Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 45

Кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй уарзетӕ

Кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй уарзетӕ

«Бахай [мин] кӕнӕ, Йеговӕмӕ ци ӕновуд уарзт ес, уӕхӕн ӕновуд уарзтӕй» (1 САМ. 20:14).

107 ЗАР Хуцауи уарзт – махӕн фӕнзуйнаг

РАЗДЗУРД *

1, 2. Кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй цӕмӕн гъӕуама уарзӕн?

МАХ гъӕуама кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй уарзӕн. Цӕмӕн? Ӕмбесӕндти киунуги финст ӕй: «Ма ниууадзӕ ӕновуд уарзт ӕма еузӕрдондзийнадӕ... ӕма иссердзӕнӕ Хуцауи ӕма адӕни хуарзӕнхӕ ӕма дӕ зондзӕнцӕ лӕдӕргӕ адӕймагӕй». «Иннети ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, е ӕ уодӕн хуарз кӕнуй». «Рӕстдзийнадӕмӕ ӕма ӕновуд уарзтмӕ ка тундзуй е иссердзӕй цард, рӕстдзийнадӕ ӕма кадӕ» (Ӕмб. 3:3, 4; 11:17; 21:21).

2 Аци стихтӕмӕ гӕсгӕ кӕрӕдзей ӕртӕ гъуддагей туххӕй гъӕуама уарзӕн: 1) иннети ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, уонӕн Йеговӕ устур аргъ кӕнуй, 2) еци менеуӕги фӕрци нӕ бон ӕй иннетӕн хуарз ӕмбал исун ӕма 3) иннети ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, е федӕни ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕй. Мадта хуарз уайдӕ иннети, «Йеговӕмӕ ци ӕновуд уарзт ес, уӕхӕн ӕновуд уарзтӕй уарзун» (1 Сам. 20:14).

3. Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕ равзардзиан?

3 Аци статьяй равзардзиан цуппар фарстай: ӕновуд уарзтӕй ке гъӕуама уарзӕн? Руфи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ӕновуд уарзт цӕмӕй гъӕуама уа бӕрӕг? Ӕма, еци менеуӕг кӕмӕ ес, уонӕмӕ цӕхуӕн хуӕрзеуӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

ӔНОВУД УАРЗТӔЙ КЕ ГЪӔУАМА УАРЗӔН?

4. Йеговӕ ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун? (Марки 10:29, 30).

4 Ай размӕ еци статьяй дзурдтан Йегови ӕновуд уарзти туххӕй. Уӕхӕн уарзтӕй Йеговӕ уарзуй, ӕрмӕстдӕр, ка ’й уарзуй ӕма ин ка лӕггадӕ кӕнуй, уони (Дан. 9:4). Ӕ бӕдӕлтти берӕ ка уарзуй, уӕхӕн фидӕ кӕмӕн фӕууй, еци сувӕллӕнттӕ дӕр сӕ фиди хузӕн исунцӕ. Мах дӕр фӕндуй нӕ уӕларвон Фиди фӕнзун (Еф. 5:1). Уомӕ гӕсгӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзӕн ӕма син хуарз ӕмбӕлттӕ ан. (Бакӕсӕ Марки 10:29, 30.)

5, 6. Хӕларзӕрдӕ ун ӕма ӕновуд уарзтӕй уарзун цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

5 Ӕновуд уарзтӕй уарзун куд гъӕуй, уой цӕмӕй балӕдӕрӕн, уой туххӕй бал нӕ гъӕуй базонун, ӕновуд уарзт ци ӕй, уой. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, ӕновуд уарзт цӕмӕй хецӕн кӕнуй, ескӕмӕ уотид хӕларзӕрдӕ уай, уомӕй.

