Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

22 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

127 ЗАР Цӕхуӕн адӕймаг гъӕуама уон?

Ӕмбӕлун ка райдайуй, етӕ ци гъӕуама зононцӕ?

Ӕмбӕлун ка райдайуй, етӕ ци гъӕуама зононцӕ?

«Адӕймаги зӕрди гъудитӕ ӕнцӕ арф дӕнттӕ, фал сӕ арфуинӕг адӕймаг исесдзӕй» (ӔМБ. 20:5).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Ӕмбӕлун ка райдӕдта, уонӕн раст унаффӕ рахӕссунмӕ ци банхус кӕндзӕй, удта син ӕмбурди иннети бон дӕр куд ӕй банхус кӕнун.

1, 2. Еуӕй-еуетӕ ци фӕззӕгъунцӕ, ӕмбӕлун ку райдӕдтонцӕ, еци рӕстӕгути туххӕй?

 ДУУӔ адӕймаги ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд хъӕбӕр амондгун фӕуунцӕ, ӕма син еци рӕстӕг цийнӕйдзаг фӕууй. Уобӕл беретӕ исарази уодзӕнцӕ. Кӕд ду дӕр еске хӕццӕ ӕмбӕлис, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, фӕндуй, цӕмӕй, аци рӕстӕгутӕ дӕ зӕрди ку ’фтуйонцӕ, уӕд дин ӕхцӕуӕн уа. Эфиопийӕй еу хуӕрӕ Ци́он a зӕгъуй: «Мӕ сӕрихецауи хӕццӕ ӕмбӕлун ку райдӕдтан, уӕд е дессаги рӕстӕг адтӕй. Аллихузи ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл фӕдздзубанди кӕнианӕ, фал ма ходгӕ дӕр берӕ кодтан. Хъӕбӕр амондгун адтӕн, мӕн ка уарзуй ӕма ӕз ке уарзун, уӕхӕн адӕймагбӕл ке исӕмбалдтӕн».

2 Нидерландтӕй еу ӕнсувӕр Але́ссио ба уотӕ загъта: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕмбӕлун ку райдӕдтан, уӕд мин ӕ хӕццӕ зонгӕ кӕнун хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, фал зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр исӕмбӕлианӕ». Аци статьяй ӕркӕсдзиан, кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ ӕма син Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма радзубанди кӕндзиан, ӕмбурди иннети бон куд ӕй банхус кӕнун, ӕмбӕлун ка райдӕдта, еци хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕрӕн.

ӔМБӔЛУН ЦӔМӔН РАЙДӔДТАЙТӔ, УОЙ НИСАН ЦИ ӔЙ, Е УИ ИРОНХ МА УӔД

3. Кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд сӕ нисан ци фӕууй? (Ӕмбесӕндтӕ 20:25).

3 Кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд еци рӕстӕг цийнӕйдзаг фӕууй. Фал уӕддӕр еци рӕстӕгмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕййес, уомӕн ӕма сӕ ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун гъӕудзӕй. Сӕ цард ке байеу кӕндзӕнцӕ, уой ку ниллух кӕнонцӕ, уӕд киндзӕхсӕвӕри бон Йегови рази кӕрӕдземӕн дзурд ратдзӕнцӕ, кӕрӕдзей ке уарздзӕнцӕ ӕма ке нимайдзӕнцӕ, «цалинмӕ зӕнхӕбӕл цӕронцӕ, уӕдмӕ». Мах цийфӕнди дзурд ма раттӕн, уӕддӕр имӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ фӕккӕсӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 20:25.) Ӕма нӕ цардӕмбалӕн ци дзурд раттӕн, е дӕр уӕлдай нӕй. Уомӕ гӕсгӕ кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд гъӕуама кӕрӕдзей хуӕздӕр базононцӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕронцӕ, кӕрӕдзей хӕццӕ федаудзӕнцӕ ӕви нӕ. Фал унаффӕ ку рахӕссонцӕ, ӕма син рахецӕн ун хуӕздӕр уодзӕй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕ уодзӕй, ӕма цидӕр раст нӕ бакодтонцӕ. Уомӕй рабӕрӕг уодзӕй, ӕмбӕлун цӕмӕн райдӕдтонцӕ, уой нисан сӕ къохи ке бафтудӕй – сӕ цард байеу кӕндзӕнцӕ ӕви нӕ, уой фӕдбӕл унаффӕ рахастонцӕ.

