Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

44 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ нифс федар уӕд

Дӕ нифс федар уӕд

«Дӕ нифс дарӕ Йеговӕбӕл» (ПС. 27:14).

144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!

РАЗДЗУРД a

1. Йеговӕ нин цӕхуӕн нифс балӕвар кодта?

 ЙЕГОВӔ нин ӕносон цардӕй зӕрдӕ байвардта. Кӕмӕндӕр нифс ес, ӕносмӕ уӕлӕрвти ке цӕрдзӕй (1 Кор. 15:50, 53). Фал фулдӕр адӕнӕн ба ес нифс, ӕносмӕ зӕнхӕбӕл дзенети ке цӕрдзӕнцӕ, удта ӕнӕнез ӕма амондгун ке уодзӕнцӕ (Рарг. 21:3, 4). Уӕлдай нӕй, уӕлӕрвти цӕруни нифс нин ес ӕви зӕнхӕбӕл, алкедӕр ни еци нифсӕн хъӕбӕр аргъ кӕнуй.

2. Нӕ нифсӕн федар бундор цӕмӕн ес?

2 Библий дзурд нифс арӕх фӕййамонуй, адӕймаг хуарз цӕмӕдӕр ке фенгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕ. Мах ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, федӕнӕй нин ци нифс ес, е ке исӕнхӕст уодзӕй, уомӕн ӕма уомӕй Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй (Ром. 15:13). Йеговӕ ба сайгӕ некӕд фӕккӕнуй (Ним. 23:19). Удта ма ’й федарӕй зонӕн, Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, уой исӕнхӕст кӕнун ӕй фӕндгӕ дӕр ке кӕнуй ӕма ӕ бон дӕр ке ӕй. Уомӕ гӕсгӕ фунтӕй хъал нӕ ан, фал нӕ нифсӕн ес федар бундор.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан? (Псалом 27:14).

3 Нӕ уӕларвон Фидӕ нӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ибӕл ӕууӕндӕн. (Бакӕсӕ Псалом 27:14.) Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахездзиан, федӕнӕй нӕ тӕрсдзиан ӕма нӕ цийнӕ нӕ фесафдзиан. Уомӕ гӕсгӕ, гъӕйдӕ бал ӕркӕсӕн, нӕ нифс нӕ куд гъӕуай кӕнуй, уомӕ. Фиццагидӕр бал ӕркӕсдзиан, нӕ нифс науӕнгури хӕццӕ ӕма згъӕрходи хӕццӕ цӕмӕн ӕнгъезуй рабарун. Удта радзордзиан, нӕ бон куд ӕй нӕ нифс федар кӕнун.

НӔ НИФС ӔЙ НАУӔНГУРИ ХУЗӔН

4. Нифс науӕнгури хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:19).

4 Апостол Павел дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕг ку финста, уӕд нифс рабарста науӕнгури хӕццӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:19.) Павел науӕбӕл арӕх ке фӕццӕуидӕ, уомӕ гӕсгӕ ’й зудта, тухдунги рӕстӕг науӕнгурӕ науӕ ке багъӕуай кӕнуй, цӕмӕй ӕй дунгӕ ма рахӕссӕ-бахӕссӕ кӕна ӕма къӕдзӕхтӕбӕл ма ниппурхӕ уа. Еухатт Павел уӕхӕн балций рӕстӕг устур тухдунги бахаудтӕй ӕма ’й фӕууидта, наутӕргутӕ цуппар науӕнгури донмӕ куд ниггӕлстонцӕ, цӕмӕй науӕ багъӕуай кодтайуонцӕ (Гъуд. 27:29, 39–41). Царди зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин нӕ нифс науӕнгури хузӕн банхус кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕй ма раидард уӕн. Еци федар нифси фӕрци нӕ бон фӕууй аллихузи фӕлварӕнти сӕрти дӕр рахезун, уомӕн ӕма ’й зонӕн, федӕни нӕмӕ сабур рӕстӕг ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Киристе загъта, нӕ фӕдбӕл ке зелдзӕнцӕ ӕма нӕ ке ӕфхуӕрдзӕнцӕ (Иоан. 15:20). Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ нин ци нифсӕй зӕрдӕ байвардта, уобӕл. Уой фӕрци киристон надӕй нӕ райеуварс уодзиан.

