Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Силгоймагӕн ӕ сӕрихецау ӕй нӕлгоймаг»

«Силгоймагӕн ӕ сӕрихецау ӕй нӕлгоймаг»

«Силгоймагӕн ӕ сӕрихецау ӕй нӕлгоймаг» (1 КОР. 11:3).

13 ЗАР Киристе махӕн ӕй фӕнзуйнаг

РАЗДЗУРД *

1. Киндзи ӕрцӕун ке фӕндуй, еци хуӕрӕ цӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕна?

ЗӔНХӔБӔЛ ӕгас ӕмбурдтӕ дӕр Йесо Киристей дӕлбарӕ ’нцӕ. Йесо алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ ихӕстӕ, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ӕнхӕст кӕнуй. Фал хуӕрӕ киндзи ку ’рцӕуй, уӕд ӕхе бакӕнуй ӕнӕнхӕст нӕлгоймаги дӕлбарӕ, ӕма ин ӕ сӕрихецауи нимайун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Цардӕмбал ӕвзаргӕй хуӕрӕ гъӕуама уӕхӕн фарстатӕбӕл расагъӕс кӕна: «Уотӕ мӕмӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма аци ӕнсувӕр хуарз бийнонти хестӕр уодзӕй? Бӕрӕг ӕй, Йегови гъуддаг ин царди фиццаг бунати ке ӕй? Кӕд нӕ, уӕд мӕмӕ уотӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма нӕ цард ку байеу кӕнӕн, уӕд ӕхецӕн дӕр ӕма мӕнӕн дӕр ӕнхус кӕндзӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун?» Удта ма хуӕрӕ гъӕуама ӕхебӕл дӕр расагъӕс кӕна: «Мӕнӕй ба ци ес зӕгъӕн? Цӕмӕй бӕрӕг ӕй, хуарз бийнойнаг ке уодзӕн? Фӕразон ӕма мӕ рӕдау адӕймаг исхонӕн ес? Йегови берӕ ке уарзун, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?» (Еккл. 4:9, 12). Хуӕрӕ цалинмӕ ӕ цард неке хӕццӕ ма байеу кодта, уӕдмӕ ку базона раст унаффитӕ хӕссун, уӕд бийнонти царди дӕр амондгун уодзӕй.

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Хъӕбӕр берӕ хуӕртӕ фӕнзуйнаг ӕнцӕ, сӕ лӕгти куд нимайунцӕ, уомӕй. Ӕма нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, Йеговӕн еци еузӕрдон хуӕрти хӕццӕ усхъӕй-усхъӕмӕ ке лӕггадӕ кӕнӕн, е. Аци статьяй ӕркӕсдзиан ӕртӕ фарстайемӕ: 1) Лӕгмӕцуд хуӕртӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ? 2) Силгоймаг ӕ сӕрихецауи цӕмӕн гъӕуама нимайа? 3) Бийнонтӕ кӕмӕн ес, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ Йесо Киристей, Авигейи, ӕма Марийи хабӕрттӕй?

ЛӔГМӔЦУД ХУӔРӔ ЦӔХУӔН ЗИНДЗИЙНӔДТӔБӔЛ ИСӔМБӔЛУЙ?

3. Бийнонти царди зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн фӕууй?

3 Бийнонти цард Хуцауи лӕвар ӕй, ӕма алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст ӕй. Фал адӕн ба ӕнӕнхӕст ӕнцӕ (1 Иоан. 1:8). Библий дӕр уомӕ гӕсгӕ финст ӕй, бийнонтӕ ка искӕнуй, уонӕн, дан, фӕззиннуй «нӕуӕг зиндзийнӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, силгоймаг цӕхуӕн зинтӕбӕл исӕмбӕлуй, уомӕ.

4. Арӕх силгоймӕгтӕмӕ уотӕ цӕмӕн фӕккӕсуй, ӕма дӕхе дӕ сӕрихецауи дӕлбарӕ бакӕнун ӕгадӕ ӕй?

