34 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Библий пахампарӕдтӕмӕ лӕмбунӕг уо
«Лӕдӕргӕ ка уа, етӕ... балӕдӕрдзӕнцӕ» (ДАН. 12:10).
98 ЗАР Сугъдӕг Финстадӕ ӕй Хуцауӕй
РАЗДЗУРД a
1. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ ӕртасун дӕ зӕрдӕмӕ цӕуа?
«БИБЛИЙ пахампарӕдтӕ ӕртасун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй»,– зӕгъуй еу ӕригон ӕнсувӕр Бен. Дӕу бон дӕр ӕй уотӕ зӕгъун? Ӕви сӕмӕ дӕ нифс нӕ фӕххӕссис? Кенӕ ба, ка ’й зонуй, пахампарӕдтӕ ӕртасун дӕ зӕрдӕмӕ неци уотӕ цӕуй. Фал сӕ Йеговӕ Библий цӕмӕн ниффинсун кодта, уой туххӕй фулдӕр ку базонай, уӕд, ка ’й зонуй, дӕ гъуди дӕр раййевдзӕнӕ.
2. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
2 Аци статьяй бал радзубанди кӕндзиан, Библий пахампарӕдтӕ ӕртасун цӕмӕн гъӕуй ӕма уомӕн гӕнӕн куд ес, уобӕл. Уой фӕсте ба Данели киунугӕй дууӕ пахампарадемӕ ӕркӕсдзиан ӕма радзубанди кӕндзиан, абони махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ.
БИБЛИЙ ПАХАМПАРӔДТӔ ӔРТАСУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?
3. Цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ ци гъӕуй кӕнун?
3 Цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ ӕнхус гъӕуй. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Зӕгъӕн, балций ӕнӕзонгӕ бунатмӕ рандӕ дӕ. Фал еунӕгӕй нӕ дӕ – де ’мбал дӕ хӕццӕ ’й. Е еци бунат хуарз зонуй. Зонуй ӕй, нур кӕми айтӕ ӕма нӕдтӕ кумӕ кӕнунцӕ. Йеговӕ дӕр ӕй уӕхӕн ӕмбали хузӕн. Е ӕй зонуй, нур ци рӕстӕги цӕрӕн ӕма нӕмӕ разӕй ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Мадта цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ лӕдӕрӕн, уой туххӕй гъӕуй сӕрниллӕгӕй Йеговӕй ӕнхус корун (Дан. 2:28; 2 Пет. 1:19, 20).
4. Йеговӕ ӕ Дзурди пахампарӕдтӕ цӕмӕн ниффинсун кодта? (Йереми 29:11). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
4 Ниййергути фӕффӕндуй, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти исонбон амондгун уа. Ӕма Йеговӕ дӕр раст уӕхӕн ниййерӕги хузӕн ӕй. (Бакӕсӕ Йеремий 29:11.) Фал адӕнӕй уӕлдай, Хуцауи бон ӕй, федӕн цӕхуӕн уодзӕй, уой листӕг хабӕртти уӕнгӕ зӕгъун. Е еуӕй-еу нӕлгоймӕгти баразӕнгард кодта пахампарӕдтӕ ниффинсун, цӕмӕй ӕй рагацау зонӕн, цӕхуӕн ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕнцӕ, уони (Ис. 46:10). Мадта Библий пахампарӕдтӕ исхонӕн, ес берӕ нӕ ка уарзуй, еци уӕларвон Фиди лӕвӕрттӕ. Фал нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун, Библий цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, етӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ?
5. Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Макси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
5 Не ’ригӕнттӕй беретӕ ахур кӕнунцӕ, Библи ка нӕ нимайуй, уони хӕццӕ. Етӕ ци дзорунцӕ ӕма сӕхе куд дарунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ес, ӕма ӕригон Йегови Ӕвдесӕнтӕ рӕстдзийнадӕбӕл гурусхӕ кӕнун райдайонцӕ. Ӕркӕсӕн Макси хабармӕ. Е зӕгъуй: «Ӕригон ма ку адтӕн, уӕд гурусхӕ кӕнун райдӕдтон, мӕ ниййергутӕ раст динбӕл хуӕст ке ’нцӕ ӕма Библи дӕр Хуцауӕй ке ӕй». Цума ӕ ниййергутӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ? Макс зӕгъуй: «Зудтон ӕй сӕ зӕрдӕ мӕмӕ ке дзоруй, фал мӕмӕ не ’смӕстгун ӕнцӕ». Е ’гас фарстатӕбӕл ин Библий фӕрци дзуапп лӕвардтонцӕ. Фал Макс ӕхуӕдӕг дӕр архайдта, цӕмӕй е ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кодтайдӕ. Е зӕгъуй: «Библий пахампарӕдтӕ лӕмбунӕг ӕртастон ӕма ци базонинӕ, уой ӕмбурди ме ’мбӕлттӕн радзоринӕ». Цума ин уой фӕрци ци бантӕстӕй? Макс зӕгъуй: «Нур ибӕл федарӕй ӕууӕндун, Библи Хуцауи разамундӕй финст ке ’рцудӕй!»
6. Кӕд гурусхӕ кӕнун райдӕдтай, уӕд дӕ ци кӕнун гъӕуй ӕма цӕмӕн?
6 Кӕд ду дӕр Макси хузӕн гурусхӕ кӕнун райдӕдтай, Библий рӕстдзийнадӕ финст ке ес, уобӕл, уӕд дӕхе ма хуӕрӕ. Фал еци гъуддаг уотемӕй уадзӕн нӕййес. Уомӕн ӕма адӕймаг естӕбӕл ку фӕггурусхӕ кӕнуй, уӕд е изги хузӕн фӕууй. Ести дзаумабӕл изгӕ ку фӕззинна ӕма ку неци кӕнай, уӕд ӕй сабургай хуӕрун райдайдзӕй ӕма, гӕнӕн ес, хуарз дзаума фесӕфдзӕй. Цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, де ’ууӕндундзийнадӕбӕл «изгӕ» фӕззиндтӕй ӕви нӕ, уой туххӕй дӕхемӕ уӕхӕн фарста раттӕ: «Библий федӕни туххӕй ци финст ес, уобӕл ӕууӕндун?» Кӕд фӕндфедарӕй «гъо» зӕгъун дӕ бон нӕй, уӕд хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй, ка исӕнхӕст ӕй, еци пахампарӕдтӕ рартастай. Уомӕн куд ес гӕнӕн?
БИБЛИЙ ПАХАМПАРӔДТӔ КУД ЕС ӔРТАСӔН?
7. Пахампарӕдтӕ ӕртасгӕй нӕ бон куд ӕй Данели хузӕн архайун? (Данел 12:10). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
7 Пахампарӕдтӕ ӕртасун куд гъӕуй, уомӕн Данел хуарз цӕветтон ниууагъта. Библий пахампарӕдтӕ ӕртасгӕй ин адтӕй раст нисан – фӕндадтӕй ӕй рӕстдзийнадӕ зонун. Уомӕй уӕлдай ма адтӕй сӕрниллӕг ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, Йеговӕ рӕстдзийнадӕ ке ӕргом кӕнуй, зонгӕ ’й ка кӕнуй ӕма ин ӕ закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, ӕрмӕстдӕр уонӕн (Дан. 2:27, 28; бакӕсӕ Данели 12:10). Данел сӕрниллӕг ке адтӕй, е ма рабӕрӕг ӕй, аллихатт дӕр Йеговӕй ӕнхус ке курдта, уомӕй (Дан. 2:18). Уомӕй уӕлдай ма ӕ рӕстӕги Библий ци хӕйттӕ адтӕй, уони ӕртасгӕй адтӕй лӕмбунӕг ӕма ӕнӕзийнадӕ (Йер. 25:11, 12; Дан. 9:2). Мах бон ба куд ӕй Данели хузӕн архайун?
8. Еуӕй-еуетӕ Библий пахампарӕдтӕбӕл цӕмӕн не ’ууӕндунцӕ, фал мах нӕхе уӕхӕн зундахастӕй цӕмӕн гъӕуама хезӕн?