6 Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Еу хатт сакъадах Мальти цӕргутӕ баиуазӕг кодтонцӕ, сӕ науӕ кӕмӕн ниппурхӕ ’й, еци адӕни, сӕ астӕу адтӕй апостол Павел дӕр. Мальти цӕргутӕ еци адӕнӕй неци ихӕсгин адтӕнцӕ, удта сӕ фӕсмӕргӕ дӕр нӕ кодтонцӕ. Фал сӕбӕл уӕддӕр батухстӕнцӕ ӕма сӕмӕ хӕларзӕрдӕ адтӕнцӕ (Гъуд. 28:2, 7). Цума уотӕ зӕгъӕн адтӕй, ӕма Мальти цӕргутӕ еци адӕни ӕновуд уарзтӕй уарзтонцӕ? Нӕъ, уомӕн ӕма сӕ уотид фӕндадтӕй, фидбилизи ка бахаудтӕй, уонӕн банхус кӕнун.

7, 8. а) Ӕновуд уарзтӕй уарзунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй? б) Руфи киунугӕмӕ цӕмӕн ӕркӕсдзиан?

7 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕма ӕновуд уарзт еу нӕ ’нцӕ. Цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, уой хуӕздӕр балӕдӕрдзиан паддзах Давиди хабарӕй. Давид Ионафани ӕновуд уарзтӕй уарзта. Кӕд ӕй Ионафани фидӕ марунмӕ гъавта, уӕддӕр ин е къулумпий хуасӕ не ’ссӕй. Ионафани мӕлӕтбӕл берӕ ӕнзтӕ ку рацудӕй, уӕд дӕр Давид Ионафанмӕ ӕновуд уарзт бавдиста, ӕ фурт Мемфивосфеймӕ ин ке фӕккастӕй, уомӕй (1 Сам. 20:9, 14, 15; 2 Сам. 4:4; 8:15; 9:1, 6, 7). Цума Давид уотӕ цӕмӕн бакодта? Ионафанбӕл еузӕрдон ке адтӕй, уой туххӕй. Ӕновуд уарзт хӕларзӕрдӕдзийнадӕй гъе уомӕй хецӕн кӕнуй.

8 Ӕновуд уарзти туххӕй ма берӕ цидӕртӕ нӕ бон ӕй базонун Библий киунугӕй Руф, зӕгъгӕ. Ке кой си цӕуй, етӕ ӕновуд уарзт куд ӕвдистонцӕ, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй мах дӕр нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзтӕй уарздзиан *.

РУФИ КИУНУГӔЙ ӔНОВУД УАРЗТИ ТУХХӔЙ ЦИ ЕС БАЗОНӔН?

9. Ноеминмӕ уотӕ кӕсун цӕмӕн райдӕдта, ӕма ’й Йеговӕ ниууагъта?

9 Руфи киунуги дзурд цӕуй Ноемин, ӕ киндзӕ Руф, удта Воози туххӕй. Вооз адтӕй Хуцаубӕл еузӕрдон лӕг, удта Ноемини сӕрихецауи хеуон. Израили ’стонг дзаман ку никкодта, уӕд Ноемин, ӕ лӕг ӕма сӕ дууӕ фурти ралигъдӕнцӕ Моавмӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Ноемини сӕрихецау фӕззиан ӕй, ӕ дууӕ фурти ба бийнонтӕ искодтонцӕ, фал фӕстӕдӕр етӕ дӕр рамардӕнцӕ (Руф 1:3–5; 2:1). Ноеминбӕл уойбӕрцӕ бӕллӕхтӕ ке ’рцудӕй, уой туххӕй ӕ нифс басастӕй. Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма ин еци бӕллӕхтӕ Йеговӕ бавзарун кодта. Мӕнӕ ’нцӕ ӕ дзурдтӕ: «Йеговӕ мӕ нихмӕ... иссӕй». «Алцигъон [мин] устур мӕститӕ бавзарун кодта». «Йеговӕ мӕ... фегадӕ кодта ӕма мӕ Алцигъон бӕллӕхи хай... бакодта» (Руф 1:13, 20, 21).

10. Йеговӕ Ноемини дзурдтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?

