Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

35 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Кӕрӕдзей федар кӕнтӕ»

«Кӕрӕдзей федар кӕнтӕ»

«Кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ» (1 ФЕС. 5:11).

90 ЗАР Кӕрӕдзей федар кӕнӕн

РАЗДЗУРД *

1. 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:11 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?

 УЕ ’МБУРД ескӕд Паддзахади зал амайунмӕ кенӕ ’й рӕвдзӕ кӕнунмӕ ӕнхус кодта? Кӕд гъо, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, некӕд байронх уодзӕнӕ, еци залмӕ фиццаг хатт куд ӕрбацудтӕ, уой. Еци бон Йеговӕй хъӕбӕр боз адтӕ. Зар заргӕй ба ма, ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕ дӕр рахъурмӕ ’й ӕма дӕ цӕститӕ дони разилдӕнцӕ. Нӕ Паддзахади залтӕ Йегови ном кадгин кӕнунцӕ. Фал еци залтӕ ке искӕнӕн, уомӕй дзӕвгарӕ ӕхсидзгӕ дӕр ӕй, ка си ӕрӕмбурд уй, уони ке бафедар кӕнӕн, е. Еци гъуддаг Йеговӕн никки фулдӕр кадӕ ӕрхӕссуй. Ӕма апостол Павел дӕр уой кой кодта, аци статьяй сӕйраг стихи дзурдтӕ ку загъта, уӕд. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:11.)

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Апостол Павел нин фӕнзуйнаг ӕй, иннети нифс федар кӕнун куд гъӕуй, уомӕй. Е алкӕддӕр архайдта иннети лӕдӕрунбӕл. Аци статьяй мах ӕркӕсдзиан, Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кодта, цӕмӕй сӕ бон адтайдӕ: 1) зиндзийнӕдти сӕрти хезун, 2) кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕрун ӕма 3) се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, мах бон дӕр куд ӕй апостол Павели хузӕн иннети нифс федар кӕнун (1 Кор. 11:1).

ПАВЕЛ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН ӔНХУС КОДТА, ЦӔМӔЙ ЗИНДЗИЙНӔДТИ СӔРТИ ХЕЗОНЦӔ

3. Павел кустмӕ дӕр ӕма лӕггадӕмӕ дӕр раст цӕстӕй ке кастӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

3 Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзта. Е ӕй ӕхецӕй зудта, царди зин уавӕртӕбӕл исӕмбӕлун куд фӕууй, уой. Уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй, зин уавӕри ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ зин лӕдӕрун ӕма син тӕрегъӕд кӕнун. Еухатт Павел ӕнӕ ’хцайӕй байзадӕй ӕма ’й косун багъудӕй, цӕмӕй ӕхецӕн дӕр ӕма ӕ хӕццӕ ка адтӕй, уонӕн дӕр уа, цӕмӕй цӕронцӕ, е (Гъуд. 20:34). Коринфмӕ ку иссудӕй, уӕдта Акилӕ ӕма Прискилли хӕццӕ еумӕ косун райдӕдта, уомӕн ӕма еу куст кодтонцӕ – цатуртӕ худтонцӕ. Фал алли сабати дӕр Павел дзиуиттӕгтӕн ӕма грекъӕгтӕн хуарз хабар игъосун кодта. Фӕстӕдӕр Силӕ ӕма Тимофей ку фӕззиндтӕнцӕ, уӕдта Павел, «е ’гас хъауритӕ исаразта Хуцау дзурд игъосун кӕнунмӕ» (Гъуд. 18:2–5). Павел ӕй некӕд иронх кодта, ӕ царди фиццаг бунати Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун ке гъӕуама уа. Ӕхуӕдӕг дӕр уӕззау хъиамӕт ке кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн пайда ка уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ дӕттун. Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕнцон син ке н’ адтӕй, уомӕн ӕма си берети бийнонтӕ дарун гъудӕй. Фал сӕ уӕддӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй «ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй», уой исбӕрӕг кӕнонцӕ. Гъома, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуни хӕццӕ баст ци ӕй, уой сӕ царди фиццаг бунати ӕвӕронцӕ (Фил. 1:10).