5. Киристейӕн ци нифс адтӕй, е ин куд банхус кодта федар фӕллӕуунмӕ?

5 Киристе ӕй зудта, гъезӕмайраг мӕлӕт ке баййафдзӕй, фал ин ци нифс адтӕй, е ин ӕнхус кодта федар фӕллӕуунмӕ. Нӕ эри 33 анзи Фӕндзайӕймаг бон апостол Петур Псаломти киунугӕй ӕрхаста Мессиййи туххӕй пахампарадӕ. Еци пахампаради дзурд цудӕй, Киристе нифсгунӕй цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уой туххӕй: «Ӕз цӕрдзӕн нифси хӕццӕ, уомӕн ӕма мин ду мӕ уод ингӕни нӕ ниууадздзӕнӕ, еузӕрдон дӕбӕл ка ӕй, уой ӕмбуйун нӕ бауадздзӕнӕ. [...] Ду мин дӕ хуарзӕнхӕй бахай кӕндзӕнӕ ӕма мин мӕ зӕрдӕ цийнӕй бафсаддзӕнӕ» (Гъуд. 2:25–28; Пс. 16:8–11). Кӕд ӕй Киристе зудта, тагъд рӕстӕги гъезӕмайраг мӕлӕт ке баййафдзӕй, уӕддӕр ӕй федар нифс адтӕй, Хуцау ӕй ке райгас кӕндзӕй ӕма бабӕй нӕуӕгӕй уӕлӕрвти ӕ хӕццӕ ке уодзӕй (Дзиуит. 12:2, 3).

6. Ци нифс нин ес, уой туххӕй еу ӕнсувӕр ци загъта?

6 Ци нифс нин ес, уой фӕрци берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ фӕлварӕнти рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайунцӕ. Ӕркӕсӕн еузӕрдон ӕнсувӕр Ленард Чинни цӕветтонмӕ. Е цардӕй Англий. Фиццаг дуйнеуон тугъди ’й ахӕстдони исбадун кодтонцӕ, ӕфсадмӕ ке нӕ цудӕй, уой туххӕй. Дууӕ мӕйи ’й камери еунӕгӕй фӕддардтонцӕ, удта ’й тухкуст кӕнунмӕ рарвистонцӕ. Фӕстӕдӕр ниффинста: «Ци мӕбӕл ӕрцудӕй, уой фӕрци ’й балӕдӕрдтӕн, адӕймагӕн нифс ку уа, уӕд ӕ бон ке исуодзӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахезун. Махӕн ес Киристей, апостолти ӕма пахампарти цӕветтонтӕ, удта Библий зӕрдӕвӕрдтӕ. Етӕ нин дӕттунцӕ хъауритӕ, цӕмӕй федар фӕллӕууӕн». Нифс Ленардӕн науӕнгури хузӕн куд адтӕй, уотӕ уодзӕй махӕн дӕр.

7. Нӕ нифс фӕлварӕнти рӕстӕг куд бафедар уй? (Ромӕгтӕмӕ 5:3–5; Иакови 1:12).

7 Фӕлварӕнти рӕстӕг нин Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, уой ку фӕууинӕн, уӕд ӕй фӕллӕдӕрӕн, арази нин ке ӕй. Уой фӕрци нӕ нифс бафедар уй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:3–5; Иакови 1:12.) Рӕстдзийнадӕ ку базудтан, еци рӕстӕги хӕццӕ рабаргӕй нур нӕ нифс дзӕвгарӕ федардӕр ӕй. Сайтани фӕндуй, цӕмӕй нӕ нифс басӕтта, фал Йегови фӕрци нӕ бон исуодзӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахезун.

НӔ НИФС ӔЙ ЗГЪӔРХОДИ ХУЗӔН

8. Нифс згъӕрходи хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:8).

8 Библи ма нифс баруй згъӕрходи хӕццӕ. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:8.) Згъӕрходӕ ӕфсӕддонӕн тохи рӕстӕг ӕ сӕр цӕфтӕй фӕгъгъӕуай кӕнидӕ. Мах дӕр не ’ууӕндундзийнади сӕрбӕл тох кӕнӕн, ӕма ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ зунд Сайтани цӕфтӕй гъӕуай кӕнӕн. Е берӕ мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй нин нӕ зундбӕл ӕндава. Ӕфсӕддони згъӕрходӕ куд гъӕуай кодта, уотӕ махӕн дӕр нӕ нифс нӕ зунд гъӕуай кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн.