10 Цума Йеговӕ Ноемини дзурдтӕмӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Ӕхецӕн сӕ ӕфхуӕрдбӕл нӕ банимадта ӕма си ӕхе нӕ рахадта. Йеговӕ ’й уидта, куд зин ин ӕй, уой. Е ӕй лӕдӕруй, «ӕфхуӕрд ӕййафгӕй зундгин адӕймаг дӕр ӕнӕзунд миуӕ [ке] бакӕнуй» (Еккл. 7:7). Ӕма Ноеминӕн дӕр гъудӕй ӕ нифс бафедар кӕнун, цӕмӕй ӕй балӕдӕрдтайдӕ, Йеговӕ си ӕхе ке нӕ рахадта (1 Сам. 2:8). Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ Руфи баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕй ӕновуд уарзтӕй барӕвдудтайдӕ. Руф дӕр ин хуарз киндзӕ адтӕй ӕма ин, ӕ бон куд адтӕй, уотӕ ӕнхус кодта. Уой фӕрци Ноемин минкъийгай ӕхемӕ ’рцудӕй. Цума нин Руф фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

11. Нифссаст ка ӕй, уонӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ цӕмӕн ан?

11Ӕновуд уарзт нӕ разӕнгард кӕнуй, ӕхемӕ ка нийгъуста, уонӕн ӕнхус кӕнунмӕ. Руф Ноемини нӕ ниууагъта. Ӕма мах дӕр фӕндуй, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй зин уавӕри ка ӕй ӕма ӕхемӕ ка нийгъуста, уони фарсмӕ балӕуун. Мах нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзӕн ӕма, нӕ бон ци ӕй, уой кӕндзиан, цӕмӕй син ӕнхус кӕнӕн (Ӕмб. 12:25; 24:10). Гъе уомӕ нӕ разӕнгард кӕнунцӕ апостол Павели дзурдтӕ: «Нифссаст ка ӕй, уони дзурдӕй рӕвдауетӕ, лӕмӕгъти федар кӕнтӕ, алке хӕццӕ дӕр уотӕ берӕфӕразон» (1 Фес. 5:14).

Ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уонӕмӕ фӕгъгъӕуй лӕмбунӕг байгъосун (кӕсӕ 12 абзац)

12. Нифссаст ка ӕй, уой арӕхдӕр цӕхуӕн ӕнхус фӕгъгъӕуй?

12 Нифссаст ка ӕй, уӕхӕн адӕймагмӕ арӕхдӕр фӕгъгъӕуй лӕмбунӕг байгъосун, удта ин зӕгъун, берӕ ’й ке уарзӕн, уой. Йегови лӕггадгӕнгутӕбӕл уотӕ ке тухсӕн, е си некӕд феронх уодзӕй (Пс. 41:1). Ӕмбесӕндти 19:17 финст ӕй: «Мӕгурӕн ка ӕнхус кӕнуй, еци адӕймаг ӕфстау дӕттуй Йеговӕн, ӕма ин е бафеддзӕй ӕ хуарздзийнадӕ».

Руф е ’фсийнӕ Ноемини фарсмӕ байзадӕй, Орфӕ ба фӕстӕмӕ Моавмӕ раздахтӕй. Руф Ноеминӕн загъта: «Ду кумӕ рандӕ уай, ӕз дӕр уордӕмӕ рандӕ уодзӕн» (кӕсӕ 13 абзац)

13. Руф Орфӕй цӕмӕй хецӕн кодта ӕма Руф куд бакодта, уомӕй е ’новуд уарзт куд рабӕрӕг ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

13 Ӕновуд уарзт цӕхуӕн рӕсугъд менеуӕг ӕй, е ма бӕрӕг ӕй, Ноемини царди хабӕртти идарддӕр ци адтӕй, уомӕй. Ноемин ӕй ку фегъуста, «Йеговӕ ӕ адӕнмӕ ке ’ркастӕй ӕма син хуаллаг ке равардта», уӕд исфӕндӕ кодта фӕстӕмӕ ӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхун, ӕма ӕ дууӕ киндзи дӕр ӕ хӕццӕ ранӕхстӕр ӕнцӕ (Руф 1:6). Надбӕл цӕугӕй син Ноемин ӕртӕ хатти загъта, цӕмӕй раздӕхонцӕ фӕстӕмӕ. Ӕма цума куд бакодтонцӕ? Библий кӕсӕн: «Орфӕ е ’фсийнӕн ра ба кодта ӕма рандӕ ’й. Руф ба ӕ хӕццӕ байзадӕй» (Руф 1:7–14). Орфӕ, е ’фсийнӕ ин куд загъта, уотӕ бакодта ӕма раздахтӕй. Фал Руф ба ӕндӕрхузи бакодта. Уой бон дӕр адтӕй фӕстӕмӕ раздӕхун, фал ӕй нӕ бафӕндадтӕй е ’фсийни ниууадзун (Руф 1:16, 17). Тухӕ ин неке кодта, уотӕ ӕхе бафӕндадтӕй. Уотемӕй бавдиста, е ’фсийни ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14. а) Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ куд фӕййархайунцӕ? б) Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:16 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕн ӕхцӕуӕн цӕхуӕн нивӕндтӕ фӕуунцӕ?