4. Апостол Павел ӕма Тимофей куд банхус кодтонцӕ, ӕфхуӕрд ӕййафун ка райдӕдта, еци ӕнсувӕртӕн?

4 Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Фессалоники ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уони. Ӕмбурд си ку фӕззиндтӕй, уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма сӕ фӕдбӕл карзӕй зелун райдӕдтонцӕ. Еухатт фудзунд адӕн ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма Павел ӕма Сили ку не ’ссирдтонцӕ, уӕд цалдӕр ӕнсувӕрей горӕти хецӕутти рази балӕуун кодтонцӕ ӕма гъӕр кӕнун райдӕдтонцӕ: «Атӕ се ’гасдӕр цӕунцӕ Роми паддзахи закъӕнтти нихмӕ» (Гъуд. 17:6, 7). Ӕрӕги киристон ка иссӕй, етӕ аци хабӕрттӕ ку фӕууидтонцӕ, уӕд кунӕг нӕ фӕттарстӕнцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, ӕгас горӕт сӕ нихмӕ исистадӕй. Уомӕ гӕсгӕ син тӕссаг адтӕй, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй, зингзӕрдӕй ку нӕбал архайдтайуонцӕ, уомӕй. Фал Павел уой нецихузи бауагътайдӕ. Кӕд сӕ Сили хӕццӕ горӕтӕй ледзун багъудӕй, уӕддӕр байархайдтонцӕ, цӕмӕй, нӕуӕг ӕмбурдмӕ ӕ цӕстӕ ка фӕддара, уӕхӕн уа. Фӕстӕдӕр апостол Павел Фессалоники ӕмбурдмӕ уотӕ ниффинста: «[Тимофеййи] рарвистан сумахмӕ, цӕмӕй уин уӕ нифсбӕл нифс бафтудтайдӕ ӕма уин уодӕнцойнӕ ӕрхастайдӕ, ӕма уин уотемӕй уе ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кодтайдӕ, цӕмӕй уи еци зиндзийнӕдти маке фӕккиудтайдӕ» (1 Фес. 3:2, 3). Тимофей Листри ку цардӕй, уӕд ӕй ӕхебӕл бавзурста, ӕфхуӕрд ӕййафун ци ӕй, уой. Е ӕй уидта, апостол Павел ӕ райгурӕн горӕти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд федар кодта, уой. Йеговӕ, апостол Павелӕн куд ӕнхус кодта, уой Тимофей хуарз гъуди кодта, ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй нӕуӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр бафедар кӕнун ӕма зӕгъун, Йеговӕ син ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй (Гъуд. 14:8, 19–22; Дзиуит. 12:2).

5. Еу хестӕр нӕлгоймаг Брайантӕн куд банхус кодта?

5 Апостол Павел ма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд федар кодта? Варнави хӕццӕ еумӕ Листрӕ, Икони ӕма Антиохи ку бабӕрӕг кодтонцӕ, уӕд син «алли ӕмбурди дӕр исӕвардтонцӕ хестӕр нӕлгоймӕгти» (Гъуд. 14:21–23). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн устур нифси хуасӕ ке адтӕнцӕ. Гъе уотӕ абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгти бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун. Еу ӕнсувӕр Брайант радзурдта: «Финддӕс анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд нӕ нӕ фидӕ ниууагъта, мӕ мади ба ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ. Уотӕ мӕмӕ кастӕй ӕма мӕ еугурӕйдӕр ниууагътонцӕ ӕма неке гъӕун». Еци рӕстӕг Брайантӕн ци банхус кодта? Е загъта: «Не ’мбурди, хестӕр нӕлгоймаг Тони мӕ хӕццӕ берӕ рӕстӕг ӕрвиста, ӕмбурдти дӕр ӕма ӕнӕуойдӕр. Арӕх мин радзоридӕ зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлгӕй дӕр ӕ цийнӕ ка нӕ фесафта, уони хабӕрттӕ. Е мин бавдиста Псалом 27:10 финст дзурдтӕ ӕма мин Езекий хабар радзурдта. Езекийӕн кӕд ӕ фидӕ фӕнзуйнаг н’ адтӕй, уӕддӕр е ба Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта». Еци рӕстӕг хестӕр нӕлгоймаг Брайантмӕ ӕ цӕстӕ ке фӕддардта, е ин куд банхус кодта? «Тони мин мӕ нифс хъӕбӕр бафедар кӕнидӕ, ӕма уой фӕрци рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон. Еци лӕггадӕ мин ци цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, уой рабарӕн дӕр нецӕй хӕццӕ ес». Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, сумах дӕр, Брайанти хузӕн ӕнхусгъӕуагӕ ка ӕй ӕма фӕлмӕн дзурдӕй барӕвдаун ке гъӕуй, уонӕмӕ уе ’ргом ӕздахиайтӕ ӕма сӕ фарсмӕ балӕууиайтӕ (Ӕмб. 12:25).

6. Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ цӕмӕн кодта?

6 Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ финста, рагидзаманти Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ – «ӕвдесӕнти устур мегъӕ» – аллихузи зиндзийнӕдти сӕрти ке рахезиуонцӕ (Дзиуит. 12:1). Павел ӕй зудта, еци хабӕрттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке бафедар кӕндзӕнӕ ӕма син ке банхус кӕндзӕнӕ, цӕмӕй сӕ каст «уодӕгас Хуцауи горӕтмӕ» уа (Дзиуит. 12:22). Еци хабӕрттӕ махӕн дӕр банхус кӕндзӕнцӕ. Зӕгъӕн, Йеговӕ Гедеонӕн, Вараккӕн, Давидӕн, Самуилӕн ӕма ма е ’ндӕр лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кодта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд мах нифс дӕр бафедар уодзӕй (Дзиуит. 11:32–35). Нӕ рӕстӕги Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ дӕр нин устур пайда уодзӕнцӕ. Ардӕмӕ, Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайадӕмӕ, арӕх хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ финстӕгутӕ ӕрбафинсунцӕ ӕма фӕззӕгъунцӕ, биографити ци хабӕрттӕ бакастӕнцӕ, етӕ син се ’ууӕндундзийнадӕ хъӕбӕр ке бафедар кодтонцӕ.

ПАВЕЛ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН ӔНХУС КОДТА, ЦӔМӔЙ КӔРӔДЗЕЙ ХӔЦЦӔ ФӔРНӔЙ ЦӔРОНЦӔ

7. Ромӕгтӕмӕ 14:19–21 Павел ци унаффӕ равардта, е нин ци пайда хӕссуй?

7 Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕндзиан, нӕ гъуддӕгтӕй дӕр ӕма нӕ дзурдтӕй дӕр ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд. Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ балӕдӕрӕн, уӕддӕр кӕрӕдземӕ нӕ ниффуд уодзиан. Мах куд гъуди кӕнӕн, е ку хецӕн кӕна, иннетӕ куд гъуди кӕнунцӕ, уомӕй, уӕд гъӕуама нӕ дзурдбӕл ма ниллӕууӕн, уӕлдайдӕр ба кӕд адӕймаг куд гъуди кӕнуй, е Библий уагӕвӕрдти нихмӕ нӕй, уӕд. Аци гъуди хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ ӕркӕсӕн еу цӕветтонмӕ. Роми фиццаг ӕноси киристон ӕмбурди айдагъ дзиуиттӕгтӕ н’ адтӕй. Моисеййи закъон ӕ хъаури ку нӕбал адтӕй, уӕд си хуӕруйнаги туххӕй ци амундтӕ адтӕй, уони дӕр ӕнхӕст кӕнун нӕбал гъудӕй (Мар. 7:19). Гъема уӕдӕй фӕстӕмӕ, дзиуиттӕгтӕй киристон ка иссӕй, етӕ аллихузи хуӕруйнӕгтӕ хуӕрун райдӕдтонцӕ. Фал иннӕ дзиуиттӕгтӕмӕ ба уотӕ кастӕй, ӕма син уӕхӕн барӕ нӕййес. Уой туххӕй ӕмбурд хъӕбӕр ниддехтӕ ’й. Фал син Павел сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, фарнӕ багъӕуай кӕнун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Е ниффинста «Де ’нсувӕрӕн къахкъуӕрӕн исуни бӕсти фид дӕр ма хуӕрӕ, сӕнӕ дӕр ма ниуазӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн ести дӕр ма кӕнӕ». (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 14:19–21.) Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Павел ӕнсувӕртӕн балӕдӕрун кодта, уӕхӕн цидӕртӕ ӕмбурди фарнӕ ихалгӕ ке кӕнунцӕ ӕма ма Хуцауи хецӕн лӕггадгӕнгутӕн дӕр тӕссаг ке ’нцӕ. Цӕмӕй ескӕмӕн къахкъуӕрӕн ма иссайдӕ, уой туххӕй Павел ӕхуӕдӕг дӕр раййевунмӕ цӕттӕ адтӕй. Адӕймаг е ’фсарӕмӕ гӕсгӕ ку архайа ӕма Библий уагӕвӕрдти сӕрти ку нӕ хеза, уӕд ин ӕ унаффи туххӕй уайдзӕф нӕ кӕндзиан (1 Кор. 9:19–22). Уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕ астӕу ци фарнӕ ес, уой гъӕуай кӕндзиан.