9. Ӕносон цардӕй нифс кӕмӕн нӕййес, еци адӕн куд цӕрунцӕ?

9 Ӕносмӕ цӕруни нифс нин ке ес, е нин раст унаффитӕ хӕссунмӕ ӕнхус кӕнуй. Фал нӕ федӕнӕй федар нифс ку нӕбал уа ӕма ӕрмӕст нӕхе зӕрди фӕндтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ни нӕ дессаги нифс еугур иронх фӕууодзӕй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, рагон Коринфи киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уой. Етӕ нӕбал ӕууӕндтӕнцӕ Хуцауи зӕрдӕвӕрдбӕл, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл (1 Кор. 15:12). Уомӕ гӕсгӕ Павел ниффинста, нифс кӕмӕн нӕййес, еци адӕн сӕхе зӕрдидзӕбӕхӕн ке цӕрунцӕ (1 Кор. 15:32). Абони дӕр беретӕ Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕбӕл не ’ууӕндунцӕ ӕма цардмӕ еу бони цӕстӕй кӕсунцӕ. Фал мах ба федарӕй ӕууӕндӕн, Хуцау нин федӕнӕй ци зӕрдӕ байвардта, уобӕл. Е нин згъӕрходи хузӕн ӕй ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ зӕрди фӕндти фӕдбӕл ма рандӕ уӕн ӕма нин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕй ма фенӕхай уӕн (1 Кор. 15:33, 34).

10. Ци нифс нин ес, е нӕ мӕнгӕттӕй куд багъӕуай кӕндзӕй?

10 Згъӕрходӕ ма нӕ багъӕуай кӕндзӕй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнун ма райдайӕн, ӕма ни Хуцау арази некӕд уодзӕй. Зӕгъӕн, кадӕртӕ уотӕ сагъӕс кӕнунцӕ: «Ӕз ӕносон цардӕй некӕд исхайгин уодзӕн, уомӕн ӕма уой аккаг нӕ дӕн. Мӕн бон не ’суодзӕй Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун». Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн Елифази нифссӕттӕн дзубандитӕ. Е загъта: «Ци ӕй зӕнхон адӕймаг, куд гъӕуама уа сугъдӕг?» Уомӕй уӕлдай ма Елифаз Хуцауи туххӕй загъта: «Е ӕ сугъдӕг изӕдтӕбӕл дӕр ку не ’ууӕндуй ӕма уӕлӕрвтӕ дӕр ӕ цӕсти сугъдӕг ку нӕ ’нцӕ» (Иов 15:14, 15). Етӕ ӕргом мӕнгӕттӕ адтӕнцӕ. Иронх ди ма уӕд, еци дзурдтӕ Сайтанӕй ке цудӕнцӕ. Е ӕй зонуй, уӕхӕн цӕбӕлдӕрти арӕх ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ нифс ке басӕтдзӕй. Уомӕ гӕсгӕ сагъӕс кӕнӕ Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл, Сайтани мӕнгӕттӕбӕл нӕ, фал. Макӕд ӕй иронх кӕнӕ: нӕ уӕларвон Фиди фӕндуй, цӕмӕй ӕносмӕ цӕрай. Ӕма нин е ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци нисан нӕ къохи бафтуйа (1 Тим. 2:3, 4).

ДӔ НИФС ФЕДАР УӔД

11. Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун цӕмӕн гъӕуй?

11 Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Фал ди иронх ма уӕд: Йеговӕ ӕносон Хуцау ӕй, ӕма е рӕстӕгмӕ мах хузӕн нӕ кӕсуй (2 Пет. 3:8, 9). Зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уони ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст кӕндзӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ, фал, ка ’й зонуй, мах кӕд фӕндуй, еци рӕстӕг нӕ. Хуцау ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун нин ци банхус кӕндзӕй? (Иак. 5:7, 8).

12. Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1, 6 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нифс ӕууӕндундзийнади хӕццӕ куд баст ӕй?