4. Дууӕ адӕймаги ӕмбӕлун цӕмӕн райдайунцӕ, уой нӕ зӕрдӕбӕл цӕмӕн гъӕуама дарӕн?

4 Дууӕ адӕймаги ӕмбӕлун цӕмӕн райдайунцӕ? Цӕмӕй ӕй балӕдӕронцӕ, кӕрӕдземӕн хуарз цардӕмбӕлттӕ исуодзӕнцӕ ӕви нӕ. Фал ӕй рагацау ку лӕдӕрай, кӕцидӕр адӕймаги хӕццӕ ке нӕ бафедаудзӕнӕ, уӕд ӕ хӕццӕ ӕмбӕлун дӕр ма райдайӕ. Фал ӕмбӕлун цӕмӕн райдайунцӕ, уой сӕ гъудий гъӕуама даронцӕ айдагъ кизгӕ ӕма биццеу нӕ, фал ма иннетӕ дӕр. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма кӕд кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун райдӕдтонцӕ, уӕд ӕнӕмӕнгӕй гъӕуама сӕ цард байеу кӕнонцӕ. Цума уӕхӕн зундахаст хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕрбӕл куд рабӕрӕг уй? Еугонд Штаттӕй еу ӕнӕцуд хуӕрӕ Мели́ссӕ загъта: «Арӕх ӕмбӕлун ка райдайуй, уонӕмӕ ӕгӕр берӕ ӕргом ’здахун райдайунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ кизгӕ ӕма биццеумӕ уотӕ кӕсун райдайуй, цума син рахецӕн уни барӕ нӕбал ес. Иннети цӕсти бафтуйун сӕ нӕ фӕффӕндуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ рахецӕн унцӕ. Кадӕртӕ ба уӕхӕн цидӕртӕ уингӕй, ӕмбӕлуни кой искӕнунмӕ дӕр тӕрсгӕ фӕккӕнунцӕ».

КӔРӔДЗЕЙ ДЗӔБӔХ БАЗОНЕТӔ

5, 6. Ӕмбӕлун ка райдайуй, етӕ кӕрӕдзей туххӕй ци гъӕуама зононцӕ? (Ӕмбесӕндтӕ 20:5).

5 Кӕд нур еске хӕццӕ ӕмбӕлис, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, дӕ цард ӕ хӕццӕ байеу кӕнай ӕви нӕ? Байархайӕ, цӕмӕй адӕймаги дзӕбӕх базонай. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еци адӕймаги туххӕй нурмӕти дӕр цидӕртӕ базудтай. Фал аци рӕстӕг ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй базонай, адӕймагӕн ӕ зӕрди ци ес, уой. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 20:5.) Зӕгъӕн, хуарз уайдӕ базонун, адӕймагӕн е ’ууӕндундзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл федар ӕй, ӕ уодигъӕди цӕхуӕн менеугутӕ ес ӕма куд сагъӕс кӕнуй, уой дӕр. Рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд дӕ бон уодзӕй дзуапп раттун аци фарстатӕбӕл: «Аци адӕймаг мин хуарз цардӕмбал исуодзӕй? (Ӕмб. 31:26, 27, 30; Еф. 5:33; 1 Тим. 5:8). Мӕн куд фӕндуй, уотӕ мӕ уарздзӕй? Уой куд фӕндуй, уотӕ ’й мӕ бон исуодзӕй уарзун? Кӕрӕдзей гъӕндзийнӕдтӕн бухсун нӕ бон исуодзӕй? (Ром. 3:23 b. Дӕ гъудий дарӕ: цӕйбӕрцӕбӕл ӕмхузӕн айтӕ, е уотӕ ӕхсидзгӕ нӕй. Дзӕвгарӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй, цӕмӕй цӕттӕ уайтӕ, иннемӕн куд хуӕздӕр уа, уотӕ архайунмӕ.