14Ӕновуд уарзт нӕ разӕнгард кӕнуй, нӕ ихӕс ци ӕй, уомӕй фулдӕр кӕнун. Абони берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй ке уарзунцӕ, уой гъуддагӕй ӕвдесунцӕ. Сауӕнгӕ ма ке нӕ фӕсмӕрунцӕ уонӕмӕ дӕр. Зӕгъӕн, ескӕми ӕрдзон бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд уайтагъд ӕнхусмӕ ӕрбамбурд унцӕ. Ӕмбурди еске ку батухсуй, уӕд дӕр банхус кӕнунмӕ цӕттӕ фӕуунцӕ, зӕгъун дӕр син нӕ фӕгъгъӕуй, уотемӕй. Уомӕй ӕнцӕ фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн. Македоний киристӕнттӕ гъӕздуг н’ адтӕнцӕ, фал сӕхецӕй фуддӕр уавӕри ка адтӕй, уонӕн банхус кӕнунмӕ ба цӕттӕ адтӕнцӕ. Уотӕ абони киристӕнттӕ дӕр, сӕ бон ци ӕй, уомӕй берӕ фулдӕр кӕнунцӕ (2 Кор. 8:3). Ӕма Йеговӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕ лӕггадгӕнгутӕ кӕрӕдзей ӕновуд уарзтӕй ку фӕууарзунцӕ, уӕд! (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:16.)

ӔНОВУД УАРЗТ ЦӔХУӔН ГЪУДДӔГТӔЙ ФӔУУЙ БӔРӔГ?

15, 16. Руф Ноеминмӕ е ’нхуси къох куд ӕрбадардта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 Руф Ноеминӕн куд банхус кодта, уомӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

16Де ’нхусбӕл дин ку нӕ арази кӕнонцӕ, уӕд дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Ноемин Руфи ’нхусбӕл уайтагъд не ’сарази ӕй. Фал Руф ӕ къохтӕ нӕ уагъта. Ӕма идарддӕр ци адтӕй? «Ноемин уой ку фӕууидта, ӕма Руф ӕ хӕццӕ цӕун федарӕй исфӕндӕ кодта, уӕд ин нецибал загъта» (Руф 1:15–18).

17. Ци нин банхус кӕндзӕй нӕ къохтӕ ма уадзун, адӕймаг нин не ’нхусбӕл ку нӕ арази кӕна, уӕд?

17Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цӕмӕй нифссаст ка ӕй, уомӕн банхус кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуй фӕразондзийнадӕ. Зӕгъӕн, хуӕрӕ бахаудтӕй уӕззау уавӕри ӕма нин фиццӕгти не ’нхусбӕл нӕ арази кӕнуй *. Фал ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, уӕхӕн адӕймаг е ’мбали зин уавӕри нӕ ниууадздзӕй (Гал. 6:2). Уомӕ гӕсгӕ мах идарддӕр дӕр архайдзиан, цӕмӕй адӕймаг не ’нхусбӕл исарази уа.

18. Руфӕн гъулӕг ци адтайдӕ?