12 Цӕмӕй нӕ нифс федар уа, уой туххӕй гъӕуама Йегови хӕццӕ идарддӕр дӕр хуарз ӕмбӕлттӕ уӕн. Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвӕруй, уой алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй. Библий ци нифси туххӕй финст ес, е баст ӕй ӕууӕндундзийнади хӕццӕ, гъома, гъӕуама ӕууӕндӕн, «Хуцау ке ес ӕма ’й зӕрдиагӕй ка агоруй, уонӕн ке арфӕ кӕнуй». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1, 6.) Йегови хуӕздӕр базонунбӕл ку архайӕн, уӕд ибӕл нӕ гурусхӕ кӕндзиан, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ еугурӕйдӕр ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн ӕма нӕ нифс федар уа.

Йеговӕмӕ ку ковӕн ӕма, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ нифс федар уодзӕй (кӕсӕ 13–15 абзацтӕ) b

13. Нӕ бон куд ӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнун?

13 Йеговӕмӕ ковӕ ӕма ин ӕ Дзурд кӕсӕ. Кӕд Йегови фӕууинун нӕ бон нӕй, уӕддӕр уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ уӕн. Ку имӕ фӕкковӕн, уӕд ӕ хӕццӕ фӕдздзорӕн ӕма ибӕл ӕппундӕр нӕ фӕггурусхӕ кӕнӕн, ке нӕмӕ фегъосуй (Йер. 29:11, 12). Мах ба Хуцаумӕ куд фегъосӕн? Ӕ Дзурд ин ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд. Йеговӕ рагидзаманти ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕбӕл куд тухстӕй, уой туххӕй ку фӕккӕсӕн, уӕд нӕ нифс никки федардӕр исуй. Уомӕн ӕма, «раздӕр цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, е... финст ӕрцудӕй махӕн зунд байамонунмӕ, цӕмӕй нӕмӕ нӕ федардзийнади фӕрци ӕма, Финстадӕ ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уой фӕрци уа нифс» (Ром. 15:4).

14. Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвӕридӕ, уой куд исӕнхӕст кӕнидӕ, уобӕл сагъӕс кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?

14 Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куд исӕнхӕст кӕнуй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Хуцау Авраам ӕма Саррӕн куд райарфӕ кодта, уой. Еци кари нӕбал адтӕнцӕ, цӕмӕй син зӕнӕг исӕнтӕстайдӕ. Фал син Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, сувӕллон син ке райгурдзӕй (Райд. 18:10). Авраам еци зӕрдӕвӕрдмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Е «ӕууӕндтӕй, берӕ адӕнти фидӕ ке исуодзӕй» (Ром. 4:18). Адӕймаги цӕстӕй ракӕсгӕй, уомӕн гӕнӕн н’ адтӕй, фал ибӕл Авраам нӕ гурусхӕ кодта, Хуцау ӕ дзурд ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Ӕма нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй (Ром. 4:19–21). Библий уӕхӕн хабӕрттӕ ку фӕккӕсӕн ӕма ку фӕууинӕн, Йеговӕ ӕ дзурд куд исӕнхӕст кӕнуй, уӕд ӕй фӕллӕдӕрӕн, махӕн дӕр ке банхус кӕндзӕй, цийфӕнди зин уавӕри ма бахауӕн, уӕддӕр.

15. Хуцау нин раздӕр куд ӕнхус кодта, уобӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

15 Йеговӕ дин куд арфӕ кодта, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Библий ци зӕрдӕвӕрдтӕ финст ес, етӕ дин абони куд банхус кодтонцӕ, уобӕл. Зӕгъӕн, Киристе загъта, ӕ Фидӕ нин ке ратдзӕй, цӕрунмӕ нӕ цидӕриддӕр гъӕуй, уой (Матф. 6:32, 33). Удта ма загъта, Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ ке ратдзӕй, ку си корӕн, уӕд (Лук. 11:13). Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой ӕнхӕст кӕнуй. Ӕвӕдзи ма дӕ бон ӕй ранимайун, Йеговӕ никкидӕр цӕхуӕн зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнуй, уой. Зӕгъӕн, Йеговӕ, зӕрдӕ куд байвардта, уотемӕй нӕ ӕфсадуй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй, нӕ рӕдудтитӕ нин хатир кӕнуй ӕма нин уодӕнцойнӕ дӕттуй (Матф. 6:14; 24:45; 2 Кор. 1:3). Хуцау нин раздӕр куд ӕнхус кодта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ибӕл нӕ гурусхӕ кӕндзиан, идарддӕр дӕр нин ке ӕнхус кӕндзӕй ӕма нӕ ке нӕ ниууадздзӕй.