8 Расагъӕс кӕнӕ, пахампарӕдтӕ ӕртасгӕй, дӕ нисан ци фӕууй, уобӕл. Рӕстдзийнадӕ дӕ хуӕздӕр базонун ке фӕндуй, уой туххӕй сӕ фертасис? Кӕд гъо, уӕд дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй (Иоан. 4:23, 24; 14:16, 17). Фал цӕхуӕн зундахасти хӕццӕ раст нӕ уайдӕ Библий пахампарӕдтӕ ӕртасун? Еуӕй-еуетӕ сӕ ӕртасунцӕ, цӕмӕй бӕлвурдгӕнӕнтӕ иссеронцӕ, Библи Хуцауӕй ке нӕй, уомӕн. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма син уотемӕй барӕ фӕззиндзӕй, цӕмӕй ин ӕ унаффитӕмӕ ма игъосонцӕ ӕма сӕхуӕдтӕ лух кӕнонцӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой. Фал мах Библи уой туххӕй не ’ртасӕн. Уомӕй уӕлдай ма нӕ Библий пахампарӕдтӕ лӕдӕрунмӕ еу ӕхсидзгӕ менеуӕг дӕр гъӕуй.
9. Цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн менеуӕг гъӕуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
9 Сӕрниллӕг уо. Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, сӕрниллӕг ка ӕй, уонӕн ке ӕнхус кӕндзӕй (Иак. 4:6). Уомӕ гӕсгӕ си гъӕуама ӕнхус корӕн, цӕмӕй Библий пахампарӕдтӕ нӕ бон уа лӕдӕрун. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама лӕдӕрӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин хуӕруйнаг ка цӕттӕ кӕнуй, еци ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари ӕнхус нӕ ке гъӕуй (Лук. 12:42). Йеговӕ ӕй уагӕ ӕма ӕгъдауи Хуцау. Ӕма дессаг нӕй, ӕ Дзурди ци рӕстдзийнадӕ финст ес, уой нин ӕрмӕстдӕр еци цагъари фӕрци ке лӕдӕрун кӕнуй (1 Кор. 14:33; Еф. 4:4–6).
10. Эстери хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
10 Уо лӕмбунӕг ӕма ӕнӕзийнадӕ. Фиццагидӕр равзарӕ, рартасун дӕ ке фӕндадтайдӕ, уӕхӕн пахампарадӕ, ӕма гъуддагмӕ равналӕ. Еу хуӕрӕ Эстер дӕр уотӕ бакодта. Фӕндадтӕй ӕй, Мессийи туххӕй ци пахампарӕдтӕ финст ӕрцудӕнцӕ, уони хуӕздӕр базонун. Е зӕгъуй: «15 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд мӕ бафӕндадтӕй бӕлвурдгӕнӕнтӕ иссерун, еци пахампарӕдтӕ Киристей райгурци размӕ финст ке ӕрцудӕнцӕ, уомӕн». Эстер Мард денгизи тухтӕнтти туххӕй ци рартаста, е ин устур ӕнхус фӕцӕй. Е зӕгъуй: «Еци тухтӕнттӕй кӕцидӕртӕ финст адтӕнцӕ Киристей царди размӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма си ци пахампарӕдтӕ финст ӕнцӕ, етӕ ӕцӕгӕйдӕр Хуцауӕй адтӕнцӕ». Уой фӕсте ба ма загъта: «Цӕмӕй си ци финст адтӕй, уой хуарз балӕдӕрдтайнӕ, уой туххӕй еци еу гъудитӕ цалдӕр хатти бакӕсинӕ». Фал уобӕл уойбӕрцӕ хъауритӕ ке бахарз кодта, уобӕл ӕппундӕр нӕ фӕсмон кӕнуй. Библий пахампарӕдтӕй еу цалдӕр уотӕ лӕмбунӕг ке рартаста, уой фӕрци Эстер уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕй: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, Библи ӕцӕгӕйдӕр ӕууӕнки аккаг ке ӕй!»
11. Библий ци пахампарӕдтӕ финст ес, етӕ ӕцӕг ке ’нцӕ, уой исбӕлвурд кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
11 Библий кӕцидӕр пахампарӕдтӕ ке исӕнхӕст ӕнцӕ, уой ку фӕууинӕн, уӕд Йеговӕбӕл никки фулдӕр ӕууӕндун райдайӕн. Ӕма уӕд, ци над амонуй, уобӕл нифсгундӕрӕй фӕццӕуӕн. Уомӕй уӕлдай ма пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой уингӕй федӕнмӕ нифсгунӕй кӕсӕн, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр. Гъӕйдӕ мадта Данели киунугӕй ӕркӕсӕн, абони ка ӕнхӕст кӕнуй, дууӕ уӕхӕн пахампарадемӕ. Ку сӕ балӕдӕрӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй зундгин унаффитӕ хӕссун.