6 Иннӕ адӕймаги туххӕй ма никкидӕр ци гъӕуй базонун? Гӕнӕн ес, ӕма дӕ бафӕнддзӕй рагацау цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл радзубанди кӕнун, цалинмӕ адӕймагбӕл ӕгӕр нӕ райахур дӕ, уӕдмӕ. Зӕгъӕн: цӕхуӕн нисӕнттӕ уин ес, уой туххӕй, удта ӕнӕнездзийнадӕ, ӕхца ӕма ихӕсти туххӕй. Удта ма гъӕудзӕй радзорун, раздӕр дӕбӕл кӕд ести ӕверхъау хабар ӕрцудӕй, уӕд уобӕл дӕр c. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕгас еци фарстатӕбӕл, ӕмбӕлун куддӕр райдӕдтайтӕ, уотӕ дзубанди кӕнун нӕ гъӕуй. (Рабарӕ Иоанни 16:12.) Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма бал уӕхӕн цӕбӕлдӕрти дзорунмӕ раги ’й, уӕд ин ӕй зӕгъӕ. Фал уӕ еу афони уӕддӕр ӕргом радзубанди кӕнун гъӕудзӕй. Цӕмӕй уӕ бон уа раст унаффӕ рахӕссун, уой туххӕй уӕ дууӕ дӕр гъӕуама кӕрӕдзей хуарз зонайтӕ.

7. Ӕмбӕлун ка райдӕдта, уони бон куд ӕй кӕрӕдзей хуӕздӕр базонун? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Кӕрӕдземӕй идард ку цӕрайтӕ».) (Кӕсӕ ма хузтӕмӕ.)

7 Адӕймаг ӕцӕгӕй цӕхуӕн ӕй, уой куд ес базонӕн? Кӕрӕдзей хӕццӕ ӕргом дзубанди кӕнун: фарстатӕ дӕттун, уой фӕсте ба лӕмбунӕг игъосун (Ӕмб. 20:5; Иак. 1:19). Уомӕн уин ци банхус кӕндзӕй? Еумӕ уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ бон уа рахабӕрттӕ кӕнун. Зӕгъӕн, цит, еумӕ сехуар кӕнунмӕ кенӕ паркмӕ ескумӕ рацотӕ, удта еумӕ игъосун кӕнтӕ. Уомӕй уӕлдай ма кӕрӕдзей хуӕздӕр базондзиайтӕ, уӕ бийнонти ӕма уе ’мбӕлтти хӕццӕ уӕ рӕстӕг ку ’рветайтӕ, уӕд. Удта ма, цит, уӕхӕн гъуддӕгтӕ испълан кӕнтӕ, цӕмӕй ӕй фӕууинайтӕ, аллихузи уавӕрти ӕма аллихузи адӕни хӕццӕ уи алкедӕр ӕхе куд дардзӕй. Нидерландтӕй еу ӕнсувӕр А́свин ӕ бийнойнаг Али́сий хӕццӕ ку ’мбалдӕй, уӕд еци рӕстӕги туххӕй загъта: «Уӕхӕн гъуддӕгтӕ кодтан, цӕмӕй нӕ бон уа кӕрӕдзей хуӕздӕр базонун. Арӕхдӕр цӕхуӕндӕр хумӕтӕг гъуддӕгтӕ фӕууиуонцӕ. Зӕгъӕн, хуӕруйнаг кодтан. Уой фӕрци нӕ бон адтӕй нӕ кӕрӕдзей хуарз менеугутӕ дӕр, удта гъӕндзийнӕдтӕ дӕр уинун».

Еумӕ уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ бон уа рахабӕрттӕ кӕнун. Уотемӕй уӕ кӕрӕдзей хуӕздӕр базондзиайтӕ (кӕсӕ 7 ӕма 8 абзацтӕ)


 

8. Библи еумӕ ӕртасун пайда цӕмӕн ӕй?