ЦИ НИФС ДИН ЕС, Е ДИН ЦИЙНИ ХУАСӔ УӔД

16. Нифс Хуцауи хъазар лӕвар цӕмӕн ӕй?

16 Ӕносмӕ цӕруни нифс нин ке ес, е Хуцауи хъазар лӕвар ӕй. Мах нӕ дессаги федӕнмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕма ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, еци рӕстӕг ке ралӕудзӕй. Ци нифс нин ес, е нӕбӕл науӕнгури хузӕн федар фӕххуӕцуй ӕма нӕ бон фӕууй фӕлварӕнтӕ исфӕразун ӕма ӕфхуӕрд ӕййафгӕй федар фӕллӕуун, сауӕнгӕ ма нин мӕлӕтӕй тӕссаг ку фӕууй, уӕд дӕр. Удта нин згъӕрходи хузӕн гъӕуай кӕнуй нӕ зунд, цӕмӕй, лӕгъуз ци ӕй, уомӕй не ’сӕфт уинӕн, хуарз ӕма раст ци ӕй, уобӕл ба федар хуӕцӕн. Ци нифс нин ес, е Библибӕл бундореуӕг кӕнуй. Уой фӕрци Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр кӕнӕн ӕма нӕ куд берӕ уарзуй, уой уинӕн. Мадта нӕ нифс ӕруазал кӕнун ку нӕ бауадзӕн, уӕд некӕд фӕффудӕнгъӕл уодзиан.

17. Ци нифс нин ес, е нин цийнӕ цӕмӕн хӕссуй?

17 Апостол Павел Роми киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Ци нифс уин ес, е уин уӕд цийни хуасӕ» (Ром. 12:12). Павел ӕ нифсбӕл цийнӕ кодта, уомӕн ӕма ’й зудта, Хуцаубӕл еузӕрдонӕй ку байзайа, уӕд ӕносмӕ уӕлӕрвти цӕрдзӕй. Ӕма мах бон дӕр ӕй цийнӕ кӕнун, ци нифс нин ес, уобӕл, уомӕн ӕма ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ алкӕддӕр ӕ дзурд ке исӕнхӕст кӕнуй. Псаломзаргӕнӕг ци загъта, уой хӕццӕ мах дӕр арази ан: «Амондгун ӕй еци адӕймаг... ӕ нифс ӕ Хуцау Йеговӕбӕл ка даруй. [...] Е еузӕрдон ӕй ӕносмӕ» (Пс. 146:5, 6).

139 ЗАР Кӕсай, нӕуӕг дуйне!

a Йеговӕ нин дессаги федӕнӕй зӕрдӕ байвардта, ӕма нин уӕхӕн нифс ке ес, е нин цийнӕ хӕссуй. Мах ӕй зонӕн, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр рӕстӕгмӕ ке ’нцӕ. Ци нифс нин ес, уой фӕрци аллихузи фӕлварӕнти дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн. Уомӕй уӕлдай ма нин нӕ зундахаст дӕр аллихузи усхъуммӕ гъудитӕй гъӕуай кӕнуй. Аци статьяй базондзиан, ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нӕ нифс федар уа.

b ХУЗӔ. Згъӕрходӕ ӕфсӕддони сӕр цӕфтӕй куд гъӕуай кодта, науӕнгурӕ ба науӕбӕл куд хуӕстӕй, уотӕ нин нӕ нифс дӕр нӕ зунд гъӕуай кӕнуй ӕма нӕбӕл федар хуӕцуй, цӕмӕй Йеговӕй фӕлварӕнти рӕстӕг ма раидард уӕн. Хуӕрӕ Йеговӕмӕ ковуй ӕма ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнуй, ке имӕ игъосуй. Ӕнсувӕр сагъӕс кӕнуй, Хуцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой куд исӕнхӕст кодта. Иннӕ ӕнсувӕр ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, Йеговӕ ин куд арфӕ кодта, уой