4 Арӕх силгоймагӕн зин фӕууй ӕ сӕрихецауи нимайун, уомӕн ӕма кӕми исгъомбӕл ӕй, еци адӕни астӕу уотӕ нимад ӕй, ӕма силгоймаг ӕхе нӕлгоймаги дӕлбарӕ ку бакӕна, уӕд ӕхе ӕгадӕ кӕнуй. Еугонд Штатти ка цӕруй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Марисоль зӕгъуй: «Ӕз кӕми исирӕзтӕн, уоми силгоймӕгтӕ уотӕ гъуди кӕнунцӕ, ӕма син нӕлгоймӕгти хӕццӕ гъӕуама ӕмхузӕн бартӕ уа. Лӕдӕрун ӕй, Йеговӕ бийнонтӕн ци ӕгъдау ӕрфедар кодта, уомӕ гӕсгӕ бийнонти хестӕр нӕлгоймаг ке ӕй, силгоймаг ба ин гъӕуама коммӕгӕс уа. Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба дӕ алливарс адӕн ӕндӕрхузи ку гъуди кӕнонцӕ, уӕд».

5. Еуӕй-еу нӕлгоймӕгтӕ сӕ бийнойнӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй фӕккӕсунцӕ?

5 Иннердиги ба еуӕй-еу силгоймӕгтӕн сӕ лӕгтӕ фӕуунцӕ, силгоймӕгти ӕппундӕр ка нецӕмӕ даруй, уӕхӕнттӕ. Хонсар Америкӕй еу хуӕрӕ Ивон зӕгъуй: «Махмӕ бал фиццаг хуӕрунмӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕрбадунцӕ, етӕ ку бахуӕрунцӕ, удта силгоймӕгтӕ дӕр. Хӕдзари дӕр ӕфснайгӕ ӕма хуӕруйнаг ӕрмӕстдӕр кизгуттӕ фӕккӕнунцӕ, биццеутӕ ба паддзӕхти бад кӕнунцӕ ӕма син сӕ мадтӕлтӕ ӕма хуӕртӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ». Азийӕй хуӕрӕ Инлин ба зӕгъуй: «Махмӕ уӕхӕн ӕмбесонд ес, силгоймаги, дан, некӕми гъӕуй зунд ӕма искурдиӕдтӕ. Ӕ ихӕс ӕй ӕрмӕстдӕр хӕдзари куститӕ кӕнун, ӕ гъуди ба неке гъӕуй». Силгоймаг амондгун некӕд уодзӕй, ӕ лӕг имӕ уӕхӕн цӕстӕй ку кӕса, уӕд. Уӕхӕн нӕлгоймаг Киристей нӕ фӕнзуй, удта Йегови зӕрдихудти дӕр цӕуй (Еф. 5:28, 29; 1 Пет. 3:7).

6. Лӕгмӕцуд хуӕрти сӕхе дӕр ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнонцӕ?

6 Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ бийнонтӕбӕл алли гъуддаги дӕр гъӕуама нӕлгоймаг тухса ӕма син ӕнхус кӕна Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун (1 Тим. 5:8). Фал хуӕртӕ сӕхуӕдтӕ дӕр гъӕуама алли бон дӕр рӕстӕг еронцӕ Библи бакӕсунмӕ ӕма ибӕл расагъӕс кӕнунмӕ, удта зӕрдӕй Йеговӕмӕ раковунмӕ. Берӕ куститӕ син ке фӕууй, уомӕ гӕсгӕ кадӕр расагъӕс кӕндзӕй: «Еци гъуддӕгтӕн рӕстӕг ӕма хъауритӕ кӕми иссерон?» Фал етӕ хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ ’нцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ хӕстӕг кӕнӕн (Гъуд. 17:27).

7. Хуӕрӕн ӕнцондӕр кӕд уодзӕй ӕ сӕрихецауи нимайун ӕма имӕ игъосун?

7 Хуӕрӕн алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй ӕ сӕрихецауи нимайун ӕма имӕ игъосун. Фал еци ӕгъдау Йеговӕ цӕмӕн ӕрфедар кодта, уой ку лӕдӕра ӕма ибӕл арази ку уа, уӕд ин ӕнцондӕр уодзӕй уотӕ архайун.

СИЛГОЙМАГ Ӕ СӔРИХЕЦАУИ ЦӔМӔН ГЪӔУАМА НИМАЙА?

8. Ефесӕгтӕмӕ 5:22–24 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ силгоймаги ӕ сӕрихецауи нимайун цӕмӕн фӕффӕндуй?

8 Хуӕрӕ ӕ сӕрихецауи фӕннимайуй, уомӕн ӕма е Йегови фӕндон ӕй. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:22–24.) Е ӕ уӕларвон Фидӕбӕл ӕууӕндуй, уомӕн ӕма ’й зонуй, ке ’й уарзуй ӕма ин пайда ци ’рхӕсдзӕй, ӕрмӕстдӕр уой ке кӕнун кӕнуй (Дук. з. 6:24; 1 Иоан. 5:3).