8. Ӕмбурди фарнӕн фехӕлунӕй тӕссаг ку адтӕй, уӕд Павел куд архайдта?

8 Ӕхсидзгӕ фарстати фӕдбӕл кӕмӕдӕр ӕндӕрхузи гъуди ку адтӕй, уӕд дӕр Павел архайдта, цӕмӕй фарнӕ багъӕуай кодтайдӕ. Зӕгъӕн, еуӕй-еуетӕ уотӕ дзурдтонцӕ, ӕма, дан, дзиуиттаг ка нӕй, уонӕй киристӕнттӕ ка иссӕй, етӕ ӕнӕмӕнгӕй гъӕуама сонӕт искӕнонцӕ, цӕмӕй, дан, син уой иннӕ дзиуиттӕгтӕ сӕ цӕстӕмӕ ма даронцӕ (Гал. 6:12). Кӕд Павел еци ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕппундӕр арази н’ адтӕй, уӕддӕр нӕ архайдта, цӕмӕй иннети ӕ гъудибӕл исаразтайдӕ. Е сӕрниллӕгӕй еци гъуддаг Йерусалими апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти барӕ бакодта (Гъуд. 15:1, 2). Уотӕ ке архайдта, уой фӕрци ӕмбурди фарнӕ ӕма цийнӕ багъӕуай кодта (Гъуд. 15:30, 31).

9. Мах бон дӕр куд ӕй апостол Павели хузӕн архайун?

9 Фал, зӕгъӕн, ӕмбурди кедӕр хӕццӕ цӕхуӕндӕр гъуддаги фӕдбӕл кӕрӕдзей нӕ лӕдӕретӕ. Уӕхӕн уавӕри тӕккӕ хуӕздӕр уодзӕй ӕнхус ракорун, Йеговӕ ӕмбурдбӕл тухсунмӕ ке иснисан кодта, уонӕй. Арӕх ма хуарз унаффитӕ ӕма разамунд иссерӕн фӕууй нӕ публикацити кенӕ, нӕ организаци ци амундтӕ раттуй, уоми. Уӕхӕн разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн ӕма нӕхе гъудибӕл ку нӕ ниллӕууӕн, уӕд мах дӕр ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан.

10. Апостол Павел ма ци кодта, цӕмӕй ӕмбурди фарнӕ адтайдӕ?

10 Павел ма ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕнунбӕл ке архайдта, е бӕрӕг ӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ хуарз менеугутӕмӕ е ’ргом ке ’здахта, сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ нӕ, фал. Цӕветтонӕн райсӕн Ромӕгтӕмӕ финстӕг. Фӕстагмӕ си Павел кедӕрти сӕ нӕмттӕй ранимадта ӕма сӕ сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй растудта. Мах бон ба куд ӕй Павели хузӕн архайун? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуарз менеугути туххӕй дзорунмӕ ӕфсӕрми кӕнун нӕ гъӕуй. Ку сӕ растауӕн ма син фӕлмӕн дзурдтӕ ку зӕгъӕн, уӕд сӕ хӕццӕ никки хъӕбӕрдӕр балимӕн уодзиан. Ӕмбурди ба уодзӕй фарнӕ ӕма уарзондзийнадӕ.

11. Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ балӕдӕрӕн, уӕд нин бафедаунмӕ ци банхус кӕндзӕй?

11 Хатгай фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ дӕр кӕрӕдзей нӕ балӕдӕрунцӕ. Гъе уотӕ адтӕй Павел ӕма ӕ хуарз ӕмбал Варнави хабар дӕр. Игъосун кӕнуни балций Марки сӕ хӕццӕ есонцӕ ӕви нӕ, уой туххӕй фӕйнӕхузи гъуди кодтонцӕ, гъема «хъӕбӕр рабуцӕу ӕнцӕ, ӕма фӕххецӕн ӕнцӕ» (Гъуд. 15:37–39). Фал фӕстагмӕ Павел, Варнавӕ ӕма Марк балимӕн ӕнцӕ. Уомӕй бавдистонцӕ, ӕмбурди фарнӕ ӕма еудзийнадӕн ке аргъ кодтонцӕ. Фӕстӕдӕр Павел ӕ финстӕгути Варнавӕ ӕма Маркӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хуарзи кой кодта (1 Кор. 9:6; Кол. 4:10, 11). Мах дӕр гъӕуама архайӕн, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ бафедауӕн ӕма фиццагидӕр кӕсӕн, хуарзӕй сӕмӕ ци ес, уомӕ. Уотемӕй фарнӕ ӕма еудзийнадӕ гъӕуай кӕндзиан (Еф. 4:3).

ПАВЕЛ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН ӔНХУС КОДТА, ЦӔМӔЙ СЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР АДТАЙДӔ

12. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ?

12 Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ нифс ку федар кӕнӕн ӕма син ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд ма син уотемӕй дӕр се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕндзиан. Зӕгъӕн, беретӕбӕл сӕ дини туххӕй сӕ хеуӕнттӕ, се ’мкосгутӕ кенӕ се ’мкъласонтӕ ходгӕ фӕккӕнунцӕ. Кадӕр ба гъезӕмарӕ кӕнуй уӕззау незӕй кенӕ ба ӕ зӕрди рист нӕ сабур кӕнуй. Кадӕр ба Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуй ӕма берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, аци дуйнейӕн ӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй, уомӕ. Ӕгас еци уавӕрти, гӕнӕн ес, ӕма киристонӕн е ’ууӕндундзийнадӕ фӕккеуа. Фал уӕхӕн цӕбӕлдӕрти фиццаг ӕноси ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр исӕмбалдӕнцӕ. Цума сӕ Павел куд бафедар кӕнидӕ?

Мах бон ба куд ӕй апостол Павели хузӕн иннети федар кӕнун? (кӕсӕ 13 абзац) *

13. Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кодта, цӕмӕй сӕ бон уа, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой сӕрбӕл дзорун?

13 Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ Сугъдӕг Финстади фӕрци федар кодта. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ: дзиуиттӕгтӕй киристон ка иссӕй, уонӕн, ӕвӕдзи, сӕ хеуӕнттӕ уотӕ дзурдтонцӕ, ӕма, дан, дзиуиттаг дин киристон динӕй берӕ цӕмӕйдӕрти хуӕздӕр ӕй. Ка ’й зонуй, ӕнсувӕртӕн зин адтӕй уой нихмӕ ести зӕгъун. Уомӕ гӕсгӕ син апостол Павели финстӕг устур ӕнхус фӕцӕй (Дзиуит. 1:5, 6; 2:2, 3; 9:24, 25). Уой фӕрци сӕ бон адтӕй федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ хӕссун, сӕ нихмӕ ка дзурдта, уонӕн. Нӕ бон ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ публикацитӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнунмӕ ӕнхус кӕнун, цӕмӕй сӕ бон уа, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой сӕрбӕл дзорун. Арӕх ма нӕ минкъий хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл скъолай фӕхходунцӕ, Сфӕлдесӕгбӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй. Цума уонӕн ба куд ӕй нӕ бон банхус кӕнун? Цӕмӕй сӕ бон уа се ’ууӕндундзийнади сӕрбӕл дзорун, уой туххӕй нӕ бон ӕй сӕ хӕццӕ еумӕ ӕркӕсун брошюритӕмӕ «Была ли жизнь создана?» ӕма «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа».