ӔФСӔЙНАГ ӔМА ӔРГЪӔЙ КОНД КЪӔХТӔ ДӔУМӔ КУД ХАУНЦӔ?
12. Гумерий къӕхтӕ фадигъолтӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнаг ӕма ӕргъӕй конд ке ’нцӕ, е цӕмӕ амонуй? (Данел 2:41–43).
12 Бакӕсӕ Данели 2:41–43. Паддзах Навуходоносор ӕ фуни фӕууидта хъӕбӕр устур гумери. Ӕ къӕхтӕ ӕ фадигъолтӕй дӕлӕмӕ конд адтӕнцӕ кӕми ӕфсӕйнагӕй, кӕми ба ӕргъӕй. Аци пахампарадӕ ку рабарӕн, Данели ӕма Раргомади киунугути иннӕ пахампарӕдти хӕццӕ, уӕд ӕй балӕдӕрдзиан, гумерий къӕхтӕ фадигъолтӕй дӕлӕмӕ ке амонунцӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ. Данел загъта: «Еци паддзахадӕ уодзӕй кӕми федар, кӕми ба – лӕмӕгъ». Цума лӕмӕгъ цӕмӕн уодзӕй? Уомӕн ӕма ӕргъӕй ӕвдист ка ӕй, еци хумӕтӕг адӕн дуйнеуон паддзахадӕн барӕ нӕ дӕттунцӕ, цӕмӕй ӕфсӕйнаги хузӕн хъаурӕ ӕнхӕстӕй ӕвдеса b.
13. Гумерий туххӕй пахампарадӕй цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъудитӕ нӕ бон ӕй базонун?
13 Еци гумерий туххӕй Данел ци ниффинста, уӕлдайдӕр ба, ӕ фадигъолти туххӕй, уомӕй нӕ бон ӕй цалдӕр ӕхсидзгӕ гъудий базонун. Фиццаг: Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ хъӕбӕр устур хъаурӕ ес, ӕма ’й еу ӕма дууӕ хатти нӕ бавдиста. Зӕгъӕн, Великобритани ӕма Еугонд Штаттӕ адтӕнцӕ, Фиццаг ӕма Дуккаг дуйнеуон тугъдтити ка фӕууӕлахез ӕй, еци бӕститӕй еуетӕ. Фал еци дуйнеуон паддзахадӕ лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕнуй, ӕ адӕн кӕрӕдзей хӕццӕ ке тох кӕнунцӕ ӕма хецауади нихмӕ ке цӕунцӕ, уой туххӕй. Ӕма идарддӕр дӕр уавӕр уотӕ уодзӕй. Дуккаг: Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхон хецауӕдтӕн кӕрон ку кӕна, уӕд ма Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕн бартӕ ӕ къохти уодзӕнцӕ. Кӕд иннӕ паддзахӕдтӕ архайдзӕнцӕ, цӕмӕй ин ӕ бунат байахӕссонцӕ, уӕддӕр син си неци рауайдзӕй. Уотӕ зӕгъӕн ес, уомӕн ӕма Хуцауи Паддзахадӕмӕ ци дор амонуй, е ниццӕвдзӕй гумерий фадигъолтӕ. Фадигъолтӕ ба амонунцӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ (Дан. 2:34, 35, 44, 45).
14. Гумерий къӕхти туххӕй пахампарадӕ ке лӕдӕрӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй раст унаффитӕ хӕссӕн?
14 Гумерий туххӕй пахампарадӕ ке ӕнхӕст кӕнуй, уобӕл ӕууӕндис? Кӕд гъо, уӕд е дӕ цардӕй бӕрӕг уодзӕй. Уӕд дӕхецӕн гъӕздугдзийнӕдтӕ ӕма мулкитӕ не ’мбурд кӕндзӕнӕ, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдзӕнӕ, аци фуддуйне тагъд исӕфт ке ӕрцӕудзӕй (Лук. 12:16–21; 1 Иоан. 2:15–17). Уомӕй уӕлдай ма лӕдӕрдзӕнӕ, нуртӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой – адӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй дзорун ӕма син ӕнхус кӕнун Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ исун (Матф. 6:33; 28:18–20). Мадта аци пахампарадӕ рартасгӕй дӕхе бафӕрсӕ: «Федарӕй ибӕл ӕууӕндун, Хуцауи Паддзахадӕ тагъд рӕстӕги зӕнхон паддзахӕдтӕн ӕгасемӕндӕр кӕрон ке искӕндзӕй? Е, ци унаффитӕ фӕххӕссун, уонӕй дӕр бӕрӕг ӕй?»