9. Киристон силгоймаг ӕ сӕрихецаумӕ ку игъоса, уӕд е бийнонтӕн ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

9 Аци дуйне силгоймӕгти уӕхӕн зундбӕл аразуй, цӕмӕй Йегови закъӕнттӕ мацӕмӕ даронцӕ ӕма сӕмӕ уотӕ кӕса, цума сӕ лӕгтӕмӕ ку игъосонцӕ, уӕд сӕ кадӕ дӕлӕмӕ кӕндзӕй. Фал уотӕ ка сагъӕс кӕнуй, етӕ Хуцауи нӕ зонунцӕ. Йеговӕ ӕ хъазар кизгуттӕн, сӕ кадӕ син дӕлӕмӕ ка кӕна, уӕхӕнӕй неци кӕнун кӕндзӕй. Хуӕрӕ, Йеговӕ ин ци дзоруй, уой ку кӕна, уӕд сӕ хӕдзари алкӕддӕр уодзӕй фарнӕ ӕма еудзийнадӕ (Пс. 119:165). Ӕма бийнонти медӕг алкӕмӕндӕр хуарз уодзӕй – ӕ лӕгӕн дӕр, сӕ сувӕллӕнттӕн дӕр ӕма ӕхецӕн дӕр.

10. Кэрол ци загъта, уомӕй ци ес базонӕн?

10 Силгоймаг ӕ сӕрихецауи ку нимайа ӕма имӕ ку игъоса, уӕд бавдесдзӕй, Йегови ке уарзуй ӕма ’й ке нимайуй, уой. Хонсар Америки ка цӕруй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Кэрол зӕгъуй: «Зонун ӕй, мӕ сӕрихецау еуӕй-еухатт рӕдуйгӕ дӕр ке кӕндзӕй. Ӕма еци рӕдудтитӕмӕ ци цӕстӕй кӕсон, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Йегови хӕццӕ мин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнун ӕви нӕ, е. Уомӕ гӕсгӕ мӕ сӕрихецауи нимайун, уомӕн ӕма мӕ фӕндуй мӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ рохс кӕнун».

11. Анисӕн ци ӕнхус кӕнуй ӕ лӕгӕн хатир кӕнун ӕма ин ӕ дзурдтӕй ци ес базонӕн?

11 Уосӕмӕ уотӕ ку фӕккӕсуй, ӕма цӕбӕл тухсуй, е ӕ лӕгмӕ нимади дӕр нӕй, уӕд ин зиндӕр фӕууй ӕ лӕги нимайун. Уӕхӕн уавӕри куд ӕнгъезуй архайун? Хуӕрӕ Анис загъта: «Ӕз фӕййархайун, цӕмӕй мӕ лӕгмӕ ма мӕстгун кӕнон. Лӕдӕрун ӕй, ӕнӕрӕдуйгӕ неке ӕй. Ӕма мӕ фӕндуй, цӕмӕй ин зӕрдӕй хатир кӕнон. Ку ин ниххатир кӕнун, уӕд мӕхецӕн дӕр фенцондӕр уй» (Пс. 86:5). Хатир кӕнун ка зонуй, еци силгоймагӕн ӕнцондӕр фӕууй ӕ сӕрихецауи нимайун.

БИБЛИЙ ХАБӔРТТӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

12. Библий цӕхуӕн хабӕрттӕ финст ес?

12 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй ӕма еске дзурдмӕ ку игъосай, уӕд лӕмӕгъ адӕймаг дӕ ӕма дин дӕхе гъуди нӕййес. Фал е уотӕ нӕй. Библий берӕ ес, коммӕгӕс ка адтӕй, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ. Фал сӕ лӕмӕгъ исхонӕн нӕййес. Ӕркӕсӕн, Киристей, Авигейи ӕма Марийи хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

13. Йесо Йеговӕмӕ цӕмӕн игъосуй?