Мах бон ба куд ӕй апостол Павели хузӕн иннети федар кӕнун? (кӕсӕ 14 абзац) *

14. Игъосун кӕнуни гъуддагӕй уӕлдай ма Павел ӕ рӕстӕг цӕмӕн не ’вгъау кодта?

14 Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзта, уой гъуддагӕй ӕвдиста, ӕма уотемӕй иннети дӕр уомӕ разӕнгард кодта (Дзиуит. 10:24). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕхе некӕд ӕвгъау кодта. Зӕгъӕн, Иудеи стонг дзаман ку никкодта, уӕд Павел банхус кодта, цӕмӕй син бахъӕртун кодтайуонцӕ, ӕнӕмӕнгӕй сӕ ци гъудӕй, уой (Гъуд. 11:27–30). Кӕд Павел игъосун кӕнуни гъуддаги берӕ архайдта, уӕддӕр алкӕддӕр фадуӕттӕ агурдта, цӕмӕй иннетӕн ӕнхус кодтайдӕ. Ӕма уотӕ ке архайдта, уой фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нӕ гурусхӕ кодтонцӕ, Йеговӕ алкӕддӕр сӕ фарсмӕ ке уодзӕй (Гал. 2:10). Мах бон дӕр ӕй уотӕ архайун, ӕма нин уомӕн берӕ фадуӕттӕ ес. Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй, ести бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн нӕ рӕстӕг ӕма нӕ хъауритӕ ма ’вгъау кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй ӕгас дуйнеуон гъуддагӕн нисайнаг дӕттун. Уотемӕй, удта ма берӕ ӕндӕрхузи гъуддӕгтӕй дӕр нӕ бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй федарӕй ӕууӕндонцӕ, Йеговӕ сӕ ке некӕд ниууадздзӕй.

Мах бон ба куд ӕй апостол Павели хузӕн иннети федар кӕнун? (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ) *

15, 16. Е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уонӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

15 Павел ӕнхус кодта, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уонӕн. Тӕрегъӕд син кодта, сӕ хӕццӕ алкӕддӕр фӕлмӕнӕй дзурдта ӕма син хуарз хабӕрттӕ кодта (Дзиуит. 6:9; 10:39). Зӕгъӕн, Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги Павел арӕх испайда кӕнидӕ дзурдтӕй «мах», «махӕн», ӕма уомӕй бавдесидӕ, ӕхе дӕр иннетӕй ке нӕ хецӕн кӕнуй, ӕма ци унаффитӕ дӕттуй, етӕ ӕхемӕ дӕр ке хаунцӕ (Дзиуит. 2:1, 3). Е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уонӕбӕл мах дӕр нӕ къох нӕ ракъуӕрӕн, фал сӕбӕл батухсӕн ӕма сӕ бафедар кӕнунбӕл байархайӕн. Уотемӕй ӕй балӕдӕрунцӕ, ке сӕ уарзӕн, уой. Уомӕй уӕлдай ма, ци дзорӕн, айдагъ е ӕхсидзгӕ нӕй, фал ма куд дзорӕн, е дӕр. Сӕ хӕццӕ фӕлмӕн ӕма лигъз дзурд ку кӕнӕн, уӕд сӕ е дӕр хъӕбӕр бафедар кӕндзӕй.