ПАХАМПАРАДӔ ЦӔГАТТАГ ӔМА ХОНСАЙРАГ ПАДДЗӔХТИ ТУХХӔЙ ДӔУМӔ КУД ХАУЙ?
15. Абони «цӕгаттаг» ӕма «хонсайраг» паддзӕхтӕ ка ’нцӕ? (Данел 11:40).
15 Бакӕсӕ Данели 11:40. Данели киунуги 11 сӕри дзурд цӕуй дууӕ паддзахей туххӕй, кенӕ дуйней хецаудзийнадӕбӕл ка тох кӕндзӕй, дууӕ уӕхӕн хецауей туххӕй. Аци пахампарадӕ Библий иннӕ пахампарӕдти хӕццӕ ку рабарӕн, уӕд ӕй балӕдӕрдзиан, «цӕгаттаг паддзах» Уӕрӕсе ӕма, ӕ фарс ка ӕй, еци бӕститӕ ке ’нцӕ, «хонсайраг паддзах» ба Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ c.
16. «Цӕгаттаг паддзахи» дӕлбарӕ ка цӕруй, етӕ цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ?
16 «Цӕгаттаг паддзахи» дӕлбарӕ ка цӕруй, еци Йегови Ӕвдесӕнтӕ ’й сӕхебӕл лӕдӕрунцӕ, знаги цӕстӕй сӕмӕ ке кӕсуй. Хуцаубӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй сӕ фӕннӕмунцӕ ӕма сӕ ахӕстдӕнтти исбадун кӕнунцӕ. Фал «цӕгаттаг паддзахӕн» не ’нсувӕрти фӕттӕрсун кӕнун нӕ бантӕсдзӕй. Уӕхӕн фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлгӕй се ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр исуй, уомӕн ӕма ’й фӕууинунцӕ, уомӕй Данели пахампарадӕ ке ӕнхӕст кӕнуй (Дан. 11:41) d. Уой нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд нӕ нифс федар уодзӕй ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайдзиан.
17. «Хонсайраг паддзахи» дӕлбарӕ ка цӕруй, етӕ цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ?
17 Раздӕр Хуцауи адӕн «хонсайраг паддзахӕй» дӕр ӕфхуӕрд баййафиуонцӕ. Зӕгъӕн, 20 ӕноси райдайӕни киристӕнттӕ сӕхе политики гъуддӕгтӕй еуварс ке дардтонцӕ, уой туххӕй ӕнсувӕртӕй берети ахӕстдӕнтти исбадун кӕниуонцӕ. Кӕмӕндӕрти ба сӕ сувӕллӕнтти скъолайӕй рацох кӕниуонцӕ. Фал фӕстаг ӕнзти рӕстӕг «хонсайраг паддзахи» дӕлбарӕ ка цӕруй, еци Йегови Ӕвдесӕнтӕн се ’ууӕндундзийнадӕ ӕндӕрхузи фӕлвӕрд цӕуй. Ӕма еци фӕлварӕнтӕ алкӕд уотӕ ӕнцонтӕй фӕууинӕн нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, ӕвзарӕнти рӕстӕг киристонӕн, ка ’й зонуй, ӕ зӕрдӕмӕ цӕун райдайа ести парти кенӕ хецау. Кӕд гъӕлӕс кӕнунмӕ нӕ рандӕ уодзӕй, уӕддӕр, ка ’й зонуй, ӕ зӕрди медӕг ба ӕ фарс уодзӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй политики хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй нӕхе еуварс дарӕн айдагъ нӕ гъуддӕгтӕй нӕ, фал нӕ сагъӕстӕй дӕр (Иоан. 15:18, 19; 18:36).