13 Йесо Йегови нимайуй ӕма имӕ игъосуй, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ӕхуӕдӕг нецӕмӕ арӕхсуй. Адӕни куд ахур кодта ӕма син алцидӕр куд хумӕтӕг дзурдтӕй лӕдӕрун кодта, уомӕй бӕрӕг ӕй, цӕхуӕн устур зунди хецау ӕй, е (Иоан. 7:45, 46). Йеговӕ ’й зудта, Йесо алцӕмӕдӕр куд дзӕбӕх арӕхсуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ Дун-дуйне ку кодта, уӕд ин барӕ равардта, цӕмӕй ин ӕнхус кодтайдӕ (Ӕмб. 8:30; Дзиуит. 1:2–4). Йесо ку райгас ӕй, уӕдта ин Йеговӕ равардта «еугур бартӕ уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр» (Матф. 28:18). Фал кӕд Йесо алли гъуддаги дӕр уӕхӕн ӕнтӕстгун ӕй, уӕддӕр Йеговӕй разамунд фӕккоруй, уомӕн ӕма ӕ Фиди уарзуй (Иоан. 14:31).

14. Лӕгӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй: а) Йеговӕ силгоймӕгтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, е? б) Ӕмбесӕндти 31 сӕри ци финст ес, е?

14 Лӕг цӕбӕл ахур кӕнуй? Лӕг ӕ уосӕн ӕ сӕрихецау ке ӕй, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Йеговӕ силгоймӕгтӕн нӕлгоймӕгтӕй минкъийдӕр аргъ кӕнуй. Зӕгъӕн, Йесой хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, уони астӕу силгоймӕгтӕ дӕр ес (Гал. 3:26–29). Йеговӕ ӕ Фуртӕн бартӕ ке равардта, уомӕй бавдиста ке ибӕл ӕууӕндуй, уой. Ӕма лӕдӕргӕ нӕлгоймаг дӕр ӕ бийнойнагӕн дӕтдзӕй бартӕ. Библий финст ес, сӕрӕн уосӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕ фӕккӕнуй, уой туххӕй. Зӕгъӕн, ӕ бон ӕй ӕ гъос дарун, цӕмӕй хӕдзари алцидӕр куд гъӕуй, уотӕ уа. Ӕ бон ма ӕй зӕнхӕ балхӕнун кенӕ рауӕйӕ кӕнун дӕр, удта ӕхца косун дӕр. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 31:15, 16, 18.) Уосӕ цагъар нӕй. Ӕма ин ес барӕ ӕ гъуди зӕгъунмӕ дӕр. Ӕ лӕг ба ибӕл ӕууӕндуй ӕма имӕ байгъосуй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 31:11, 26, 27.) Лӕг ӕ уосӕн кадӕ ку кӕна, уӕд уомӕн дӕр ӕнцондӕр уодзӕй ӕ лӕги нимайун ӕма имӕ игъосун.

Йесо алли гъуддаги дӕр Йеговӕмӕ куд игъосуй, уомӕй лӕгмӕцуд хуӕртӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ? (кӕсӕ 15 абзац)

15. Силгоймӕгтӕ Йесойӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

15 Уосӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Йесойӕн берӕ гъуддӕгтӕ бантӕстӕй, фал уой туххӕй ӕхемӕ нӕ ниццӕй ӕма уӕддӕр Йегови дӕлбарӕ адтӕй (1 Кор. 15:28; Фил. 2:5, 6). Гъе уотӕ аллихузи гъуддӕгтӕмӕ дӕр хуарз ка арӕхсуй ӕма Йесой ка фӕнзуй, еци силгоймаг дӕр ӕ сӕрмӕ хӕсдзӕй ӕ сӕрихецаумӕ игъосун. Е ӕ сӕрихецауи ке уарзуй, айдагъ уой туххӕй ӕй нӕ нимайдзӕй, фал Йегови ке уарзуй ӕма ’й ке нимайуй, уой туххӕй дӕр.

Авигейӕ Давидӕн ӕма ӕ адӕнӕн хуӕруйнӕгтӕ рарвиста, ӕма имӕ уой фӕсте ӕхуӕдӕг дӕр ӕрбацудӕй. Ӕ рази ӕ уӕргутӕбӕл ӕрлӕудтӕй, ӕ сӕрӕй ин ракувта ӕма ин балигъстӕ кодта, цӕмӕй ӕ масти фӕдбӕл ма рацӕуа ӕма тӕрегъӕд ма бакӕна (кӕсӕ 16 абзац)

16. 1 Самуили 25:3, 23–28 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Авигейӕ цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

