Зудтай ӕй?
Рагон финститӕй куд зиннуй, Библибӕл ӕууӕндӕн ке ес?
ЙЕРУСАЛИМИ ес, Библий ке кой цӕуй, еци бӕстити музей. Еци музеййи ес, Израили, Хевронмӕ хӕстӕг, ке иссирдтонцӕ, уӕхӕн дор. Ергӕ ба ’й искодтонцӕ, мард кӕми байвӕриуонцӕ, уӕхӕн лӕгӕти. Дорбӕл финст ӕй: «Йахве Саваоф ралгъетӕд Хагави фурт Хагафи». Еци дзурдтӕ финст ӕрцудӕнцӕ нӕ эри размӕ еу 700-аг анзӕй 600-аг анзмӕ. Еци рагон дзурдтӕй куд зиннуй, Библибӕл ӕууӕндӕн ке ес? Уонӕй бӕрӕг ӕй, рагидзаманти Хуцауи ном «Йеговӕ», кенӕ «Йахве» (рагон дзиуиттаг дамугъатӕй ЙХВХ) ке зудтонцӕ ӕма ’й арӕх ке дзурдтонцӕ. Еци дзаманти мардӕвӕрӕн лӕгӕтти фӕрстӕбӕл ниффинсиуонцӕ Хуцауи ном, удта адӕни нӕмттӕ дӕр. Кӕцидӕр нӕмттӕ си баст ӕнцӕ Хуцауи номи хӕццӕ.
Лӕгӕти фӕрстӕбӕл ци нӕмттӕ финст ес, уони туххӕй профессор Рейчел Набулси (Джорджий университетӕй) загъта: «Ном ЙХВХ уотӕ арӕх ке ӕмбӕлуй, уомӕй берӕ цидӕртӕ ес базонӕн. Рагон текститӕй бӕрӕг ӕй, еци ном ка хаста, е Израили ӕма Иуди устур бунат ке ахӕста». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, Библий, Дзиуиттаг тексти, Хуцауи ном (дзиуиттаг дамугъатӕй ЙХВХ) ӕмбӕлуй цалдӕр мин хатти. Удта ма си ӕмбӕлуй, Хуцауи номи хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн нӕмттӕ дӕр.
Еци дорбӕл ци дзурдтӕ ес финст, «Йахве Саваоф», зӕгъгӕ, етӕ ма нисан кӕнунцӕ «ӕфсӕдти хецау Йеговӕ» дӕр. Куд зиннуй, уотемӕй рагидзаманти адӕн Хуцауи айдагъ ӕ номӕй нӕ худтонцӕ, фал ма ’й арӕх худтонцӕ «ӕфсӕдти хецау Йеговӕ» дӕр. Мадта Библий дзурдбаст «ӕфсӕдти хецау Йеговӕ» дзӕгъӕли не ’мбӕлуй. Ӕмбӕлуй си 250 хаттемӕй фулдӕр, арӕхдӕр Исаййи, Йеремий ӕма Захарий киунугути.