16 Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн загъта, сӕ хуарз гъуддӕгтӕ Йеговӕй римӕхст ке нӕ ’нцӕ (Дзиуит. 10:32–34). Мах бон дӕр ӕй, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уони гъе уотӕ федар кӕнун. Зӕгъӕн, рӕстдзийнадӕ куд базудтонцӕ, уобӕл сӕ нӕ бон ӕй бафӕрсун, кенӕдта сӕ царди Йегови къох кӕми фӕууидтонцӕ, уӕхӕн хабӕртти туххӕй радзорун (Дзиуит. 6:10; 13:5, 6). Уой фӕрци никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзӕнцӕ, Йеговӕ син сӕ хъиамӕт ӕма сӕ уарзондзийнадӕ ке нӕ феронх кӕндзӕй ӕма сӕ ке некӕд ниууадздзӕй. Уӕхӕн цӕбӕлдӕрти сӕ хӕццӕ ку дзорайтӕ, уӕд син сӕ нифс бафедар кӕндзиайтӕ ӕма сӕмӕ хъауритӕ фӕззиндзӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнонцӕ.

«КӔРӔДЗЕЙ НИФСБӔЛ НИФС ӔФТАУЕТӔ»

17. Цӕхуӕн гъуддаги дӕ гъӕуй хуӕздӕр кӕнун?

17 Кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнун ӕма кӕрӕдзей нифс федар кӕнун куд гъӕуй, еци гъуддаги нӕ бон ӕй, еу хаттӕй иннӕ хатмӕ хуӕздӕр кӕнун. Йеговӕн еузӕрдонӕй ка байзадӕй, уони хабӕрттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку дзорӕн, уӕд син ӕнхус кӕндзиан, цӕмӕй сӕ зиндзийнӕдти сӕрти хезонцӕ. Архайӕ, цӕмӕй иннетӕн сӕ хуарзи кой кӕнай, ӕма уотемӕй фарнӕ багъӕуай кӕндзӕнӕ. Фал фарнӕн фехӕлунӕй тӕссаг ку уа, уӕдта дӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕ, цӕмӕй ӕй багъӕуай кӕнай. Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ балӕдӕрайтӕ, уӕдта байархайӕ, цӕмӕй нӕуӕгӕй бафедауайтӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ Библий рӕстдзийнади туххӕй дзорӕ, гъуддагӕй син ӕнхус кӕнӕ ӕма, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уой фарсмӕ балӕууисӕ. Уотемӕй син се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕндзӕнӕ.

18. Аци статья дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?

18 Нӕ организаций арӕзтадон гъуддӕгти ка фӕййархайуй, етӕ алкӕддӕр хъӕбӕр амондгун фӕуунцӕ ӕма син е устур цийнӕ фӕххӕссуй. Мах бон дӕр ӕй гъе уотӕ амондгун ун нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд. Цийфӕнди бӕстихай дӕр алкӕд нӕ лӕудзӕй, фал нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнунбӕл ке архайӕн, е ба пайда хӕсдзӕй ӕносмӕ дӕр. Гъӕйдӕ мадта алкӕддӕр архайӕн аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ: «Кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ»! (1 Фес. 5:11).

100 ЗАР Иуазӕгуарзон уотӕ

^ Аци фуддуйней цӕрун ӕнцон нӕй. Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ аллихузи ӕфхуӕрд ӕййафунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама фадуӕттӕ агорӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей федар кӕнӕн. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еци гъуддаги нин Павел фӕнзуйнаг куд ӕй, уомӕ.

^ ХУЗӔ. Нӕ публикацити фӕрци фидӕ ӕ кизгӕн амонуй, ӕ бон куд ӕй балӕдӕрун кӕнун, Рождество цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнуй, уой.

^ ХУЗӔ. Лӕг ӕма уосӕ сӕ бӕсти ӕндӕр хаймӕ иссудӕнцӕ, цӕмӕй банхус кӕнонцӕ, ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн.

^ ХУЗӔ. Хестӕр нӕлгоймаг бабӕрӕг кодта, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, еци ӕнсувӕри. Кӕддӕр еумӕ пионерти скъолай ахур кодтонцӕ ӕма ин уордигӕй хузтӕ ӕвдесуй. Ӕнсувӕрӕн ӕхцӕуӕн адтӕй еци амондгун рӕстӕгутӕ ӕргъуди кӕнун ӕма ’й бафӕндадтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕуӕгӕй цийнӕ кӕнун. Рӕстӕг рацудӕй ӕма ӕмбурдмӕ раздахтӕй.