16 Авигейӕн ӕ сӕрихецау Навал адтӕй хеуарзон, сӕрбӕрзонд ӕма хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун ка нӕ зонуй, уӕхӕн адӕймаг. Фал Авигейӕ уӕддӕр уобӕл нӕ архайдта, цӕмӕй си ести амалӕй исуӕгъдӕ адтайдӕ. Ӕ бон адтӕй Давиди ӕма ӕ адӕни бауадзун, цӕмӕй ин ӕ лӕги рамардтайуонцӕ. Фал Навали ӕма сӕ устур бийнонти багъӕуай кӕнунбӕл байархайдта. Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн нифсхаст разиндтӕй, 400 гӕрзефтонг нӕлгоймагей рази ку ӕрлӕудтӕй, уӕд. Авигейӕ Давиди хӕццӕ уӕзданӕй дзурдта ӕма си хатиртӕ ракурдта, ӕ сӕрихецау ци бакодта, уой туххӕй. (Бакӕсӕ 1 Самуили 25:3, 23–28.)

17. Давид Авигейӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй, уомӕй лӕгтӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

17 Лӕг цӕбӕл ахур кӕнуй? Авигейӕ лӕдӕргӕ силгоймаг адтӕй, ӕма имӕ хуарз ӕма Давид байгъуста. Уой фӕрци ӕнӕфуд адӕни тог нӕ никкалдта. Нӕлгоймаги бон ӕй Давиди фӕнзун. Ести ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ӕй ку гъӕуа, уӕд ин ӕ бийнойнаг ци зӕгъа, уобӕл дӕр лӕмбунӕг расагъӕс кӕндзӕй. Ка ’й зонуй, уотемӕй ӕхе рӕдудӕй дӕр багъӕуай кӕндзӕй.

18. Силгоймӕгтӕн Авигейӕ цӕмӕй фӕнзуйнаг ӕй?

18 Уосӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Силгоймагӕн ӕ лӕг Йеговӕн ку нӕ лӕггадӕ кӕна кенӕ, ка ӕрлӕмӕгъ ӕй уӕхӕн киристон ку уа, уӕддӕр ӕ бийнонтӕ амондгундӕр уодзӕнцӕ, Йегови ку уарза ӕма ’й ку нимайа, уӕд. Уӕхӕн силгоймаг уобӕл некӕд архайдзӕй, цӕмӕй ӕ лӕгӕй ести амалӕй исуӕгъдӕ уа. Фал ӕй нимайдзӕй ӕма имӕ игъосдзӕй, цӕмӕй ӕ лӕги дӕр Йегови туххӕй фулдӕр базонун бафӕндӕуа (1 Пет. 3:1, 2). Фал лӕг ку не ’ййева, уӕддӕр Йеговӕн ӕхцӕуӕн уодзӕй, уосӕ уотӕ ке архайуй, е.

19. Хуӕрӕ ӕ сӕрихецаумӕ кӕд нӕ байгъосдзӕй?

19 Фал лӕг ӕ уосӕн Хуцауи закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдти нихмӕ ести ку кӕнун кӕна, зӕгъӕн, еске ин ку сайун кӕна кенӕ ин ести ку давун кӕна, уӕд имӕ уосӕ нӕ байгъосдзӕй. Ӕгас киристӕнттӕ дӕр фиццагидӕр гъӕуама Йеговӕмӕ игъосонцӕ. Мадта хуӕрӕ не ’сарази уодзӕй, ӕ сӕрихецау ин Библий уагӕвӕрдтӕ ку ихалун кӕна, уӕд ӕма ин уӕзданӕй, фал федарӕй балӕдӕрун кӕндзӕй, уотӕ цӕмӕннӕ кӕнуй, уой (Гъуд. 5:29).

(кӕсӕ 20 абзац) *

20. Марийӕ Йегови ӕгас зӕрдӕй ке уарзта, уой кӕцӕй зонӕн?

20 Марийӕ, Хуцауи ӕгас зӕрдӕй ка уарзта, уӕхӕн адӕймаг адтӕй. Куд ӕй зонӕн, уотемӕй Финстадӕ дӕр хуарз зудта. Аргъауӕг Иоанни мадӕ Елизавети хӕццӕ ку дзубанди кодта, уӕд Финстадӕй цӕхуӕндӕр скъуддзӕгтӕ 20 хаттемӕй фулдӕр ӕрхаста (Лук. 1:46–55). Расагъӕс кӕнӕ, кӕд Марийӕ Иосифи хӕццӕ федуд адтӕй, уӕддӕр Йегови изӕд фиццаг Иосифмӕ нӕ, фал Марийӕн ӕхемӕ фӕззиндтӕй ӕма ин фегъосун кодта, биццеу ин ке райгурдзӕй ӕма Хуцауи Фурт ке уодзӕй (Лук. 1:26–33). Йеговӕ Марийи хуарз зудта ӕма нӕ дузӕрдуг кодта, ӕ Фурти ин берӕ ке уарздзӕй ӕма имӕ дзӕбӕх ке кӕсдзӕй, уобӕл. Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма Йесо ку рамардӕй, удта ку райгас ӕй, уӕддӕр Марийӕ Йеговӕй нӕ раидард ӕй (Гъуд. 1:14).