8 Кӕрӕдзей ма хуӕздӕр базондзиайтӕ, Библи еумӕ ку ’ртасайтӕ, уӕд дӕр. Уӕ цард ку байеу кӕнайтӕ, уӕд уӕ бийнонти ахурӕн рӕстӕг хецӕн кӕнун гъӕудзӕй, цӕмӕй уӕ бийнонти царди Хуцау фиццаг бунати уа (Еккл. 4:12). Мадта хуарз уайдӕ, нур дӕр уомӕн рӕстӕг ку хецӕн кӕниайтӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, цалинмӕ кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлгӕ кӕнунцӕ, уӕдмӕ бийнонтӕбӕл нимад нӕма ’нцӕ ӕма ӕнсувӕр хуӕрӕн ӕ сӕрихецау нӕма ’й. Фал уӕддӕр Библий хӕццӕ баст фарстатӕбӕл ку дзубанди кӕнайтӕ, уӕд ӕй уиндзиайтӕ, алкӕмӕндӕр уи е ’ууӕндундзийнадӕ ци уавӕри ӕй, уой. Уомӕй ма никкидӕр ци пайда ес, уой туххӕй Еугонд Штаттӕй Макс ӕма Ла́йзӕ уотӕ загътонцӕ: «Ӕмбӕлун куддӕр райдӕдтан, уотӕ нӕхецӕн унаффӕ рахастан, нӕ публикацити ӕмбӕлуни туххӕй ӕма бийнонти царди туххӕй ци статьятӕ ес, уони еумӕ ке ’ртасдзиан. Уой фӕрци нӕ бон адтӕй ӕргомӕй дзорун, ӕнӕуой радзубанди кӕнун зин кӕбӕл адтайдӕ, уӕхӕн фарстатӕбӕл».

НИККИДӔР МА РАСАГЪӔС КӔНУН ЦӔБӔЛ ГЪӔУЙ?

9. Кизгӕ ӕма биццеу ӕмбӕлун ке райдӕдтонцӕ, уой туххӕй кӕмӕн зӕгъдзӕнцӕ, уой лух кӕнгӕй сӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама даронцӕ?

9 Ӕмбӕлун ке райдӕдтайтӕ, уой туххӕй зӕгъун кӕмӕн гъӕуй? Уой уӕхуӕдтӕ лух кӕнтӕ. Ка ’й зонуй, фиццӕгти цалдӕр адӕймагемӕй ӕндӕр некӕмӕн зӕгъдзиайтӕ (Ӕмб. 17:27). Уотемӕй уӕмӕ уӕлдай ӕргом не ’здахдзӕнцӕ ӕма уӕ уӕлдай рафӕрсӕ-бафӕрсӕ нӕ кӕндзӕнцӕ. Фал ӕмбӕлун ке райдӕдтайтӕ, уой туххӕй ӕппундӕр ку некӕмӕн зӕгъайтӕ, уӕд уӕ рӕстӕг ӕрмӕстдӕр дууемӕй ӕрветдзиайтӕ. Е ба, гӕнӕн ес, ӕма лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркӕндзӕй. Уомӕ гӕсгӕ хуарз уайдӕ, цӕмӕй уӕ еске зона. Уотемӕй уин ӕ бон исуодзӕй хуарз унаффӕ раттун кенӕ ӕндӕр ескуд банхус кӕнун (Ӕмб. 15:22). Ӕмбӕлун ке райдӕдтайтӕ, уой туххӕй уӕ бон ӕй радзорун еуӕй-еу хӕстӕгутӕн, се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕмӕн ӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕн кенӕ ба хестӕр нӕлгоймӕгтӕн.

10. Кизгӕ ӕма биццеуи бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕмбӕлгӕй Йегови мацӕмӕй фегадӕ кӕнонцӕ? (Ӕмбесӕндтӕ 22:3).

10 Уӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уӕ уагахастӕй Йегови кадгин кӕнайтӕ? Кӕрӕдзей хӕццӕ куд фулдӕр рӕстӕг ӕрветайтӕ, уотӕ уӕ бауӕри монцтӕ дӕр хъӕбӕрдӕр кӕндзӕнцӕ. Мадта уин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕ уагахаст кӕдзос уа? (1 Кор. 6:18). Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ ӕнӕгъдау дзубандитӕй. Дууемӕй хебарӕ рауӕн макӕми изайетӕ. Удта фурниуӕзтӕй уӕхе хезетӕ (Еф. 5:3). Уой туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма уӕ бауӕри монцтӕ исцирен уодзӕнцӕ ӕма уин хъӕбӕр зин уодзӕй, раст куд ӕй, уотӕ архайун. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дзоретӕ, уӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йегови зӕрдӕ мацӕмӕй фӕрресун кӕнайтӕ ӕма кӕрӕдземӕн кадӕ кӕнайтӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 22:3.) Эфиопийӕй Дави́т ӕма А́лмазӕн ци ’нхус кодта, уой туххӕй загътонцӕ: «Мах ӕмбалдан, берӕ адӕн кӕми фӕууидӕ, уӕхӕн рауӕн кенӕ не ’мбӕлтти астӕу. Дууемӕй хебарӕ рауӕн некӕд байзайианӕ, нӕдӕр машини, нӕдӕр хӕдзари. Ӕма нӕ е рӕдуд къахдзӕфтӕй гъӕуай кодта».