18Уӕ зӕрдӕ ма ходӕд. Ноемин Вифлееммӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ӕ синхонтӕн дзурдта: «Ардигӕй идзаг хӕдзарӕй рацудтӕн, фал мин Йеговӕ уотӕ бакодта, ӕма фӕстӕмӕ ревӕд къохӕй ӕрӕздахтӕн» (Руф 1:21). Расагъӕс кӕнӕ, Руфӕн куд зин адтайдӕ уӕхӕн цидӕртӕ игъосун. Ӕхе Ноемини туххӕй цӕйбӕрцӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кодта. Ӕ хӕццӕ кудтӕй, ӕ нифс ин федар кодта, удта ӕ хӕццӕ идард надбӕл рахуӕстӕй. Ноемин ба зӕгъуй: «Фӕстӕмӕ ревӕд къохӕй ӕрӕздахтӕн». Руф ин ци хуарздзийнадӕ искодта, е имӕ цума нимади дӕр н’ адтӕй! Руфӕн, ӕвӕдзи, хъӕбӕр гъулӕг адтӕй уӕхӕн цидӕртӕ игъосун. Фал уой туххӕй Ноеминӕй ӕхе нӕ рахадта.

19. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй гъулӕг дӕмӕ ка фӕккастӕй, еци дзурдтӕ дӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр хӕстӕг ма есай?

19Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ка ’й зонуй, архайис нифссаст хуӕри бафедар кӕнунбӕл, фал дин е ба ӕнӕргъудийӕй цидӕртӕ ракалдта. Байархайӕ, цӕмӕй ин ӕ дзурдтӕ дӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр хӕстӕг ма есай ӕма си дӕхе ма райеуварс кӕнай. Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна еци хуӕри хуӕздӕр балӕдӕрун ӕма ’й бафедар кӕнун (Ӕмб. 17:17).

Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Воози фӕнзун? (кӕсӕ 20 ӕма 21 абзацтӕ)

20. Руф Ноеминмӕ идарддӕр дӕр цӕй фӕрци кастӕй?

20Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бафедар кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕ. Руф Ноемини ӕновуд уарзтӕй уарзта ӕма ин ӕ хъауритӕ уой туххӕй не ’вгъау кодта. Фал фӕстӕдӕр ба Руфӕн ӕхе гъудӕй бафедар кӕнун. Ӕма Йеговӕ Воози баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ. Вооз Руфӕн загъта: «Йеговӕ дин райарфӕ кӕнӕд, уотӕ ке бакодтай, уой туххӕй. Ӕма, дӕхе ке базури буни бакӕнунмӕ ӕрцудтӕ, еци Хуцау, Израили Хуцау Йеговӕ дин дӕ хуарздзийнадӕ ӕнхӕстӕй бафедӕд». Еци дзурдтӕ Руфи нифс хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ. Ӕма Воозӕн загъта: «Ду мӕ ӕрсабур кодтай ӕма мин мӕ зӕрдӕ фӕлмӕн дзурдӕй барӕвдудтай» (Руф 2:12, 13). Воози дзурдтӕ Руфи ӕцӕгӕйдӕр бафедар кодтонцӕ ӕма имӕ нӕуӕг хъауритӕ фӕззиндтӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Ноеминмӕ кастайдӕ.

21. Исаййи 32:1, 2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ци гъӕуама кӕнонцӕ?

21Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Е ’новуд уарзт иннетӕн ка нӕ февгъау кӕнуй, уӕхӕн адӕймагӕн хатгай ӕхе дӕр фӕгъгъӕуй бафедӕрттӕ кӕнун. Зӕгъӕн, Руфӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, Вооз ин уотӕ ку загъта, ӕ хуарз гъуддӕгтӕ ин иннетӕ ке уинунцӕ, уой. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуарз гъуддӕгтӕмӕ сӕ гъос дарунцӕ ӕма син уой туххӕй райарфӕ кӕнунцӕ. Фӕлмӕн дзурд адӕймагӕн устур хъауритӕ раттуй, ӕма ӕ бон фӕууй идарддӕр дӕр ӕновуд уарзт гъуддагӕй ӕвдесун. (Бакӕсӕ Исаййи 32:1, 2.)

ИННЕТИ ӔНОВУД УАРЗТӔЙ КУ УАРЗӔН, УӔД Е НӔХЕБӔЛ ДӔР, УДТА ИННЕТӔБӔЛ КУД РАБӔРӔГ УОДЗӔЙ?

22, 23. Ноемин ӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй куд ракастӕй ӕма ин уоми ци банхус кодта? (Псалом 136:23, 26).