18. Цӕгаттаг ӕма хонсайраг паддзах карзӕй ке ерис кӕнунцӕ, уомӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
18 Библий пахампарӕдтӕбӕл ка не ’ууӕндуй, етӕ, ка ’й зонуй, хъӕбӕр тухсунцӕ, цӕгаттаг ӕма хонсайраг паддзӕхтӕ куд ерис кӕнунцӕ, уомӕ кӕсгӕй (Дан. 11:40). И паддзӕхтӕй сӕ дууемӕ дӕр гъе уойбӕрцӕ ядерон тохӕндзаума ес, ӕма сӕ бон ӕй зӕнхи цъарӕй цард фесафун. Фал ӕй мах зонӕн, Йеговӕ еци гъуддаг ке некӕд бауадздзӕй (Ис. 45:18). Уомӕ гӕсгӕ «цӕгаттаг паддзах» «хонсайраг паддзахи» хӕццӕ уотӕ ке ерис кӕнуй, е нӕ тӕрсун нӕ кӕнуй, фал ма нин не ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр кӕнуй, уомӕн ӕма ’й уинӕн, аци дуйней кӕрон хӕстӕг ке ӕй.
ИДАРДДӔР ДӔР БИБЛИЙ ПАХАМПАРӔДТӔМӔ ЛӔМБУНӔГ УО
19. Библий пахампарӕдти туххӕй ци гъӕуама лӕдӕрӕн?
19 Мах ӕй нӕ зонӕн, пахампарӕдтӕй кӕцидӕртӕ куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уой. Пахампар Данел дӕр ӕй алкӕд нӕ фӕззонидӕ, ци ниффинста, е ци нисан кӕнуй, уой (Дан. 12:8, 9). Фал кӕд кӕцидӕр пахампарадӕ кӕронмӕ нӕ лӕдӕрӕн, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма не ’сӕнхӕст уодзӕй. Мах ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, зонун нӕ цидӕриддӕр гъӕуй, уой нин Йеговӕ ӕ афони ке раргом кӕндзӕй, уомӕн ӕма Йеговӕ алкӕддӕр уотӕ фӕййархайуй (Амос 3:7).
20. Тагъд рӕстӕги цӕхуӕн дессаги пахампарӕдтӕ исӕнхӕст уодзӕнцӕ ӕма нӕ идарддӕр ци кӕнун гъӕуй?
20 Еу афони адӕн фегъосун кӕндзӕнцӕ «сабурдзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ» (1 Фес. 5:3). Уой фӕсте ба хецауадӕ е ’ргом раздахдзӕй мӕнгӕ динтӕмӕ ӕма сӕ фесафдзӕй (Рарг. 17:16, 17). Фӕстӕдӕр ба сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ Хуцауи адӕнбӕл (Йез. 38:18, 19). Ӕма уӕд райдайдзӕй тугъд Армагеддон (Рарг. 16:14, 16). Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун ӕгас еци хабӕрттӕ тагъд рӕстӕги ке райдайдзӕнцӕ. Уӕдмӕти ба бал гъӕйдӕ Библий пахампарӕдтӕмӕ лӕмбунӕг уӕн ӕма сӕ иннетӕн лӕдӕрунмӕ ӕнхус кӕнӕн. Уотемӕй ӕй бавдесдзиан, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фидӕй боз ке ан!
95 ЗАР Рохс хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕнуй
a Кӕд дуйней уавӕртӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнунцӕ, уӕддӕр ӕй зонӕн, амондгун федӕн нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн Библий пахампарӕдти фӕрци. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Библий пахампарӕдтӕ лӕмбунӕг ӕртасун цӕмӕн гъӕуй. Удта ма цубуртӕй радзордзиан, Данел ци дууӕ пахампаради ниффинста, уонӕбӕл, ӕма базондзиан, еци пахампарӕдтӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй.
b Кӕсӕ 2012 анзи 15 июни «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 15, 16 фӕрстӕ, 7–9 абзацтӕ (урус.).
c Кӕсӕ статья «Нур „цӕгаттаг паддзах“ ка ӕй?», 2020 анзи маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 12, 13 фӕрстӕ, 3, 4 абзацтӕ.
d Кӕсӕ статья «Нур „цӕгаттаг паддзах“ ка ӕй?», 2020 анзи маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 13, 14 фӕрстӕ, 7–9 абзацтӕ.