11. Кизгӕ ӕма биццеу сӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама даронцӕ, сӕ уарзт куд ӕвдесдзӕнцӕ ӕма кӕрӕдзебӕл куд цийнӕ кӕндзӕнцӕ, уой лух кӕнгӕй?

11 Уарзт бавдесуни ӕма кӕрӕдзебӕл рацийнитӕ кӕнуни туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Еу афони, ка ’й зонуй, ниллух кӕндзиайтӕ, уомӕн дӕр гӕнӕн ке ес (Сол. з. 1:2; 2:6). Фал гъӕуама лӕмбунӕг уайтӕ, кенӕ ба бауӕри монцтӕ гъе уотӕ исцирен уодзӕнцӕ, ӕма уин раст унаффитӕ хӕссун хъӕбӕр зин уодзӕй (Ӕмб. 6:27). Уомӕ гӕсгӕ ӕмбӕлун куддӕр райдайайтӕ, уотӕ уӕхецӕн арӕнтӕ ӕрӕвӕретӕ (1 Фес. 4:3–7) d. Уӕхе бафӕрсетӕ: «Нӕхе куд дарӕн, уой туххӕй неке фефсӕрми уодзӕй? Ӕнӕгъдау фӕндтӕ ни некӕмӕ фӕззиндзӕй?»

12. Уӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарайтӕ, алкӕд ӕмхузӕн ку нӕ сагъӕс кӕнайтӕ?

12 Куд фӕййархайетӕ, уавӕрмӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй ку фӕккӕсетӕ, уӕд? Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй ку нӕ кӕсайтӕ, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма уи хуарз бийнонтӕ нӕ рауайдзӕй. Е уотӕ ке ӕй, уобӕл бийнонтӕй беретӕ исарази уодзӕнцӕ. Бийнонтӕ амондгун ӕма ӕнгом фӕуунцӕ, лӕг ӕма уосӕ сӕ кӕрӕдзей ку фӕннимайунцӕ ӕма еу инней гъудийӕн ку фӕййаргъ кӕнуй, уӕд. Нур ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлетӕ, уони куд ниллух кӕнтӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй, е уин федӕни куд ӕнтӕсдзӕй, е дӕр. Уӕхе бафӕрсетӕ: «Нӕ бон фӕууй нӕ гъудитӕ сабурӕй ӕма уӕзданӕй лӕдӕрун кӕнун? Нӕ рӕдудтитӕбӕл еци фӕдбӕл басӕттӕн ӕма фӕййархайӕн, цӕмӕй сӕ исраст кӕнӕн? Алкедӕр ни ӕхе дзурдбӕл ниллӕууй ӕви цӕттӕ фӕууй инней гъудимӕ гӕсгӕ архайунмӕ?» (Еф. 4:31, 32). Фал кӕд нур алцӕй фӕдбӕл дӕр буцӕу кӕнтӕ, уӕд цума уӕ цард ку байеу кӕнайтӕ, уӕдта ести раййевдзӕй? Зинтӕй. Ку ’й балӕдӕрай, ӕма дин адӕймаг хуарз цардӕмбал не ’суодзӕй, уӕд уӕ дууемӕн дӕр хуӕздӕр уодзӕй, цӕмӕй мабал ӕмбӕлайтӕ e.

13. Кизгӕ ӕма биццеуӕн ци банхус кӕндзӕй балӕдӕрун, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг гъӕуама ӕмбӕлонцӕ, уой?