22 Вооз Руф ӕма Ноеминӕн мӕнӕуӕ балӕвар кодта (Руф 2:14–18). Цума Ноемин еци лӕвармӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Библий финст ӕнцӕ ӕ дзурдтӕ: «Ра ин арфӕ кӕнӕд Йеговӕ! Е уодӕгӕсти дӕр ӕма мӕрдти дӕр е ’новуд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕккӕнуй» (Руф 2:20а). Бӕрӕг ӕй, Ноемин ӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ке ракастӕй. Раздӕр уотӕ дзурдта: «Йеговӕ мӕ... фегадӕ кодта». Нур ба зӕгъуй, Йеговӕ ’й «е ’новуд уарзтӕй ӕнӕхай ке нӕ фӕккодта». Цума Ноемин ӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй цӕй фӕрци ракастӕй?

23 Ноемин ӕй балӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ’й еунӕг бон дӕр ке нӕ ниууагъта. Цалинмӕ Моавӕй Иуди зӕнхӕмӕ цудӕй, уӕдмӕ Руф ӕ фарсмӕ адтӕй (Руф 1:16). Удта сӕмӕ Вооз дӕр ке фӕккастӕй, уоми дӕр Йегови къох фӕууидта. Воозӕн ма уой барӕ дӕр адтӕй, цӕмӕй сӕ «балхӕдтайдӕ» * (Руф 2:19, 20б). Ӕвӕдзи, Ноемин расагъӕс кодта: «Гъе нур ӕй ӕцӕгӕйдӕр балӕдӕрдтӕн, Йеговӕ мӕ еунӕг бон дӕр ке нӕ ниууагъта. Е алкӕддӕр мӕ фарсмӕ адтӕй!» (Бакӕсӕ Псалом 136:23, 26.) Удта Ноемин Руф ӕма Воозӕй дӕр хъӕбӕр боз адтӕй, еунӕгӕй ӕй ке нӕ ниууагътонцӕ. Уони фӕрци Ноемин нӕуӕгӕй ӕрцардӕй. Расагъӕс кӕнӕ, се ’ртӕ дӕр куд цийнӕ кодтайуонцӕ!

24. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзтӕй уарзун цӕмӕн гъӕуй?

24 Руфи киунуги хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, е сӕ зин уавӕри некӕд ниууаддзӕй, фал ӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ уодзӕй. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама сӕ гъос даронцӕ, иннети ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ ӕма сӕ уой туххӕй ӕстауонцӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ не ’новуд уарзт гъуддагӕй ку ’вдесӕн, уӕд син е хъауритӕ дӕтдзӕй, махӕн ба устур цийнӕ хӕсдзӕй (Гъуд. 20:35). Фал нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзтӕй уарзунмӕ фиццагидӕр ци разӕнгард кӕнуй? Йегови фӕнзун нӕ ке фӕндуй, е. Йеговӕн ба «ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт» (Пс. 103:8; 33:22).

130 ЗАР Кӕрӕдземӕн хатир кӕнтӕ

^ 5 абз. Йегови фӕндуй, цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзтӕй уарзӕн. Ӕновуд уарзт ци ӕй, уой цӕмӕй хуӕздӕр балӕдӕрӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн Йегови лӕггадгӕнгути цӕветтонтӕмӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан Руф, Ноемин ӕма Воози хабӕрттӕмӕ ӕма си цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

^ 8 абз. Цӕмӕй нӕ аци статья цӕмӕ разӕнгард кӕнуй, уой никки хуӕздӕр балӕдӕрӕн, уой туххӕй хуарз уайдӕ Руфи киунугӕй фиццаг дууӕ сӕри бакӕсун.

^ 17 абз. Цӕветтонӕн хуӕри ӕрхастан, уомӕн ӕма статьяй Ноемини хабарбӕл дзорӕн. Фал уӕхӕн уавӕри ӕнсувӕртӕ дӕр бахаунцӕ.

^ 23 абз. Воозӕн Ноемин ӕма Руфи балхӕнуни барӕ куд адтӕй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес 2012 анзи 1 октябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статьяй «Подражайте их вере. „Достойная женщина“».