Нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр устур аргъ ес. Аци статьяй фӕрци син никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдайдзиан, удта ’й фӕууиндзиан, ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй си естӕбӕлти исахур уӕн. Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ аци статьяй фӕрци фӕууиндзӕнцӕ, Хуцауи организаций син цӕхуӕн устур бунат ес, уой.