13 Ӕмбӕлун цӕйбӕрцӕ гъӕуй? Тагъд-тагъдӕй ци унаффитӕ рахӕссӕн, етӕ арӕхдӕр хуарзӕй нецӕмӕ ӕркӕнунцӕ (Ӕмб. 21:5). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма фагӕ рӕстӕг гъӕуй, цӕмӕй кӕрӕдзей дзӕбӕх базонайтӕ. Фал уавӕртӕ ку амононцӕ, уӕд еци рӕстӕг ӕгӕр ниддаргъ кӕнун дӕр хуарз нӕй. Библий финст ӕй: «Берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун адӕймагӕн зӕрдинез ӕй» (Ӕмб. 13:12). Уомӕй уӕлдай ма куд фулдӕр рӕстӕг ӕмбӕлайтӕ, уотӕ уин уӕ бауӕри монцтӕбӕл хуӕцун зиндӕр уодзӕй (1 Кор. 7:9). Мадта ма цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕмбӕлдзиайтӕ, уобӕл расагъӕс-басагъӕс кӕнуни бӕсти хуарз уайдӕ дӕхе бафӕрсун: «Аци адӕймаги туххӕй ма мӕ ци гъӕуй базонун, цӕмӕй мӕ бон уа унаффӕ рахӕссун?»

ИННЕТИ БОН КУД ӔЙ БАНХУС КӔНУН, ӔМБӔЛУН КА РАЙДӔДТА, УОНӔН?

14. Ӕмбӕлун ка райдӕдта, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

14 Кӕд дӕ зонгитӕй еске ӕмбӕлун райдӕдта, уӕд син дӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? Дӕ бон сӕ ӕй фӕххонун рӕфтад искӕнунмӕ, бийнонти ахурмӕ кенӕ уотид еумӕ бауолӕфунмӕ (Ром. 12:13). Е син банхус кӕндзӕй, цӕмӕй кӕрӕдзей хуӕздӕр базононцӕ. Кенӕ ба сӕ, ка ’й зонуй, еумӕ фӕндадтайдӕ ескумӕ рандӕ ун, уӕд дӕ бон н’ адтайдӕ сӕ хӕццӕ фӕццӕун? Кенӕ сӕ дӕ хӕдзарӕмӕ фӕххонун, цӕмӕй сабурбӕл радзубандитӕ кӕнонцӕ, фал дууемӕй дӕр ма байзайонцӕ? (Гал. 6:10). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци бийнонтӕ Алиси ӕма Асвин хъӕбӕр боз ӕнцӕ, еци хузи син ке ӕнхус кодтонцӕ, уой туххӕй. Алиси зӕгъуй: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин адтӕй, еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нин уотӕ ке фӕззӕгъиуонцӕ: „Уӕ дууей естӕбӕл радзубанди кӕнун ку гъӕуа, уӕд уӕ бон ӕй махмӕ ’рбацӕун“». Мадта дин хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕр ку зӕгъонцӕ, цӕмӕй, цит, рӕстӕг сӕ хӕццӕ рарветай, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дӕбӕл ӕууӕндунцӕ, удта дин аргъ кӕнунцӕ. Еунӕгӕй дӕр сӕ ма ниууадзисӕ, фал сӕ сӕргъи дӕр ма лӕууисӕ, цӕмӕй сӕ бон уа, кӕцидӕр хабӕрттӕбӕл дууемӕй радзубанди кӕнун (Фил. 2:4).

Ӕмбӕлун ка райдӕдта, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (кӕсӕ 14 ӕма 15 абзацтӕ)


15. Ӕмбӕлун ка райдӕдта, уонӕн ма никкидӕр нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (Ӕмбесӕндтӕ 12:18).

15 Уомӕй уӕлдай ма ӕмбӕлун ка райдӕдта, уонӕн нӕ бон ӕй банхус кӕнун, ци дзорӕн ӕма ци нӕ дзорӕн, уомӕй дӕр. Уомӕн ба хатгай фӕгъгъӕуй хебӕлхуӕцундзийнадӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 12:18.) Зӕгъӕн, хъӕбӕр нӕ фӕндуй радзорун, кадӕр ӕмбӕлун ке райдӕдта. Фал кизгӕ ӕма биццеуи, ӕвӕдзи, сӕхе фӕндуй еци хабар иннетӕн радзорун. Удта ма хуарз нӕ уайдӕ сӕ фӕсаууон син сӕ кой кӕнун кенӕ ба ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, уони туххӕй сӕ фаун (Ӕмб. 20:19; Ром. 14:10; 1 Фес. 4:11). Уомӕй уӕлдай ма, раст н’ адтайдӕ кизгӕ ӕма биццеуӕн уӕхӕн цидӕртӕ дзорун, цӕмӕй сӕмӕ уотӕ кӕсун райдайа, ӕма нур сӕ цард ӕнӕмӕнгӕй гъӕуама байеу кӕнонцӕ. Еу хуӕрӕ Эли́з ӕма ӕ сӕрихецау уотӕ зӕгъунцӕ: «Нӕ киндзӕхсӕвӕри туххӕй нӕ ку фӕффӕрсиуонцӕ, уӕд хъӕбӕр фефсӕрми уианӕ, уомӕн ӕма нӕхуӕдтӕ еци хабӕрттӕбӕл дзоргӕ дӕр нӕма кодтан».