21. Марийи туххӕй Библий ци финст ес, уомӕй лӕгтӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

21 Лӕг цӕбӕл ахур кӕнуй? Лӕдӕргӕ нӕлгоймагӕн ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕ бийнойнаг Библи дзӕбӕх ку фӕззонуй, уӕд. Уотӕ имӕ нӕ фӕккӕсуй, ӕма уомӕй ӕ кадӕ дӕлӕмӕ хауй. Лӕдӕруй ӕй, ӕ бийнойнаг Библий уагӕвӕрдтӕ дзӕбӕх ке зонуй, е бийнонти алкӕмӕндӕр пайда ке хӕсдзӕй. Фал уосӕ цийфӕнди зундгин ма уа, уӕддӕр бийнонти ахур гъӕуама лӕг уадза ӕма син Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ дӕр гъӕуама е ӕнхус кӕна (Еф. 6:4).

Йесой мадӕ Марийӕ Финстадӕ ке ӕртаста ӕма ибӕл ке сагъӕс кодта, уомӕй хуӕртӕн фӕнзуйнаг куд ӕй? (кӕсӕ 22 абзац) *

22. Силгоймӕгтӕ Марийӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

22 Уосӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Кӕд бийнонтӕн се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун фиццагидӕр лӕги ихӕс ӕй, уӕддӕр уосӕ ӕхуӕдӕг дӕр гъӕуама е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕна (Гал. 6:5). Гъӕуама Библи ӕртасунмӕ ӕма ибӕл расагъӕс кӕнунмӕ рӕстӕг хецӕн кӕна. Уой фӕрци Йегови уарздзӕй ӕма ’й нимайдзӕй, удта ин ӕ лӕги нимайун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй.

23. Бийнойнаг коммӕгӕс ку уа, уӕд е ӕхецӕн, ӕ бийнонтӕн ӕма ӕмбурдӕн дӕр ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

23 Йегови ка уарзуй, еци силгоймаг ӕ сӕрихецауи фӕннимайуй ӕма имӕ фегъосуй. Удта Йеговӕ ци ӕгъдау ӕрфедар кодта, уой ка нецӕмӕ даруй, уонӕй дӕр амондгундӕр фӕууй. Удта ма уӕхӕн силгоймаг ӕригондӕр силгоймӕгтӕн ӕма нӕлгоймӕгтӕн фӕнзуйнаг фӕууй. Уосӕ ӕ лӕги ку нимайа, уӕд айдагъ сӕ бийнонти фарнӕбӕл не ’фтуйдзӕй, фал ма ӕмбурди фарнӕбӕл дӕр (Тит. 2:3–5). Абони Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн сӕ фулдӕр ӕнцӕ силгоймӕгтӕ (Пс. 68:11). Фал силгоймӕгти ӕма нӕлгоймӕгти бон дӕр ӕй берӕ цидӕртӕ кӕнун, цӕмӕй ӕмбурди уа фарнӕ ӕма еудзийнадӕ. Иннӕ статьяй ба гъе уобӕл радзубанди кӕндзиан.

131 ЗАР «Хуцау ци байеу кодта, е»

^ 5 абз. Йеговӕ бийнонтӕн ци ӕгъдау ӕрфедар кодта, уомӕ гӕсгӕ уосӕ гъӕуама ӕ лӕги нимайа ӕма имӕ игъоса. Цума уомӕ ци хауй? Ӕркӕсӕн Йесо куд архайдта, уомӕ, удта рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон силгоймӕгтӕ куд архайдтонцӕ, уомӕ дӕр.

^ 68 абз. ХУЗӔ. Марийӕ Елизавети хӕццӕ ку дзубанди кодта, уӕд Дзиуиттаг Финститӕй дзурдтӕ ӕрхӕссидӕ.

^ 70 абз. ХУЗӔ. Цӕмӕй киндзицуд хуӕрӕн е ’ууӕндундзийнадӕ федар уа, уой туххӕй гъӕуама Библи ӕртасунмӕ рӕстӕг хецӕн кӕна.