16. Кизгӕ ӕма биццеу ку нӕбал фембӕлунцӕ, уӕд уомӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

16 Зӕгъӕн, кизгӕ ӕма биццеу унаффӕ рахастонцӕ, идарддӕр ке нӕбал ӕмбӕлдзӕнцӕ. Гъӕуама сӕ гъуддӕгти нӕхе ма тъунсӕн ӕма маке фарс хуӕцӕн (1 Пет. 4:15). Еу хуӕрӕ Лея зӕгъуй: «Цӕмӕн нӕбал ӕмбӕлӕн, уой туххӕй алцитӕ дзурдтонцӕ. Е мин хъӕбӕр зин адтӕй». Куд ӕй загътан, уотемӕй, кӕд кизгӕ ӕма биццеу унаффӕ рахастонцӕ, ке нӕбал ӕмбӕлдзӕнцӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕ фӕууй, ӕма раст цидӕр нӕ бакодтонцӕ. Арӕхдӕр е уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма ӕмбӕлун цӕй туххӕй райдӕдтонцӕ, уой нисан сӕ къохи бафтудӕй – сӕ бон иссӕй унаффӕ рахӕссун. Фал уӕддӕр, гӕнӕн ес, ӕма уой туххӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕр ӕнкъард кӕнонцӕ ӕма сӕхемӕ еунӕг кӕсонцӕ. Мадта хуарз уайдӕ, нӕ бон син банхус кӕнун куд ӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнианӕ (Ӕмб. 17:17).

17. Ӕмбӕлун ка райдайуй, етӕ сӕ хъауритӕ цӕмӕ гъӕуама исаразонцӕ?

17 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй, ӕмбӕлун ка райдайуй, уонӕн кӕд еци рӕстӕг цийнӕйдзаг фӕууй, уӕддӕр зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр исӕмбӕлунцӕ. Дже́ссикӕ зӕгъуй: «Цӕмӕй кӕрӕдзей хуарз базудтайанӕ, уой туххӕй нӕ дууей дӕр бахъиамӕт кӕнун гъудӕй. Ӕма кӕд уобӕл хъӕбӕр берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ бахарз кодтан, уӕддӕр е уой аргъ адтӕй». Кӕд ду дӕр еске хӕццӕ ӕмбӕлун райдӕдтай, уӕд дӕ хъауритӕ уомӕ исаразӕ, цӕмӕй кӕрӕдзей хуӕздӕр базонайтӕ. Уой фӕрци уӕ нисан уӕ къохи бафтуйдзӕй – раст унаффӕ рахӕсдзиайтӕ.

49 ЗАР Йегови зӕрдӕн цийнӕ хӕссӕн

a Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

b Фулдӕр фарстатӕ ма ес иссерӕн киунуги «Ответы на твои вопросы», 2 том, 39 ӕма 40 фӕрстӕ.

c Уомӕ хаунцӕ, дӕ зундахастбӕл, де ’нкъарӕнтӕбӕл ӕма дӕхе куд дарис уобӕл ка рабӕрӕг ӕй, уӕхӕн ӕверхъау хабӕрттӕ.

d Иннӕ адӕймаги ӕфсӕрмиаг иуӕнгтӕмӕ ӕвналун дӕр хауй ӕнӕгъдау миуӕмӕ. Уӕхӕн гъуддӕгтӕ февзаруй барадон комитет. Барадон комитет ма еуӕй-еухатт ӕркӕсуй уӕхӕн гъуддӕгтӕмӕ дӕр, зӕгъӕн, ӕнсувӕр хуӕри реутӕмӕ ку ӕвнала кенӕ ӕнӕгъдау цӕбӕлдӕрти ку дзоронцӕ телефонӕй кенӕ ба сообщенити фӕрци.